Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Брытъиатæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

БРЫТЪИАТÆ. 

 

Брытъиаты мыггаг равзæрд æмæ цардис Куырттаты комы, Дæллагхъæуы. Ацы уацыл кусгæйæ æнцой кодтам уыдоныл, фыдæлтæй баззайгæ таурæгътыл, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы,Цæгат Ирыстоны архивты кæй ссардтам, уыцы æрмæджытыл («Перечень сел Куртатинского ущелья (Дæллагхъæу)», «Посемейные списки селений. с. Даллагкау, 2 уч. и отселков Даллагкауского об-ва» 1886 г., «Заявления жителей Куртатинского общества Владикавказского округа о принадлежности их к высшему со-словию» æмæ æнд.).  

Брытъиаты мыггаг куыд равзæрд. Уый фæбæлвырддæр кæнынæн стыр æххуыс фесты профессор Бзарты Русланы къухфыстытæ, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты генеалогон иртæстыты хайады кусджытæ. Ранæй-рæтты уыцы æрмæджытæ бынтон кæрæдзиуыл нæ фæбадынц, вæййы дзы хицæндзинæдтæ. Уымæ гæсгæ мыггаджы истори фæбæлвырддæр кæныныл дарддæр куыст цæудзæн, цæмæй йæ хицæн чиныгæй бацæттæ кæнæм. 

Мыггаджы рагфыдæл амынд æрмæджытæм гæсгæ уыд Брытъа. Бры-тайы рагфыдæлтæ чи уыдысты уый равдисдзыстæм схемæйы хуызы): 

Куыртта – Найфон – Кассо – Непе – Майрæмсау – Брытъа. 

 

Брытъа уыд Фардзинты сиахс. Уыдис ын цыппар фырты: Гате, Дзате, Куист æмæ Темырболат. Уыцы цыппар æфсымæры Дæллагхъæуы сарæзтой мæсыг, абон дæр ма йын фенæн ис. Темырболатæн цот нæ уыд, Куистæн уыд цыппар фырты, фæлæ уыдонæн цот цы рацыд, уый бæрæг нæу, иннæ дыууæ æфсымæры байзæддаг сты абон Брытъиатæ.  

Брытъиаты æрвадæлтыл нымад сты Гайттатæ, Церекатæ, Хабыцтæ, Муцъуатæ. Тугхæстæг не стæм, афтæмæй ма æрвадиуæг кæнæм Тедтойтимæ Куыд равзæрд ирон адæммæ æрвадиуæг кæнын, цы уагæвæрд уыд уыцы хъуыддагæн, чи сты алы мыггæгты æрвадæлтæ, æндæр цымыдисаг фарстатыл цымыдисаг фарстатыл сæрмагонд чиныг ныффыста профессор Гаглойты Зинæ. Ацы чиныджы ма ис æндæр æрмæг дæр не ‘рвадæлты номхыгъд фæдыл, фæлæ Абоны бон Брытъиатæ цæрынц Суададжы, Дзуарыхъæуы, пос. Фиагдоны, Дзæуджыхъæуы, Беслæныхъæуы, Мæскуыйы, Курганы, Брянскы облæсты æмæ нæ бæстæйы æндæр рæтты.  

Мыггаг кæд стыр нæу, уæддæр хъæздыг у хæсты рæстæг Фыдыбæстæйы сæрвæлтау чи тох кодта, сабыр царды та йæ сыгъдæгзæрдæ фæллойæ ном, кад чи кодта канд йæ мыггагæгæн, канд Куырттаты комæн нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæн дæр, ахæм адæймæгтæй. Уыдонимæ: Дунайы хæсты архайджытæ, Георгийы дзуарæвæрды кавалертæ: Дзаххоты фырт Цопан (Елбыздыхъойы фыд), Гæлæуы фырт Аслæмырзæ, Айдарыхъы фырт Сæхмæрза (подхорунжий); Брытъиатæ лæгæвзæрстæй архайдтой Фыццаг Дунеон, Граждайнаг, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Уæдæ аивады, литературæйы, спорты, æхсæнадон царды дæр мыггаджы хуыздæр минæвæрттæ цы фæд ныууагътой, ууыл æрдзурдзыстæм дæлдæр. 

Куыд загътам, афтæмæй, рагæй æрæгмæ дæр Брытъиаты мыггаг хорз хистæртæй хайджын уыд. Хорз лæджы номæн та, дам, сæфæн нæй. Æнусы сæрты мах фæлтæрмæ æрхæццæ Брытъиаты Айдарыхъы фырт Тæтæрхъаны ном. Райгуырд 1835 азы Куырттаты комы, Дæллагхъæуы, фæцард сæдæ азæй фылдæр. Ивгъуыд фæлтæртæм бирæ фæцæрын уа диссаг нæ уыд. Сæйрагдæрыл нымад уыдысты адæймагæн йæ кад æмæ намыс, йæ куырыхондзинад. Уый тыххæй хорз загъта ирон поэт Чехойты Сæрæби:  

Фæцæрын бирæ – афтæ 

диссаг нæу, 

У диссаг уый: цæмæй 

мысдзысты дæу. 

 

Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, Тæтæрхъан уыд æнахуыргонд лæг, фæлæ хæст уыд фидар æрдзон зондыл. Хæххон зын уавæрты кодта зæххы куыст, дардта фос, уыд дæсны цуанон. Йæ цардæмбал Гуырионимæ схъомыл кодтой 6 лæппуйы, чызджытæ. Цæрджыты фæндонмæ гæсгæ бирæ азты дæргъы Тæтæрхъан архайдта Дæллагхъæуы Ныхасы куысты. Сæйрагдæрыл нымадта фæсивæды раст фæндагыл аразын, ирондзинад фидар кæнын, адæмы царды вазыгджын фарстатæ бæлвырдæй æвзарын æмæ сæ раст лыг кæнын.  

Хуымæтæджы нæ бахауд Тæтæрхъаны ном фыдæлты таурæгътæм. Зынгæ фыссæг, фольклор æмбырдгæнæг Санаты Уарийы «Сафирæты таурæгъ»-ы архайæг Æзо уазджыты хæдзары фенгæйæ дисы бацыд: «Ай зæдты астæумæ куы æрбахаудтæн! Кæс-ма, уартæ Гулийы зæд, буц хистæр Гацыр дæр ам куы бады! Уæуу, мæнæ Куырттаты зæронд Æфсати – Уане дæр ам ис! Кæс-ма, Брытъиаты карз Уацилла – Тæтæрхъанмæ дæр! Табу, табу уæхицæн æндæр уын цы зæгъон!.. Уынут уæлейы чи бады, уыдон? Стыр туджы тæрхон чи лыг кæны, уыдон куы сты!» Хуыздæр-ма куыд загъдæуа комы лæг Брытъиаты Тæтæрхъанæй! Зонут ын йæ ном, нæ кæстæртæ! Тæтæрхъанæн уыд 6 фырты: Бæппу, Тоти, Гæбæти, Дзагко, Бицо, Дзиуа.  

Йæ куырыхондзинадæй Куырттаты комы зындгонд уыди Дзаххоты фырт Цопан. Ирон дивизионы рæнхъыты 1877-1879 азты уыд Дунайы хæсты, йæ хæстон сгуытдзинæдты тыххæй сси Георгийы дзуарæвæрды кавалер. Гуыриаты Гагуыдзы мысинæнгтæм гæсгæ, «хаудта… æнæхъæн адæмы минæвар æмæ фæтæджы ном хæссыны хъару кæмæ уыд, ахæм дзырддзæугæ лæгтæм». Уымæн æвдисæн у Цопан йе ‘мбæлттæй цалдæримæ хохæй быдырмæ ралидзыны хъуыддагæн райдиан кæй сæвæрдта, уый дæр. Фыццæгтимæ æрцард уый Дзуарыхъæуы, уыд бинонтæдарæг. Кæд цыфæнды зын фадæтты цард, уæддæр йæ лæппуйы ахуыры фæндагыл сæвæрдта. 1902 азы Цопан Хуыскъададжы фæмард йæ фос ын тæрынмæ чи хъавыд уыцы абырджыты къухæй. Йæ бинойнаг, Цопанаты Госæгъа дæр, Гуыриаты Гагуыдзы мысинæгтæм гæсгæ, «йæ удыкондæй, зæрдæйы хъæздыгдзинадæй дæлдæр нæ лæууыд йæ лæгæй. Уыд ын стыр кад æмæ ном. Хæрзарæхст æмæ дзырддзæугæ уæвгæйæ уый йæ алфамблай сыл-гоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты ‘хсæн дæр ахста хицæн кадджын бынат». Уы-дис сын иу лæппу æмæ фондз чызджы. Уыцы лæппу кад скодта канд йæ бинонтæн, кæнд йæ комæн нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæн дæр. Уый у ирон драмæйы бындурæвæрæг æмæ «профессионалон театры дуаргомгæнæг» Брытъиаты Елбыздыхъо (1881-1923). 

Цæлыккаты Мæирбег фыста: «Елбыздыхъойы мысгæйæ мæ зæрдыл æр-балæууы, гыццылæй мæ хистæртæй цы æмбисонд фехъуыстон, уый: «Лæг, дам, хохæн цалынмæ йæ фарсмæ фæлæууы, уæдмæ йæм йæ ас нæ фæзыны, фæлæ дзы иуварс дард куы рацæуы, йе ‘цæг ас гъе уæд разыны», æмæ мæнмæ дæр афтæ фæкæсы, цыма Елбыздыхъо дæр уыцы хохау у: цас дардæй-дарддæр кæны махæй, уыйас егъауæй-егъаудæр кæны. Растдæр зæгъгæйæ, уæд разыны йе ‘цæг ас, йе стыр ахадындзинад».  

Елбыздыхъойы цардвæндаг, йæ æхсæнадон архайд æмæ литературон сфæлыстады тыххæй фыстой тынг бирæ зындгонд адæм. Уыдонимæ Гæдиаты Цомахъ, Нигер, Æлборты Барысби, Джусойты Нафи, Хæдарцаты Азæ, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Джыккайты Шамил, Бæциаты Агуыдз, Хъантемыраты Риммæ æмæ иннæтæ. Уæдæ ирон чиныгкæсæг зонгæ у Елбыздыхъойы тыххæй цы мысинæгтæ ныууагътой Гуыриаты Гагуыдз, Тотраты Бесæ, Коцойты Арсен, Къессаты Георги æмæ иннæтæ, уыдонимæ дæр. Уымæ гæсгæ сыл ам бæстон нæ дзурдзыстæм. 

Зын æмæ гуыргъахъ уыд уыд Елбыздыхъойы царвæндаг. Бирæ цъыф-калæнтæ æмæ æфхæрæн ныхæстæ йыл æрцыд фыст. «Цыфкалджытæ» бæрæг сты. Иуæн дæр дзы сыгъдæг адæймаг рахонæн нæй дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: «Йæхæдæг чъизи чи у, уый иннæйы дæр счъизи кæныныл архайы». 

Æрхæсдзыстæм зындгонд ирон поэт Джыккайты Шамил Елбыздыхъойыл цы диссаджы æмдзæвгæ ныффыста, уый: 

 

ЕЛБЫЗДЫХЪО 

 

Хæрзгæнæг хорз йæ афоныл нæ ары: 

Уыди йæ фæндаг тыхст æмæ уырыд… 

Мах тар æхсæвы зонды цырагъ хуыд, 

Ды нын ныссагътай Ногбоны арт тары. 

 

Нæ бон нæ уыд уæлмонц ныхас æмбарын, 

Пехуымпарæн цæмæй ыскæнæм цыт? 

Дæ уды рухс æгæр куырыхон уыд. 

Æмæ дын уый нæ лæмæгъ зонд нæ бары. 

 

Уыдтæ нæ дзырды сау æрмадзы куырд 

Æмæ куыстай. Амраны туг-цæссыгæй 

Æхсыстысты дæ хъуыды ‘мæ дæ дзырд… 

 

Циу кады нысан дур æмæ æлыгæй? 

Дæуæн уыдзæн ирон зæрдæйы цырт –  

Нæртон удæвдз дæ куырдадзы фæтыгæй. 

 

Нæ кæстæртæ хъуамæ зоной, Елбыздыхъойы сыгъдæг ном бахъахъхъæнынмæ ахсджиаг æвæрæн кæй бахаста номдзыд советон фыссæг Александр Фадеев. 

Куырттаты комы Брытъиаты Елбыздыхъойы лæгæт-ингæныл цыртдзæвæн сæвæрдтой ирон культурæ бирæ чи уарзы, уыдон. Елбыздыхъойæн цырт сæвæрыны фæнд сæвзæрд афтæ. Дæргъæвсы сæвæрдтой цырт Баймæтаты Цыппуйæн. Куы йæ гом кодтой, уæд Ирыстоны алы хъæутæй æрæмбырд бирæ адæм. Уым уыдысты Хæххон Паддзахадон университеты ректор Басаты Барис æмæ йæ бинойнаг Брытъиаты Серафин. Æмбырд куы фæци, уæд Барисмæ бацыдысты Гуыриаты Чермен æмæ Хæдарцаты Мурат. Уыдон бамбарын кодтой, афæдзы фæстæ кæй уыдзæнис Брытъиаты Елбыздыхъойæн йæ 120 азы райгуырæн бон, æмæ бахатыдысты, зæгъгæ, Дæллагхъæуы скъола цалцæггæнинаг у, æмæ уыцы хъуыддаг дæхимæ куы айсис. Басаты Барис сæмбæлд Гуытъиаты Алымбег æмæ Гаппуаты Гаврилимæ, æмæ ацыдысты Куырттаты коммæ. Куы федтой, Елбыздыхъойы ингæн цы уавæры ис, уæд сæм сæвзæрд Цыртдзæвæн сæвæрыны фæнд. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм фæрнджын хъуыддаг сæххæст кæнынæн хъуыди бирæ æхца. Стыр æхцайы фæрæзтæ бахастой ацы хъуыддагмæ Гуытъиаты Алымбег, Хъесаты Анатолий, Басаты Барис, Бæтæгаты Израиль, Басаты Эльбрус, Лæгкуты Ермак, Гаппуаты Гаврил, Гиоты Цæра, Гуыриаты Таймураз, Дзугаты Сослан, Махъоты Сослан, Базраты Эльбрус, Нартыхъты Гоги, Цыгкаты Таймураз, Мæрзойты Валодя, Дауыраты Дамир. Мыггаг стыр бузныг сты уыцы адæмæй.  

Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, зæгъгæ, уыцы ныхас фыдæлтæй баззад. Хорз лæг йæ фæстæ хорз фæд ныууадзы. Уымæн ирд æвдисæн сты ирон драмæйы бындурæвæрæг, Ирыстоны цæугæ хох æмæ лæугæ мæсгуытæй иу – Елбыздыхъо – зæххыл цы фæд ныууагъта, уый – йæ цот. 

Елбыздыхъойы кæстæр фырттæ Цопан æмæ Ос-Бæгъатыр Фы-дыбæстæйы Стыр хæсты тохы быдырты сæ цард радтой Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.  

Елбыздыхъойы хистæр фырт Хадзымурат райгуырд 1916 азы 22 декабры Дзуарыхъæуы. Кусæг факультет (рабфак) каст куы фæци, уæд, 1932 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы транспортон академимæ æмæ йæ 1940 азы каст фæци æфсæнвæндаджы æфсæддон инженерæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд ацыд Сырх æфсады рæнхъытæм. Хæсты райдианæй суанг Уæлахизыбонмæ службæ кодта инженерон-техникон æфсæдты. 1941 азы июнæй 1942 азы декабрмæ Хадзымурат Хуссар фронты фадæттæ арæзта ахсджиаг адæмон-хæдзарадон объекттæ фæсчъылдыммæаласынæн. 1942 азы декабрæй 1943 азы мартъимæ та службæ кодта Цæгат Кавказы фронт фыццаг гвардион æфсæнвæндаджы бригады, æфсæнвæндаджы объекттæ сыгъдæг кодтой минæтæй. Уый фæстæ афæдзы дæргъы, 1944 азы февралмæ, та ногæй службæ кодта Хуссар фронты инженерон æфсæдты. Горæт Таганрогмæ æввахс æфсæнвæндаджы хиды бынæй минæтæ исгæйæ Хадзымурат уæззау цæф фæци, куы сдзæбæх уæд та ногæй æфсадмæ ацыд. 

Хæсты фæстæ Брытъиайы-фырт дарддæр йæ æфсæддон хæс æххæст кодта 1-аг гвардион æфсæнвæндаджы бригадæйы горæт Львовы. 1956 азы йæ Киевы сфидар кодтой 2-аг æфсæнвæндаджы корпусы штабы хицауæй, архайдта ахсджиаг æфсæнвæндаджы объектты арæзтады. 

1973-1976 азты Хадзымурат разамынд лæвæрдта афицерты центрон курсыты, фæстæдæр та, 1986 азмæ ахуыргæнæгæй куыст Ленинграды фæсчъылдымы æмæ транспорты академийы. 

Хæстон æмæ фæллойадон сгуыхтдзинæдты тыххæй инæлар-майор Брытъиаты Елбыздыхъойы фырт Хадзымурат хорзæхгонд æрцыд I æмæ II къæпхæнты Фыдыбæстæйы хæсты, Фæллойадон Сырх Тырысайы æмæ Сырх стъалыйы ордентæй, бирæ майдантæ æмæ кады грамотæтæй. Хадзымураты фырт Цопан. 

Фыццаг поэт драматург, фыццаг режиссер… Кæд искуы ирон театралон режиссурæйы тыххæй иртасæн куыст фæзына, уæд дзы фыццаг ирон сылгой-маг-режиссеры бынат æрхаудзæн Брытъиаты Елбыздыхъойы чызг Зариффæмæ (1919-2001). Уæззау хъысмæт фæцис йæ хай, йæ номдзыд фыдау, бавзæрста æфхæрд, низ, рохуаты бонтæ. 

Зариффæ райгуырд 13 январы 1919 азы Цæгат Ирыстоны, Дзуарыхъæуы. Йæ сабийы бонтæй фæстæмæ Зариффæ тынг бæллыд ахуырмæ. Уæлдай зæрдæргъæвддæр Зариффæ уыд ирон литературæмæ.  

1938 азы Зариффæ радта фæлварæнтæ Мæскуыйы Театралон аивæдты паддзахадон институтмæ, фæахуыр кодта иттæг хорз, иста Сталины стипендии. Зариффæ бæллыд йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнын æмæ Ирыстонмæ сыздæхынмæ, театры кусынмæ, цæмæй йæ бирæ зонындзинæдтæ сфæлвара сценæйыл. Фæлæ йын Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ бæллицтæ сæххæсты æмгъуыд ныддаргъ кодта. 1941 азы июлæй августмæ иннæ студенттимæ къуыригæйтты къахтой æгæрон хъахъхъæнæн дзыхъхъытæ Мæскуы æмæ Смоленскы бынмæ. Уый тыххæй Зариффæ хорзæхгонд æрцыд майданæй «За оборону Москвы». 1941 азы сентябры сыздæхт Ирыстонмæ, уымæн æмæ Театралон аивæдты паддзахадон институт эвакуацигонд æрцыд. Кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры. Ирыстоны уæвгæйæ дæр та Зариффæ хъахъхъæнæн дзыхъхъытæ къахта Дзæуджыхъæуы бынмæ. Уæд райста йæ майдан «За оборону Кавказа» дæр. Фæндыд æй Уæлахизы бæллиццаг бон фæхæстæгдæр кæнын. Радистты скъоламæ дæр уымæн бацыд, цæмæй йæ иуафон хæсты цæхæрмæ баппарой, фæлæ Зариффæ балæууыд Тбилисы, стæй – Дзæуджыхъæуы, ныр йæхæдæг иннæты ахуыр кодта бастдзинады аппаратурæимæ архайыныл. Фæлæ йын хъысмæтæй нысангонд уыд сфæлдыстадон фæндаг æмæ уæлахизтæ. 1945 азы та бацыд Мæскуыйы Театралон аивæдты паддзахадон институтмæ æмæ йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта. Кусынмæ сыздæхт йæ райгуырæн зæхмæ. Æрыгон Ирон театры йыл стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты йæ фыццаг фæлтæры æрттивгæ фæсивæд: Тæутиаты Соломон, Тæбæхсæуты Бало, Икъаты Серафин, Баллаты Валодя æмæ иннæтæ. 

1945 азы Зариффæ сæвæрдта йæ фыццаг спектакль «Талынджы фембæлд» – йæ фыццаг æнтыст. Спектакльæн бæрзонд аргъ скодтой куыд йе ‘мкусджытæ, афтæ театралон критикæ дæр. 

Цал æмæ цал хъысмæты, характеры, сценикон быцæуы равзæрста уæдæй фæстæмæ режиссер. Йæ æвæрд спектакльты нымæц сæдæйы онг схызт. Уыдонимæ Ирон театрæн ном æмæ цæсгом чи скодта, уыцы ахъаззаджы куыстытæ: Къостайы «Фатимæ», Шекспиры «Отелло», «Дыууадæсæм æхсæв», «Ромео æмæ Джульеттæ», Плиты Грисы «Чермен», «Æууæнк», Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран», «Дыууæ хойы», Къубалты Алыксандры «Æфхæрдты Хæсанæ», Туаты Дауыты «Мæрдтæйдзæуæг», А. Островскийы «Судзгæ зæрдæ», «Æнаххосæй аххосджынтæ», Мольеры «Тартюф», Брытъиаты Зариффæйы æмæ Саламты Къолайы «Дыууæ чындзæхсæвы», Уырыймæгты Езетханы «Знæгтæ». Стыр сфæлдыстадон æнтыстыты тыххæй 1960 азы Мæскуыйы ирон литературæ æмæ аивады декадæйы сæйраг режиссер Брытъиаты Зариффæйæн лæвæрд æрцыд «Сырх Тырысайы орден». 

60-æм азты нæ республикæйы Уырыссаг театры куыст зынгæ фæца-уддæр. Æмæ дзы уæд сæйраг режиссерæй нысагонд æрцыд Брытъиаты Зариффæ. Театрыл фæзынд курдиатджын разамонæджы хъæппæрисджын архайд. Йæ спектакльтæй иуæн – Уырыймæгты Езетханы «Перед грозой»- æн саккаг кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл преми. Фæстæр сфæлдыстадон бæрзæндтæм схизæг режиссеры хонын райдыдтой æндæр театртæм дæр. Спектакльтæ сæвæрдта Цæцæн-Мæхъæлы, Болгарийы алы горæтты театрты сценæтыл. 

Уæлтæмæн æмæ æнтыстытæй дзаг бонтæ, мæйтæ, азтæ. Йæ ныхасы кæддæриддæр уыд уæз. Йæ куысты театралон хъуыддаджы æппæт фæзилæнтæ дæр афтæ хорз зыдта, æмæ-иу йæ уынаффæйыл, фиппаинæгтыл сразы сты суанг мæскуыйаг театрты дзырддзæугæ архайджытæ дæр. Уымæн æрцыд æвзæрст æмæ бирæ азты фæкуыста Æппæтуæрæсеон театралон æхсæнады цæгатирыстойнаг хайады сæрдарæй. Цæмæй йæ бон уыд, уымæй æххæст кодтатеатрты кусджыты социалон домæнтæ, æнæ дзуаппæй никуы никæй раздæхта. Уæлдæр ранымад хорзæхтæй дарддæр ма Зариффæ райста майдантæ «За доблестный труд в ВОв 1941-1945 гг» (1946), «За трудовую доблесть» (1948), «За доблестный труд в ознаменование 100-летия со дня рождения В.И. Ленина». 

Царды фыдæх, цардау, æнусон у, æмæ йæ азарæй басыгъта сыгъдæгуд Зариффæйы дæр. Сфæлдыстады рухс бæрзæндтæй йæ хæрамдзинады тарфмæ ныппæрста. Зариффæ йæхи удыл бавзæрста æнаккаг адæймæгты æфхæрд, æмгæртты мæнгарддзинад. Бынтон æнаххосæй йæ ахæстоны бакодтой, байстой йын йæ паддзахадон хæрзиуджытæ, йæ намыс ын сæвдылдтой цъыфы. Уый 1937 азы нæ уыд, фæлæ 80-æм азты. 

Дагестаны адæмон фыссæг Расул Гамзатов Мæскуыйы хицауадмæ цалдæр хаты фыстæджытæ фæфыста Зариффæйы сæрыл. Суæгъд æй кодтой цалдæр азы фæстæ йæ удæн ын Амыраны зынтæ чи бавзарын кодта, уыцы ахæстонæй. 

1991 азы йын лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы аивæдты сгуыхт архайæджы ном. 

Зариффæ уыд ирон театры историйы бæрæгдæр хай. Йæ удуæлдай куыстæй уый тох кодта æхсæнадон царды хъæнтæ æмæ хæрамдзинадимæ, адæймаджы уды æнæраст æфхæрдимæ. 

Мыггаджы кад фæбæрзонддæр кæныныл чи архайдта уыдонæй уыд Брытъиаты Дрисы хистæр фырт Тего дæр. Тего райгуырд 1887 азы Дæллагхъæуы. Сабийæ райдыдта хæдзары куыстытæ æххæст кæнын. Аст азы йыл куы сæххæст, уæд бацыд Дæллагхъæуы райдиан скъоламæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис. 

Дрис кæд хъæздгуытæй нæ уыд, уæддæр бацархайдта æвзыгъд лæппуйы дарддæры ахуырыл бафтауыныл æмæ йæ радта Дзæуджыхъæуы рабфакмæ. 

Ам ахуыры фæстæ Тего куыста алы бæрнон бынæтты, архайдта революцион змæлды, æххæст кодта коммунистон партийы ахсджиагфæдзæхстытæ. 

1920 азы Дрисы бинонтæ æрцардысты Дзуарыхъæуы. Чысыл фæстæдæр та Тего партион оргæнты уынаффæмæ гæсгæ æрвыст æрцыд Мæскуымæ ахуыр кæнынмæ. Радта фæлварæнтæ æмæ сси Мæскуыйы экономикон университеты студент. Ам базонгæ марксизм-ленинизмы классикты куыстытимæ. 

Хъысмæты афтæ бафæндыд, æмæ Тего йæ ахуыр университеты кæронмæ нæ фæхæццæ кодта. Цæгат Ирыстоны адæмон хæдзарад хъуыди банывыл кæнын, фæллойгæнджыты цард рацаразын социализмы домæнтæм гæсгæ. Ахæм стыр хъуыддæгтæ домдтой, цæмæй облæсты уа фылдæр ахуыргонд кусджытæ. Партион æмæ хицауадон оргæнтыуынаффæмæ гæсгæ Тего сыздæхт Ирыстонмæ. 

Коммунистон партийы уæнг 1920 азæй, Бесолты Гайси йæ мысинæгты фыссы: «Партия возлагала на тов. Бритаева целый ряд ответственныз поручений и он старательно выполнял их и сам вырос в крупного хозяственного работника… Вначале он ведал местным хозяйством области, потом финансами автономной области, затем был управляющим Горским отделением Госбанка, директором крупного завода «Кавцинк», управляющим Садонским рудником. Тего Бритаев относится к той кагорте старых кадров (он был членом партии с 1917 года), которые вершили революцию и на своих плечах вынесли все тяжести и невзгоды первых лет Советской власти. 

По складу характера Тего выделялся исключительной скромностью, никогда не выпячивал себя, не кичился своим положением, не зазнавался своим образованием». 

Тегойы бæрнон куыст æмæ æхсæнадон архайд хуыздæр бамбарынæн Гайсийы мысинæгтæм иучысыл бафтауæм. 

Архивты æрмæджытæм гæсгæ, Брытъиаты Тего 1926 азы лæууыд облæсты зæххыты хайады сæргъы. Алы азты æвзæрст уыд Дзæуджыхъæуы Окруджы Советы æххæсткоммæ, уыд облæсты æххæсткомы уæнг. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ æнæвдæлон уæвгæйæ, цыфæнды зын уавæрты дæр Тего архайдта йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæныныл. Йæ фатеры фезмæлæн нæ уыд уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл фыст чингуытæ æмæ журналтæй. Уыдон фембырд кодта йæхи фæллойæ æмæ сæ касти стыр зæрдæргъæвдæй. 

20-æм азты Ирыстоны адæммæ чиныг фаг нæма хæццæ кодта. Тего уый хорз æмбæрста, æмæ сфæнд кодта йæ чингуытæ Дзуарыхъæуы цæрджытæн балæвар кæнын. Ацы хабар бæрæг у архивты æрмæджытæй. 

«В селении Дзуарикау открыта библиотека Тего Бритаевым. Он из своей библиотеки пожертвовал книги и журналы для начала работы. Комсо-мольская ячейка села на своем объединенном собрании в мае 1925 года вынесла благодарность тов. Бритаеву за оказанную помощь в создании библиотеки. На том же собрании избрана заведующая библиотекой Р. Дзахоева» (ЦГА СОАССР, ф. 49, оп. 1, д. 576, л. 147). 

Цæгат Ирыстоны уæды зындгонд разамонджытæ Мамсыраты Саханд-жери, Бутаты Хъазыбег, Æрсæгты Горга, Æфсæрæгты Марк æмæ иннæтæ стыр аргъ кодтой Тегойы æнувыд куыстæн, кæм хъуыд, уым та йын кодтой цæстуарзон æххуыс. Поэт Епхиты Тæтæри афтæ фыста: «Адæмы цард аразын кæмæ æрхауы, уый хъуамæ йæхæдæг æнæкъæмдзæстыг уа цы адæмы æхсæн цæры, уыдоны цур». Бæргæ уыд ахæм лæг Тего. Фæлæ ралæууыдысты 30-æм азтæ. Маргæвзаг, саузæрдæ цыфкалджытæ æмæ хæлæггæнджытæ райдыдтой хахуыртæ фыссын сæхицæй хуыздæр, нымаддæр лæгтыл. Уыдоны аххосæй Ирыстоны байсæфтысты бирæ сыгъдæгзæрдæ адæймæгтæ, бæрнон кусджытæ, уыдонимæ Брытъиаты Тего дæр. 

1956 азы Цæгат Ирыстоны Сæйраг тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ Брытъиаты Дрисы фырт Тего нымад æрцыд æнаххосыл. Хорз лæджы ном хъуамæ æнустæм цæра, хъуамæ йæ зоной кæстæр фæлтæртæ. 

Уæлдæр йæ кой скодтам Айдарыхъы фырт Сæхмæрзайæн (1886-1936). Сæхмæрза уыд Дунайы хæсты активон архайæг. Хæст куы райдыдта, уæд ын хæсгонд æрцыд хæцæг æфсадмæ мобилизаци кæныны хъуыддаг. Хъæбатырæй кæй хæцыд уымæн æвдисæн сты йæ хæрзиуджытæ: Георгийы дзуар æмæ майдантæ. Йæ цардæмбал Созанонимæ схъомыл кодтой авд чызджы æмæ иу фырт. Сæ фырт Алихан (1902-1981) хæсты размæ фæкуыста бæрнон куыстыты: скъолайы ахуыргæнæгæй, колхозы бригадирæй, фæстæдæр, 1935-1938 азты та – хъæусоветы сæрдарæй, колхоз «Садонские рудники»-йы парторгæй. Фыдыбæстæйыл зын заман куы акодта, знаг куы рбабырста, уæд йæхи нæ бамбæхста, ацыд тохы быдырмæ. Афæдз йедтæмæ нæ фæхæцыд – Севастополы бынмæ фæцæф. Госпитæлæй йæ куы рафыстой, уæд хæцынмæ нал сбæззыд æмæ сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ, кусын та райдыдта парторгæй, 1947 азæй суанг пенсимæ ацæуынмæ фæкуыста хъæды хæдзарады хъæдгæсæй. Суададжы хъæубæсты Алиханæн уыд стыр кад йæ удуæлдай фæллойы тыххæй. Йæ æнæхин, æнæзæрдæхудт фæллойæ йæхицæн ном скодта. Никуы бацауæрста йæ тыхтæ æмæ йæ хъаруйыл йæ куысты мидæг. Йæ цардæмбал Гæбуаты Ирханимæ схъомыл кодтой дыууæ фырты æмæ дыууæ чызджы: Барис, Афæхъо, Фатимæ, Светланæ. Иууылдæр райстой уæлдæр ахуырад, афтæ уыдонæн сæ цот дæр. 

Брытъиаты Дрисы астæуккаг фырт Атце (1898-1975) райгуырд Куырттаты комы Дæллагхъæуы. Аст азы йыл куы сæххæст, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Дæллагхъæуы райдиан скъоламæ. Царды уавæртæ зын кæй уыдысты, уымæ гæсгæ скъола кæронмæ каст нæ фæци. Фæлæ уæддæр базыдта кæсын, фыссын, æмбарын байдыдта уырыссаг æвзаг. Хохаг царды уавæрты сæйрагдæрыл нымад уыди фос дарыны æмæ зæххы куыст. 1911 азы ацыди быдыры хъæутæм хъæздгуыты зæххытыл хоры куыст кæнынмæ. Ам уæвгæйæ, хуыздæр бамбæрста Къостайы ныхæстæ: 

Адæмæн сæ фæззæджы куыст 

Не ‘ссы афæдзмæ куырой, 

Махæн та нæ афæдзы куыст – 

‘Гасæй иу хоры кæфой. 

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы «хоры кæфой» ничердæм фаг кодта Ат-цейы хохаг мæгуыр бинонтæн. Уавæр ноджы февзæрдæр 1916 азы, Дрисы Амарды фæстæ. Уыцы аз Атце ацыд Витебскы губернимæ. Уым куыста хъæдгæсæй, стæй та сыгъдæг кодта æфсæнвæндаг митæй. 1917 азы февралы революцийы рæстæг фæндаджы кусджытæ æмхуызонæй ацыдысты Петербург урсгвардионтæй хъахъхъæнынмæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ Атце сыздæхт Ирыстонмæ. Куырттаты комы баййæфта зынгæ революционер Дзаттиаты Алыксандры. Уый сидти цæрджытæм, цæмæй æрлæууой революцийы фарс. Адæмы ныфс фидар кодта Дзуарыхъæуы æмæ Суададжы алыварс цы афицерты зæххытæ уыди, уыдон тыхæй байсынмæ. Ацы ахсджиаг хъуыддæгты зæрдиагæй архайдта Атце дæр. 

1920 азы Атцейы бинонтæ ралыгъдысты Дæллагхъæуæй Дзуарыхъæумæ. Хъæуы цæрджытæ æмхуызонæй бавнæлдтой ног цард аразынмæ. 1923-26 азты Атце куыста хъæусоветы æмæ ревкомы сæрдарæй. Уыцы рæстæджы арæзт æрцыд зæхкусджыты иумæйаг артель «Гагæбарз». 1929 азмæ дзы сæрдарæй куыста Атце. Уыцы азты стыр куыст цыди адæмæн сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Ахсджиаг фарстатыл нымад æрцыд скъола саразын, цæмæй хъæуы сывæллæттæ ахуыр кæнын райдайой. Ацы хъуыддаджы архайдтой хъæуы цæрджытæй бирæтæ. Мæнæ куыд фыссы йæ мысинæгты Хуыцъистаты Мухарбег: «Зæрдæ нæ рох кæны 1925 аз. Уæд мæ арвыстой Дзуарыхъæумæ ахуыргæнæгæй кусынмæ. Мæ ныццæуынмæ хъæуы цы скъола арæзтой уый арæзт нæма уыд. Уыцы рæстæджы хъæусоветы сæрдарæй куыста Брытъиаты Атце. Уый, йæ удыл нæ ауæрдгæйæ, архайдта скъола срæвдз кæныныл. Фæлæ авналæнтæ цыбыр уыдысты, фаг нæ уыд арæзтадон æрмæджытæ, кусджытæ». 

Атце æхсæнадон хъуыддæгтыл уыд тынг æнувыд. Йæхи æмæ йæ бинонты удæнцойыл никуы архайдта. Æмæ та уый ногæй рабæрæг уыцы тыхст заманы. Атцейæн йæхи хæдзары уыд дыууæ стыр уаты. Уыдонæй иуы байгом кодта ахуыргæнæн кълас… Уыцы къласы ахуыртæ цыдысты ног скъолайы байгоммæ» (газет «Рæстдзинад», 1991 азы 16 мартъи). 

Чысыл фæстæдæр «Гагабарзы» бындурыл арæзт æрцыд колхоз «Сырх хохаг» («Красный горец»). Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ колхозон арæзтады ныхмæ кæй лæууыд бирæ знæгтæ. Уыдон ардыдтой адæмы ног цардыуаджы ныхмæ, цъыфкалæн кодтой æхсæнадон кусджытыл. Уыцы хабæрттæ фыст сты газетты æмæ чингуыты. Тынг зын уавæрты архайдта Атце дæр. 1930 азы райдиан æй ногæй сфидар кодтой хъæусоветы сæрдарæй. Цыбыр рæстæджы фæстæ фæрынчын æмæ ацыд Ессентукимæ. Хицауады уынаффæмæ гæсгæ фæстæмæ схæццæ хъæумæ, цæмæй ныхкъуырд радта цардхалджытæн, æрсабыр кæна адæмы. Партион æмæ фæскомцæдисон организациты æххуысæй хъæуы цард фæнывыл кæнын къухы бафтыд. Атце иунæгæй бацыд хохы цъассмæ æмæ знæгты ардыдæй уырдæм чи алыгъд, уыцы хъæуыцæрджыты къордæн бамбарын кодта партийы æмæ хицауады политикæйы фарстатæ. Баууæндыдысты лыгъд адæм Атцейыл, раздæхтысты хъæумæ, сæ сабыр цардмæ, колхозы кусынмæ. 

1930 азы сæрды Атце ногæй æвзæрст æрцыд колхоз «Сырх хохаджы» сæрдарæй æмæ дзы фæкуыста 1931 азмæ. Уый фæстæ æрвыст æрцыд Алагиры районы Красногоры колхозы сæрдарæй кусынмæ. Ацы колхоз йæ къæхтыл куы слæууыд, уæд та Атце ногæй æвзæрст æрцыд колхоз «Сырх хохаджы» сæрдарæй æмæ дзы бакуыста 1933 азмæ. 1933-1935 азты Атце куыста Дзæуджыхъæуы алы рæтты. 1935 азы хæххон районты колхозонты I съезды Атце нысангонд æрцыд Джызæлдоны районы Хохы Карцайы колхозы сæрдарæй. Уый фæстæ та, 1937 азы онг ногæй куыста Дзуарыхъæуы. Уыцы аз хахуыртæм гæсгæ ахст æрцыд. 1948 азы суæгъд. Куыста Горæтгæроны районы В.И. Ленины номыл колхозы. 1956 азы Цæгат Ирыстоны Сæйраг Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ нымад æрцыд æнаххосыл, ссис персоналон пенсиисæг. Атцейы фырт Хадзымурат (Вовæ) у абон мыггаджы хистæртæй иу. Райгуырд 1932 азы. Каст фæци Мæскуыйы экономикон-статистикон институт, райста уæлдæр инженерон-экономикон ахуырад. Кусынмæ æрвыст æрцыд г. Свердловскмæ. Уырдыгæй сыздæхт Ирыстонмæ. Куыста «Цветметавтоматикæйы» техникон-экономикон иртæстыты къорды сæргълæууæгæй, завод «Электроцинчы» нормативон лабораторийы хицауæй. 1970 азы куыста СОНИИ-й хистæр зонаддон кусæгæй, фæстæдæр та æвзæрст æрцыд экономикон хайады сæргълæууæгæй. Хадзымурат у экономикон зонæдты кандидат. Ныффыста 30 зонадон куыстæй фылдæр, уыдонимæ 3 монографийы. 1982 азы Брытъиайы-фырт йæ æнтыстджын зонадон куысты тыххæй хорзæхгонд æрцыд нæ республикæйы Сæйраг Советы Президиумы Кады грамотæйæ. Ис æм майдантæ «Фæллойы ветеран», «Фыдыбæсты Стыр хæсты азты æхсарджын фæллой кæныны тыххæй», юбилейон майдан «Фыдыбæсты Стыр хæсты уæлахизы 60 азы кадæн». 

Хадзымурат йæ цардæмбал Тотронимæ схъомыл кодтой дыууæ фырты: Руслан æмæ Сосланы.  

Йæ ном абон дæр рох кæмæн нæу, уыцы хистæртæй иу уыд йæ рæстæджы зындгонд ахуыргæнæг Брытъиаты Солтан Ауызбийы фырт. Райгуырд 18 августы 1885 азы Дæллагхъæуы. Скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Æрыдоны дины семинармæ. Æнтыстджынæй каст куы фæци нæ интеллигенцийы раззагдæртæ кæм ахуыр кодтой, уыцы семинарии, уæд æй кусынмæ арвыстой Бæтæхъойы хъæуы скъоламæ. Афæдз дзы куы бакуыста, уæд раивта Шанаты хъæумæ, «æлдæртты скъола» кæй хуыдтой, уыцы министрадон скъоламæ. Уым кодта æхсæнадон куыст, байгом дзы кодта скъола сылгоймæгтæн дæр. Уыциу рæстæг куыста дыууæ скъолайы дæр, сарæзта драмкъорд, æвæрдтой дзы Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ æхсæнадон куыст хицæутты зæрдæмæ нæ цыд, æмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бавзæрста æфхæрд. Ахæм куыст кодта Пысылмонхъæуы дæр, уым кусын куы райдыдта, уæд. Ам дæр ын бантыст иукъласон скъола саразын сыл-гоймæгтæн. Æрмæст ахуыры хъуыддаг нæ райста йæхимæ Солтан – ноджы уæрæхдæр фæци йæ æхсæнадон куыст: арæзта хихъæппæрисадон изæртæ, æвæрдта спектакльтæ, фæсахуырты сколадзаутимæ арæзтой цæстуынгæ æрмæг уроктæм хъæдæй, гипсæй æмæ æндæр æрмæгæй. Фæлæ та ам дæр бынæттон хицæуттимæ йæ хъуыддæгтæ лæгъз нæ ацыдысты, йæхи мысинæгтæм гæсгæ: «работа моя по постановке спектаклей пришлась не по нутру не только сельской администрации, но и районному инспектору Сорокину, который приказал мне убрать немедленно из классного помещенияустановленную мною сцену и занавес».  

Фæстæдæр ма Солтан бакуыста Хъæдгæроны, Æрыдоны æмæ Алагиры скъолаты, уыдис Суададжы хъæуы фыццаг скъола аразæг дæр. Цы фæсивæд схъомыл кодта, уыдон систы Ирыстоны царды зынгæ архайджытæ. Хæст куы райдыдта, уæд Солтан уыдис уæззау рынчын, йе фсымæр Дзиццыр æй æд бинонтæ йæхимæ Суадагмæ аласта. Солтан уым амард. Йæ ахуыргæнинæгты ‘хсæн бирæ уыдис фæстæдæр Ирыстоны зындгонд чи сси, ахæм адæймæгтæ, уыдонимæ: Æгъуызарты Æхсар, Цæгæраты Гиго, Дзугаты Савелии, Тогуызты Æхсар æмæ æндæртæ. Абон йæ ахуыргæнинæгтæй æгас бирæ нал ис, фæлæ ма дзы чи ис, уыдон æй ныр дæр ма æрымысынц куыд кадджын, нымад хистæры, цæстуарзон ахуыргæнæджы. Солтан йæ бинойнаг Цæлыкконимæ сæ цоты дæр хъомыл кодта Фыдыбæстæйæн аккаг хъæбултæй. Йæ фырт Мæирбег хæсты размæ ахуыр кæнынмæ ацыд Тайшетмæ, уым æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Фæсидтысты йæм æфсадмæ, хъæбатырæй фæхæцыд. Хæсты фæстæ цæргæйæ баззад Тайшеты, баззад ын дыууæ лæппуйы. Солтаны иннæ фырт Рашид ма скъоладзау уыди хæст куы райдыдта, уæд. Йæ кармæ гæсгæ йын æмбæлгæ дæр нæма кодта æфсадмæ цæуын, фæлæ барвæндонæй ацыд тохы быдырмæ. Тынг уæззау рауад Рашиды хъысмæт: йæ дивизи æрхъулайы бахауд æмæ æрыгон лæппу дыууæ азы дæргъы бавзæрста уацары хъизæмæрттæ. Уырдыгæй куы раирвæзт, уæд та йæ æрцахстой уацары кæй уыд, уый тыххæй, фæбадт 6 азы. Уырдыгæй сыздæхт рæуджыты низæй фæрынчын, афтæмæй. Амард 60-æм азты. Баззад ын дыууæ фырты æмæ чызг. Солтанæнæн йæ хистæр чызг Нинæ дæр медицинон институты дыккаг курсæй ацыд хæсты быдырмæ. Хæсты фæстæ йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта, фæстæдæр бирæ азты фæкуыста дохтырæй Октябрыхъæуы рынчындоны. Кæстæр чызджытæ Азæ æмæ Фатимæ дæр райстой уæлдæр ахуырад. Азæ ссæдз азæй уæлæмæ фæкуыста обкомы (зав. протокольным сектором), Фатимæ та куыста Кировы районы адæмон суды, рауагъдады методистæй, фæстаг 20 азы та – Культурæ æмæ аивады кусджыты ахуырад уæлдæргæнæн Республикон курсыты. Схомыл кодтой хорз цот, ис сын цоты цот. Нæ мыггаджы дзæвгар у наукæ, литературæ, аивадимæ йæ цард баст кæмæн у, ахæмты зындгонд адæймæгты нымæц. Уыдонæй иу уыд Ауызбийы иннæ фырт Созырыхъо дæр. Зын ссарæн у Ирыстоны ахæм адæймаг Брытъиаты Созырыхъойы (1892-1961) аргъæуттæ чи нæ каст. Созырыхъо æмбырд кодта адæмон сфæлдыстад, аргъæуттæ фыста йæхæдæг дæр. Чи нæ фехъуыста Дзеджы фырт Дзеджы диссаджы хабæрттæ?! 

Созырыхъо райгуырд 28 декабры 1892 азы Дæллагхъæуы. Йæ фыд Ауызби уыди цъыбыркъух зæхкусæг. Иу аз сахуыр кота хъæуккаг скъолайы, стæй йæ йæ хистæр æфсымæр Солтан акодта йæхимæ, Налцыкмæ, æмæ йæ радта реалон училищемæ. Æртæ азы дзы куы ацахуыр кодта, уæд æфсымæр бинонты хъуыддаг бакодта æхцайæ нал æххæссыдысты. Уый аххосæй Созырыхъо ссыд Дзæуджыхъæумæ, ам дæр та ахуырмæ бацыд реалон училищемæ. Куы-иу кæмæ царди, куы – кæмæ. Хъæздгуыты цоты цæттæ кодта скъоламæ æмæ уыцы мыздæй (3-5 сомы мæймæ) куыддæртæй ирвæзтис. Афтæ тыхцæрдтытæ кæнгæйæ æрвыста йæ бонтæ, фæлæ уæддæр йæ ахуырыл йæ зæрдæ никуы сивта. Уыцы рæстæгмæ хауынц йæ фыццаг сфæлдыстадон фæлварæнтæ дæр. 1916-1917 азты газет «Терек»-ы фæрстыл арæх мыхуыргонд цыдысты йæ уацхъуыдтæ. Сæ быны-иу сын бафыста кæм йæхи мыггаг æмæ ном, кæм та йæ фæсномыгтæ: Артур, С-б, Созырыхъо-бей, Бей, Сирота æмæ афтæ дарддæр. 1917 азы Февралы революции куы райдыдта, уæд кусынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ, фæлæ уайтæккæ йæхæдæг дæр тифæй фæрынчын, æмæ йæ йе ‘фсымæр Дзиццыр (Тасолтан) Дæллагхъæумæ аласта. 1919 азы сæ бинонтæ ралыгъдысты Су-адагмæ. Уæдмæ Созырыхъо дæр фæци бинонтæн æххуысхъом.  

1924 азы кусын райдыдта газет «Рæстдзинады» уацхæссæгæй, фыста уацхъуыдтæ, фæцалх тæлмацгæнæджы куыстыл. Æртæ азы фæстæ кусын райдыдта газеты бæрнон секретарæй, фæстæдæр та сси редакцийы сæргълæууæг. 

1930-1932 азты йæ раивтой чингуыты рауагъдадмæ сæргълæууæгæй. Созырыхъойы фæндыд дарддæр ахуыр кæнын æмæ бацыд Ленинграды æвзагзонынады институтмæ. Уыцы рæстæг ратæлмац кодта ирон æвзагмæ А Пушкины «Капитанская дочка», Л. Толстойы «После бала», Дж. Свифты «Путешествие Гулливера» æмæ æндæр аивадон уацмыстæ. Мадæлон æвзагыл тынг иузæрдион кæй у, уый бафиппайгæйæ йын йæ ахуыргæнæг, академик Л.В. Щерба бахæс кодта ирон æвзаджы фонетикæйы фарстатæ раиртасын. Уæд йæ куыст баст æрцыд цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институты куыстимæ. Уыциу рæстæг институты разамынды курдиатмæ гæсгæ Ленинграды архивты æмбырд кодта Ирыстоны историимæ баст æрмæджытæ. Рох дзы нæ уыд адæмон сфæлдыстад дæр. Ирыстоны уæвгæйæ-иу æмбырд кодта зарджытæ, кадджытæ, аргъæуттæ. Бацæттæ кодта æмæ Ленинграды мыхуыры рауагъта аргъæутты æмбырдгонд «Осетинские сказки». Уыцы куысты йын тынг æххуыс бакодта зындгонд уырыссаг фыссæг С.Я. Маршак. Ирон аргъæуттæ мыхуыр кодта сывæллæтты журналты «Костер», «Чиж», «Пионер». 

1937 азы Созырыхъо йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта æмæ йæхи курдиатмæ гæсгæ æрвыст æрцыд Хуссар Ирыстоны наукон-иртасæн институтмæ. 1938 азы сси Фысджыты цæдисы уæнг. 

Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Йе ‘нæниздзинад йæ уагыл кæй нал уыд уый тыххæй йæ хæстмæ нæ акодтой, фæлæ уæддæр æнцад нæ бадт Созырыхъо, куыста газет «За Родину»-йы. Уыцы куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд майдан, арфæйы гæххæттытæ. Хæсты фæстæ хъахъхъæнынады комитет фысджыты, нывгæнджыты, хуызисджыты къордтæ æрвыста нымыцаг фашистты фыдракæндтæ фенын æмæ сæ хурмæ рахæссыны тыххæй. Созырыхъо дæр куыста уыцы къордимæ. Цы æрмæджытæ æрæмбырд кодта, уыдоны бындурыл ныффыста очерктæ, радзырдтæ æмæ сæ мыхуыры рауагъта.  

Нысангонд æрцыд Терминологон къамисы бæрнон секретарæй. Ам дæр йæ ахсджиаг æххуысы хай бакодта. Мыхуыры рауагъта «Ботаникæйы терминты уырыссаг-ирон дзырдуат». Созырыхъо ныффыста къорд уацы ирон фысджыты, ирон адæмон сфæлдыстады, сывæллæтты литературæйы тыххæй. 40-æм азты нæ республикæйы арæзт æрцыд сæрмагонд Паддзахадон Нарты Комитет æмæ та ацы ран дæр Созырыхъо разынд хъæугæ адæймаг, æвзæрст дзы æрцыд бæрнон секретарæй. Цал рауагъды уыд «Нарты кадджытæн» йæ рæстæджы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, се ‘ппæты дæр уыд редактортæй иу, фыста сын фиппаинæгтæ, арæзта дзырдуæттæ. Рох дзы нæ уыдысты рæзгæ фæлтæр дæр: æнцонæмбарæн æвзагыл сын рауагъта Нарты кадджытæ цалдæр. Созырыхъо бакуыста ирон фысджыты уацмысты антологийыл, Мæскуыйы ирон литературæйы къуыри бацæттæ кæныныл. Бирæ хъару, зонд бахардз кодта Брытъиаты Ауызбийы фырт Созырыхъо ирон аив дзырдыл, адæмон сфæлдыстадыл, литературæйыл, рæзгæ фæлтæры хъомыладыл. Бирæ бынтæ йын баззад. Уыдон сты бабиноныг кæнинаг, абоны ног фæлтæртæм рахæссинаг. 

Йæ цард, йæ куыстæй мыггагæн ном чи кодта, уыдонæй иу уыд Созырыхъойы фырт Алан (Алик) дæр. Алан райгуырд 30 майы 1928 азы Ленинграды. Созырыхъо уæд уыд Ленинграды университеты филологон факультеты студент. Йæ ныййарджытæ куы ахицæн сты, уæд йæ мадимæ цард Ростов-на-Дону-йы. Алан хорз ахуыр кодта, фыста цыбыр радзырдтæ. 7-æм къласы куы ахуыр кодта, уæд райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, æмæ Созырыхъо йæ бинонты сласта Дзæуджыхъæумæ, уырдыгæй та – Суадагмæ.  

1945 азы Алан (Алик) каст фæци Дзæуджыхъæуы 5-æм скъола æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хæххон-металургон институтмæ, фæстæдæр та – МГУ-йы физикон факультетмæ. Каст æй фæци 1952 азы æмæ кусынмæ æрвыст æрцыд г. Долгопрудныйы Централон аэрологон обсерваторимæ. Ам сырæзт инженер-борт-аэрологæй обсерваторийы хайады сæргълæууæгмæ, ныффыста диссертации атмосферон озоны тыххæй, бахъахъхъæдта физиикон-математикон зонæдты кандидаты ном. 1974 азы йæ ахуыдтой Мæскуыйы Останкинойы обсерваторимæ æмæ цалдæр азы фæстæ сси йæ директор. Уый уыдис стыр бæрн. Кодта зонадон куыст, æрхъуыды кодта ног прибортæ, кæцыты фæрцы йе ‘мкусджытимæ иртæстой атмосферон озоны миниуджытæ æмæ æндæр ахсджиаг зонадон фарстатæ. Ныффыста 100 зонадон куыстæй фылдæр. Йæ докладтимæ-иу арæх хуынд æрцыд фæсарæйнаг ахуыргæндты æмбырдтæм дæр. Йе ‘мкусджытæ йын стыр аргъ кодтой канд куыд стыр ахуыргондæн нæ, фæлæ куыд хорз адæймагæн, хорз æмбалæн. Брытъиаты Созырыхъойы фырт Алан (Алик) амард 24 майы 1983 азы, йæхи фæндонмæ гæсгæ йæ сластой Ирыстонмæ, Суадагмæ. 

Аланæн (Аликæн) йæ фырт Темыр дæр у зындгонд ахуыргонд. 1969 азы Мæскуыйы облæсты г. Долгопрудныйы каст фæци астæуккаг скъола æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд МГУ-йы биологон факультетмæ. Каст æй фæци 1974 азы, сси зоолог, йæ ахуыр адарддæр кодта аспирантурæйы. Кусынмæ бацыд Советон Цæдисы Наукæты Академийы А.Н. Северцовы номыл институтмæ, бахъахъхъæдта диссертации, сси биологон зонæдты кандидат, 1999 азы та – биологон зонæдты доктор, уыд лабораторийы сæргълæууæг. 2006 азы райста профессоры кадджын ном. Архайдта тынг бирæ биологон экспедициты куысты, лекцитæ кæсы МГУ-йы, Италийы университеты, разамынд дæтты æрыгон ахуыргæндтæн, у зындгонд биологон журналты сæйраг рецензент, эксперт.  

Ауызбийы иннæ фырт Тасолтан (Дзиццыр) активонæй архайдта хъæуы колхоз саразыны хъуыддаджы. Фыццаг куыста колхозы сæрдары хæдивæгæй, фæстæдæр та – сæрдарæй. Фæстæдæр Дзиццыр æвзæрст æрцыд Суададжы хъæусоветы сæрдарæй. Немыц Алагир æмæ Суадаг куы бацахстой, уæд Дзиццыр уыд куысты. Тырыса, мыхуыр æмæ документтæ цæмæй знаджы къухмæ ма бахауой, уый тыххæй сæ йæ роны бамбæхста æмæ сæ хъæды баныгæдта. Немыц Ирыстонæй тард куы æрцыдысты уæд та Тасолтан бавнæлдта йæ куыстмæ, фæкуыста суанг пенсимæ рацæуыны онг. Йæ цардæмбал Гуыриаты Батойы чызг Надяимæ схъомыл кодтой фондз сывæллоны. Гуырионæн лæвæрд æрцыд «Медаль материнства» (II къæпхæн). Сæ цот иууылдæр райстой уæлдæр ахуырад: 

Раисæ каст фæци Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл пад-дзахадон институты литературон факультет, у фæллойы ветеран; Иринæ дæр ахуыр кодта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон институты, геогра-фион факультеты. У Уæрæсейы Федерацийы скъолайы Сгуыхт ахуыргæнæг, фæллойы ветеран; Серафин (Симæ) каст фæци Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон институты физикон-математикон факультет, у Уæрæсейы профессионалон-техникон ахуырады Отличник; Зарифæ каст фæци Цæгат Ирыстоны медицинон институт, дзæбæхгæнæн факультет, у фæллойы ветеран. 

Сæ фырт Юрий 1955 азы каст фæци Хæххон хъæууонхæдзарадон институты зоотехникон факультет. Къорд азы дæргъы йæ райгуырæн хъæуы фæкуыста сæйраг зоотехникæй. 1971 азы йæ равзæрзтой колхозы сæрдарæй æмæ дзы фæкуыста 1980-æм азы онг. Юрийæн йæ фæллойадон æнтыстыты тыххæй лæвæрд æрцыд «Фæллойы ветераны» ном, майдантæ, бирæ арфæйы гæххæтытæ æмæ грамотæтæ.  

Йæ бинойнаг Токаты Ритæимæ Юрий схъомыл кодта дыууæ фырты. Ритæ къорд азы фæкуыста Суададжы скъолайы. Сæ хистæр фырт Алан каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институт, у Алагиры санэпидемстанцæйы сæйраг дохтыр. Йæ цардæмбал Илаты Зифæимæ хъомыл кæнынц сæ цоты, Георги æмæ Алинæйы. Кæстæр фырт Сослан каст фæци Хъæууонхæдзарадон институты аграрон факультет. Йæ бинойнаг Къæлхидты Мæдинæимæ хъомыл кæнынц дыууæ лæпуйы æмæ чызг: Феликс, Лизæ æмæ Асланы. 

Брытъиаты Ауызбийы фырт Батырбег  

Брытъиаты Ауызбийы фырт Батырбег (19.01.1903-12.09.1956) райгуырд Дæллагхъæуы. Скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд рабфакмæ, уый фæстæ та бацыд Ростовы æфсæнвæндаджы институтмæ.  

1937 азы сентябрмæ куыста Госстройы контролы минæварæй Горсоветы, стæй нысангонд æрцыд Коммунистон хæдзарады Горсоветы хайады хицауæй. Хæсты размæ Батырбег кусын райдыдта Совнаркомы арæзтадон æрмæджыты управленийы хицауæй, 1944 азы та сси Совнаркомы Сæрдары хæдивæг æмæ Госпланы къамисы сæрдар. Уый уыди тынг бæрнон куыст. Йæ бæрны уыди кусæг тыхты æмæ адæмы мобилизаци Дзау ГЭС арæзтадмæ, уыд ВКП (б)-йы Обкомы и Цæгат Ирыстоны Министрты Советы минæвар Хетæджы-фырты номыл районы, уыд КПСС-ы Цæгат-Ирыстоны Обкомы лектор.  

Цæгат Ирыстоны Госпланы Сæрдарæй Батырбег фæкуыста суанг йæ мæлæты онг, 1956 азы 12 сентябрмæ. Брытъиаты Батырбег ныгæд у пантеоны Ирон аргъуаны кæрты. Цæлыччы къанауы арæзтады, стæй горæт Орджоникидзейы хъахъæнæн арæн арæзтады активонæй кæй архайдта, уый тыххæй хорзæхгонд æрцыд Кады грамотæтæй. 1949 азы та йын лæвæрд æрцыд орден «Кады Нысан». 

 

Батырбеджы фырт Таймураз райгуырд 1940 азы, 31 августы. Каст фæци горæт Орджоникидзейы 18-æм скъола æмæ бацыд Цæгат Кавказы Хæххон-металургон институтмæ. Йæ фæуыны фæстæ, 1964 азы райдыдта йæ фæллойадон фæндаг – кусынмæ бацыд Фиагдоны шахтæмæ. Дыууæ азы дзы уы акуыста, уæд ацыд Мæскуымæ. Уым сырæзтис шахтæйы управленийы мастерæй «Мосметрострой»-ы шахтæаразæн участокы хицауы онг. Уыциурæстæг ахуыр кодта Æппæтцæдисон æддагон базарады академийы. Каст æй фæци 1975 азы. Дарддæр йæ цард æмæ йæ куыст баст уыдысты Æддагон экономикон бастдзинадимæ: уыдис эксперт, хистæр эксперт, Советон Цæдисы æмæ Гвинеяйы экономикон æмæ базарадон æмгуыстады хицауадон къамисы бæрнон секретарь. 

1975-1978 азты куыста Гвинея-Бесауы, 1982-1987 Гвинеяйы Респуб-ликæйы. 1991 азы сси Советон Цæдисы базарадон минæвары хæдивæг, фæстæдæр та – Уæрæсейы минæвар Гвинеяйы Республикæйы. Стыр бавæрæн бахаста Советон Цæдисы экономикон бастдзинæдтæ фидардæр кæныны хъуыддагмæ Африкæйаг паддзахæдтимæ. Уыцы бынаты фæкуыста йæ царды фæстаг бонтæм. Таймураз йæ цардвæндаг, хъыгагæн, рауад цыбыр – 55 азы дæр ыл нæ сæххæст, фæлæ йæ ном нæ ферох уыдзæн.  

Батырбеджы чызг Риммæ райгуырд 15 августы 1937 азы Дзæуджыхъæуы. 1944 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы сылгоймæгты гимназимæ æмæ йæ каст фæци майданимæ. 1955 азы ахуыр кæнынмæ бацыд МГУ-мæ. 1956 азы амард йæ фыд Батырбег. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы æнæфæзынгæ нæ фæци бинонты цардыл, фæлæ уæддæр йæ ахуыр нæ ныууагъта. 1960 азы университет каст фæци дæсныйадыл «Почвоведение и агрохимия». Уыцы аз сыздæхт йæ райгуырæн горæтмæ æмæ кусынмæ бацыд Хъæууон-хæдзарадон институтмæ. Уæдмæ Риммæ, йæ кæстæр хо æмæ æфсымæр Таймураз æмæ хо Заретæ (18 æмæ 14 азы) баззадысты хæрзсидзæртæй. Цард сыл йæ уæз æруагъта фæлæ уæддæр нæ фæтасыдысты. 1971 азы Риммæ бахъахъхъæдта диссертаци æмæ сси хъæууон-хæдзарадон наукæты кандидат. Уымæй суанг йæ фæстаг бонтæм, 1996 азмæ фæкуыста химийы кафедрæйы доцентæй. 55 азы йеддæмæ не рацард Риммæ. Йе ‘ппæт цард дæр снысан кодта фæсивæды ахуыр кæныны æмæ хъомылады хъуыддагæн. Йе ‘мкусджыты æхсæн дæр Риммæйæн уыд стыр кад, уарзтой, нымадтой йæ студенттæ дæр. Схъомыл кодта дыууæ чызджы.  

Брытъиаты хистæрты номхыгъды зынгæ бынат ахсы Берболаты (Барисы) фырт Сабазджери (Саввæ) (1907-1984). Райгуырд Хъæдгæроны. Йæ ныййарджытæ 1911 азы алыгъдысты Дæллаг Фиагдонмæ. Ам каст фæци райдайæн скълоа. Уый фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы рабфачы, каст фæци Мæскуыйы транспортон институт. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ куыста Грознайы, Беслæныхъæуы, Дербенты, Дзæуджыхъæуы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты Саввæ куыста æфсæнвæндæгты бæрнон бынæтты, архайдта адæмон хадзарады æмæ æфсæддон хæйтты домæнтæ æххæст кæныныл. 

Хæсты фæстæ Брытъиайы-фырт каст фæци Мæскуыйы æфсæнвæндæгты академии. Райдыдта кусын Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы сæйраг инже-нерæй, уый фæстæ та Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы сæйраг инженерæй. Рацыд цыбыр рæстæг æмæ Саввæ нысангонд æрцыд Цæгат Ирыстоны Министрты Советы сæрдары хæдивæгæй. Йæ хъазуатон фæллойы тыххæй советон хицауад саккаг кодтой Саввæйæн бирæ хæрзиуджытæ. Саввæйы бирæвæрсыг куыстыл ис хицæн чиныг ныффыссæн æмæ уый дæр кæд нæ къухы бафтид. Хъыггагæн, Саввæйæн кæстæртæ нæ баззад, фæлæ йæ куырыхондзинад, йæ рухс ном Брытъиатæй рох не сты. 

30-æм азты репрессигонд чи æрцыд, уыдонимæ ма уыдысты Дрисы фырт Атце, Тæтæрхъаны фырттæ, Темырхъаны фырт Батырбег, Батыры фырт Берболат, Хъауырбеджы фырт Дадо, Ауызбийы фырт Тасолтан (Дзиццыр). Фæстæдæр уыдон нымад æрцыдысты æнаххосæй æфхæрдтытыл æмæ сæ сраст кодтой.  

Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Лæгæвзарæн тохы бацыдысты æппæт советон адæм дæр цыфыддæр знаджы ныхмæ. Сæхи нæ бафæсвæд кодтой Брытъиаты мыггаджы фæсивæд дæр: лæгæвзæрстæй фæцыдысты тохы быдырмæ, бирæтæ дзы нал сыздæхтыхтысты сæ фыдыуæзæгмæ. 

Райгуырæн бæсты сæрвæлтау сæ цард нывондæн чи ‘рхаста, уыдонæй уыдысты: Уывыдзыхъойы фырттæ Цæра æмæ Бушк, Дзæкуыйы фырттæ Тай-мураз æмæ Иналыхъ, Налыхъы фырт Бечырбег, Елбыздыхъойы фырттæ Ос-Бæгъатыр æмæ Цопан, Ерусланы фырт Хадзымырзæ, Хадзымуссæйы фырт Лактемыр, Уарихъаны фырт Мырзахъан, Алыксийы фырт Сергей, Дзаммырзы фырт Агуыбечыр, Хадзымуссæйы фырт Лактемыр, Аслæнбеджы фырттæ Мурат æмæ Æхсарбег, Дзæрæхмæты фырт Инал, Темырхъаны фырттæ Тотырбег æмæ Хъайсынбег (Гайси). 

Сæ æфсæддон хæс Райгуырæн бæстæйы раз кадджынæй сæххæст кодтой æмæ сæ фыды уæзæгыл сæмбæлдысты Агуыбейы цыппар фырты: Зауырбег, Хадзырæт, Руслан, Сафарбег, Хъауырбеджы фырт Дадо, Хæмæтхъаны фырт Алыксандр, Ахмæты фырттæ Мæхæмæт æмæ Хадзымæт (Хаджи), Дзæрæхмæты фырттæ Дударбег æмæ Махарбег, Налыхъы фырттæ Бексолтан æмæ Дзибыскæ, Сæхмæрзайы фырт Алихан, Солтаны фырттæМæирбег æмæ Рашид, чызг Нинæ, Аслæнбеджы фырт Сафарбег, Елбыздыхъойы фырт Хадзымурат, Дударбеджы бинойнаг Минтæ, Тотийы чызг Бадискæ, Дрисы фырт Мамсыр, Батыры фырт Михал.  

Уыдонæй алчидæр у хицæн ныхасы аккаг, фæлæ ацы чиныджы фæлгæттæ уый нæ амонынц, уымæ гæсгæ бæлвырддæр зæгъдзыстæм сæ цалдæры тыххæй. 

Брытъиаты Ахмæты фырт Хадзымæт (Хаджи) райгуырд 12 декабры 1909 азы Суададжы. 1928 азмæ фæкуыста йæ райгуырæн хъæуы, стæй æрвыст æрцыд завод «Ростсельмашы»-ы арæзтадмæ. 1931 азы йæ ахуырмæ арвыстой Мæскуымæ К.А. Тимирязевы номыл академимæ, рабфакмæ. Уырдыгæй та йæ 1932 азы партийы комитет арвыста Мæскуыйы Хурыскæсæны институтмæ, йæ фæуыны фæстæ, 1936 азы та æрвыст æрцыд Æддагон базарады академимæ. Хæсты размæ æртæ азы фæкуыста Советон Цæдисы Наркомвоенторджы хистæр консультантæй. 

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд æй хæстмæ нæ уагътой, фæлæ уæддæр йæхи фæнд атардта æмæ ацыд фашистон лæгмарты ныхмæ тохмæ. Хаджи æххæст кодта Генштабы сæрмагонд хæслæвæрдтæ знаджы фæсчъылдым, уыд сгарджыты сæрмагонд отряды комиссар. 

1943 азы июны Брытъиайы фырт нысангонд æрцыд партизанты иугонд отряды командир И.Н. Черныйы хæдивæгæй. Уыцы отряд та хæсты рæстæг йæхи куыд равдыста, уый тыххæй бæлвырддæр бакæсæн ис И.Н. Черныйы чиныджы «Данные достоверны».  

Цы уыдис Хаджийæн йæ куысты мидис? Сгарæг æмæ диверсант. Йæ сгарджыты къордимæ цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уыдоны тыххæй ма бæлвырддæр бакæсæн ис И. Бережнойы чиныг «Записки разведчика»-йы дæр. И. Бережной йæ чиныджы фыссы: «Комиссар Бритаев был уважаемым человеком в отряде. К нему за советом обращались не только солдаты и сержанты, но и офицеры. И всегда он находил для каждого выход из затруд-нения…». 

1941 азы ноябры немыцаг фашисттæ сæ ных сарæзтой Тулæмæ æмæ Курскмæ. Тынг ахджиаг уыди знаджы фæндтæ базонын. Уыцы рæстæг Сумскы областы фæндæгтæ бæрæг кодта Хаджи комиссар кæм уыд,уыцы сгарджыты отряд. Иу хатт сгарджытæ бафиппайдтой цалдæр æнахуыр машинæйы. Курскмæ фæндагыл цыдысты рог автомобиль, йæ фæстæ – штабон автомобиль, хъахъхъæнгæ та йæ кодтой гæрзивтонг мотоциклисттæ. Сгарджытæ сфæнд кодтой знаджы ныхмæ бабадын. Машинæтæ гранаттæй схæцын кодтой, ныццагътой автоматчикты дæр. Штабы машинæйы разынд æртындæс офицеры, уыйимæ сæм уыдис ахсджиаг документтæ. Уыцы документтæ ахджиаг кæй уыдысты, уымæн та æвдисæн у дыууæ боны фæстæ Брытъиаты Хаджийæн Президиумы Указмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд Сырх Тырысайы орден, фæстæдæр ма Хаджи хорзæхгонд æрцыд ноджыдæр ма дыуæ Сырх Тырысайы орденæй, майдантæй: «Партизану Великой Отечественной войны» I къæпхæн, «За Победу над Германией в ВОв 1941 – 1945 гг.», «За оборону Москвы», фæстæдæр ма Хаджи райста дзæвгар хæрзиуджытæ. 

1945 азæй 1948 азмæ Хаджи куыста Советон Цæдисы Генералон штабы оперативон кусæгæй фæсарæнты. 1949–1951 азты та куыста Советон Цæдисы Æддагон базарады министрады, фæстæдæр та – Советон Цæдисы министрты Советы Паддзахатон комитеты, æддагон экономикон бастдзинæдты хистæр экспертæй. Йæ хъæбатырдзинад, йæ хæстон арæхстдзинадæй мыггагæн дæр æмæ æппæт Ирыстонæн дæр ном чи сокдта уыдонæ иу уыд Брытъиаты Ахмæты иннæ фырт Мæхæмæт. Хæст æй æрæййæфта Донбассы. Уым уыд Киевы Сæрмагонд Хæстон окруджы облуполномоченный. Куыддæр хæст райдыдта, афтæ бахауд йæ тæккæ цыренмæ. Немыцаг фашисттæ бацахстой Украинæ, лæбурдтой Мæскуымæ. Мæхæмæт нысангонд æрцыд батальоны комиссарæй. 1942 азы райдиан фæцæф, фæлæ та цыбыр рæстæгмæ йæ æфсæддон хæc æххæст кæнынмæ цæттæ уыд. 1942 азы 13 сентябры æрцыд зындгонд цау: Не ‘фсад хъуамæ бахызтаикой Доны сæрты. Плиты Иссæ телефонæй иронау радта Мæхæмæтæн бардзырд, цæмæй немыц ма бамбарой æфсады дарддæры пълантæ. 1942 азы 5 ноябры Мæхæмæт хорзæхгонд æрцыд Сырх Тырысайы орденæй, фæстæдæр та йын лæвæрд æрцыд гвардийы булкъоны цин. Мæхæмæты хæстон фæндаг у сæрмагонд чиныджы аккаг, тынг бæлвырд æй фæфыста йæхæдæг дæр йæ хæстон боныджы. 

Газет «Рæстдзинады» мæсыгамайджытæй иу уыд йæ фыццаг редактор Брытъиаты Уывыдзыхъойы фырт Цæра (1898-1941). Райгуырд Куыр-ттаты комы, Дæллагхъæуы. Йæ сабибонтæй фæстæмæ цыдис фыййау, æххуыс кодта йæ фыдæн. 1912 азы Цæра каст фæци бынæттон хъæууон скъола æмæ дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы реалон училещæмæ (училещæмæ бацæуынмæ та йын баххуыс кодта йæ фыды æфсымæры лæппу, ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыз-дыхъо), иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ йæ каст фæци 1918 азы. Иуцасдæр рæстæг куыста Мидхъуыддæгты комиссарады инструкторæй. 1923 азы Цæра нысангонд æрцыд газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг редакторæй. 

Йæхæдæг куыд фыста, афтæмæй Цæра 1923 азы фæззæджы бацыд ахуыр кæнынмæ Мæскуыйы Хæххон Академийы геологон факультетмæ æмæ йæ 1930 азы каст фæци. Кусынмæ йæ рарвыстой Цæгат Кавказмæ, куыста инженер-геологой Хъæрæсейы, Кæсæджы, Ирыстоны. 1931 азы 30 январы партийы Цæгат Ирыстоны обкомы бюройы Цæрайы снысан кодтой Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæн институты директорæй æмæ куырдтой партийы Центрон Комитетæй, цæмæй йæ тагъд рæстæджы рарвитой ирон обкомы бæрны.  

Институты директорæй кæй куыста, уый тыххæй ницы фыст ис йæхи гæххæттыты, фæстæдæр куыста Севкавцинчы Тресты геологон-сгарæг бри-гады хицауæй, Садоны æрзæткъахæны директорæй 1931-1932 азты. Уыциу рæстæджы кодта зонадон куыст дæр. Дæсны геолог йæ хъус дардта Иры-стоны æрдзы хъæздыгдзинæдтæ раиртасынмæ дæр. Бæстон сгарæн куыст бакодта æмæ зонадон æрмæг ныффыста Куырттаты комы тыххæй, йæ сæргонд у афтæ: «Образцы минеральных богатств находящихся на землях Хидикусского Общества». 

Цалдæр азы дæргъы Цæра æнтыстджынæй фæкуыста Ростовы æфцæджы сæрты фæндаг аразыны хъуыддæгты геологон къорды хицауæй. Йе ‘нтыстдзинæдтæ дардыл айхъуыстысты, æмæ йæ уæд 1933 азы бацагуырдтой Мæскуымæ Геологийы æмæ Минералогийы зонадон-иртасæн институтмæ хистæр зонадон кусæджы бынатмæ. Куыста Цæра уыцы институты, каст дзы фæци аспирантурæ, ныффыста бирæ зонадон-иртасæн куыстытæ, ссис геологон зонæдты кандидат. 

1935-1937 азты уыдис «Экспедиция Особого Назначения»-йы геологон-сгарæг къорды сæргълæууæг. Уый стыр ахсджиаг æмæ бæрнон паддзахадон куыст уыд, æмæ йæ Цæрайы бар кæй бакодтой, уый дзурæг у, тынг дæсны геолог кæй уыд, æмæ йыл тынг кæй æууæндыдысты, ууыл. 1938 азы йæ снысан кодтой «Союзникельоловоразведка»-йы сæйраг геологæй, æмæ кур-диатджын геолог æнтыстджынæй æххæст кодта йæ хæстæ. 

Цæрайæн йæ ном хъуыстгонд уыди Советон Цæдисы геологийы æмæ минералогийы кусджыты ‘хсæн уыд Геологон Дунеон XVII конгрессы уæнг Советон Цæдисæй (1937 азы), арæх æй хуыдтой сæхимæ йæ докладтæм бай-хъусынмæ Советон Цæдисы Зонæдты академийы зындгонд ахуыргæндтæ се ‘мбырдтæм. Институты куыст уыди йæ царды нысан, йæхиуыл нæ ауæрста, йæ дæсныйады ног уæлдæр къæпхæнтæм хизгæйæ. 

Арфдæр бавнæлдта зонадон куыстмæ Брытъиайы-фырт, фæлæ дзы, хъыгагæн, йæ къухы бирæ нал бафтыд – райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Цæрайы дæсныйад, йæ зонындзинæдтæ тынг хъуыдысты хæсты фæсчъылдымы бæстæйы хъахъхъæнынад фидар кæнынæн, æмæ йæ хæстмæ нæ уагътой, хъуамæ командировкæйы ацыдаид фæсарæнтæм сæрмагонд фæдзæхстимæ. Фæлæ йе ‘мкусджытæй иу бирæсывæллонджын лæгмæ хæстмæ куы фæсидтысты, уæд ын Цæра фæтæригъæд кодта æмæ йæ командировкæйы арвыста фæсарæнтæм, йæхæдæг та уый бæсты барвæндонæй ацыд фыдызнаджы дæрæн кæнынмæ. Уыдис ротæйы командир, æгъатыр знагимæ кодтой удуæлдай тох. Фæлæ 1941 азы кæрон, немыцаг æрдонгты дæрæн кæнгæйæ, Мæскуыйы бынмæ хъæбатырæй фæмард Брытъиаты Цæра. Сæ институты кусджытæй хæсты чи фæмард, уыдоны нæмттæ æнустæм хаст æрцыдысты, цы егъау мемориалон фæйнæг сын байгом кодтой, уырдæм. Уыдонимæ ис зындгонд ирон ахуыргонд Брытъиаты Уывыдзыхъойы фырт Цæрайы ном дæр, йæ ном æнустæм хаст æрцыд Мæскуыйы Геологийы æмæ Минералогийы Зонадон-Иртасæн институты историмæ. (Æрмæг ист у газет «Рæстдзинад»-æй. 22.07.2000, Хъесаты В. «Рæстдзинады мæсыг амайджытæ»). 

Йæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ тыхтыл, йæ цардыл чи нæ ауæрста, уыдонимæ уыдысты Брытъиаты Налыхъы фырттæ

Бексолтан йæ сабибонтæ арвыста йæ райгуырæн хъæу Суададжы, уым каст фæцис райдиан скъола. Фæстæдæр ахуыр кодта Алагиры авдазон скъолайы, стæй хойраджы промышленносты техникумы. Фæлæ йæ чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд тæхæг суæвын. 

1938 азы Бексолтаны фæскомцæдисон организаци арвыста авиацион училищемæ. Афæдз дзы куы фæхуыр кодта, уæд, 1939 азы, райдыдта Финляндийы хæст. Хъæбатырæй тох кодта знæгтимæ суадаггаг лæппу. Хæсты фæстæ йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта, радтой йын лейтенанты цин. Ссис бомбææппарæг хæдтæхæджы штурман. Бирæ хæттыты тахт блокдон Ленинграды сæрмæ, дæрæн кодта знаджы æфсæддон техникæ, йе ‘фсæдты. 1943 азы Суадагмæ Налыхъы номыл ссыд фыстæг зæрдиаг арфæтимæ – йæ фырт Бексолтанæн лæвæрд æрцыд Сырх Тырысайы орден. Ленинград бахъахъхъæныны тыххæй, Тильзиты станцæйы знаджы æфсæдты æмæ хæстон техникæ ныппырх кæныны тыххæй Брытъиайы-фыртæн радтой Райгуырæн бæстæйы бæрзонддæр хæрзиуæг – Ленины орден. Лæвæрдтой йын ног æмæ ног хæстæ, æмæ сæ кадимæ æххæст кодта. Хъæбатырæй тох кодта Курскы карз хæстыты дæр. Иу атахты фæстæ, аэродроммæ здæхгæйæ йын немыцаг хæдтæхджытимæ бацайдагъ уæлдæфон тох. Хæдтæхæг фæцæф æмæ æрхауд немыцы фæсчъылдым. Бексолтан фæцæф ис. Йе ‘мбæлттæ йæ банымадтой æбæрæгæй фесæфæгыл æмæ йын йæ бинонтæм сæрвыстой «сау гæххæтт». Къорд боны йæ фазыл фæбырыд, хордта хъæддаг зайæгойтæ æмæ гагадыргътæ, афтæмæй, бирæ фыдæбæтты фæстæ, ссардта нæхиуæтты. 

Йæ кæстæр æфсымæр Бечырбеджы дæр 1941 аы акодтой хæстмæ. Хъæбатырæй хæцыд Налыхъы дыккаг фырт дæр, фæлæ 1944 азы фæмард.  

Ноджы æнæуынондæрæй тох кодта Бексолтан йе ‘фсымæры марды хабар фехъусыны фæстæ. Знаджы æфсæддон тыхтæ, хæстон техникæ, скълæдтæ æмæ æндæртæ пырх кæнынмæ атахт 189 хатты. 1944 азы йæ хæдтæхæг æрхауд, йе ‘ртæ æмбалы фæмард сты, йæхæдæг фæцис уæззау цæфтæ, асаст йæ астæуыстæг. 30 азы фæхуыссыд Бексолтан хуыссæнуаты. Амард 20 мартъийы 1975 азы. 

Ныртæккæ Бексолтаны райгуырæн хъæу Суададжы уынгтæй иу (йæхæдæг цы уынджы цардис, уый) хæссы йæ кадджын ном. 

Налыхъы æртыккаг фырт Дзибыскæ 1943 азы 18-аздзыдæй ацыд хæстмæ. Хъæбатырæй кæй хæцыд фашистон лæгмарты ныхмæ, уымæн æвдисæн сты йæ ордентæ: «III къæпхæны Кады орден», «Фыдыбæстæйы хæсты II къæпхæны орден», майдантæ. Дзибыскæ сæрæгасæй сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ, бирæ азты фæфыдæбон кодта колхозы. Амард 2000 азы, майы мæй. 

Мыггаджы фæрнджын хистæртæй уыд Брытъиаты Хъауырбеджы фырт Дадо. Райгуырд 1902 азы. 1935 азы кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы фыццаг МТС-ы хицауæй. 1938 азы каст фæци Мæскуыйы Ждановы номыл хъæууон-хæдзарадон университет. Фæсахуыр æй уырæдтой кусынмæ Мæскуыйы, фæлæ нæ ныллæууыди æмæ сыздæхт Ирыстонмæ, уыцы аз æй æрцахстой, адæмы знаг у, зæгъгæ. Дыууæ азы фæбадт ахæстоны, уый фæстæ йæ ахастой Казахстанмæ. Кустанайы облæсты куыста заготкъанторы хицауæй. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Дадомæ дæр фæсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Афæдзы бæрц дзы фæцис стæй йæ суæгъд кодтой, йæ æнæниздзинад ахæстоны кæй фæцудыдта, уый аххосæй. 1955 азы йæ сраст кодтой, реабилитацигонд æрцыд. Куыста Суададжы колхозы сæрдарæй, фæстæдæр Алагиры, партийы райкомы инструкторæй. Уыдис Камбилеевкæйы колхозы сæрдар, хъæусоветы сæрдарæй дæр дзы бакуыста. Пенсимæ ацыд Орджоникидзейы 1-аг совхозы директоры хæдивæджы бынатæй. Дадо схъомыл кодта æртæ фырты æмæ цыппар чызджы: Азæ, Тамарæ, Таймураз, Эльбрус, Казбег, Нинæ (Эльмæ) æмæ Риммæ. Азæ уыдис Республикæйы адæмон рухсады сгуыхт кусæг, Эльмæ у дохтыр, Риммæ та – Ирон драмон театры актрисæ, нæ республикæйы Сгуыхт артисткæ. 

Брытъиаты Дрисы фырт Мамсыр (1906-1994) райгуырд Дзуарыхъæуы, скъола фæуыны фæстæ сахуыр кодта Мæскуыйы геологон- сгарæг институты æмæ райста инженер-геологы дæсныйад. 1935 азы Мамсыр кусын райдыдта Чукоткæйы экспедицийы. Уыдис Анадыры геологон-сгарæг къорды разамонæг дæр. Йæ алывæрсыг архайдæн стыр аргъ скодтой бæстæйы хуыздæр геологтæ Б.Н. Ерофеев, Г.А. Кремчугов. Бирæ хорз ныхæстæ дзы загъта зындгонд полярон тæхæг М.В. Каминский йæ чиныг «Чукоткæйы арвыл». Советон Цæдисы дыууæ хаты хъæбатыр, контр-адмирал, географион наукæты доктор И.Д. Папанин фыста, зæгъгæ, Брытъиаты Мамсыр у Чукоткæйы згъæрты æвæрæнтæ фыццаг байгомгæнæг æмæ сын фыццаг аргъ скæнæг. 

Уый фæстæ Геологийы Министрады уынаффæмæ гæсгæ Мамсыр æрвыст æрцыд Дард Хурыскæсæнмæ геологон-сгарæг экспедицийы хицауæй, уыциу рæстæг разамынд лæвæрдта Анадыры хæхты кусæг геологты къордæн дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæст Мамсыры æрæййæфтта Архангельскы облæсты сакъадах Вайгачы. Уырдыгæй æвæстиатæй ацыд хæстмæ. Знагимæ фыццагдæр тохы бацыд Сталинграды зæххыл. Уыдис минометтæй æхсджыты командир, 209 гвардион полчъы сконды. Уый фæстæ уыдис Курскы къæлæты хæстыты активон архайæг. Стыр лæгдзинад равдыстой Мамсыры минометæй æхсджытæ цæугæдæттæ Днепр, Хуссар Буг æмæ Дунайы сæрты хизгæйæ, Румын, Югослави, Венгрии, Австри æмæ Ныгуылæн Европæйы æндæр бæстæтæ суæгъд кæныны уæззау хæстыты. Хæсты кæрон Мамсыры æрæййæфта Австрийы Альпты, Советон Цæдисы æфсæдтæ Америчы 8-æм æфсадимæ куы баиу сты, уыцы бон. Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Мамсыр хорзæхджын æрцыд «Сырх Тырысайы» орденæй, «Фыдыбæсты Стыр хæсты I къæпхæны» орденæй «Фыдыбæсты Стыр хæсты II къæпхæны» дыууæ орденæй, «Сырх Стъалыйы» дыууæ орденæй æмæ 16 майдæнæй, райста Уæлдæр Сæйраг командыгæнæг И.В. Сталины арфæйы гæххæтт. 

Хæсты фæстæйы азты Мамсыр куыста бæстæйы Геологийы Министрады бæрнон бынæтты. 12 азы уыдис Центрон комплексон экспедицийы сæйраг инженер. Æнтыстджынæй бахъахъхъæдта геологон-минералон наукæты кандидатон диссертации, сси Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт геолог, мыхуыры рауагъта 55 наукон куыстæй фылдæр. 

Хæстон æмæ ахуыргондæн фидар бастдзинæдтæ уыдис йæ райгуырæн Ирыстонимæ, бирæ хъарутæ бахардз кодта республикæйæн наукон кадртæ цæттæ кæныныл. 

Мамсыр уыд адæмы уарзон адæймаг. Æнувыд – зонгæтæ, хæстæджытæ, къабæзтыл. Диссаджы удыхъæды миниуджытæй хайджын уыд йæ бинойнаг, медицинон наукæты доктор æмæ профессор, Уæрæсейы Федерацийы наукæты сгуыхт архайæг Дзугаты Софья. 

Арфæйаг фæндагыл ныфсджын къахдзæфтæ акодта сæ фырт Игорь. Куыста Мæскуыйы Геофизикон институты. 

Брытъиаты Дзæрæхмæты фырт Махарбег райгуырд 1924 азы. 18-аздзыдæй скодта Махарбег æфсæддон дарæс. Арвыстой йæ æфсæддон училищемæ, куы йæ фæци, уæд кæстæр лейтенанты цины бахаудта цæугæдон Миусы былгæронмæ, уым цыдысты карз хæстытæ. Ссис взводы командир (ком. Взвода 88-ого гвардейского стрелкового полка 33-ей гвардейской Севостопольской ордена Суворова II степени стрелковой дивизии). Архайдта Севостополы карз хæстыты, бахæццæ Скæсæн Пруссимæ.  

Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхгонд æрцыд «Сырх Стъа-лыйы» орденæй, фæстæдæр та – орденæй «Отечественной войны 2-ой степени», майдантæй «За отвагу» æмæ «За победу над Германией».  

Хæсты фæстæ æнтыстджынæй фæллой кодта. Бирæ азты фæкуыста иу-гонд «Севосетинбытобувь»-ы директоры хæдивæгæй.  

Схъомыл кодта 5 сывæллоны: иу лæппу æмæ 4 чызджы: Вовæ, Людæ, Ларисæ, Фатимæ æмæ Светæ. 

 

Брытъиаты Бушкы фырт Аслæнбег у зындгонд поэт. Райгуырд 1938 азы горæт Орджоникидзейы. Раджы базыдта суинаг поэт, фыдæбон цы у, уый. Йæ фыд фæмард хæсты быдыры, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæ уыд сидзæрты цард. 14 аздзыдæй бацыд агуыридуртæй дзаг вагæттæ æвдæлон кæнынмæ, куыста заводы. 1955 азы бацыд арæзтадон техникуммæ, 1958 азы та йæм фæсидтысты æфсадмæ. Йæ æфсаддон хæс куы сæххæст кодта, уæд цасдæр рæстæг акуыста фæскомцæдисы организацийы секретарæй хæдзары дзаумæттæ аразæн куыстуаты. Æнцон нæ уыд йæ цардвæндаг сидзæр лæппуйæн, фæлæ уæддæр: 

Нæ фесты риуы зынг æртхутæг: 

Кæд тохы мард фæци мæ фыд, 

Уæддæр у амонæг мæ удæн 

Фæндаг аразынмæ бæлвырд. 

 

Бинонты хъуыддаг куы бакодта, уæд кусынмæ æмæ цæрынмæ ацыд Узбекистанмæ. Уым адæм арæзтой зæххæнкъуыстæй чи ныппырх, уыцы Ташкент. Кодта йæ дæсныйадмæ гæсгæ бирæ бæрнон куыстытæ. Фæлæ, Абайты Эдуард куыд фыссы, «цыфæнды куыст ма кодтаид, уæддæр йæ зæрдæ нывонд уыд поэзийæн». Фыссын райдыдта раджы, 1953 азы йæ æмдзæвгæтæ фæзындысты Цæгат Ирыстоны газеты. Фæстæдæр Аслæнбеджы æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цыдысты канд нæ республикæйы нæ, фæлæ нæ бæстæйы алы рæтты цы газеттæ æмæ журналтæ цыд, уыдоны: «Комсомольская правда», «Правда Востока», «Сельская правда», «Сельская жизнь», «Звезда Востока», «Комсомолец Узбекистана» æмæ бирæ æндæрты. Рацыд ын къорд æмбырдгонды ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл: «Мама» (1977), «Сыновние шаги» (1979), «Верю» (1983), «Притяжение» (1984), «Ветер пахнет цветами» (1986), «Чту твою память» (1990), «След солнца» (1991), «Жизнь как день» (1999). 2003 азы Аслæнбегæн ирон æвзагыл рацыд йæ фыццаг чиныг «Лæгвæд» Зындгонд ирон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Джыккайты Шамил Аслæнбегджы схуыдта «æрдз, уарзт æмæ сабыр царды поэт». Поэты цард æмæ сфæлдыстад æмткæй дæр æвдисæн сты, Аслæнбег ацы зæххыл уазæй кæй нæ, ууыл: 

Дæсны лæг мын загьта:  

«Æгæнон дæ, хъазаг,  

Æнæкæрон царды  

Рæстæгмæйы уазæг». 

 

Æз дзурын мæхицæн:  

Фæтагьд кæн, гьæйтт-мардзæ,  

Мæ риуы æгæрон,  

Æвидийгæ артдзæст. 

 

Сæумæ мын æрхæссы  

Мæ зарæгæн ног цин,  

Æз ног рæнхъыл ласын  

Мæ хъуыдыйы похци. 

 

Куыд нæ уай, мæ зарæг,  

Æнæнысан азæлд,  

Мæ зæрдæйы мæт-иу  

Дæ базыр фæразæд. 

 

Тæнджын, дам, у суадон  

Фыййæуттæн фæзары,  

Ды базон сæ удты  

Сыгъдæг сыгтæ арын. 

 

У дзыллæйы фарнæн  

уымгæнæджы хортыд,  

Ды адæмы сарæхс  

Æнкъарæнтæ нордын. 

 

Ыскæн-иу лымæнтæ 

Фæндыры хъæлæстæй, –  

Мæ уарзтæн йæ сæнттæ  

Æрцæгъдæд мæ фæстæ. 

 

У искæй тыхст удæн 

Æнцойхæссæг базыр, 

Уæд царды, тæхуды, 

Нæ уыдтæн æз уазæг. 

 

Брытъиаты Станислав Зауырбеджы фырт (1947-1984). 

Райгуырд Дзæуджыхъæуы. Аст къласы каст фæци 10-æм скъолайы. 1962-1966 азты Станислав ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны базарадон техникумы. Уый фæстæ бацыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университетмæ æмæ 1970 азы райста историйы ахуыргæнæджы диплом. 1971-1972 азты службæ кодта Советон æфсады рæнхъыты. 

Ахуыргонд лæппу Станиславы фæллойадон фæндаг райдыдта фæскомцæдисон оргæнтæй. Куыста ФЛКЦ-йы обкомы инструкторæй, Дзæуджыхъæуы ФЛКЦ-йы горкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæгæй, 1973-1975 азты та – Дзæуджыхъæуы ФЛКЦ-йы райкомы фыццаг секретарæй. 

1975 азы Станислав ивд æрцыд партион куыстмæ. Фыццаг куыста СЦКП-йы Промышленнон райкомы, стæй та – Ленинон райкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайæдты инструкторæй. Уый фæстæ æвæрд æрцыд партийы обкомы культурæйы хайады инструкторæй. 

Фæскомцæдисон æмæ партион оргæнты кусгæйæ Станиславæн зынгæ фæуæлдæр йæ фæлтæрддзинад. Уый хынцгæйæ республикæйы разамынд сæвæрдта Станиславы бæрнон бынаты – Цæгат Ирыстоны адæмон кæфтыты паддзахадон ансамбль «Алан»-ы директорæй. Бакуыста дзы 1977-1979 азты. Уыцы азты кафджыты коллектив схызт ног аивадон бæрзæндтæм, йæ ном ай-хъуыст дунейы бирæ бæстæтыл. Ансамблы куысты азтæ Станислав нымадта йæ царды хуыздæр рæстæгыл. 1983 азы Брытъиаты Станислав нысангонд æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон музыкалон театры директорæй. Бæрнон куысты йе ‘ппæт хъарутæй архайдта коллектив ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæм ракæныныл. Фæлæ хъысмæт нæ саккаг кодта Станиславæн йæ фæндтæ æмæ бæллицтæ кæронмæ фæхæццæ кæнын. 1984 азы æвиппайды ахицæн йæ цардæй, фæлæ йæ рухс ном цæры Брытъиатæй алкæй зæрдæйы дæр. 

Йæ цард, йæ куыстæй мыггаджы, стæй, æнæмæнг Суададжы хъæуы историйы зынгæ фæд чи ныууагъта, уыдонæй уыдысты Брытъиаты Амырхан (Жорæ) æмæ йæ цардæмбал Дзгойты Розæ. Жорæ райгуырд 1929 азы. 1950 азы каст фæци Хæххон хъæууонхæдзарадон институты агрономон факультет æмæ кусын райдыдта сæйраг агрогномæй Садоны райсельхозотделы. 1953 азы та – колхоз «Садонские рудники»-йы. 1961 азы раивтта йæ райгуырæн хъæумæ æмæ æвзæрст æрцыд «XX партсъезды но-мыл» колхозы парткомы секретарæй. 10 азы дæргъы, 1961-1971 азты, Жорæ æнтыстджынæй фæкуыста ацы колхозы сæрдарæй. Уый фæстæ та æвзæрст æрцыд хъæусоветы исполкомы сæрдарæй æмæ дзы фæфæллой кодта 1987 азмæ. Амард 1998 азы. 

Йæ цардæмбал Розæ бирæ азты дæргъы фæкуыста Суададжы скъолайы. Университет фæуыны фæстæ Розæ æрвыст æрцыд Дагестанмæ, 1957 азы та нысангонд æрцыд Суададжы скъолайы ахуыры хайады сæргълæууæгæй. 1972 азы та сси скъолайы директор, уыцы бынаты фæкуыста 15 азы. Ахуыргæнæгæн тынг зын у æнæ йæ куыстæй цæрын æмæ Розæ пенсимæ ра-цæуыны фæстæ дæр нæ ныууагъта йæ куыст, уыдис ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Йæ удуæлдай фæллойы тыххæй Розæ хорзæхгонд æрцыд майдантæй «За трудовую доблесть» æмæ «Ветеран труда», лæвæрд ын æрцыд кадджын ном «Заслуженный учитель школы Северной Осетиии» æмæ «Отличник народного просвещения». Схъомыл кодтой хорз фырт. Олег у милицæйы капитан, ис ын дыууæ лæппуйы æмæ чызг. 

Батырбеджы иннæ фырт Тимофей бирæ азты дæргъы фæкуыста Суа-даджы скъолайы математикæйы ахуыргæнæгæй. Йæ фырт Максим кусы милицæйы. 

Брытъиаты Олег Шамилы фырт райгуырд 1952 азы Беслæны, 1970 азы каст фæци Беслæны 1-æм астæуккаг скъола. Уыйы фæстæ службæ кодта Советтон æфсæдты къорды Германы, танкон полчъы. Йæ службæ цыдис æнтыстджынæй, афæдзы æрдæгмæ сси хæстон æмæ политикон ахуырады от-личник, III къæпхæны специалист. 

1972 азы æрвыст æрцыд ахуыр кæнынмæ Ташкенты уæлдæр танкон командон училищемæ. Æнтыстджынæй йæ каст фæци 1976 азы æмæ сси офи-цер-танкист. Службæйы бынатæн Олег равзæрста Фæсбайкалон æфсæддон зылд æмæ йæ ам сфидар кодтой танкон взводы командирæй. Цыбыр рæстæгмæ Брытъиайы-фырты взвод сси хуыздæр дæлхайæдтæй иу, æмæ 1977 азы Оледжы сæвæрдтой кæм службæ кодта, уыцы батальоны ротæйы командирæй. 1979 азы дæсны офицеры раивтой Германмæ, танкон ротæйы командиры бынатмæ, 2 азы фæстæ та нысангонд æрцыд батальоны командирæй, Ома хистæр лейтенантæн бабар кодтой булкъоны бынат. Уый дзурæг уыд, командыгæнынад Олегыл кæй æууæндыд æмæ йын стыр аргъ кæй кодта ууыл. 

1981 азы Олегæн лæвæрд æрцыд капитаны цин, йæ батальон та нымад æрцыд иттæг хорзыл. 

1983 азы капитан Брытъиайы-фырт радта фæлварæнтæ æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд танкджын æфсæдты академийы командон факультетмæ. 1986 азы, академии каст фæуыны фæстæ, Оледжы йæ курдиатмæ гæсгæ службæ кæнынмæ ногæй арвыстой Фæсбайкалы æфсæддон зылдмæ æмæ йæ сæвæрдтой танкон полчъы штабы хицауæй, æртæ мæйы фæстæ та – танкон полчъы командирæй. 1989 азы фæлтæрдджын офицерæн радтой дæлбулкъоны цин, йæ полкъ та нымад æрцыд Фæсбайкалы æфсæддон зылды хуыздæр полкъыл. 

Ралæууыд 1991 аз. Дæлбулкъон Брытъиайы-фырты сæвæртой Прикарпатьейы æфсæддон зылды танкон полчъы командирæй. Цыбыр рæстæгмæ йын бантыст фæстæзад полкъæй дивизийы хуыздæр хæйттæй иу скæнын. Танкты полкъæн арæхстджын разамынд кæй лæвæрдта, уый тыххæй Олег хорзæхгонд æрцыд «Райгуырæн бæстæйæн Советон Цæдисы гæрзифтонг тыхты службæйы тыххæй» III къæпхæны орденæй.  

1992 азы Оледжы бавдыстой такон дивизийы командиры хæдивæджы бынатмæ, лæвæрд ын æрцыд булкъоны цин. 

Фæлæ уæдмæ Советон Цæдис фехæлд. Хæдбар Украинæйы хæстон министрад ирон офицерæй ног æфсæддон ард бахæрын куы бадомдта, уæд Брытъиайы-фырт дзуапп радта: «Æфсæддон ард æз дыууæ хатты нæ хæрын». 1993 азы, запасы рацæуыны фæстæ, булкъон Брытъиаты Олег цалдæр азы куыста Ужгороды, 2000 азы та раивта райгуырæн Беслæнмæ.  

2001 азы Оледжы равзæрстой ХъСТ-ойы Цæгат Ирыстоны Республикон Советы сæрдары хæдивæгæй. Бæрнон хæстæ æххæстгæнгæйæ гæзифтонг тыхты ветераны къухты бафтыд æнтыстдзинæдтæ фæсивæды хæстон-патриотон хъомыладон куысты. Брытъиаты Олег фæзминаджы аккаг у нæ фæсивæдæн. 

Мыггаджы астæуккаг фæлтæрæй уæлдæр кæй кой ракодтам, уыдонæй уæлдай-ма зæгъæн ис бирæты тыххæй: Мæскуыйы зындгонд режиссер Брытъиаты Нателлæ; Мæскуыйы Геофизикон институты зонадон кусæг Мамсыры фырт Игорь; Николайы лæппу Валерий кусы ахуыргæнæгæй ЦИПУ-йы æмæ Цæгат Кавказы Хæххон-металургон университеты, йæ хо Людмилæ у Уырыссаг театры актрисæ; Зелимханы фырт Владимир у МЧС-ы зынгхуыссынгæнæн управленийы капитан, ис нæм дохтыртæ, офицертæ, ахуыргæнджытæ… 

Абоны бон Брытъиаты мыггаджы кæстæр фæлтæр дæр архайынц царды алы къабæзты: зонады, спорты, сæ фыдæлты кад дæлæмæ не ‘руадзыныл. Брытьиаты Барисы цот: Батраз – хъæууонхæдзарадон наукæты кандидат, кусы Хæххон аграрон университеты ахуыргæнæгæй; Зауырбег – нæ Республикæйы, стæй Европæйы дыууæ хатты чемпион, Дунейы чемпион армæйхæстæй, дзæвгар сты йæ æвзист æмæ бронзæ майдантæ дæр; чызг Анжелæ у СОИГСИ-йы зонадон кусæг, филологон наукæты кандидат, Абайты Васойы номыл стипендийы æмæ Уæрæсейы Профессионалон литераторты цæдисы паддзахадон стипедийы лауреат; Данелбеджы фырт Сергей каст фæци медицинон институт, кусы Мæскуыйы дæндæгты дохтырæй; Замалбеджы фырт Анатолий у Дзæуджыхъæуы ЖКХ-йы компанитæй иуы директор, Таймуразы фырт Марат у Ханты-Мансийскы ок-руджы наукон центртæй иуы сæйраг химик-пиротехник, Русланы фырт Эдуард кусы Курганы облæсты æфсæддон комиссариаты …цины… Æппæты кой скæнынæн амал нæй ацы уацы фæлгæтты, фæлæ нæ уырны: нæ мыггаджы кæстæртæ дæлæмæ не ‘руадздзысты сæ хистæрты нæргæ кад æмæ йæ хæсдзысты фæлтæрæй фæлтæрмæ. Нæ ныхас нæ фæуын фæнды Брытъиаты Елбыздыхъойы ныхæстæй: «Адæмы фарн бирæ у, бирæ у адæмы тых, æрмæст се ‘хсæн иудзинад куы уа, уæд. Зæрдиагæй цæуыл ныллæууой, уый баххæст кæндзысты, æрмæст кæрæдзийы ныхас куы ‘мбарой, уæд». Ду-нейы Фарн ахæм арфæ ракæнæд, æмæ нæ мыггаджы иудзинад куыд уа, бахъуаджы заман кæрæдзийæн ныфсы мæсыг куыд уæм, иуы цин æппæт мыггаджы цин куыд уа. Уымæ куывтой нæ фыдæлтæ дæр. 

 

Æрмæг бацæттæ кодтой Брытъиаты Хадзымурат æмæ Брытъиаты Анжелæ.  

(Фыст уацы пайдагонд æрцыд отставкæйы булкъон Дзопойты Юрийы æрмæджытæй, Абайты Арбилянæйы уац «Йæ фыды фæндиаг чызг»-æй æмæ Абайты Эдуарды уацæй «Уазæг нæ дæн æз царды»). 

 

Нæ фыдæлты зæхх - Дæллагхъæу 

 

 

 

 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ