Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

МЫСТЪАЧЪЕ-УСГУР
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Цæрукъаты Алыксандр 

 

Цæрукъаты Алыксандр (1918-2000) райгуырд Цæгат Ирыстоны Хъарман-Сындзыхъæуы. Каст фæци Цæгат Ирыстоны педагогон институт æмæ ахуыргæнæгæй куыста фыццаг Пысылмонхъæуы, стæй та Урсдоны астæуккаг скъолайы. 1952-1957 азты ахуыр кодта М. Горькийы номыл Литературон институты. Уырдыгæй суанг пенсийы ацæуыны онг уыдис Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад «Ир»-ы редактор. 

Йæ æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты районы газеты, фæстæдæр та – «Рæстдзинад»-ы, журнал «Мах дуг»-ы. Йæ фыццаг æмбырдгонд «Æмдзæвгæтæ» рухс федта 1947 азы, уый фæстæ мыхуыры рацыдысты чингуытæ: «Сæууон зарджытæ» (1952), «Арвæрдын» (1959), «Цыма лæууын æз кувæндоны раз» (1968), «Лирикæ» (1964), «Æвзистсыг къæвдатæ» (1988) æмæ æнд.  

 

 

МЫСТЪАЧЪЕ-УСГУР 

 

Мыстæн рахъомыл йæ фырт,  

Рауад уый бæлиццаг гуырд,  

Хуынд йæ ном Мыстачъе,  

Схъæлыздыхт йæ зачъе. 

 

Мыст йæ фыртæн загъта: Хъус,  

Хъуамæ ракурай ды ус –  

Дзыллæты хæрзуддæры,  

Бæстæты рæсугъддæры. 

 

Хъуамæ уа дæ каис, зон, 

Дунеты ныфсджындæр.  

Хъуамæ уа дæ каис, зон,  

Дунеты тыхджындæр! 

 

Фыр цинæй Мыстачъе  

Нал хæцид зæххыл.  

Аздыхта йæ зачъе,  

Абадтис бæхыл. 

 

Æтт, тæтæтт, нæ барæг,  

Ма дын уа æмбал!  

Хуынд йæ бæх Дзындзалæг1 –  

Хус кæрдæджы хал. 

 

Ехсы иу къæрцц... уайтагъд  

Арвæй зæххы ‘хсæн  

Бæх-Дзындзалæг атахт  

Фатæхсты хуызæн2. 

 

Уый йæ сургæ-уадæй  

Фесхуыста хæрдмæ.  

Стыр галуантæ дардæй  

Ферттывтой уæдмæ. 

 

Диссæгтæ, тæмæстæ3! 

Авг-хæдзары цур 

Хъазгæ-худгæ цæстæй 

Уæд лæууыди хур. 

 

Не 'схъæлзачъе,  

Саурагъ мыст  

Уæд Мыстачъе  

Рæвдз æрхызт. 

 

Хурæн ратты  

Уый салам,  

Æмæ ‘рхаты 

Хурмæ ам: 

 

– Рухс тæмæнтæй, ирдæй  

Алырдæм кæсыс.  

Салд зымæджы митты  

Атайын кæныс. 

 

Алырдæм дæ тынтæ  

Айдзæгъдыс уæрæх.  

Карз зымæджы фынтæй  

Райхъал вæййы зæхх,  

Хуссары къуылдымтæ  

Адарынц уæд цъæх. 

 

Апырх вæййы алкæм  

Цардамонды хос.  

Раскъæрынц уæд адæм  

Хизынмæ сæ фос. 

 

Бæлæстыл фæхæцы  

Уалдзыгон сыфтæр,  

Мæргътæн дæр дæ фæрцы  

Райхъуысы сæ хъæр. 

 

Алы хортæ, халсар –  

Хуымгæнды æвзæрд,  

Хъалзæнг æмæ хъалсæр  

Равæййынц уæд сæрд. 

 

Бал, фæткъуы бæласæн  

Се 'ппæт гага – сырх,  

Адджын ад куы райсы  

Алы хъæддаг дыргъ. 

 

Фæззæджы бæркæдтæй  

Стыр хайджын вæййын.  

Алцæмæй уыгæнтæ  

Зымæгмæ кæнын. 

 

Хур-зæриндзалх, 

О, куы уаис 

Ды мæ каис! 

Хур-зæринхау,  

Ма-иу бацу 

Ды мæ хъыджы. 

Хур-зæринных, 

Акæмæй дæр 

Ды – ныфсджындæр, 

Хур-зæринкъух, 

А дунетыл 

Ды – тыхджындæр. 

Хур-зæринкъах, 

Ма-иу бацу 

Ма, мæ хъыджы, 

Хур-зæриндзых, 

Ратт мын, курын, 

Ды дæ чызджы. 

 

Хур зæгъы æнкъардæй: 

– О, Мыстачъе, ды 

Махмæ ‘рцыдтæ дардæй 

Стъалыты бынты. 

 

Уас тухи дзæгъæл уыд,  

Ма дæм кæсæд хъыг. 

Ехх, дæумæ куыд бæллы 

Алкæддæр мæ чызг! 

 

Нæй гæнæн – æппындæр 

Й’ амонд нæу нывыл… 

Ис мæнæй тыхджындæр –  

Сау мигъы тъыфыл! 

 

Уайтагъд мæ нымбæрзы,  

Батар вæййы бон.  

Дунетæм фæлгæсын  

Нал вæййы мæ бон. 

 

О, чысыл къуыбырхъус,  

Æз нæ фауын дæу,  

Нæ, мæ чызг Ацырухс  

Ахæм аккаг нæу. 

 

Æмæ та Мыстачъе  

Аздыхта йæ зачъе. 

 

– Ехх, мæ зонд æрра у,  

Сгалиу дæн, уæллæй.  

Цæй, хæрзбонтæ рау,  

Ам мын каис нæй! 

 

Абадтис йæ бæхыл,  

Фатæхстау фæтæхы. 

 

* * * 

Уыцы афон мигъ та  

Арф комæй ыссыд, –  

Урс цъитийы ихтыл  

Улæфыд, хуыссыд. 

 

Барæг дæр йæ цуры  

Февзæрд æмæ дзуры: 

 

– Мигъты мигъ, æруарыс 

Мит зымæгон ды. 

Уый фæстæ ныхъхъарыс 

Быдырты тæртты. 

 

Уалдзæг алы аз дæр 

Схæмпус вæййы зæхх. 

Скæсы худгæ халсар, 

Хуымтæ фестынц цъæх. 

 

Хур ныссудзы хатгай 

Быдырты бынтон. 

Зæхх ыскъуыйы фаркгай, 

Бахуыскъ вæййы дон. 

 

Рацæуы фыдбылыз, 

Алы хъылма, рын. 

Хуры ныхмæ сыстыс, 

Райдайут хæцын. 

 

Саха уардæй4 кæмтты, 

Мæсчъыты5 хуылфæй 

Ралæгæрдынц дæттæ 

Астымтæм6 гуылфæй. 

 

Мигъ-уæларвон,  

Мигъ-зæххон,  

Æз цы хъавын.  

Уый зæгъон. 

 

Ды æппæтæй  

Дæ ныфсджындæр,  

Ды æппæтæй  

Дæ тыхджындæр. 

 

Ехх, куы уаис  

Ды мæ каис!  

Ма-иу бацу,  

Ма, мæ хъыджы.  

Ратт мын, ратт мын  

Ды дæ чызджы. 

 

Дзуры мигъ: О, макæ  

Афтæ тагъд фæлæуу.  

Нæ, мæ чызг Къæвдаккæ,  

Зон, дæу аккаг нæу. 

 

Хорз уаид бæгуыдæр  

Ахæм нывы рад…  

Ис мæнæй тыхджындæр –  

Уый у зилгæ уад. 

 

Искуы мæ куы ссары –  

Сисы мæ хæрдмæ;  

Бумбулийы хъару  

Нал вæййы мæнмæ. 

 

Аскъæфы мæ хæхтыл  

Туаратæгæнгæ, 

Байсафы мæ рæгътыл 

Уыцы уаддымгæ. 

 

Æмæ та Мыстачъе  

Аздыхта йæ зачъе. 

 

– Ехх, мæ зонд æрра у,  

Сгалиу дæн, уæллæй.  

Цæй, хæрзбонтæ рау,  

Ам мын каис нæй!.. 

 

Абадтис йæ бæхыл  

Æмæ та фæтæхы. 

 

* * * 

Иу лæнчы7 тымбылæй  

Уаддымгæ хуыссыд.  

Раст цыма æрфынæй,  

Афтæ сабыр зынд. 

 

Бæлццон дын йæ цуры  

Уалынмæ æрхызт,  

Æмæ йæм куы дзуры  

Хатгæ-хатын мыст: 

 

– Уаддымгæ, куы вæййыс  

Истæуыл мæсты,  

Сау фыдгæнд æрхæссыс  

Хаттæй-хатт бæстыл. 

 

Бæлæсты бындзарæй  

Райдайыс сæттын.  

Хуым-быдырты барæй  

Бакæныс хæрзбын. 

 

Фæлæ дæ куы 'рфæнда,  

Царды хос дæ уæд...  

Хур-зынджы уылæнтæй  

Басудзы æппæт... 

 

Рацæуыс фæдисы  

Хуры ныхмæ ды.  

Мигътъыфылтæ сисыс  

Арвы тыгъдмæ ды. 

 

Рауары, – йæ дойны  

Басæтты нæ зæхх,  

Æмæ та æмбойны  

Быдыр фесты цъæх… 

 

Фæлæ у фыдбылыз  

Быдыртæн фыдуард –  

Ногæй та фæзыныс,  

Мигъты фехсыс дард. 

 

Дымгæ, дымгæ,  

Сонт мæстыгæр,  

А дунетыл –  

Ды тыхджындæр. 

 

О, куы уаис  

Ды мæ каис!  

Ма-иу, бацу,  

Ма, мæ хъыджы,  

Ратт мын, ратт мын,  

Цæй, дæ чызджы. 

 

Уад-дымгæ куы зæгъы:  

– Уæ, дæ фæхъхъау фон,  

Дзæгъæлы дæ бæхæн  

Сарæзтай зындон. 

 

О, кæй ныл æрвæссыс,  

Уымæй бузныг дæн.  

Нæ, мæ чызг Сонтæхъыз8  

Не сбæздзæн дæуæн. 

 

Ис мæнæй тыхджындæр –  

Уый у сикъо гал9.  

Нæй йын, нæй, æппындæр  

Басæттын амал. 

 

Хæхты сæрты зилын,  

Быдырты хæтын,  

Уадгуырæйттæ10 зилын,  

Бæлæстæ сæттын, 

 

Смидæг вæййын алкæм,  

Сызмæнтын æппæт, –  

Мæргътæ, сырдтæ, адæм  

Бамбæхсынц фæсвæд, 

 

Сикъо гал фæхизы  

Таггæрон уæддæр,  

Кæрдæгæй нæ исы  

Иудадзыг, йæ сæр. 

 

Æмæ та Мыстачъе  

Аздыхта йæ зачъе. 

 

– Ехх, мæ зонд æрра у,  

Сгалиу дæн, уæллæй.  

Цæй, хæрзбонтæ рау,  

Ам мын каис нæй!.. 

 

Абадт та йæ бæхыл  

Æмæ та фæтæхы. 

 

* * * 

Уалынмæ дын уæртæ  

Тæрфæй гал ысхызт.  

Донæфсæст, фыр хæрдæй  

Лалымау 11ныддымст. 

 

Базгъордта йæ размæ  

Сахъ барæг-бæлццон. –  

О, фæлæуу ныхасмæ,  

Иу дзырд дын зæгъон: 

 

Алцæмæн фæразыс,  

Бирæ у дæ ныфс.  

Суг зымæг фæласыс.  

Уалдзæг хуым кæныс. 

 

Уалдзæг, сæрд, фæззæг дæр  

Хорыл у дæ куыст.  

Схид вæййыс, гъеуæддæр  

Нал фæхатыс рыст. 

 

Никæйы хъыгдарыс,  

У дæ зæрдæ раст –  

О, фæлæ нæ барыс  

Де 'фхæрæгæн маст. 

 

Уæд дæ иу сыкъайæ  

Рарæхойыс ды –  

Хъамайау ысуайы  

Бирæгъы тæнты. 

 

Сикъо, сикъо,  

Сикъо гал,  

Нæй дæ тыхæн,  

Нæй, æмбал. 

 

 

О, куы уаис  

Ды мæ каис! 

Сикъо, сикъо,  

Ма-иу бацу  

Ды мæ хъыджы,  

Сикъо, сикъо,  

Ратт мын, ратт мын,  

Цæй, дæ чызджы. 

 

Дзуры гал: Æппæлыс  

Ды мæнæй, му-у!..  

Дзæгъæлы æнхъæлыс  

Ахæм мæн, му-у!.. 

 

Цин-хъуыддаг дæу тыххæй  

Саразин, бæргæ...  

Нæ, мæ чызг Гуымыдзхан12  

Нæу дæуæн бæзгæ. 

 

Ис мæнæй домбайдæр:  

Гутон13 – сау æфсæн.  

Уалдзæг алы аз дæр  

Бадомы уый мæн, 

 

Стыр зæххы фæтæнтæ  

Бакæнæм хæрз хуым.  

Бахауынц мæ тæнтæ  

Алы бон дæр уым. 

 

Сæфхæлы мæ бæрзæй,  

Батар вæййы цæст.  

Ауæдзæн14 йæ гæрзыл  

Афæлдæхын æз. 

 

Дурæй конд, æвдудон  

Æз нæ дæн, уыныс... 

Басæтты мын гутон 

Иууылдæр мæ ныфс. 

 

Æмæ та Мыстачъе  

Аздыхта йæ зачъе. 

 

 

– Ехх, мæ зонд æрра у,  

Сгалиу дæн, уæллæй.  

Цæй, хæрзбонтæ рау,  

Ам мын каис нæй!.. 

 

Абадтис йæ бæхыл,  

Фатæхстау фæтæхы. 

 

 

* * * 

Ауæдзгæрон хурмæ  

Стыр гутон хуыссыд.  

Дугъуадæй йæ цурмæ  

Сахъ барæг ыссыд. 

 

Æмæ йæм æрхаты: 

Адæмы хъæуыс,  

Ды дæ куысты рады  

'Хсарджынæй цæуыс. 

 

Мит куы стайы хæхтыл –  

Ахафыс дæ арм,  

Рафæлдахыс зæххæн  

Сабыргай йæ царм. 

 

Хъæддаг мæргътæ ‘мбырдæй  

Ауæдзтыл вæййынц –  

Сау цъиуты дзыгуыртæ  

Зулчъыты хæрынц. 

 

Халсарты мыггæгтæн 

Схæмпус кæныс мæр. 

Фæззæджы тыллæгæн, 

О, ды дæ йæ сæр! 

 

 

Гутон, гутон –  

Сау æфсæн. 

Нæй дæу домбайы  

Хуызæн. 

О, куы уаис 

Ды мæ каис! 

 

Ма-иу бацу 

Ды мæ хъыджы, 

Ратт мын, ратт мын, 

Цæй, дæ чызджы. 

 

Бахудт гутон, – хурмæ 

Стæмæн кодта, стæй 

Усгур мыстмæ дзуры 

Тынг хъынцъым-тыхстæй: 

 

– Мæнæ, о, замана  

Тухиты фæдæн!  

Нæ, мæ чызг Дзыргъана15  

Не сбæздзæн дæуæн. 

 

Алкæмдæр фæрæзтон,  

Иунæгæй – æфсад.  

Фосхизæн зæрæстон –  

Уидаггтæй рæхсад... 

 

Хъамбулджын16 гæрзæхсæн17  

Бауромы мæн.  

Нал вæййы ысхæцæн 

Ауæдзы мæнæн. 

 

– Ехх, мæ зонд æрра у, 

Сгалиу дæн, уæллæй.  

Цæй, хæрзбонтæ рау,  

Ам мын каис нæй, –  

 

Загъта та Мыстачъе,  

Аздыхта йæ зачъе,  

Абадтис йæ бæхыл,  

Æмæ та фæтæхы. 

 

* * * 

Раггонд хуымы смидæг, 

Ахаста йыл цæст...  

Гæрзæхсæны уидаг 

Зæххы скъуыдæй слæст. 

 

Иу тъæпæн чыс-дуры18  

Бакодта цæрдхуынкъ.  

Сахъ барæг йæ цуры  

Алæууыд уырдыг. 

 

 

– Байхъус-ма, гæдыйæ  

Не ‘хсæн нæй ныхас.  

Ды дæ цыргъ дзæмбыйæ  

Уадзыс алкæй тас. 

Айгæрдыс æнцонæй  

Насы стыр гуыбын. 

Ды нæ тæрсыс донæй,  

Хурæй та – æппын. 

 

Нæй дæуæй тыхджындæр,  

Нæй дæуæн æмбал. 

Нартхоры хъæды дæр  

Алæсы дæ хал. 

 

Бырау-бырынкъ 

Гæрзæхсæн, 

Къахæн-дзæрных  

Гæрзæхсæн, 

Хъамбул-уæраг  

Гæрзæхсæн,  

Æрхыг-астæу  

Гæрзæхсæн 

О, куы уаис, 

Гæрзæхсæн 

Ды мæ каис, 

Гæрзæхсæн. 

Ма-иу бацу, 

Гæрзæхсæн, 

Ды мæ хъыджы 

Гæрзæхсæн, 

Ратт мын, ратт мын, 

Гæрзæхсæн, 

Ды дæ чызджы, 

Гæрзæхсæн. 

 

Фысым цыма уайтагъд 

Истæмæй фæтарст –  

Ризгæ хъуырæй загъта: 

– Ма мын ракæн маст. 

 

Бакæн мын тæригъæд...  

Мах нæ фауæм дæу.  

Нæ мæ чызг Халидæт  

Ахæм аккаг нæу. 

 

Схон-дуры19 къæртты дæр  

Ахизын, бæргæ.  

Ис мæнæй тыхджындæр –  

Уый дæхæдæг дæ! 

 

Алмаси дæндагæй  

Алыг кæныс мæн. 

Мыстыты мыггагæй 

Зæхх æмрызт кæндзæн. 

 

Сабыргай Мыстачъе  

Аздыхта йæ зачъе. 

 

Абухы йæ зæрдæ,  

Айзæлынц йæ хъæртæ: 

 

– Æз æппæтæй  

Дæн ныфсджындæр!  

Æз æппæтæй  

Дæн тыхджындæр! 

 

Ей, Дзындзалæг,  

Ме 'фсургъ20 бæх,  

Ей, Дзындзалæг,  

Размæ тæх! 

 

* * * 

Уæд Мыстачъе агуырдта  

Бæстæты хæрзуддæры. 

Уæд Мыстачъе ракуырдта  

Мыстыты рæсугъддæры. 

 

Хуынд йæ ном Къæдзила  

Йæ бындур ныззила! 

 

Алы диссаг уазæгæй  

Уастæн, уымæ чи нæ рцыд!  

Нозт-бæрæчет уарзæгæй  

Чындзæхсæвы чи нæ уыд! 

 

Уадзынц, уадзынц гаджидау21: 

– Цард, адоныл бафидау! 

 

Хæфсытæ зарынц,  

Хæфсытæ кафынц:  

Цъыфдзасты цъымара, 

Хæпп-хæпп! 

Гæпп-гæпп!  

Цъыфдзасты цъымара. 

Æрц-æрц! 

Æрц-æрц! 

Цъиутæ дæр зарынц,  

Цъиутæ дæр кафынц:  

Цъуйы цъуппыл цъæмæлтæ, 

Чыррытт! 

Пæррæст! 

Цъуйы цъарыл цъæлы цъæлтæ, 

Æрц-æрц! 

Æрц-æрц! 

Цъыс-цъысæгтæ зарынц! –  

Цъыс-цъысæгтæ кафынц:  

Цъына цъындбаст цъæпæра, 

Цъыр-цъыр! 

Дзыр-дзыр!  

Цъына цъуппæй – цъæппытæ. 

Æрц-æрц! 

Æрц-æрц! 

 

* * * 

Афардæг ис алчи,  

Арфæтæгæнгæ.  

Баззади Мыстачъе  

Фарнимæ цæргæ. 

 

 

 

ФИППИНÆГТÆ: 

 

Уацмыс фыст у адæмон аргъауы бындурыл. Адæмон сфæлдыстады йын ис цалдæр варианты: «Мыст мыстмæ бацыдис», «Уосгор мисти аргъау», «Мыст йæ фыртæн усгур». Ацы сюжет æмбæлы кавказаг, стæй бирæ æндæр адæмты дзыхæйдзургæ сфæлдыстады, суанг ма Индийы, Бирмæйы фольклоры дæр. Хицæн чиныгæй мыхуыры рацыд 1963 азы. 

 

1. Дзындзалæг – кæрдæджы мыггаг (уырыс. «пастушья сумка»); ам: кæрдæджы халæй конд бæхы ном. 

2. Фатæхсты хуызæн – тагъд. 

3. Тæмæстæ – диссæгтæ (уырыс. «чудеса»). 

4. Саха уард – тынг уарын (уырыс. «ливень»). 

5. Мæскъ – адаг, æрх (уырыс. «овраг, балка»). 

6. Астым – 1) кæрдæг кæуыл æрзад, ахæм дурджын зæхх доны былгæрæтты; 2) хизæн. 

7. Лæнк – ныллæг ран (уырыс. «низина, ложбина»). 

8. Сонтæхъыз – Дымгæйы чызджы ном. Арæзт у дыууæ дзырдæй «сонт» (ома «æнæнхъæлæджы», «æваст»), æмæ «хъызын» (ома «фыдрæстæг, хъызт скæнын»). Афтæмæй «Сонтæхъыз» нысан кæны «сонт хъызт» (уырыс. «нежданное ненастье»). 

9. Сикъо гал – иу сыкъа кæмæн ис, ахæм гал.  

10. Уадгуырæйттæ – дымгæйæ зилгæ куырæйттæ (уырыс. «ветряные мельницы»). 

11. Лалым – цармæй конд дзæкъул кæнæ голлаггонд хъæдын бынимæ, пайда дзы кодтой алы тæнгъæдтæ хæссынмæ, ласынмæ. Лалымтæн сæ ас уыди алыхызон, цæй цармæй сæ кодтой (сæгъы, фысы, роды, саджы, галы кæнæ къамбецы), уымæ гæсгæ (уырыс. «бурдюк»). 

12. Гуымыдзхан – роды ном. Гуымыдза – æнæсыкъа кæнæ къуыбыр сытæ (сыкъатæ) кæмæн ис, ахæм фос. 

13. Гутон – зæхх хуымгæнæн дзаума (уырыс. «плуг»).  

14. Ауæдз – гутонвæд, арæнхахх хуымгонд зæххыл (уырыс. «межа, борозда»). 

15. Дзыргъана – дзывыры, гутоны зæхлыггæнæн æфсæйнаг кард (уырыс. «нож плуга, сошник»). 

16. Хъамбулджын – ставд, хъæддых. 

17. Гæрзæхсæн – кæрдæджы мыггаг (уырыс. «свинорой»). 

18. Чысдур – хуыр (уырыс. «щебень, гравий»). 

19. Схон (æхсон) – фидар дуры мыггаг, пайда дзы кодтой зынг ацæгъдынæн (уырыс. – «кремень»).  

20. Æфсургъ – уæлæрвты чи тæхы, ахæм хæрзмыггаг таурæгъон бæх. 

21. Гаджидау – цæрæнбоны тыххæй сидт, кады нуазæн фынгыл. «Бадты алы рæгъæн гаджидау рахонæн нæй. Нæй зæгъæн Уастырджийы, Уациллайы æмæ иннæ зæдты номыл гаджидæуттæ, зæгъгæ, уымæн æмæ сæ цæрæнбон никуы сидтысты. Уыцы уагыл уыди цæрæнбоны рæгъытæ – гаджидæуттæ хистæрты æмæ кæстæрты, фысымты æмæ уазджыты, мыггæгты æмæ хъæубæсты номыл кады нуазæнтимæ». 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ