Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Гуыриаты Тамерлан
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
ГУЫРИАТЫ Тамерланы бирæ фæллæйтты æмæ царды хицæн хабæртты тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдæуыд æмæ нæ фыстæуыд. Мæхæдæг дæр ын педагогон институты æмæ университеты тыххæй мæ фыстыты, раныхæсты йæ ном æхсызгонæй арæх ардтон… Фарон рацыди мæ чиныг «Цæгат Ирыстоны уæлдæр педагогон ахуырад 1920-1970 азты». Архивты æрмæджытыл кусгæйæ, мæ зæрдæ радис, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институт цас æвæджиауы зондджын, дæсны æмæ кадджын адæймæгтæ афæндараст кодта царды бирæкъабузджын фæндæгтыл, уымæй. Ахуыргæнæндон каст чи фæци, уыдоны рæнхъыты сыгъзæрин дамгъæтæй фыст у Гуыриаты Алыксандры фырт Тамерланы ном. Райгуырд 1929 азы 3 январы Мæздæджы районы Ново-Осетиновкæйы хуторы. Рæстæг рацæудзæн, æмæ канд Ирыстоны æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ æгас Советон Цæдисы дæр ын йæ бирæ наукон фæллæйттæ базондзысты. Йæ иуæй-иу иртæстытæ та ахиздзысты нæ бæстæйы арæнтæй. Ацы рæнхъытæ Тамерланы тыххæй фыссын йæ цардæй ахицæны дыууиссæдзæм бонмæ. Кæд уыцы ныхæстæ æвзаг нæ кæрды, уæддæр цы гæнæн ис. Бæргæ алкæмæн дæр Хуыцау бирæ цæрæнбонтæ куы дæттид. 

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куыддæр басабыр, афтæ Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты байгом фæсарæйнаг æвзæгты факультет. Уырдæм англисаг æвзаджы хайадмæ фыццæгтимæ ахуыр кæнынмæ бацыд Гуыриаты Тамерлан. 1949 азы ахуыргæнæндоны царды æрцыд æцæг зæрдылдаринаг хабар: англисаг æвзаджы 19 ахуыргæнæджы, немыцаг æвзаджы 22 ахуыргæнæджы æрлæууыдысты ахуырады æмæ зонады кусджыты рæнхъыты. Англисаг хайады фараст рауагъдоны райстой дипломтæ æрмæстдæр иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ: Зоя Васильевна Булах, Гуыриаты Алыксандры фырт Тамерлан, Людмилæ Григорьевна Морозова, Хъаныхъуаты Алыксандры чызг Тамилæ, Вадим Анатольевич Томилов, Александр Александрович Неелов, Эльфридæ Яковлевна Вине, Валентинæ Федоровна Рыжкова, Верæ Аркадьевна Васильева. Уыцы рæстæг рацыд институты директор Хъулаты Созырыхъойы бардзырд: «1945 азы сарæзт фæсарæйнаг æвзæгты факультет рауагъта ахуыргæнджыты фыццаг къорд. Паддзахадон фæлварæнты бæрæггæнæнтæ дзурæг сты рауагъдонты хорз зонындзинæдтыл, уыдонæн сæ 20 проценты райстой иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ дипломтæ. Æппæт профессортæн, ахуыргæнджытæн æмæ техникон кусджытæн арфæ кæнын, фыццаг рауагъдонтæн арф зонындзинæдтæ раттыныл тынг зæрдиагæй кæй бакуыстой, уый фæдыл. Арфæ фыст æрцæуæд: — факультеты декан, хистæр ахуыргæнæг А. К. Федевæн; — немыцаг æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг, хистæр ахуыргæнæг К. Ф. Пашкевичæн, — лаборант Кочынаты E. С. Ныфс мæ ис, профессорты æмæ ахуыргæнджыты коллектив дарддæр ноджы æвæллайгæйæдæр кæй кусдзæн не стыр Фыдыбæстæйæн иузæрдион дæсны специалисттæ цæттæ кæныныл» Директор арфæ ракодта кастфæуæвджытæй цалдæрæн; уыдонимæ Гуыриаты Тамерланæн дæр. Дипломтæ райсæг лæппутæй æмæ чызджытæй алкæмæн дæр уыдис йæхи хъысмæт. Иутæ æвæстиатæй аныгъуылдысты Цæгат Ирыстоны скъолаты царды, иннæтæ зæрдæрайгæйæ ацыдысты æгæрон Советон Цæдисы алы рæттæм, чидæртæ та равзæрстой се схъомылгæнæг институты наукон кусæджы — ахуыргæнæджы бæрнон æмæ бæллиццаг фæндаг.  

Афтæ скарста Гуыриаты Алыксандры фырт Тамерлан дæр. Зын банымайæн сты, уыцы рæстæгæй йæ царды фæстаг бонтæм ахуырады æмæ наукæйы къæбицмæ цы стыр хуынтæ фæхаста, уыдон. Уæлдай стырдæр хæрзты та бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты æмæ университетæн. Тамерланæн йæхицæй афтæ фехъуыстон: «Мæ цард кæрæй-кæронмæ фидар баст у нæхи педагогон институтимæ, университетимæ». Уыцы ныхæсты рæстдзинадæн æппæты хуыздæр æвдисæн у йæ цардвæндаг. 1939 азы Гуыриаты бинонтæ ралыгъдысты Ново-Осетиновкæйы хуторæй Дзæуджыхъæумæ. Алыксандр педагогон институты хæдзарадон куысты ныллæууыд, æмæ йын иу уат радтой æмдзæрæны. Уым цæргæйæ, Тамерлан ныфсджын къахдзæфтæ райдыдта рухсмæ фæндагыл. Каст фæцис институты цæттæгæнæг курсытæ, райста астæуккаг ахуыргонддзинад. — 1945 азы бацыдтæн дзыхъынног факультеты англисаг æвзаджы хайадмæ, — дзырдта-иу Тамерлан. — Мæхицæй хъалдæр ма кæм уыдис! Зонындзинæдтæм æмхиц лæппумæ уый фаг нæ фæкаст, æмæ ма фæсаууонмæ бацыд францаг æвзаджы центрон курсытæм. Дыууæ ран дæр йæ хорз ахуырæй, æхсæнадон куыстæй, хæдæфсармдзинадæй фæзминаг уыдис йе ‘мгæрттæн. Архивты æрмæджытæ кæсгæйæ, Гуырийы-фырты тыххæй ссардтон бирæ цымыдисаг цаутæ. Зæгъæм, 1949 азы, фæстаг курсы ма ахуыр кодта, афтæмæй нысангонд æрцыд æртыккæгæм курсы студентты комплексон практикæйы разамонæгæй. Факультеты деканат æй æрвитгæ та акодта, йæхæдæг зындгонд педагог Г. М. Круглиевскаяйы разамындæй цалдæр мæйы размæ практикæйы кæм уыд, уырдæм — Дзæуджыхъæуы 50-æм астæуккаг скъоламæ. Йæ зæрдæ куыд нæ гуыпп-гуыпп кодтаид, фæлæ, æйтт-мардзæ, зæгъгæ, стыр бæрнондзинадимæ, цæттæ лæгау, бацыди хъуыддаджы. Уæд æм студенттæ æмæ скъолайы ахуыргæнджытæ фыццаг хатт сдзырдтой йæ фыды номæй. Уæд фыццаг хатт институты кассæйы райста йæ мызд. Æгас институтыл дæр фæхабар, æрыгон педагог-студент йæ хæслæвæрд диссаджы хорз кæй сæххæст кодта, уый. Практикæйæ æртæ мæйы фæстæ сыгъдæг фондзтимæ райста диплом. Рацыди ма цалдæр мæйы, æмæ Дзæуджыхъæуы фæскомцæдисонтæ Гуыриаты Тамерланы равзæрстой горæты комитеты секретарæй. Чысыл фæстæдæр æй ФÆЛКЦ-йы облæстон конференцийы делегаттæ снысан кодтой обкомы ревизион къамисы сæрдарæй. — Уыцы азтæ, о, уыцы азтæ! — арæх-иу дзырдта Тамерлан. — Цæй диссаджы хъабулджын æмæ куыстадзагъд фæсивæд уыди нæ горæты, нæ Ирыстоны! Дзæгъæл рауынаффæтæбауынаффæтæ нæ уарзтой. Æрмæстдæр — кусгæ æмæ ахуыр. Иугæр кусгæ, уæд — хæрзхъæд. Иугæр ахуыр, уæд — арф æмæ фидар зонындзинæдтæ. Уартæ Садоны хæзнадæттæй райдай æмæ чысыл куыстуæттæй фæу, колхозон быдыртæ æмæ фосдарæн фермæтæ зæгъай, — алкæм дæр куыст цæджджинæгау æхсысти. Райдайæн скъолатæй институтты æмæ техникумты онг ахуырдзаутæ зыдæй истой зонындзинæдтæ… Гуыриаты лæппу, фæскомцæдисон хæстæ æххæст кæнгæйæ, уыцы-иу рæстæг куыста педагогон институты ахуыргæнæй. Йæхи загъдау, дыууæ хъуыддаджы йын дыууæ базыры хуызæн уыдысты. Ныфсджын æмæ хъарм æй кодтой. 

Фæлæ уæддæр йæ зæрды уыди дарддæр сахуыр кæнын, цæмæй йæ бон уа ахуыргæнæджы куысты æмрæнхъ наукон сгæрстытæ кæнын. Æмæ уый охыл 1951 азы сфæнд кодта Мæскуыйы М. В. Ломоносовы номыл паддзахадон университеты аспирантурæмæ бацæуын. 

Ног та ахуыры афтæ арф бацыд æмæ-иу дзы хатгай хæрын дæр ферох. Æз ахæм ныхæстæ цалдæр хатты фехъуыстон зындгонд ахуыргонд Исаты Мæхæмæтæй, кæцы йæхæдæг дæр уыцы рæстæг ахуыр кодта Мæскуыйы университеты аспирантурæйы. Тамерланæн-иу йæхи цур куы дзырдта, уæд-иу уый, уæздан худт кæнгæйæ, загъта: «Уыцы хъуыддаджы ды дæр мæнæй дард нæ ацыдтæ». Тамерлан нæ бæстæйы æппæты стырдæр æмæ кадджындæр ахуыргæнæндоны профессортæй æмæ аспиранттæй кæимæ æмбæлд, уыдон уайтагъд базыдтой, хуымæтæг хохаг лæппу кæй нæ уыд, уый. Хохаг лæппуйы фарн бæрзонд хæсгæйæ, уымæ, æвæццæгæн, бирæ европæйæгтæ дард лæууыдысты дунеон культурæйы хуыздæр фæзилæнты. Ноджы аспирантурæйы разамонджытæ куы базыдтой, Ирыстоны фæскомцæдисы ахсджиаг бынæтты акуыста, стæй фыссынмæ дæр диссаг у, зæгъгæ, уæд ма йын иу бæрнон хъуыддаг дæр бакодтой йæ бæрны — аспирантурæйы «Къулы газет» редакци кæнын. Уымæй уæлдай ма кодта ноджы æндæр æхсæнадон куыстытæ дæр. Уыцы заман уæлдæр ахуыргæнæндæтты уый стыр æмæ кадджын хъуыддагыл нымад цыд. Гуырийы-фырт афтæ удуæлдай фæллой кæй фæкодта, уый фæстиуæг — йæ кандидатон диссертаци. Бахъахъхъæдта йæ 1955 азы æмæ æрæздæхт Ирыстонмæ.  

Йæ чумæдан æххæстдæр нæма æрывæрдта, афтæ йæ æрцагуырдта пединституты директор Цегойты Уырызмæг. Зæрдиаг арфæтæ йын фæкодта, стæй афтæ: — Мæ хæдивджытимæ, партион бюройы æмæ профкомы уæнгтæй, стæй профессортæй цалдæримæ нæм дæу тыххæй рауад бæлвырд ныхас… Æмхуызонæй бауынаффæ кодтам дæу фæсарæйнаг æвзæгты факультеты деканæй сæвæрын. Ахуыргæндты совет дæр уыцы хъуыдыйы фарс кæй уыдзæн, уый мæ уырны. Тамерланы цæсгом фæсырх, æмæ æфсæрмы хуызæй загъта: — Факультеты мæнæй хистæртæ ис, æмæ уыдонæй исчи хуыздæр сфидаудзæн, хуыздæр бакусдзæн… — Диссаг нæ дæ, — загъта хæларзæрдæ Уырызмæг. — Ам нæ кæрæдзи паспорттæм куы ракæс-бакæс кæнæм, хистæр чи у, кæстæр чи у, уый раиртасыны охыл, уæд æгæр бирæ рæстæг бахъæудзæни. Нæ уынаффæ дзæгъæл-хуымæтæджы нæ февзæрд, дзæвгар ахъуыдытæ кодтам… Дæ дыстæ батул æмæ райдай. Фæсарæйнаг æвзæгты факультеты кусджытæн æхсызгон куыд нæ уыдаид, сæ кæддæры рауагъдон сæ сæргъы кæй æрлæууыд, уый! Декан йæ бынаты куы уа, уæд куыст — хæрх. Æмæ Тамерлан разынд æцæг декан. Ахуыргæнджытимæ æмзонд-æмвæндæй æвнæлдтой факультеты сæйраг хæс иугæндзонæй æххæст кæнынмæ. Ома, скъолатæн фæсарæйнаг æвзæгты ахуыргæнджытæ арф æмæ фидар зонындзинæдтимæ цæттæ кæнынмæ. Уыцы зонд уагътой студентты сæрты дæр, æмæ уыдон æввахсæй-æввахсдæр сæхи ластой деканмæ. Æрмæст ахуыры æмæ наукон-иртасæн куысты нæ. Аразын райдыдтой алыхуызон къордтæ, литературон изæртæ номдзыд фысджыты сфæлдыстадыл æрдзурынмæ, туристон балцытæ, зарджыты æмæ кæфтыты изæртæ. Уæлдай циндзинад сын хаста, æппæт уыцы хъуыддæгты æрыгон декан иудадзыг семæ кæй уыдис, уый. Тамерлан деканы бынаты æрмæст разамонæг нæ уыди, фæлæ дæсны ахуыргæнæг дæр. 1955 азы уый банкъардтон мæхæдæг дæр, Уæд сдæн историон-филологон факультеты студент, æмæ мын англисаг æвзаг амыдта уый. Ех, æвæдза, бæргæ дзырдта махæн, студенттæн, фæсарæйнаг æвзаг зонын тынг ахсджиаг кæй у, уый, фæлæ уæд уыцы хъуыддагмæ абоны хуызæн цæстæнгас нæма дардта фæсивæд. Æз цы къорды ахуыр кодтон, уым ма лæппутæй ноджыдæр уыдысты Хъуылаты Хъазбег, Хъодзаты Æхсар, Цъебойты Сергей æмæ Гаджиты Илья. Дзæнгæрæджы фæстæ-иу бирæ хæттыты мах хицæнæй баурæдта æмæ загъта:  

— Ма фыдуæгтæ кæнут… Англисаг æвзаг ахуыр кæнут… Ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ куыддæриддæр ахуыр кæнут, афтæ. Нæлгоймаджы, мæнмæ гæсгæ, фæсарæйнаг æвзаг тынг æхсызгон хъæуы. Царды фæндæгтыл куы ауæдтытæ кæнат, уæд æй хорз бамбардзыстут. Æцæгдæр царды фæндæгтыл куы ауæдтытæ кодтон, бирæ æддагон паддзахæдты куы уыдтæн мæ куысты фæдыл, уæд хорз бамбæрстон, йæ заманы мæ фæсарæйнаг æвзаг ахуыр кæнын кæй хъуыдис. Алы бæстæмæ дæр демæ тæлмацгæнæгимæ цæуын хорз бæргæ нæ уыд. Тамерланæн-иу куы загътон, бынтон раст кæй уыдис, уый, уæд-иу бахудт:  

— Æмæ уæдæ сымах, мæ хорз кæстæртæ, афтæ æнхъæлдтат, æмæ уæ æз галиуæрдæм здахын… Цæй, уæдæй нырмæ Терчы бирæ дон аивгъуыдта.  

1958 азы Гуырийы-фырты царды æрцыди ахсджиаг цау. Сæвæрдтой йæ институты директоры хæдивæгæй наукон-иртасæн куысты фарстаты. Уæлдæр цы чиныджы кой скодтон, ууыл куы куыстон, уæд æй бафарстон, ахæм æрыгонæй бæрнон бынæттæ кæй ахстай, уый дæм куыд касти, зæгъгæ. — Стыр æууæнчы уылæнты бын фæдæн, — дзуапп радта хъазгæмхасæнты. — Хатгай-иу мæ къæхтæ ныббыцæу кодтон, фæлæ-иу мын разамонджытæ загътой, уый партион фæдзæхст у, зæгъгæ. Æмæ ахæм фæдзæхстæн та æнæ æххæстгæнгæ нæ уыд. 1959 азы историон-филологон факультетимæ баиу сты «фæсарæйнæгтæ» дæр. Факультет ныддынджыртæ, свазыгджын. Хъуыдис ын фидар разамонæг. Æмæ та ацы хатт дæр институты хицауад фæкомкоммæ Гуыриаты Тамерланмæ. Дирекцийы ног фæдзæхст æгæр стыр уаргъ уыдис, фæлæ æрыгон ахуыргонд ныфсджынæй бавнæлдта йæ хæстæ биноныгæй, сыгъдæг цæсгомæй, разæнгардæй æххæст кæнынмæ. Стыр коллектив цыбыр рæстæгмæ факультетты ‘хсæн бацахста фыццаг бынат. Афтæмæй та деканæн хæдивæг дæр нæ уыд. Фæлæ Тамерлан хъуыддаг рæсугъд сæвæрдта, æмæ ахуыргæнæгæй, студентæй иууылдæр æнгом рæнхъæй цыдысты йемæ. Цыбыр дзырдæй, уыдон уыдысты йæ хæдивджытæ, уый та — сæ лæггадгæнæг. Сæрхъызой йе ‘мкусджытыл йæхи уæлбикъон куы нæ кæна, уæд уæлахдзинадæн æнæ уæвгæ нæй. 

1961 азы Алыксандры номджын æмæ сæрæн фырты царды æрцыди æнæрохгæнгæ цау. Уæд ЮНЕСКО (Иугонд нациты организаци ахуырады, наукæйы æмæ культурæйы) Стокгольмы сæрæзта æппæтдунеон семинар ахуырады æмæ кæрæдзи æмбарынады фарстаты фæдыл. Алы бæстæйæ дæр дзы архайдта æрмæстдæр иунæг адæймаг. Советон Цæдисы цæсгом уым æвдыста Гуыриаты Тамерлан. Дыууæ къуырийы дæргъы цалдæр хатты радзырдта стыр æмбырдты уырыссаг, англисаг æмæ францаг æвзæгтыл. Арф хъуыдытæ рæсугъд ныхæстæй фæлыстæй хъардтой йæ хъусджытæм. Стокгольмы фæстæ Дзæуджыхъæуы бирæ нæ бафæстиат: фæдзырдтой йæм Парижмæ, ЮНЕСКО-йы разамындимæ фембæлдмæ. Уыцы кадджын æппæтдунеон организацийы ахуырады департаменты дзы ракуырдтой, цæмæй сразы уа Манголмæ ацæуыныл, уым рухсады фарстатæ куыд æвæрд сты æмæ сæ дарддæры рæзтæн цытæ саразын хъæуы, уыдæттæ раиртасынмæ. Ноджы ма бæстæйы сæйраг университеты лекцитæ кæса. Ногæй та — бынтон стыр бæрнондзинад. Уым фæци æхсæз мæйы. Алцыдæр нывыл сарæзта. Улан-Баторы университеты ректорат ын саккаг кодта ‘хцайы преми. Ацы балц Тамерланы наукон æмæ сфæлдыстадон царды бацахста иттæг ахсджиаг бынат. Уый тыххæй ма чысыл дæлдæр зæгъдзынæн. Ныр та уал, ахуыргонд ЮНЕСКО-йы ахадындзинад куыд хорз æмбæрста, уый тыххæй.  

1994 азы æз уыдтæн кусæг балцы Францы. Уым базонгæ дæн ЮНЕСКО-йы бæрнон кусæг, не ‘мбæстаг Белеккаты Владимиримæ, æмæ уый æмкусджытæй цалдæримæ. Уыдон нæ университеты хабæрттæм куы байхъуыстой, уæд загътой, уæд та уæм ЮНЕСКО-йы кафедрæ байгом кæныныл бакусиккам, зæгъгæ. Уый æнхъæл кæцæй уыдтæн, æмæ мæ цин хæлбурцъытæ систа. Цытæ бакæнын хъуыдис, уыдæттæ мын лæмбынæг бацамыдтой, афтæмæй рацыдтæн Ирыстонмæ. Мæ куысты æппæты разæй уыцы хабæрттæ кæмæн радзырдтон, уыдонæй уыдис Тамерлан. Уыцы кадджын организаци хорз кæй зыдта, уый хынцгæйæ дзы ракуырдтон, цæмæй нæм фæкæса. ЮНЕСКО-йы Генералон директор Федерико Майоры номыл цалдæр фыстæджы бацæттæ кодтам иумæ. 1996 азы ноябры нæ университеты байгом кафедрæ. Уыцы рæстæг уый уыдис æвдæм Уæрæсейы Федерацийы. Ныртæккæ дæр нæ бæстæйы 70 фылдæр не сты. Гуырийыфырт йæхи иуварс никуы аласта кафедрæйы ахсджиагдæр фарстатæй. ЮНЕСКО ахуыргондæн йæхи царды ахъаззаг бынат кæй бацахста, уый тыххæй арæх дзырдта æхсызгонæй, зæрдæрухсæй. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй йæ уый арвыста Манголмæ. Йæ иу куысты куыд фыста, афтæмæй йæм уæд райгуырд йæ докторон диссертацийы темæ — «Манголты тæфаг аланты (ирæтты) эпосы æмæ æвзаджы». Ардæм куы ‘рбаздæхт, уæд æвæстиатæй бавнæлдта манголты истори, фольклор æмæ æвзаг наукон уагыл лæмбынæг иртасынмæ. 1971 азы бахъахъхъæдта докторон диссертаци. Ацы фарстатæм æргомздæхт ахуыргæндтæ куыд дзырдтой, афтæмæй Гуырийы-фырты диссертацийы ног хуызы æвдыст цæуы æгас дунейыл зындгонд Нарты кадджыты генезис. Гуырийы-фырт цыфæнды ахсджиаг хъуыддаджы лæуд куы уыдис, уæддæр иуварс никуы ацыди педагогон институты, фæстæдæр та университеты ахуырадон, наукон-иртасæн æмæ хъомыладон куыстæй. Уымæн бирæ æвдисæнтæ ис. Зæгъæм, 1964 азы æрлæууыд англисаг æвзаджы кафедрæйы сæргъы, 1975 азы та разамынд дæттын райдыдта ирон филологийы æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйæн. Лекцитæ каст æмæ семинарон ахуыртæ арæзта ирон, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл. Уыцы рæстæджы бирæ лæппутæ æмæ чызджытæ йæ руаджы цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон ахастой Ирыстоны, Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы хъæуты æмæ горæтты скъолатæм. Сæ ахуыргæнæгимæ дардтой фидар бастдзинад. Дардмæ чи афæндараст, уыдон æм фыстой арæх. Нæхи республикæйы ахуыргæнджытæ та йæм цыдысты иу кæнæ иннæ фарста хуыздæр базонынмæ. Тамерлан уæлдай цымыдисæй касти хъæууон скъолаты ахуыргæнджытæм. Цæмæй хъæуккаг скъолатæй æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ фылдæр фæсивæд цыдаид, уый уыдис йæ бæллицты ахсджиагдæртæй.  

1982 азы Гуыриаты Тамерланы снысан кодтой Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социологон иртасæнты институты æвзаджы хайады сæргълæууæгæй. Уырдæм ацæуыныл сразы æрмæстдæр иу бадзырдимæ — университеты кусыны бар дæр ын куыд раттаиккой. Æмæ йæ курдиатыл дыууæ нæ загъдæуыд. Раздæрау, лекцитæ касти студенттæн æмæ аспиранттæн. Университеты филологон наукæтæй докторон æмæ кандидатон диссертацитæ хъахъхъæнæн совет саразыны фæнд æппæты разæй фæзынди Тамерланмæ. Уый та уæлдай хуыздæр зонын, уымæн æмæ уыцы рæстæг æз мæхæдæг уыдтæн ректор, æмæ уыдтон, хъуыддаг цæмæй йæ къæхтыл слæууыдаид, ууыл куыд хъæддыхæй архайдта. Диссертацион совет саразын тынг зын уыдис; ныртæккæ та ноджыдæр фылдæр бюрократон цæлхдурты сæрты ахизын хъæуы. Фæлæ Гуырийы-фырт, æвæллайгæйæ бакуыста. Уæлдæр аттестацион къамис (ВАК) баууæндын кодта, нæ университеты ацы фарста лыг кæнынæн фаг наукон тыхтæ æмæ фадæттæ кæй уыдис, ууыл. Диссертацион советы уæнгты номхыгъдмæ бахаста мæскуыйаг зындгонд филологтæй цалдæры. Советы куыст цыди нывыл. Фæлæ Тамерлан уырдыгæй ацыд. (Ректор нал уыдтæн, æмæ цæй фыдæй афтæ рауад, уый нæ базыдтон, — æз æй ницы хуызы ауагътаин). Уый фæстæ совет бонвыддæр кодта, æмæ йæ 2015 азы Уæрæсейы Ахуырады æмæ наукæйы министрады цур Уæлдæр аттестацион къамис бынтондæр сæхгæдта. Тамерлан уыцы æвирхъау хабарæй тынг фæрыст. Кæд бынтон хиуыл хæцгæ уыдис, уæддæр цыдæр уайдзæфтæ бакодта, йæ сарæзт совет кæй æдзæллаг куысты аххосæй æхгæд æрцыд, уыдонæн.  

1991 азы нæ бæстæ куыд æмтъерытæ уыдис, уый абон дæр ма дарæм нæ зæрдыл. Фæлæ уыцы уавæрты дæр нæ сæрæнгуырдтæн сæ ныфс нæ асаст. Интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæ хорз æмбæрстой, къæвдайы фæстæ та хур кæй ракæсдзæн. Ууыл йæ зæрдæ дардта Гуыриаты Тамерлан дæр. Декабры иу бон æбацыд ЦИПУ-йы ректоры кусæн уатмæ. Нæ кæрæдзи афæрстытæ кодтам царды хабæрттæй.  

— Иу хъуыды мæ æнцад нал уадзы, — загъта Гуырийы-фырт. — Бавдæлæм æмæ саразæм Цæгат Ирыстоны-Аланийы ахуыргæндты ассоциаци… Уыцы ран дæ сæр тынг æхсызгон хъæуы. Мæ фæнд кæмæн зæгъын, уыдонæй ды дæ дыккаг адæймаг. Знон ныхас кодтон республикæйы Хицауады Сæрдар Хетæгкаты Сергеимæ. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Уый дæр мын афтæ загъта, цæмæй демæ фембæлон. Куы нæ загътаид, уæддæр дæм æрбацыдаин. Уымæн æмæ ацы фарстайы нæ университеты разамынды ныхас бынтон ахсджиаг у…  

— Æмæ ныртæккæйы фадæтты.., — дарддæр цы загътаин, уый нал ссардтон.  

— Бамбæрстон дæ, — сдзырдта Тамерлан. — Дзуапп дын дæттын Багъæраты Созыры рæнхъытæй: «Цард цæуй кусти фадуатæй, Гъæйтт зæгъун. Зунд нæ есун магосатæй, Цъинк кæнун»… Æз сыстадтæн æмæ афтæ: — Мæнæн та мæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы Созырæн йæ иннæ æмдзæвгæ — «Сæрдæ». Ды дæр фæстаг цыппар рæнхъы бакастæ. Æз дæр — афтæ: «Бæлæути къуар бæкъуæлтæмæ Ку ‘ртæхунцæ пæр-пæрæй, Се ‘рæмбалдæй сурх мæнæутæ Низгъæлунцæ гæр-гæрæй»… — Созыр уыди тынг курдиатджын поэт, — загъта Гуырийы-фырт. — Иу бонысæр ыл хъуамæ дзæбæх статья ныффыссон, чи зоны, чиныг дæр. Нæ литературæйы Созыры хуызæн курдиатджын æмæ бонзонгæ фысджытæ кæй уыдис æмæ ныртæккæ дæр кæй ис, уый у стыр амонд. Иу чысыл цыдæр хъуыдыты аныгъуылд, стæй та ногæй рахызт йе ‘рбацыды сæйраг фарстамæ.  

— Мæ бон цы уа, уымæй бацархайдзынæн, — сразы дæн йемæ. — Мæнмæ дæр ис иу курдиат: дæхæдæг куыд æрлæууай ассоциацийы сæргъы. Ассоциацийы фыццаг æмбырды нæхицæн президентæй равзæрстам Гуыриаты Тамерланы. Наукæйы кусджыты иттæг æхсызгон хъуыдысты иудзинад, æнгомдзинад, æмзонд уæвын. Ууыл æвæллайгæйæ куыстой Тамерлан æмæ йе ‘мцæдисонтæ. Бауырнæд уæ, уый фæрцы хъахъхъæд æрцыдысты ирыстойнаг ахуыргæндты бирæ фæллæйттæ. Ассоциацийы президент агуырдта зын уавæртæй рацæуыны фæндæгтæ. Бирæ фарстатæ æвæрдта республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ректортæ Басаты Барисы, Сæлбиты Хъазбеджы, Хуадонты Зурабы, мæн æмæ наукон кусæндæтты сæргълæуджыты раз. Ахуыргæндтæн мызд афоныл фидын, сæ монографитæ, статьяты æмбырдгæндтæ мыхуыры цыбырдæр æмгъуыдтæм уадзын æмæ бирæ æндæртæ. Тамерлан уыцы рæстæг уыди республикæйы хæрзиуджытæ дæттыныл уынаффæгæнæг къамисы уæнг. Зæрдиагæй архайдта ахуыргæндты хъиамæтджындæртæн кадджын нæмттæ дæттыныл.  

Гуыриаты Тамерланы наукон сгæрстытыл кæрæй-кæронмæ бирæ фæдзурын бахъæуид. Уыдон сты хицæн ныхасы аккаг. Цыбырæй та афтæ: ныууагъта нын 230 наукон куысты. Уыдонимæ — хицæн монографитæ, дунеон, æппæтцæдисон, уæрæсейаг, регионалон конгрессты, конференциты докладтæ. Уымæй дарддæр уыдис, рæстæгæй-рæстæгмæ мыхуыргонд чи цыдис, наукон статьяты ахæм æмбырдгæндты редактор: «Ирон филологи», «Ирон æвзагзонынады фарстатæ», «Ирон ныхасы культурæ æмæ лексикологи». Бирæ бакуыста ирон æвзаджы рæзты уырыссаг æвзаджы ахъаззаг ахадындзинад раиртасыныл. Уымæн æвдисæн у 33 аздзыд ахуыргондæн йæ тæккæ фыццаг монографи дæр «Уырыссаг æвзаджы ахадындзинад ирон æвзаджы рæзты». Тамерлан у дыууæ томæй уагъд «Ирон æвзаджы грамматикæ»-йы автортæй иу. Исаты Мæхæмæт æмæ Гæбæраты Никъалаимæ рауагъта монографи «Нырыккон ирон æвзаджы лексикологи». Гуырийы-фырт бирæ азты дæргъы уыди ССР Цæдисы Сабырдзинад хъахъхъæныны комитеты Цæгат Ирыстоны хайады разамонæджы хæдивæг.  

Уæдæ æхсæнад «ССР Цæдис — Инди»-йы вицепрезиденты æмæ уыцы æхæнады республикон хайады хицауы бынæттæ дæр кæуылты уыдысты! Ахуыргонды царды Инди ахста сæрмагонд бынат. Фыццаг хатт уыцы диссаджы бæстæмæ абалц кодта 1974 азы. Уырдæм йæ алы ацыд дæр стыр пайда хаста Индийы æмæ Ирыстоны культурæтæ кæрæдзимæ æнгом кæнынæн. Хорз базонгæ стыр поэттæ-тæлмацгæнджытæ Варьян Неги Сингхимæ, Пуроби Роимæ, Мохаммед Шерифимæ. Уыдон тæлмацгондæй хиндийаг, бенгайлаг æмæ тамилаг æвзæгтыл Индийы рацыдысты Хетæгкаты Къостайы æмæ ирон поэттæй ноджы цалдæры уацмыстæ. Гуырийы-фырт йæхæдæг дæр хæсджынæй нæ баззад индийаг литературæйы раз. Ирон æвзагмæ раивта зындгонд сылгоймаг фыссæг Манорама Джафайы уацмыс «Индирæ Приадаршини», классиктæ Робиндранат Тагоры, Мульк Радж Ананды, Субрамани Барадийы æмæ Тираваллуры фыстытæ. Скæсæйнаг литературæ æмæ Индийы культурæ уарзджытæ сæ кастысты стыр æхсызгонæй. Иу фембæлды мын Тамерлан куыд радзырдта, афтæмæй йын Ананд загъта, кæддæр ирон газетæн интервью кæй радта, уый тыххæй. Бахудтæн æмæ афтæ бакодтон: — Интервью исæг журналист æз уыдтæн. 1961 азы августы кæрон — сентябры райдайæны Мæскуыйы ацыд ирон литературæйы æмæ аивады декадæ. Газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы номæй уыдтæн уым, цæмæй декадæйы хабæрттæ хъусын кодтаин. Фæлæ уæд цæмæдæр гæсгæ Ананды интервью боны рухс нæ федта. Уый хыгъд æй бахастон мæ уацмысты æмбырдгонд «Хуры зарæг»-мæ. Тамерланæн дæр æй радтон. Декадæйы амондджын бонты Мульк Радж Ананд загъта: «Ирон хæлæртты декадæ зæрдæты уадзы арф фæд. Цæгат Ирыстоны зæрдæрухсгæнæг аивадимæ базонгæ уæвын мæнæн сси стыр бæрæгбон. Кремлы зындгонд театры байхъуыстон оперæ «Чермен»-мæ. Уыцы адæмон уацмысы, — æз æй афтæ хонын, — мæ зæрдæмæ фæцыдис алцыдæр. Уæлдай æхсызгондзинады æмæ ныфсы хос та мын уый фæцис, æмæ оперæйы автор нырма кæй у æрыгон. Уый диссаджы хорз зоны мелодикæ æмæ уый рæзт. Аивæй азæлынц хортæ. Æз бирæ бæстæты уыдтæн æмæ федтон бирæ спектаклтæ. Федтон бирæ оперæтæ, æмбæлдтæн дирижертимæ, артисттимæ, нывгæнджытимæ. Ныр байхъуыстон оперæ «Къоста»мæ. Бынтон арæхстджын æмæ сæрæн дирижер у Дудараты Вероникæ. Йæ разамындæй оркестр цæгъды иттæг дæсныйæ. Артист Харебаты Сергей сарæзта сæрибаруарзаг, ныфсджын хъæбатыры сурæт. Цы йæ хъæлæс, цы йæ алы фезмæлд, цы йæ алы фæкаст, — алцы дæр зæрдæмæдзæугæ. «Къарол Лир» мын цыдæр æнахуыр ныфс бауагъта мæ зæрдæйы, мæ буары, мæ уæнгты. Режиссурæ, Тæбæхсæуты Владимир, декорацитæ, музыкæ æмæ хорз спектаклы иннæ æппæт компоненттæ сты бæрзонд æмвæзадыл. Бауырнæд уæ, спектаклы фæстæ фысымуатмæ куы æрбаздæхтæн, уæд мæ суанг æнафонтæм хуыссæг не ‘рцахста. Ирыстоны аивады æмæ литературæйы æппæт кусджытæн дæр мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинады сæраппонд ног æнтыстдзинæдтæ æмæ ныфсхæссæг амонд».  

Ацы рагон хабар цæмæн æрымысыдтæн? Цæмæй ма иу хатт банкъарæм, Тамерлан цы диссаджы лæмбынæг, хæдзардзин æмæ къæрцхъус адæймаг уыдис, уый. Йæхæдæг мын куыд радзырдта, афтæмæй интервью ратæлмац кодта англисаг æвзагмæ æмæ йæ арвыста Мульк Раджмæ. Индийаг фыссæг цасдæр рæстæджы фæстæ Гуырийы-фыртмæ æрбарвыста арфæтæй фыстæг. Сæйрагдæр та уыдис, дардбæстаг хæлар кæй бафиппайдта, ирон адæм куыд парахат æмæ рухс зæрдæйы хицау сты, уый. Æрымысыд, бирæ азты размæ Мæскуыйы ирон литературæйы æмæ аивады декадæйы цы царциаты диссæгтæ федта, уыдонæй ноджыдæр цыдæртæ. Гъе, афтæ дæсны уыди Гуыриаты Алыксандры фырт хицæн адæймæгты æмæ бæстæты ‘хсæн «хидтæ» аразынмæ. Хъуыддаджы балцы ацыд 19 паддзахадмæ. Æгас дунейыл зындгонд цалдæр университеты студенттæн касти лекцитæ, æхсызгонæй дзырдта уыдонæн дæр æмæ профессортæн дæр йæ уарзон раттæг сыгъзæрин зæххы тыххæй. Зын банымайæн сты, уыдæтты фæдыл цас арфæтæ райста, уыдон. Ирыстонмæ-иу куы раздæхт, уæд-иу лæмбынæг уацхъуыдтæ фыста, цы бæстæты уыд, уыдон тыххæй: «Скандинаваг фыстæджытæ», «Англисаг фæззæг», «Парижаг æнкъарæнтæ», «Найралдам, Мангол», «Салам, Инди», «Амазонкæйы былгæрæттæй» æмæ бирæ æндæртæ. Тамерлан уырыссагау дæр æмæ иронау дæр куыд диссаджы рæсугъд фыста, уый базыдтон ивгъуыд æнусы æхсайæм азты, «Рæстдзинад»-ы редакцийы куы куыстон, уæд. Ахуыргæндтæй нæ исты ахсджиаг фарстайы фæдыл æрмæг бахъуыди, зæгъгæ, уæд-иу, фыццаджыдæр, уымæ бахатыдыстæм. Раст цыма йæхæдæг редакцийы кусæг уыдис, уыйау афарстаид, цал рæнхъы хъæуы, æрмæг кæцы фарсыл рацæудзæн, цас рæстæг ын ис. Куыддæриддæр-иу баныхас кодтам, афтæ-иу уыцы рæсугъд дамгъæтæй къухфыст æрбахæццæ кодта. Бирæ хæттыты та йæхи хъæппæрисæй æрбахаста редакцимæ йæ уацхъуыдтæ. Йæ алы хъуыдыйады дæр уыдис, газеткæсæг йæ зæрдæмæ хæстæг кæй иста, ахæм цыдæр æнахуыр æхцондзинад. «Рæстдзинад»-ы фæрстыл аккаг бынат бацахстой йæ уацхъуыдтæ «Елхот æмæ Тæтæртупп», «Ног наукон куыст (дыгурон диалекты тыххæй)», «Мангойлаг ирæттæасуттæ», «Афтæ цæмæн дзурæм», «Нарты æртæ мыггаджы. Кæцæй равзæрдысты?», «Кавказаг æвзæгты бастдзинæдтæ», «Максим, Мæдинæ, Мæдинæт: нæмтты равзæрд», «Рагæй нырмæ фæрсæй-фæрстæм (гуырдзиаг æмæ ирон дзырдтæ»), «Ахсджиаг фарстатæ», «Нæмтты арф уидæгтæ», «Къостайы ног фæндæгтæ» æмæ бирæ-бирæ æндæртæ. Ахуыргонды фыстытæ арæх уагъта журнал «Мах дуг» дæр. Уыдонæй уын цалдæр æрлæууын кæндзынæн уæ зæрдыл: «Хæлардзинады мотивтæ Нарты кадджыты», «Иу дзырды дыууæ хъысмæты», «Куыд пайда кæнæм æппæрццæгæй», «Нымæцонтæ не ‘взаджы», «Цард æмæ æвзаджы ивддзинæдтæ», «Нарты кадджытæ немыцаг æвзагыл», «Литературон æвзаджы тыххæй», «Литературон хъайтарты тыххæй», «Церечы згъæр», «Цы амоны дзырд Залиаг?», «Нарты мад Дзерассæ: адæмон сфæлдыстад æмæ литературæйы фарстатæ», «Цыбыр фиппаинæгтæ Нарты кадджыты тыххæй». …Кадджын, дзырддзæугæ, хæдæфсарм, ахуырады æмæ наукæйы стыр бынтæ сæнтауæг, йæ кæстæрты барæвдауынмæ арæхстджын Тамерлан, мæнмæ гæсгæ ис, Хуыцау рæсугъддæр бынат кæмæн саккаг кодта, уыдонимæ. Уæлæуыл та Æрфæны фæдау бæрæг дары йæ рухс фæд. Чи йæ зыдта, стæй йын абонæй фæстæмæ йæ наукон куыстытæ æмæ хуымæтæг уацхъуыдтæ чи кæса, уыдон ын кæддæриддæр уындзысты йæ аив сурæт. 

 

 

МÆХÆМÆТТЫ Ахуырбег, историон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы Федерацийы, Цæгат Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны наукæты сгуыхт архайæг, Уæрæсейы ахуырады академийы уæнг-уацхæссæг, ЦИПУ-йы президент 

 

 

Æрмæг ист у: https://растдзинад.рф/2016/02/28/1300.html 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ