Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хъуыссæты Хъылци
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Хъуыссæты Хъылци  

Зындгонд зарæггæнæг æмæ Ирыстоны патриот 

 

 
Чеджемты Æхсары чиныг "Æртхуронæй"  

 

Цæрынмæ чи райгуыры, уыдон се 'ппæт цæрыны аккаг не сты. Йæ ныййарæг мады зæрдæ чи фæриссын кодта, уый Ирыстоны зæрдæмæ циндзинад не 'рхæсдзæн. Йæ фыды чи бафхæрдта тызмæг ныхасæй нæ, фæлæ æрмæст цæстæнгасæй дæр, уымæй адæмы æхсæн хорз лæг нæ рауайдзæн æмæ йæ хъуыддæгтæ фæстæмæ йæхи зæрдæмæ дæр нæ фæцæудзысты. Фæлæ куыд амондджын у уыцы æрыгон адæймаг, адæмы æхсæн фæзминаг чи у, хистæры цур уæзданæй чи балæууы æмæ йын бахъуаджы сахат рæсугъдæй кæстæриуæг чи бакæны. Куыд амондджын у уыцы æрыгон адæймаг, йæ мад, йæ фыд разы кæмæй сты, уынджы куы фæцæйцæуы, уæд йæ мад æмæ йæ фыд аивæй йæ фæдыл мидбылты худгæ кæмæн фæкæсынц, уæртæ нæ хъæбул фæцæуы, адæмы æхсæнмæ рæсугъд æгъдау æмæ рæсугъд зæрдæ фæхæссы. 

 

Рæсугъд зæрдæ хаста адæмы æхсæнмæ хорз æмгар æмæ курдиатджын зарæггæнæг Хъуыссæты Хъылци. Уый йæ уды бæрц уарзта ирон зарæг, ирон æгъдау, ирон зæхх æмæ ирон ныхас. Чи йæ зыдта, кæимæ куыста æмæ цард, уыдон абон дæр нæ уырны, Хъылцийыл, уыцы фидæрттæ арæзт, цырдбарæг лæппу-лæгыл адзал фæуæлахиз æмæ йæ домбай хъæлæсæй никуал ныззардзæн, уый. Адзал та йыл фæуæлахиз бынтон æнæнхъæлæджы, мæлын йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд, афтæмæй. 1990-æм азы 28 декабры, ног азы тæккæ къæсæрыл бацæттæ кодтон радиобакаст Хъуыссæты Хъылцийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Дыккæ бон Хъылци редакцийы æрбалæууыд. Мæ кусæн уаты къæсæрæй æфсæрмхуыз æмæ мид¬былты худгæ æрбахызт æмæ афтæ зæгьы 

«Бузныг, Ирыстоны мæ скадджын кодтат, цы нæ дæн, уый бæрц бæрзонд мæ систат»...— Фæбадтыстæм иумæ, фæныхæстæ кодтам нæ фыдæлты зарджытæ сног кæныны тыххæй. Кодта мын йæ райгуырæн зæхх Тырсыгомы кой, уый хуызæн цæрæнбæстæ, дам, зæххы цъарыл нæй. Дыууаæс суары, дам, дзы гуыры. Мæнæ уалдзæг куы 'рбалæууа, уæд иумæ ацæудзыстæм æмæ мæ диссаджы райгуырæн бæстæ хъуамæ дæхи цæстытæй фенай. Фæлæ Хъылциимæ уыцы уар-зон фембæлдæн йæ æртыккæг бон сæмбæлд уæззау хабар: «Хъуыссæты Хъылци амард... æнæнхъæлæджы, æваст». 

 

Райгуырæн зæхх... Нæй уымæй уарзондæр, зынаргъдæр. Уымæн йæ хурыскаст дæр цыма æндæрхуызон у æмæ æндæр цин хæссы зæрдæмæ. Йæ къахвæндæгтæ та сты хъармдæр, райдзастдæр. Æмæ афтæ тынг уарзон хæдахуыр зарæггæнæг Хъуыссæты Хъылцийæн та уыд Тырсыгомы Ресы хъæу: ам федта дунейы рухс, ам фехъуыста фыцаг хатт ирон сныхас, ирон зарæг. Ардыгæй йæ ахуыдтой фæндæгтæ дарддæр, быдырмæ. Мæнæу иæ уæззау æфсиртæй рæудымгæмæ уæззау змæлд кæм кæны, хоры хуымтæй зæрдæтæ рухс æмæ парахат кæм сты. Фæлæ йæ хæхты уæддæр никуы рох кодта. Æмæ кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр Тырсыгомы хæхтæм къаддæр нæ кодта йæ уарзондзинад, уадысты йæ цæстытыл. 

— Фыссæг нæ дæн,— дзырдта Хъылци,—фæлæ мæ райгуырæн хæхтæ куы фæмысын, уæд мæ фæфæнды мæ зæрдæйы ныхæстæ рæсугъддæрæй зæгъын æмæ та уæд райгуыры æмдзæвгæ. 

Афтæ райгуырд, «Тырсыгомы хæхты», зæгъгæ, йæ уыцы æмдзæвгæ дæр. 

Хуры тынтæ хæхты фæхстыл  

Самайынц сæ хъаст.  

Апырх вæййынц Иры бæстыл  

Царды хосау раст. 

Айнæгыл æрттивгæ 'хсæрдзæн  

Базары рæсугъд.  

Дисгæнгæ йæм чи нæ скæсдзæн,  

Систон ын мæ худ. 

Цъитирæбын урссæр къæдзæх  

Ферттивы зевæт:  

О, Ресы хъæу, райгуырæн зæхх,  

Макуы зонай мæт.  

 

Адæймаг йæ сабийы бонты цы фена, цы фехъуса, уый йæ нæ рох кæны. Нæ рох кодтой Хъуыссæты Хъылцийæ дæр йæ райгуырæн хъæу, йæ хистæртæ. 

— Æз хорз хъуыды кæнын мæ сабийы бонты Тырсыгомы рæбын Ресы хъæуы-иу куыд хъуыстон хистæрты айв зардмæ, уæлдайдæр та мæ фыд Георги æмæ йæ хæлар Куыдзиаты Уасойы зардмæ,— йæ царды уалдзæг мысгæйæ мын дзырдта Хъылци. 

— Фæстæдæр быдырмæ куы рацыдыстæм, уæд мæ фыд йе 'фсымæртимæ æрцардис иу ран. Уыдон зæрдифгæй кодтой ирон бæрæгбæттæ. Фынджы уæлхъус сæм фыцаг бьшаты æвæрд уыдис зарæг. Заргæ кодтой се 'ппæт дæр. Нозтджынæй сæ никуы ничи федтаид. Бынтон диссаг та уыдис сæ уæздан æмæ фæлмæн ныхас. 

Уыдон æнахуыргонд уæвгæйæ сæ ныхасы тынг рæсугъдæй пайда кодтой ирон æмбисæндтæй, таурæгътæй, кадджытæй. Бæрзонд сæм æвæрд уыдис хистæрæн кад дæттын, кæстæрыл аудын. Хъыгагæн, уыцы хистæртæй абон бирæ нал ис. Се 'гъдау, сæ зарæг æмæ сæ бæллицтæ радтой мах къухмæ. 

Раст сты Хъуыссæты Хъылцийы ныхæстæ, хъуамæ нæ фыдæлты фарн мæрдтæм ма ацæуа. Махæн цы фæрныг хистæртæ уыд, уыдон се 'гъдау, сæ зарæг, сæ бæллицтæ семæ нæ ахастой, уыдон сæ махæн ныууæътой, цæмæй нын æххуыс уой кæрæдзийы уарзынæн, хæларæй, æнгомæй цæрынæн. Уыдон хорз æмбæрстой: æрмæстдæр æнгом адæмы къухы бафты амонд, æрмæстдæр уыдоны бон бауыдзæн сæ фыдæлты фарн, сæ намысы тырыса дарддæр ахæссын. Хъылци ма мын ракодта ахæм хабар: «Мемæ æфсады уыдис Тедеты Зауыр — Гуырдзыстонæй. Мах-иу куы зарыдыстæм æмæ куы ныхас кодтам иронау, уæд-иу скуыдта æмæ æлгьыста йæ фыды, иронау, дам, мæм никуы сдзырдта, гуырдзыйæау йеддæмæ æмæ, дам, ирон уæвгæйæ, сымах не 'мбарын». 

Æцæгдæр, иуæй-иу æнæрхъуыды мадæлтæ æмæ фыдæлты 

аххосæй сывæллæттæ ныссуйтæ вæййынц сæ царды фæндæгтыл, нæ фæзонынц мадæлон æвзаг æмæ сæ сæхи нæ хонынц, цы адæмы æвзæыл фæдзурынц, уыдонмæ дæр æнгом не 'рцæуынц, уымæн æмæ уыдонæй не сты. 

 

 

Къамы: Хъуыссæты Хъылци зары Хæххон-Хъæуонхæдзарадон университеты ахургæнджыты къордимæ 

 

Фыдæлтæ сызгъæрин фестой: зæххыл, дам, халонæй æвзæрдæр нæй, гъемæ ма уый дæр йæхи уарзы, йæ цъиутæм йæхирдыгонау суасы. Хъуыссæты Хъылцийæн хорз хистæртæ уыд: йæ фыд Георги æмæ уый æфсымæртæ: Солæман, Садуллæ, Гриша, Пидо, Лади æмæ иннæтæ, æгъдау сæ ирон хорзæх хуыдтой. Уыдонæн зынаргъ уыд сæ фыдæлты фарн æмæ уыцы фарнæй рæсугъд хай лæвæрдтой сæ кæстæртæн. 

Æмæ Хъуыссæты Хъылци уыцы фарн æгъдауы хуызы дæр æмæ зарæджы хуызы дæр рæсугъдæй фæхаста кæм цард æмæ кæм куыста, уыцы адæмы æхсæнмæ. 

Рахизфарсы районы газет рæстæгæй-рæстæгмæ мыхуырæй уæъта Хъуыссæты Хъылцийы æмдзæвгæтæ. Цæуыл фыста автор? Уымæн йæ зарæджы сæр уыд райгуырæн зæхмæ уарзондзинад. 

«Мæ Ир», афтæ схуыдта йæ æмдзæвгæтæй иу хæдахуыр зарæггæнæг Хъуыссæты Хъылци. Уый фыста: 

 

Уарзын сæууон хуры тынтæ,  

Куы рæвдауынц райсомы 'ртæх.  

Уæззауæфсир зад хоры хуымтæ...  

Куы фæуасы сæрвæтæй бæх. 

 

Уарзын фæндыры рог зæлтæ,  

Куы базмæлын кæнынц мæ туг.  

Куы скафы мæ риуы мæ зæрдæ,  

Куы фæхуды амондджын дуг. 

 

Уарзын нæ кадджын хистæрты,  

Сæ бæллиццæ зонд æмæ зард.  

Нæ райдзаст, нæ бæрзонд урс хæхты,  

Кæй номæй фæхæрæм мах ард. 

 

Уарзын ыстъалыты хъазын,  

Тæмæнкалгæ арвы цъæхыл. 

Нæ хъал дæтты худт æмæ зарын,  

Нæ арфæйæ Иры зæххыл. 

 

Уарзын æрдхæрæны зарæг,  

Æрдхæрæн кæрдзын æмæ цæхх.  

Æппæтæй фылдæр та дæу уарзын,  

Ирыстон — мæ фыдæлты зæхх. 

 

Ирыстон æмæ Ирыстоны зарджытæ... Уыдонæй хъæздыг æмæ уыдонæй амондджын хуыдта йæхи Хъуыссæты Хъылци æмæ йын йæ зæрдæйы уаг уыд бамбарæн. Хæдахуыр зарæггæнæг Хъуыссæты Хъылци уыд хæларзæрдæ, цæстуарзон æмгар. Уый йæ фыды фарн байтыдта Ирыстоны зæххыл æгъдау æмæ зарæджы хуызы. Уый йæ фыды фарн хаста адæмы æхсæнмæ, цæмæй йæ амондæй амондджын кæна иннæты. 

Хъылци æнувыд уыд фыдæлтыккон зарджытыл, фæлæ йæм уыд зарæг æрхъуыды кæныны курдиат дæр. 

Нæ бæстæйыл зын сахат куы скодта, уæд Темырты Даукуыйы æхсæз фырты дæр Цыколайæ араст сты тохы быдырмæ. Ирыстонмæ сæ лæгдзинады хабæрттæ бæргæ фыстой, бæргæ æвæрдтой зæрдæтæ сæ мад æмæ сæ фыдæн, тæъд хæст фæуыдзæн, уæлахизæй раздæхдзыстæм нæхимæ æмæ хъæлдзæг, амондджынæй иумæ цæрдзыстæм. Фæлæ æхсæз цæрынхъуаг лæппуйæ иу дæр нал сæмбæлд йæ райгуырæн хæдзарыл. 

Æмæ сын сæ уæззау хъысмæт йæ зæрдзæмæ хæстæг райста Хъуыссæты Хъылци. Зарæгæй сын скадджын кодта сæ ном. 

 

 

Хъуыссæты Хъылцийы зарджытæ  

 

Инæлар Плиты Иссæйы зарæг  

 

Алыккаты Хазбийы зарæг  

 

Дзеранты Лаврентийы зараег  

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ