Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ЗАГЪДКЪАХÆГ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ЗАГЪДКЪАХÆГ 

 

Дзасохты Музафер. 

 

Ацы Дымгæйæ диссагдæр нæй. Зæххыл цыдæриддæр цæрæгойæ дæр æмæ зайæгойæ дæр ис, уыдонæн Хур йеддæмæ мацы ратт. Йæ хъарм тынтæм сыл базыртæ базайы. Чи дидинæг æфтауынмæ фæвæййы, кæмæ худын æмæ зарын фæцæуы, чи йæ уæлæ ног дарæс кæнынмæ бавналы. Дымгæ та йæ къабæзтæ æруадзы, йæ бæхы къæдзæхы тигъмæ цыбыр бабæтты æмæ хуыссынмæ фæвæййы. 

Ныр æртыккаг бон æддæмæ нал кæсы. Хуры тынтæм бынтондæр ныууæнгмард. Рæстæгæй-рæстæгмæ арвыл йæ цæст ахæссы, æмæ та йæм цъæх-цъæхидæй куы разыны, уæд фæстæмæ йæ дæргъæй-дæргъмæ хъæццулы бын æрæмбæхсы. 

Æхсæвыгæтты йæ лыстæнæй рахилы. Дардмæ цæуыны ныфс æм нæ разыны. Хъæды кæронмæ йæхи байсы, доны сæрты азгъоры æмæ та фæстæмæ æрбаздæхы.  

Дысон уæлдай уæнгрогдæр уыд. Йæ зæрдæ хъазын æрцагуырдта. Абон дæр уыцы хъæлдзæгæй райхъал. Йæ хъæццул иуварс фехста æмæ хæрдмæ скаст. Кæрдзыны1 рæгъты сæрмæ иу дондыппыр мигъ ауыдта. Хуымæтæджы æхсызгон ын уыд. Йæ бæхы феуæгъд кодта, йæхи йыл баппæрста æмæ йæ йæ разæй айста. Арвгæрæттыл æрзылд. Цалынмæ йын æмбæлттæ ссардта уæдмæ, нæ ныууагъта. Уайтагъд бæстæ сæмтъеры. Æврæгътæ æмæ мигътæ æддæг-мидæг ауадысты. Арвæй иу цъæх гæбаз нал зынд. Иууылдæр саухъулон фестад. Уарын ныккалдта. Дымгæ Æрджынарæджы2 дыууæрдæм дугъ систа. 

Фатхъæд «мæ Таерсы Суадон. 

«|.Я-фы.пдæР сты. йыи 

Арвæрттывд цæстыты ныхсы. Райхъуыст гæрæхтæ. Арв Ефсы обауы3 дæллаг фарс хуыскъ Кæрдо бæлас æрцавта. Ссыгъди. Дымгæйæн дын ахæм хорз авæрай. Арты базыртыл фæхæцыд æмæ сæ бæлæстыл ныццавта. Никæуыл дзы фæхæцыд. Къæвдайы цыхцырджытæ Хъæды фарс фесты æмæ йæм Арты хæстæг нæ бауагътой. Дымгæ ма цалдæр фæлтæрæны скодта, фæлæ æнæхъæн Астæуыккаг комы4 дæр Къæвда Дымгæ æмæ Артæй тыхджындæр разынд. Æндæр гæнæн нал уыд, æмæ Артимæ Фаллаг коммæ сæхи айстой. 

Ирд Суадоны былгæрон ацал-ауал азы хæларæй цардысты Тæрс5 æмæ Фатхъæд6. Кæд Суадон уыдонæй бирæ къаддæр уыд, уæддæр сын сæ райгуырд зноны хуызæн хъуыды кодта. 

Дыууæ талайы дæр рагуалдзæг фæзындысты. Иу – Суадоны рахизфарс, иннæ та – йæ галиуварс. Суадон йæ дыууæ гыццыл хъæбулæн сабыргай зарыд. Донхъуаг сæ никуы ныууагъта. Талатæ йын сæ фæлмæн сыфтæртæй салам лæвæрдтой, Суадон та сæ йæ уылæнтæй буц кодта. 

Бонтæ цыдысты. Афæдз афæдзы ивта. Суадон уыцы иухуызонæй лæууыди, талатæ та бæлæстæ кодтой. Сæ алыварс цы къудзитæ æмæ цъыхырытæ7 уыд, уыдон сæм хæлæгæй мардысты. Æгæр фæтæн æмæ бæрзонд куы цыдысты, уæд сæм хæлæг кæнын райдыдтой æппæты стырдæр бæлæстæ дæр, уымæн æмæ сæ сæрты акастысты. Æрæджиау æнæхъæн стыр хъæды фидауц систы. Уыдонæй бæрзонддæр æмæ рæсугъддæр бæлас æртæ комы нал уыд. Æппæты рæсугъддæр мæргътæ сæ ахстæттæ Тæрс æмæ Фатхъæды къалиутыл арæзтой, тæккæ мæлгъæвзагдæр цъиутæ ардæм тахтысты сæ хъæлдзæг зарджытæ кæнынмæ. Суадонæн дæр æхсызгон куыннæ уыдаид йæ хъæбулты афтæ амондджынæй уынын. 

Ныр сæм мæнæ фыдбылыз цыппæрвадæй æрбабырста. Хъæды цыфыддæр знæгтæй иу – Арт Дымгæимæ уæлдай тæссагдæр у. Йæхимидæг батыхст. Йæ уылæнтæ дзæвгар фæфылдæр сты. Фатхъæд æмæ Тæрсы къалиутæ Дымгæйы бын хъæрзынц. 

– Уæхи хъахъхъæнут, – сдзырдта сæм Суадон. Æмæ та йæ зæрдæ ноджы тынгдæр срыст. 

Арвы нæрын хæстæгдæрæй æрбайхъуыст. Тæрс æмæ Фатхъæды сыфтæртыл фыр катайæ сыф-сыф бахæцыд, хаттæй-хатт-иу ставд къалиуты хъæрзын райхъуыст. Дымгæйы футтыттæ тынгæй-тынгдæр кодтой. Къалиуты-иу сæттынмæ бирæ нал хъуыд, фæлæ уæддæр фидар лæууыдысты. Арты æвзæгтæ суадонмæ балæбурдтой, фæлæ сæ уый йæхимæ æмгæрон не ‘рбауагъта, йæ уазал ирд æртæхтæ йын йе ‘взаджы кæрæттæ арæдывтой. Арты цъыс-цъыс ссыд. Фыр мæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ йæхи Тæрсыл ныццавта: 

– Ды та мын кæдæм ирвæздзынæ! 

Суадон тыхсы. Арвæй йæ цæст нал исы. Мигътæ æрбацæуынц, «Тагъддæр уарын куы ныккалид!» – сдзырдта йæхинымæр. 

Тæрс йæхи ныхъхъæддых кодта, цыма йæм Арты æвзæгтæ нымады дæр не сты, уый хуызæн. Арты маст та тынгæй-тынгдæр фыхти. Ставд зæнгæй йæ бон куы базыдта, уæд къалиутæм сирвæзыныл ацархайдта... 

– Уæхиуыл схæцут! – сдзырдта сæм Суадон. 

Уыдон дæр сæхи уæлдæр систой. Арты æвзæгтæ сæ уды быцъынæг тыдтой къалиутæм сирвæзыныл, фæлæ сын дзы ницы рауад, æмæ уæд Фатхъæдмæ фесты. 

– Цæмæй мæ тæрсут, æз уæ батавынмæ хъавын, сымах, та уæ гæндзæхтæ тилут, – йæ мæлгъæвзаг суагъта Арт.  

– Ма йæм хъус, сайгæ дæ кæны, – дзуры йæм бынæй Суадон. 

Артæн йæ хинæй куы ницы рауайа, уымæй фæтарст, æмæ Фатъхъæдыл алырдыгæй атыхст. Ноджы йæ къалиутæ дæлиауæй зайын райдыдтой, æмæ сæ Арт уайтæккæ дæр ацахста. 

Суадоны цæссыгтæ фемæхстысты. Йæ уæлцъарыл-иу фæцыдæр сты. 

– Къæвда, тагъддæр ныккал, науæд мæ хъæбултæ сæфынц! – ныхъхъæр кодта Суадон. 

Мигътæ хъæды сæрмæ æрбацæйхæццæ кодтой. Иугай æртæхтæ хауын райдыдта, фæлæ Фатхъæды къалиутæ дæр иу иннæйы фæдыл сыгъдысты. Артæн дзæвгар фенцондæр. Фатхъæды къалиутæй Тæрсмæ дæр баххæссыд, æмæ уый дæр схæцыд. 

Уарын фæтынгдæр. Доны æндæхтæ ставдæй-ставддæр кодтой, æмæ та Арты цъыс-цъыс цæуын райдыдта. Æрæджиау лидзынмæ фæци, фæлæ йын йæхи бамбæхсыны фадат нал фæци: Суадонæй чысыл æддæдæр йæ уд систа. 

Суадон сулæфыд. Фатхъæды буар кæд тынг дудыдта, уæддæр йæ дынджырдæр къалиутæ æнæхъæнæй баззадысты, Тæрсæй та æрмæстдæр дыууæ къалиуы фæхъыгдард. Къæвдайы æртæхтæ сыгъд къалиутыл згъордтой, æмæ сæ рыст къаддæр кодта. 

– Ма тæрсут, адзæбæх уыдзыстут, – зæрдæтæ сын æвæры Суадон. – Ацы арт цæрæнбонты дæр Хъæды ныхмæ афтæ хæцы, фæлæ йын ме 'рвад Къæвда кæддæриддæр йæ фаг фæвæййы. Æрдæбон æй уæхæдæг федтат, йæ гæндзæхтæ куыд батылдта, уый... 

Дымгæ йæ ниуынæй фенцад. Суадоны ныхæстæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. 

– Арты аххос та уын фæуæд! – сдзырдта Дымгæ.  

– Уæдæ кæй аххос у? – бафарста йæ Суадон. 

– Бæлæстæн сæхи аххос. Комкоммæ та Фатхъæды аххос. 

– Сау æвзалы æз фæцæйкодтон, азымджын дæр ма æз дæн? – сдзырдта Фатхъæд. 

– Ды дæ, ды! – ноджы хъæддыхдæрæй сдзырдта Дымгæ. – Арты хъæбысы скуыси вæййыс æмæ уайтæккæ дæр ссудзыс. Иннæты дæр фыдбылызы бафтауыс. Дæхæдæг хуылыдз куы вæййыс, дæ алыварс бæлæстæ та – хус, уæддæр судзынмæ се 'ппæты разæй фæвæййыс æмæ æндзарæны хуызæн иннæтыл дæр Арт бафтауыс. 

– Цымæ кæд кæуыл бафтыдтон Арт? 

– Тæккæ абон-ма райсæм. Тæрс дæ фарсмæ лæууыд. Арты йæхимæ хæстæг не 'рбауагъта, ды та уайтагъд йæ фарс фæдæ. Дæхæдæг ссыгъдтæ, уый дæм æгъгъæд нæ фæкаст, фæлæ ма Тæрсы дæр фæцæйсæфтай. Адæм хуымæтæджы фæзæгъынц, Фатхъæды хуылыдз Тæрсы хусæн æндзарæн, зæгъгæ?.. 

Æрдæбонсарæй Суадон йæхиуыл тыххæй хæцыд, фæлæ Дымгæйы фæстаг ныхæстæм йæхи нал баурæдта. 

– Ныр дзæгъæлы цы къуыззитт кæныс, адон иууылдæр дæ бæллæхтæ куы сты, уæд?! Астæуккаг комæй Арты ардæм чи 'рбахуыдта? Æнæхъæн хъæды йæ чи ныппырх кодта? Мæ хъæбултыл æй чи сардыдтæ? Иууылдæр ды! Артыл къæхтæ æмæ къухтæ нæй, цæстытæ дæр – афтæ. Фæлæ йæ ды дæ разæй айсыс æмæ бæлæстыл арт бафтауыс. Фатхъæды фыдгой та дзæгъæлы кæныс. Мæ хъæбулты дын кæрæдзиуыл сардауын нæ бантысдзæн. Чи дзы цы у, уый æз дæуæй хуыздæр зонын. Фатхъæд Артæн мæнгæфсондæр у, æмæ йын йæ лæмæгъдзинад йæ цæстмæ цæмæн хъуамæ дарæм! Æнæхъаруйæн-иу баххуыс кæнын фæхъæуы, ды та ма йæ ныхмæ дзурыс. Æви судзынмæ йæ былыцъæрттæ фæхæры!.. 

– Æз адæмæй цы фехъуыстон, уый зæгъын, – иннæрдæм фæци Дымгæ. 

– Адæм дæр Хъæдмæ æндæр цæстæй кæсын райдыдтой, – дзырдта дарддæр Суадон. – Тынгдæр æй хъахъхъæнынц. Мах Хъæдгæс иу бæлас акалыны тыххæй дæр загъд-замана куы сисы. Цалынмæ аххосджын æфхæрд æрцæуы, уæдмæ йæ нæ ныууадзы. Стæй Фатхъæды хуылыдз Тæрсы хусæн æндзарæнæн нал хъæудзæн, уымæн æмæ йæ хъæдгæс ардыгæй удæгасæй аласын никæмæнуал бауадздзæн, хус Фатхъæдæй та æндзарæнтæ, цæйбæрц сæ фæнды, уыйбæрц дæр кæнæнт. Бæлæстæ дæ хуызæн æнæсæрфат ратæх-батæх нæ кæнынц. Цалынмæ æгас вæййынц, уæдмæ адæймагæн, стæй канд адæймагæн нæ, бирæ хæрзты бацæуынц. 

 

 

Фиппаинæгтæ: 

 

1. Кæрдзын – хъæу Цæгат Ирыстоны. 

2. Æрджынарæг – Елхотыл цы фæндаг цæуы, уый (уырыс. «Эльхотовские ворота»). 

3. Ефсы обау – ис Николаевскы станицæйы цæгат-ныгуылæны ‘рдыгæй (уырыс. букв. «курган кобылицы»). Таурæгъмæ гæсгæ, тæтæр монголы æрбабырсты рæстæджы алантæн къæртаты Теркæй дон ласта ефс. Иу хатт ефс фæдзæгъæл, æмæ йыл уыцы обауы раз сбон ис. Хан Темурчины хæстонтæ йæ уым амардтой. Алантæ кадимæ бавæрдтой сæ ирвæзынгæнæджы уыцы обауы цъуппыл. Уæдæй фæстæмæ обау хонын райдыдтой Ефсы обау (Ц.А. «ТСО», ф. 497). 

4. Астæуыккаг ком – хъæдæй æмбæрзт ком Кæрдзынмæ æввахс. 

5. Тæрс – бæласы мыггаг (уырыс. «бук», «чинара»). 

6. Фатхъæд – бæласы мыггаг (уырыс. «граб»). 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ