Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

БИТТОТÆ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Дзасохты Музафер. 

 

БИТТОТÆ 

 

Биттойæн йе 'цæг ном Хъулонцъиу1 хуыйны, фæлæ ма уый бирæтæй рох дæр фæци. Цæмæн, зæгъгæ, куы бафæрсат, уæд уымæн, æмæ йæм иууылдæр «Битто»-йæ дзурынц. Мæргътæ дæр, сырдтæ дæр, хилджытæ дæр, Битто та йыл сæвæрдтой æдзухдæр «битто-битто» кæй кæны, уын тыххæй, уæлдайдæр та – заргæйæ. Бæласы къалиуыл абада, доны былмæ æртæха, йе 'мбæлттыл цин кæна – кæддæриддæр йæ «битто» йæ разæй фæвæййы. Ноджы йыл хъæды цæрджытæ дæр сахуыр сты æмæ дзы кæй цурмæ æртæхы, уыдон æм хъусыныл фæвæййынц. 

Дыууæ мадæл Биттойы лæппынтæ ацы азы хуызæн тагъд никуыма айрæзтысты. Уый хуры руаджы уыд. Куыддæр уалдзæг ралæууыд, афтæ йæ зынг цæстæй зæхх базмæлын кодта. Фыццаг æм миттæ хъусынмæ нæ хъавыдысты, уæлдайдæр, аууон рæтты зымæг-зымæджы дæргъы дымгæ цы хъæпæнтæ фæцамадта, уыдон, фæлæ куыдфæстæмæ сæ тых сæттын райдыдта, æмæ кæуынмæ фесты. Куыд фылдæр куыдтой, афтæ бонæй-бонмæ сæ асæй хауди. Æрæджиау иууылдæр дон фестадысты æмæ зæххы ахъардтой, сæ бынаты цъæх-цъæхид кæрдæг сзынди. Хъæды бæлæстыл та сыфтæртæ разади. 

Дыууæ Биттойы цинæн кæрон нал уыд. Сыфтæртæ тагъддæр куы айрæзиккой, уæд уыдон дæр ахстон аразынмæ бавналиккой. Иинæ мæргътæ дæр афтæ фæкæнынц. Алчидæр архайы, цæмæй йын йæ ахстон мачи базона. Фæлæ та бæлæстæ дæр сыфтæр калын иу афон нæ райдыдтой. 

Биттотæ акъаци бæлас равзæрстой ахстонæн. Æнæхъæн Къобосты хъæды2 иу акъаци бæлас йеддæмæ нæ уыд. Хæрдмæ бæрзонд фæцыд. Суанг ма тулдз бæлæсты сæрты дæр акаст. Биттотæн рагацау бæрæггонд уыд, ахстон аразын кæм райдайдзысты, уыцы бынат: тæккæ цъуппыл æртæ къалиуы кæм фæсаджил сты, уыцы ран. 

Кæд сæм иннæтæ хæлæгæй нæ амæлой. Чи дзы тулдз бæласмæ атахт, чи фæрвмæ3, чи та æхсæры къутæрыл фæци ахстон аразынмæ. Биттотæ акъаци бæлас хуымæтæджы нæ равзæрстой. Ставд бæлас дымгæмæ къаддæр змæлы. Сындзытæ йыл бирæ кæй ис, уый та уæлдай хуыздæр – мыййаг хъæуæй ардæм лæппутæ куы рафтой, уæд æм схизын ничи бауæнддзæн, уæдæ йæм мæргътæ дæр арæх нæ тæхдзысты. Ноджы ма иу хорздзинад ис акъацимæ – йæ рæсугъд урс-урсид дидинджытæ – сæ тæф æнæхъæн хъæдыл апырх вæййы. Æппæт уыдæтты тыххæй равзæрстой Биттотæ акъаци бæлас. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ акъаци уалдзæджы æрцыдыл нæма æууæндыд æмæ йæ сыфтæртæ калынмæ нæма хъавыд. Хур бонæй-бон тынгдæр куы æндæвта, стæй иннæ бæлæсты сыфтæртæ дæр стырдæрæй-стырдæр куы кодтой, уæд акъацимæ дæр хъарын райдыдта, зымæгæй тас кæй нал у, уый, æмæ йæ къуыбæрттæй сыфтæ сæ цъæх-цъæхид сæртæ сдардтой. Бонæй-бонмæ рæзгæ цыдысты. Фæстагмæ дзы къалиу бæрæг нал уыд – бæлас иууылдæр сыфтæр фестад. Ныр кæсгæ ницæмæуал уыд. Биттотæ рæвдз февнæлдтой. Иннæ мæргътæй алкæмæн йæ ахстон æрдæгарæзт уыд, æмæ сæ баййафын хъуыд. Цалдæр бонмæ ахстон ацæттæ. Биттотæ ма йæ уæддæр рæсугъдтæ кодтой. Хъуамæ сæ лæппынтæ кæм фæзыной, уыцы хæдзар фидар дæр уа æмæ аив дæр. 

Рацыд ма иуцасдæр рæстæг, æмæ æмдымбыл ахстоны кæрæдзийы фæдыл фæзынд фондз кæрдæгхуыз-цъæх урсбын айчы. Мадæл Битто ахстонæй æддæмæ нал хызт, кæд ма-иу искуы-иу хатт дон нуазынмæ атахт, æндæр. Уыцы рæстæг-иу тагъд-тагъд йæхи истæмæйты афсæста æмæ та-иу фæстæмæ йæ ахстоны балæууыд. Æйчытæн ныууазалæй тарст. Куы ныууазал уыдаиккой, уæд та дзы цъиутæ нал рацыдаид. 

Фыд-Битто йæ иунæгæй нæ уагъта. Уæлдайдæр фæстаг рæстæг. Уый дæр æмбæрста, тагъд лæппынтæ сæ цыргъ бырынчъытæй æйчытæ кæй рахуынкъ кæндзысты, уый æмæ ахстоны цурæй дард нал тахт. 

Уалынмæ æйчытæ змæлын райдыдтой. Мад-Битто-иу йæхи арæхстгай аиуварс кодта æмæ-иу сæм æркаст. Фондз лæппыны дæр сæ æйчытæй рахызтысты. Биттоты цинæн кæрон нал уыд. Бон-изæрмæ сын холлаг хастой æмæ хастой. Куыд рæзгæ цыдысты, афтæ сын сæ ахстон къуындæг кæнын райдыдта. Мадæл Биттотæ æмбæрстой, тагъд сæхæдæг тæхын кæй райдайдзысты, фæлæ сæ фыдуаг митæ кæнын нæ уагътой. Мад-Битто-иу сын арæх дзырдта, цæмæй сæхи хъахъхъæной. Уæлдай фыдуагдæр та уыди, æппæты фыццаг йæ айкæй чи рахызт, уыцы Морæ Битто. Иууылдæр æмхуызон уыдысты, фæлæ ацы Битто иннæтæй тардæр уыд, æмæ йæ мадæл Биттотæ Морæ хуыдтой. 

Иу бон лæппынтæ ахстоны иунæгæй баззадысты. Цалынмæ мадæл Биттотæ фæстæмæ здæхтысты, уæдмæ Морæ Битто нал фæлæууыд æмæ ахстонæй рахызт. Йæ къахы лыстæг æнгуылдзтæй къалиуыл фидар ныххæцыд. Иу хатт бынмæ æркаст æмæ, чысыл ма бахъæуа, йæ сæр ма разила. Иннæ лæппынтæ йæм цымыдисæй кастысты. Морæ Биттойы зыр-зыр куы 'рцыд, уæд йæ базыртæ фæхъил кодта æмæ æндæр къалиуыл абадт. Иннæтæ йæм хæлæгæй мардысты. Уыдон дæр сæ ахстонæй ратахтысты. Морæ Биттойау сæ тас куы 'рцыд, уæд йæ фарсмæ абадтысты æмæ зарыныл фесты. Уалынмæ мадæл Биттотæ дæр æрбатахтысты. Ахстон афтидæй ауынгæйæ, тынг фæтарстысты, фæлæ лæппынтæ сæрæгас куы разындысты, уæд сæхæдæг дæр зарын райдыдтой.. Гыццыл Биттотæ суанг изæрмæ сæ ратæх-батæхæй нæ банцадысты. Куы-иу иу къалиуыл абадтысты, куы – иннæуыл. Уыимæ зарыдысты æнæрæнцойæ. Сæ сыхæгтæ дæр ма сыл æрæмбырд сты. Сырддонцъиутæ æмæ сыл дзылытæ4 сæ цæст æрæвæрдтой. Цæуыл цин кæнынц, уый уайтæккæ дæр бамбæрстой: чысыл Биттотæ тæхын куы райдайыиц, уæд сæ зарынæй нал фенцайынц. 

Сæрдыгон бонтæ кæрæдзийы фæдыл атахтысты, фæззæг æрбацæйхæццæ кодта. Уый мадæл Биттотæ æмбæрстой æмæ фыццаджы хуызæн хъæлдзæг нал уыдысты. Лæппынтæм та нымады дæр ницы уыд. Сæ рæсугъд зарын алы рæттæй хъуысти. Фæлæ фæззæг куыд хæстæгдæр кодта, афтæ уыдоны хъæлæс дæр мынæгдæрæй хъуысти. Сыфтæртæ дæр сæ хуыз ивын райдыдтой. Лæппын Биттотæ бæлæсты сыфтæ æндæрхуызонæй никуы федтой, æмæ сæм афтæ каст, цыма æдзухдæр цъæх-цъæхид уыдзысты. Морæ Биттомæ та, цыма сæ ахстон бур кæнын райдыдта, афтæ фæкаст. Мад ын бацамыдта, уый дæм сыфтæрты тыххæй бур кæсы, зæгъгæ. 

Фæззæг ралæууыд. Сыфтæртæ бурæй-бурдæр кодтой æмæ радыгай зæхмæ хаудысты. Акъацийы къалиутæ æддæмæ зынын райдыдтой. Морæ Битто дон нуазынæй æрбацæйтахт, æмæ, къалиуты æхсæн сæ ахстон ауынгæйæ, йæ зæрдæ барыст. Хъыг ын уыд, сæ цæрæн бынат æддæмæ зынын кæй райдыдта, уый æмæ йæ мады фарсмæ абадгæйæ, сдзырдта: 

– Афтæмæй нæ ахстон бынтондæр байгом уыдзæн.  

Мад йæ сæр раздæр иуырдæм азылдта, уый фæстæ та – иннæрдæм, æмæ йæм иууылдæр куыд лæмбынæг хъусынц, уый куы ауыдта, уæд, йæ цыргъ бырынкъ йæ дыууæ къахы астæу къалиуыл ахафгæйæ, сдзырдта: 

– Ахстонæй та ма цы кæнут? Сымах йас Биттотæй ахстоны ничиуал фæбады. Дыууæйæ дзы зынтæй куы бацæудзыстут, уæд дзы фондзæй æрбынат кæнынмæ хъавут? 

– Тагъд, æвæццæгæн, сыфтæ иууылдæр азгъæлдзысты, æмæ-иу нæ цъиусуртæ дардмæ дæр ауындзысты, – уыцы æнкъардхуызæй дарддæр дзырдта Морæ Битто. 

– Æмæ сымах уымæй æвзæрдæр уынут? – бафарста мад. – Уый, не 'ппæт иумæ цæйас стæм, уымæй дæр стырдæр куы у, уæд уый зындæр уынæн у? Кæсут, æмæ йæ куыддæр ауынат, афтæ – æмбæхсгæ. Цъиусуртæ æмæ хъæрццыгъатæ5 æнцон сайæн сты. Лыстæг къудзиты абыр, цъыхырыты амбæхс, æмæ дæ нал ссардзысты. Уыдонæн сæ базыртæ фæтæн сты, æмæ ахæм рæтты тæхын нæ уарзынц. 

Фæззæджы бонтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, бæлæсты сыфтæ та къаддæрæй-къаддæр. Биттоты цъиутæ сæ мад æмæ сæ фыды йæстæ систы. Сæ æддаг бакаст дæр уыдоны хуызæн хъулон сси. Æрмæст ма Морæйæн йæ дæллагхъуырæй гуыбыны онг иннæтæй морæдæр уыд. 

Бæлæстæй, иуæй-иутæй фæстæмæ, сæ сыфтæ æрызгъæлдысты. Акъаци бæлас бынтондæр сбæгънæг. Гæдыбæлæсты6 цъуппытыл ма сыфтæртæй гыццыл бецыкгæндтæ аззад. Тулдз бæлас ма уæддæр уыцы æнæхъæнæй лæууыд. Кæд йæ сыфтæртæ бур-бурид афæлдæхтысты, уæддæр къалиутыл фидар хæцыдысты, æмæ дзы дæлæмæ хауыны фæнд никæмæ уыд. Биттотæ-иу хъæды сæрты æрныгъуыл-æрныгъуылгæнгæ куы фæцæйтахтысты, уæд-иу, тулдз бæлас ауынгæйæ, цыма дзырд бакодтой, уый хуызæн æмхуызонæй æрбадтысты æмæ сыфтæ мондагæй цъыбар-цъыбурыл фесты. Сæ зарæг фыццаджы хуызæн нал хъуыст. Сæрды цъæхснагдæр хъæлæсæй зарыдысты. Æвæццæгæм, доны фæзмыдтой. Уымæн дæр ацафон йæ хæл-хæл æрмынæг вæййы. 

Бæстæ ныссабыр. Искуы-иу хатт дымгæ кæцæйдæр фæзыны æмæ, хус хæмпæлты хъусы цыдæртæ дзургæ, ацæуы, æмæ та уайтагъд æрбайсæфы. Мæргътæн дæр сæ фылдæр уыцы æнæуынæрæй æрвиты рæстæг. Бирæтæ дзы хуссармæ атахтысты. Уыдонæн се 'гъдау ахæм у. Уазалæй тæрсгæйæ, хъарм бæстæм абалц кæнынц. Уый мадæл Биттотæ йеддæмæ лæппынтæ цæмæй зонынц. 

Биттотæ хъæды сæрмæ стахтысты æмæ сæ ных Стыр донмæ сарæзтой. Хърихъуппытæ7 сæхи кæм æхсадтой, уырдыгæй чысыл дарддæр æрбадтысты. Биттотæ дон нуазыныл фесты. Уалынмæ тæккæ дынджырдæр Хърихъупп йæ базыртæ айтыгъта æмæ стахт. Йæ фæдыл – иннæтæ дæр. Доны сæрмæ ма иу-цалдæр зылды æркодтой æмæ, стыр Хърихъупп сæ разæй, афтæмæй уæлдæфы ныххал сты. Морæ Битто сæ фæдыл кæсгæйæ баззад. Уый зæрдæйæ ма фæстæмæ æрбаддзысты. Уыдон та сæхи уæлдæрæй-уæлдæр истой æмæ дардæй-дарддæр кодтой. 

– Хърихъуппытæ кæдæм фæтæхынц? – бафарста йæ мады. 

– Хъарм бæстæм, – дзуапп радта мад. 

– Хъарм бæстæм? – ныддис кодтой лæппынтæ. 

– Æмæ уый та кæм ис? – бафарста Морæ Битто æмæ та арвмæ скаст. 

– Хæхтæ æмæ денджызты фæстæ. 

– Мах дæр атæхæм семæ, – ныхас кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ, сдзырдтой лæппынтæ. 

– Кæдæм? 

– Хъарм бæстæм. 

– Цæмæн? 

– Уæдæ хърихъуппытæ цæмæн тæхынц? 

– Уыдон зымæджы басийынæй тæрсынц. 

– Ахæм дынджыртæн тæссаг кæм у, уым мах нæ басидзыстæм? 

Мад ницыуал сдзырдта. Доны былæй стахт æмæ кæрз бæласы къалиуыл абадт. Иннæтæ дæр – йæ фæдыл. Мад-Битто, сæ бакомкоммæ цы къалиу уыд, ууыл абадт, цæмæй йæ иууылдæр уыной, уый тыххæй æмæ загъта: 

– Махæн нæ фыдæлтæ дæр уазалæй никуы фæтарстысты, æмæ мах дæр хъуамæ ма фæтæрсæм. Кæм райгуырай, уымæй хуыздæр бæстæ нæй. Сымах нырма бирæ нæма рацардыстут, фæлæ уæ фыды карæн куы суат, – мад-Битто фыд-Биттомæ йæ сæрæй ацамыдта, – мæн бæрц азтæ уыл куы рацæуа, уæд бамбардзыстут, фыццаг хатт цы бæласы къалиуыл абадтæ, цы суадонæй банызтай, уыдон куыд адджын сты, уый. Хърихъуппытæ, сауцьиутæ8 æмæ уæрццытæн9 та уæлдай нæу. Иутæ дзы ам райгуырдысты, иннæтæ хъарм бæстæйы. Ардыгæй куы фæтæхынц, уæд сæ, æвæццæгæн, фале чи райгуыры, уыдон фæхонынц сæ фæдыл, ацырдæм цæугæйæ та – ам чи райгуыры, уыдон. Мах та иууылдæр иу ран райгуырдыстæм, æмæ нын ардыгæй тæхæн никæдæм ис. 

Лæппын Биттотæм бахъардтой сæ мады ныхæстæ, æмæ сæ уæдæй фæстæмæ хуссармæ тæхыны кой ничиуал скодта. Бон-изæрмæ Къобосты хъæды зылдысты æмæ холлаг амал кодтой. Иу заман мæлæты тынг фæуазал. Цалдæр боны йæ сæлфынæгæй нæ банцад. Уый фæстæ хур ракаст, фæлæ йæ тынты хъарм нал уыд. Бындзытæ æмæ сасчытæй иуыл дæр цæст нал хæцыд. Морæ Битто йæ мадæн йæ хъаст ракодта: 

– Айсæфт бындзытæн сæ фæд, 

Битто-битто-битто! 

Мах цæмæй цæрдзыстæм уæд?  

Битто-битто-битто! 

Мад-Битто цалдæр хатты йæ бынаты фезмæлыд, цыма стæхынмæ хъавыд, уый хуызæн, æмæ дзуапп радта: 

– Стут нырма сымах лæппынтæ, 

Битты-битто, битты-битто! 

Мацæуыл тыхсут æппындæр, 

Битты-битто, битты-битто! 

Стæй йæ къæхтæй йæхи къалиуæй фесхуыста. Йæ фæдыл стахтысты иннæтæ дæр. Къобосты хъæды дæллаг кæрон, Бехъаны цады10 был, ныллæг пæлæхсар къутæртыл æрбадтысты. 

– Сындзытæ уæ ма фæныхсæнт, – дзуры сæм мад. – Арæхстгай æвналут. Какон11 хæрынæн хорз у, фæлæ йæ къалиутæ судзинты хуызæн сты, æмæ дзы уæ цæстытæ хъахъхъæнут. 

Мадæл Биттомæ хæстæгдæр цы какон уыд, уый йæ бырынкъæй æрцавта. Иннæтæ дæр уыцы каконмæ фæлæбурдтой. 

– Иууылдæр ардæм цы фестут? – дзуры сæм мад. – Бæстæ какон куы у. Кæцыфæндымæ дæр æвналут. 

– Мæнæ цы адджын у! – ныддис кодта Морæ Битто, каконы дыргъæй ахæргæйæ. – Адон нын æнæхъæн зымæгваг уыдзысты. 

Мад уыцы ныхæстæм йæ хæрын фæуагъта. 

– Æмæ мах йеддæмæ хъæды цæрæг нæй! Алкæйдæр хæрын хъæуы. Кæдмæ сфаг уой, уæдмæ иумæ хæрдзыстæм. Æрдæгхæрдтытæй сæ ма уадзут, кæннод ахæм мæргътæ ис, æмæ искæй уæлдæйттыл чи не 'рвæссы. Уадз æмæ дзы алкæмæ дæр æрхауа. 

Алыбон дæр-иу Биттотæ сæхи хорз федтой. Дон нуазын-иу сæм арæх æрцыд, æмæ-иу уæд Бехъаны цады былмæ сæхи ныйистой. 

Рæстæг цыд. Хъæд ноджы фæафтиддæр. Мæргътæй хуссармæ тæхинаг чи уыд, уыдон сæхи раджы айстой. Хъæды чи баззад, уыдон та кæрæдзиуыл арæхдæр æмбæлын райдыдтой. Кæм дон нуазгæйæ, кæм холлаг агургæйæ. Цæмæдæр гæсгæ сын-иу кæрæдзийы уынд æхсызгон уыд. Цъиусуртæ æмæ хъæрццыгъатæм лыстæг цъиутæй хæстæг чи цыд, фæлæ-иу дзылытæ, сырддонцъиутæ кæнæ митмитгæнджытимæ12 арæх баиу сты. Каконтæ къаддæрæй-къаддæр кодтой, стæй дзы Биттотæ хъыг кæнын дæр райдыдтой. Иу ахæмы та Морæ Битто йæ мады дæлбазыр ныззарыд: 

– Каконтæ куы фæуой хæрд,  

Битто-битто-битта!  

Мах цы фæуыдзыстæм уæд?  

Битто-битто-битто! 

Мад-Битто йæ бынаты базмæлыд: 

– Ма тыхсут, мæ буц лæппынтæ,  

Битты-битто, битты-битто!  

Хъуаг нæ уыдзыстут æппындæр!  

Битты-битто, битты-битто! 

Йæ базыртæ базмæлыдысты, æмæ уæлдæфмæ стахт. Иуцасдæр фæтахтысты, стæй, дыууæ кæрз бæласы æхсæн цы сырхсыфтæрджын къудзитæ уыд, уыдоныл æрбадтысты. Лæппын Биттотæ сыфтæртæ кæй фенхъæлдтой, уыдон разындысты тыртыйы13 лыстæгцупалджын дыргътæ. 

– Мæнæ цы туаг сты! – иу сырх нæмыг дзы ахæргæйæ, ныддис кодта лæппын Битто. 

Иннæтæ дæр дзы федтой. Сæ зæрдæмæ фæцыдысты. Уæлдайдæр адджын каконы фæстæ. 

Иу дзæвгар та тыртыйæ фæцардысты. Куы сын фæцæйфæуд кодта, уæд лæппынтæй иу йæ мады цур абадт: 

– Тырты нын фæвæййы тынд, 

Битто-битто-битто! 

Уæд цæуылнæ кæнæм зыд?  

Битто-битто-битто! 

Мадæл Битто йын дзуапп радта: 

– Ды нырма, мæ хур, лæппын дæ, 

Битты-битто, битты-битто! 

Макуы-иу кæн зыд æппындæр! 

Битты-битто, битты-битто! 

Йæ базыртæ сцагъта æмæ йæ хъæбултæ æмæ сæ фыдимæ, сæ фæстæ зылын-мылын фæд уадзгæйæ, атахтысты. Ацы хатт æй æгæр бирæ зилын бахъуыд. Æрæджиау, йæ сыфтæртæ бынтон кæмæн нæма азгъæлдысты, уыцы бæласыл æрбадтысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон сыфтæртæ нæ уыдысты, фæлæ мугæтæ14. Биттотæ æмхуызонæй дæр хæрынмæ февнæлдтой. 

– Мæнæ цы хорз у! – загъта иу. 

– Мыдæй цы кæныс! – загъта иннæ. 

– Каконæй адджындæр! – загъта æртыккаг. 

Дзæвгар рæстæг сæ хæринаджы мæт нал уыд. Алыбон дæр адджын дыргътæ кæй хордтой, уымæ гæсгæ сæ зæрдæ фæстæмæ туаг æрцагуырдта. Мад-Битто сын куыддæр сæ фæнд бамбæрста, афтæ сæ æрбахуыдта мыртгæйы бæласмæ. Уый æгæр адджын дæр нæ уыди æмæ æгæр туаг дæр. Биттотæ йæ иннæ цъиутимæ хордтой æнæ загъд, æнæ хъæлæбайæ, фæлæ сын уый дæр бирæйы фаг не сси. 

Зымæгæй дзæвгар рацыд. Хъæд миты бын фæци. Æхсæвыгæтты-иу тынг схъызыд. Доны былгæрæттæ ныйих сты. Катайы бацыдысты канд Биттотæ нæ, фæлæ митмитгæнджытæ, дзылытæ, суанг ма гæркъæрæгтæ15 æмæ халæттæ дæр. 

Биттотæ ма фæстаг хатт æртахтысты мыртгæйы къутæрмæ. Мадæл Биттотæм дзы ницуал æрхауд. Цы иугай нæмгуытыл ма дзы фæхæст сты, уымæй лæппынтæ дæр нæ бафсæстысты. Мад-Биттойы зæрдыл æрлæууыд, Урсдоны был цы кæркмисындзæг16 зад, уый æмæ фыд-Биттоимæ йæ хъæбулты уырдæм ахуыдта. 

Кæркмисындзæджы къутæртæ митæй нал зындысты. 

– Ацафон кæркмисындзæгæй хуыздæр ницы ис, – сдзырдта мад-Битто æмæ дзы иу нæмыг ахордта. Хæрынмæ бавнæлдта фыд-Битто дæр. Лæппынтæ та сæм дардæй кастысты. Морæ Битто бауасыд: 

– Кæркмисындзæг басыд тынг, 

Битто-битто-битто! 

Уæд куыннæ кæнон æз хъыг! 

Битто-битто-битто! 

Мад-Битто хъæлдзæгæй базарыд: 

– Ды нырма бынтон лæппын дæ, 

Битты-битто, битты-битто! 

Митæй йын нæу тас æппындæр, 

Битты-битто, битты-битто. 

Лæппын биттотæ Мад-Биттомæ байхъуыстой. Фæйнæ гагайы куы ахордтой, уæд сæ фыр цинæй алчидæр цалдæр цъыллинджы фæкодта, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд, мæнæ цы диссаджы хæринаг ис, зæгъгæ. 

– Кæркмисындзæгыл цалынмæ уазал сæмбæла, – сдзырдта мад-Битто, – уæдмæ йæ ад йæхимæ не 'рцæуы. 

– Æз та афтæ æнхъæлдтон, – йæхи растгæнæгау сдзырдта Морæ Битто, – басыд æмæ хæрынмæ нал бæззы. 

Сæхи хорз федтой Биттотæ. Афтæ сæм фæкаст, цыма какон, тырты, мыртгæ æмæ мугæйы дыргътæ сæмхæццæ чындæуыд æмæ уыдонæй кæркмисындзæг сарæзтæуыд. Туаг у, зæгъгæ, дæр уымæн ничи дзырдта, æгæр адджын у, зæгъгæ, дæр ничи загъта. Фæлæ та кæркмисындзæг дæр фæцæйфæуд кодта. Фæцæйфæуд кодта зымæг йæхæдæг дæр. Хъæды æвæрæнтæ ихсийын райдыдтой, уалдзæг та нæма цыд, афтæмæй йын афон уыд. 

Катайы бацыдысты мадæл Биттотæ. Рагацау куыд хъуыды кодтой, хъуыддаг афтæ нæ рауад. Куыддæр-иу сæ лæппынтæй фæхицæн сты, афтæ æргомæй дзырдтой кæрæдзийæн сæ сагъæстæ. Лæппынтæ æнæуи дæр тарст уыдысты, æмæ сын уый тыххæй ницы хъæр кодтой. Æрæджиау Æхсæрæджы æрымысыдысты. Уымæ бирæ æвæрæнтæ вæййы. Йæ æхсæртæ цасфæнды куы фæлæууой, уæддæр сын ницы тас у. 

Мадæл Биттотæ сæ хъæбултимæ Урсдонæй Къобосты хъæдмæ атахтысты. Æхсæрæджы ахстон цы Тулдз бæласы мæрайы уыд, уый къалиуыл æрбадтысты æмæ æмхуызонæй базарыдысты:  

– Битто-битто-битт! 

Тагъддæр атай, мит! 

Æхсæрæджы хъустыл ауадысты Биттоты зарæджы зæлтæ. Æви йæм кæсгæ афтæ фæкодта, уæддæр нæ зоны. Уалынмæ та ногæй æрбайхъуыстысты, бирæ хæттыты кæй фехъуыста, æмæ афтæ тынг кæй бауарзта, уыцы зарæджы мыртæ: 

– Битты-битто, битты-битто! 

Тагъд фæзындзæн хъæды митдон!  

Æхсæрæг йæ лыстæнæй фестад æмæ йæ хуыккомæй ракаст. Биттоты йæ акомкоммæ къалиуыл бадгæ куы федта, уæд ын мæлæты æхсызгон уыд. Биттотæ, Æхсæрæджы ауынгæйæ, сæхи зæхмæ рауагътой. Уайтагъд сæ лыстæг къæхтæй хус сыфтæртыл скафыдысты. Æхсæрæг сæ бирæ уарзта. Сæ хуыз дæр рæсугъд кæй уыд æмæ сæ зарæг дæр, уый тыххæй. Иуæй-иуты хуызæн бæстæ сæ сæрыл нæ сисынц. Æхсæвыцъæхæй йын йæ хуыссæг нæ фæсурынц. Кæд фæзарынц, уæддæр сабыргай, фæлæ зæрдиагæй. 

Æхсæрæгæн ма цы бамбарын хъуыд, Биттотæн æххормаг кæй у æмæ йæ быны сыфтæртæ уый тыххæй кæй змæнтынц. 

Мадæл Биттотæ æнхъæлдтой, æхсæрты цъæрттимæ аппы муртæ дæр разындзæн, зæгъгæ, фæлæ дзы уымæй размæ чидæртæ азылд, æмæ ницæуылуал фæхæст сты. 

Уæдмæ Æхсæрæг йæ хæдзары смидæг æмæ фæстæмæ фæзылд, йæ дзæмбыты цалдæр æхсæры радавта, афтæмæй. Йæ цыргъ дæндæгтæй сæ къæппытæ кæнын райдыдта. Хус сыфтæртыл хауын райдыдтой æхсæры цъæрттæ, æхсæры муртæ дæр-иу дзы фæци. Биттотæ сæ-иу рауыгътой. Афтæ суанг уалдзæджы æрцыдмæ Æхсæрæджы хардзæй фæцардысты. Сæ зарæг та тынгæй-тынгдæр хъуысын райдыдта. Уалдзæджы æрцыд Æхсæрæджы дæр бауырныдта. Биттоты зыланг «битт-битт» ын йæ цæстытыл уайын кодта сыфтæрджын къалиутæ æмæ цъæх-цъæхид кæрдæг. Ахæм ран та, куыд хъæды иннæ цæрджытæн, афтæ Æхсæрæгæн дæр æнцондæр цæрæн у. Иуæй йын йæхи æмбæхсын æнцондæр уыдзæн, иннæмæн та йе 'вæрæнтæ ихсийын райдыдтой, æмæ йæ хæринаджы мæт дæр уыйас нал уыдзæн. 

Хур тынгдæр кæдæм каст, уымыты кæрдæг йæ сæр сдардта. Биттоты цинæн кæрон нал уыд. Иннæ мæргъты хуызæн уыдон дæр зарыдысты, цин кодтой уалдзæджы ралæудыл, хуры тынтыл. 

Иу рæстæджы Биттотæ Бехъанæй æрбацæйтахтысты. Морæ Битто иннæтæй уæлдæрты тахт æмæ, æвæццæгæн, хърихъуппыты раздæр уымæн ауыдта. 

– Хърихъуппытæ, хърихъуппытæ! – ныхъхъæр кодта йæ хъæлæсы дзаг. 

Биттотæ иууылдæр, Морæ Битто кæцырдæм ацамыдта, уыцырдæм акастысты. Æцæгæй дæр хърихъуппытæ фæззæджы хуызæн кæрæдзийы фæдыл ныххал сты, афтæмæй ныллæджыты æрцæйтахтысты. Ацы хатт цыма фылдæр уыдысты. Чи зоны æмæ сыл, хъарм бæстæйы цы цот рауагътой, уыдон дæр бафтыдысты. 

– Уалдзæг ралæууыд! – хърихъуппытæ кæм æрбадтысты, уыцы ран бæласыл æрбадгæйæ, загъта Мад-Битто. – Мæргътæ хъарм бæстæйæ здæхын куы райдайынц, уæд уалдзæг æцæгæй ралæууы. 

Лæппын Биттотæ сæхицæй уыдысты сæрыстыр, зындзинæдтæй кæй нæ фæтарстысты æмæ сæ райгуырæн бæстæ кæй нæ ныууагътой, уымæй. 

 

Фиппаингтæ 

 

1. Хъулонцъиу – маргъы мыггаг (уырыс. «пестрогрудка»). 

2. Къобосты хъæд – ис Æрыдоны цæгатварс. Къобос уыд Саламты мыггаджы фыдæлтæй иу. Сæмбæлæн ма ис ахæм топонимтыл: Къобосты зæхх, Къобосты æрдуз.  

3. Фæрв – бæласы мыггаг (уырыс. «ольха»). 

4. Дзылы – маргъы мыггаг (уырыс. «чиж»). 

5. Хъæрццыгъа – маргъы мыггаг (уырыс. «ястреб»). 

6. Гæдыбæлас – бæласы мыггаг (уырыс. «тополь»). 

7. Хърихъупп – маргъы мыггаг (уырыс. «журавль»). 

8. Сауцьиу – маргъы мыггаг (уырыс. «грач»). 

9. Уæрцц – маргъы мыггаг (уырыс. «перепелка»). 

10. Бехъаны цад – цад Бæрæгъуынмæ (Красногормæ) æввахс. 

11. Какон – хъæддаг чылауи (уырыс. «терн»). 

12. Митмитгæнаг – маргъы мыггаг (уырыс. «снегирь»). 

13. Тырты – хъæддаг гагадыргъ (уырыс. «барбарис»). 

14. Мугæ – хъæддаг гагадыргъ (уырыс. «мушмула»). 

15. Гæркъæраг – маргъы мыггаг (уырыс. «сорока»). 

16. Кæркмисындзæг – хъæддаг гагадыргъ (уырыс. «облепиха). 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ