Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Дзерассæ-рæсугъд
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ДЗЕРАССÆ-РÆСУГЬД 

 

Æхсæртæг денджызы бын Донбеттырты хæдзармæ бафтыд. Хæдзар та ахæм хæдзар уыд, æмæ йæ къултæ – æргъæу, йæ бын – цъæх авг, йæ сæр – сæууон стъалы. Хæдзары бадынц авд æфсымæры, сæ уæле – сæ дыууæ хойы,– амæй ай рæсугъддæртæ, сæ сæры хил сыгъзæринау æрттивы. 

– Фарн уæ хæдзары æмæ уæ райсом хорз! – загъта Æхсæртæг, хæдзармæ куы бахызти, уæд. 

– Хорз дæ хай уæд! – зæгъгæ, йын загътой уыдон дæр æмæ сыстадысты, авд æфсымæры æмæ сæ дыууæ хойы, æмæ 'рбадын кодтой 

Æхсæртæджы; æрбадтысты сæхуыдтæг дæр авд æфсымæры, æртæйæ – 

Æхсæртæгæн йæ уæллаг фарс, цыппарæй та – йæ дæллаг фарс. Чысыл куы 

абадтысты, уæд æфсымæртæ бакастысты Æхсæртæгмæ æмæ йын загътой: 

– Дæ хуызæн уазæг нæм нæ цæугæ 'ркодта, нæ дæр нæм цæугæ 

'ркæндзæн, æмæ дыл бацин кæнын бæргæ хъæуы, фæлæ мастыл стæм. 

– Хуыцау уын маст ма зæгъæд, фæлæ цæуыл маст кæнут?– бафарста сæ Æхсæртæг. 

Уыдон ын загътой: 

– Æртæ хойы нын уыди æмæ сæ фыдбылызæн сахуыр сты Нарты 

цæхæрадонмæ. Уым иу бæласыл сыгъзæрин фæткъуы задис; бон-иу арæгъæд ис, æхсæв та-иу æй радавта нæ хо Дзерассæ, æхсинæджы хуызы– 

иу бацыд, афтæмæй. Бæргæ йын дзырдтам: «Нартмæ фыдуаг фæсивæд ис, 

уыдонæй арвыл цъиу атæхын дæр нæ уæнды – ма цу фæткъуымæ». Фæлæ нæм нæ байхъуыста. Нарты Æхсар æмæ Æхсæртæг кæрæдзийы кæрдтыл бафтæнт, – ныр уыдон хъахъæдтой фæткъуы бæлас æмæ йæ фæцæф кодтой. 

Уыцы рæстæджы уатæй райхъуысти хъæрзын. Æхсæртæг бафарста: 

– Кæй хъæрзын у уый? 

– Гъе уый, кæмзей дын зæгъæм, уый у – нæ хо Дзерассæ. 

– Æмæ йын ницы хос и? – афарста æфсымæрты Æхсæртæг. 

Æмæ йын уыдон загътой: 

– Бæргæ йын ис хос. 

– Æмæ йын цы хос ис? 

– Йæ туджы 'ртæхтæ – уыдон сты йæ хос; уыдон куы 'рæмбырд кæнай æмæ йыл сæ куы бафу кæнай, уæд фервæздзæн, кæннод ын фервæзæн нал ис. 

– Æмæ йæ чи сдзæбæх кæна, уымæн цы хорз ракæндзыстут?– бафарста сæ Æхсæртæг. 

– Уыцы лæгæн æй радтиккам нæ уарзон хо Дзерассæйы – Хуыцау æй уымæн саккаг кодта. 

– Уæдæ æз дæн Нарты Уæрхæджы фырт Æхсæртæг, йæ туджы 'ртæхтæ мæнмæ сты, цæвгæ дæр æй æз ныккодтон, дзæбæх дæр æй æз скæндзынæн. Цæут æмæ йæ ардæм ракæнут! 

Æфсымæрты цæсгæмттæ ныррухс сты. Кæм ма уыдис кæрон сæ цинæн! Æмæ зæгъынц Æхсæртæгæн: 

– Чызг уæззау рынчын у, дæумæ рацæуынæн нæу, фæлæ йæм мидæмæ уатмæ бахиз. 

Бацыд лæппу рынчыны размæ. Чызг сынтæджы хуыссы, йæ сыгъзæрин дзыккутæ зæхмæ зæузæу кæнынц, йæ цæсгомæй худынц хуртæ, йæ дæллагхъуырæй кæсынц мæйтæ; разылд Æхсæртæджы 'рдæм. 

Уæд Æхсæртæг бахудти йæ мидбылты фыр цинæй æмæ фелвæста йæ фæснахæй, зæлдаг кæлмæрзæны тыхтæй, чызджы туджы 'ртæхтæ 'мæ йыл сæ бафу кодта. Дзерассæ–рæсугъд, цы уыдис, уымæй авд ахæмы хуыздæр фестади. 

Фараст боны æмæ фараст æхсæвы чындзæхсæв фæкодтой Æхсæртæг æмæ Донбеттыры чызгæн. Арвыл хур æмæ Мæйау фидыдтой иумæ Дзерассæ æмæ Æхсæртæг. Фæцардысты уым бонтæ 'мæ къуыритæ, стæй иу бон æрæнкъард ис Æхсæртæг – Æхсары æрæмысыд – æмæ загъта: 

– Мæнæн ам цæрын нал æмбæлы, – хъуамæ сагурон ме 'фсымæры æмæ фæцæуон мæ хæдзармæ. Дзерассæ дæр бацин кодта: 

– Кæд дын хæдзар ис, уæд цæуылнæ цæуæм,– махæн ам бадын нал æмбæлы. 

Ныллæууыдысты цæуыны къахыл. Æмæ курдиат сахат йæ сæры хил аивæзта Дзерассæ, æмæ сæ дыууæ дæр фестадысты æргъæуон бæзджын кæсæгтæ æмæ рараст сты фурды бынæй фурды сæрмæ. 

Æхсар уæдмæ цуан кодта, сарæзта фурды былыл тар хъæды сырддзæрмттæй мусонг æмæ æнхъæлмæ касти йе 'фсымæрмæ. Уæд иу бон кæсы, æмæ денджыз урс танхъа хæссы. Сцин кодта Æхсар, ме 'фсымæр хъæлдзæгæй ссæуы, зæгъгæ, æмæ йæхи нымæры афæнд кодта: «цон æмæ цуаны ауайон, кæд æмæ исты амарин йе ссыдмæ». Æмæ ацыдис цуаны. 

 

* * * 

Уыцы рæстæджы Нарты Уæрхæг тынг маст кæнын байдыдта, мæ фырттæ цы фесты, куы никуыцæй уал мæм зынынц, зæгъгæ. Бонæй–бонмæ йæ мæт бадомдта, басаста йын йæ уæнгон тьгх. 

Уæд Нарты фæсивæдæн тынг æхсызгон уыдис, кæй никуыцæйуал зындысты Уæрхæджы фырттæ, уый, уымæн æмæ сын Æхсар æмæ Æхсæртæг бар нал лæвæрдтой, кодтой сыл тых. Райдыдтой Уæрхæджы зæронд сæрæй хъазын Нарты фæсивæд æмæ йæ скодтой фыдæнæн рæгъаугæс Нартæн... 

Уæрхæг дæр фырмæстæй дард фæтæры Нарты рæгъау æмæ сæ денджызы бакалы, куы та сæ фезгъалы къæдзæхы рындзæй. Къорд бонты Уæрхæг рæгъаудонæй нал цыд Нарты хъæумæ,– йæ къах æй нал хаста йæ фыртты мæтæй. 

 

* * * 

Æхсæртæг æмæ Дзерассæ ссыдысты денджызæй æмæ денджызы был Æхсары мусонг ауыдтой. Бацыдысты йæм. Æхсар – цуаны, мусонг – дзæгъæл. Дзерассæ мусонджы дуарæй куы бакаст, уæд йæ цæсгомы рухсæй мусонг афтæ рæсугъд уыд, æмæ загъта: 

– Цалынмæ ацы мусонджы бадынæй бафсæдон, уалынмæ ардыгæй нæ ацæудзынæн! Æхсæртæг æм дзуры: 

– Уæдæ уал бад ам,– æз ме 'фсымæры рацагурон. Æмæ араст и Æхсæртæг Æхсары агурæг. Уалынмæ Æхсар йæхæдæг æрцыди йæ мусонгмæ – фæиппæрд сты кæрæдзийæ дыууæ 'фсымæры. 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ