Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ирон Адæмы Историйыл цыбыр афæлгæст
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (2)      Мыхуыры рауадзын

ИРÆТТÆ 

 

 

 

Ирæттæ сты рагон скифты, сæрмæтты æмæ аланты байзæттæгтæ. Фæлæ, зындгон ахуыргæндтæ куыд фыссынц, афтæмæй бынæттон кавказаг адæмы тугæй дæр ирæттæм фæхæццæ ис дзæвгар. Ныртæккæ ирон адæмæн (сæхи рагæй дæр хонынц «Ир») сæ фылдæр цæрынц Кавказы хæхты сæйраг рагъы Цæгат æмæ Хуссар фæрсты. Уыцы зæххытæн сæ иу хай ахсы Цæгат Ирыстоны Республикæ – Алания ( 8 мин квадратон километыры бæрц, сæйраг сахар – Дзæуджыхъæу / Владикавказ), кæцы ис Уæрæсейы паддзахады дæлбар. Иннæ хай та ахсы Хуссар Ирыстоны Республикæ (3,4 мин квадратон километыры, сæйраг сахар - Чъреба / Цхинвал).  

Кæд паддзахадон æмæ административон æгъдауæй Ирыстон дыууæ дихы у, уæддæр адæм сты иу, иу æвзаг æмæ иухуызон æгъдауимæ. Дихгонд та æрцыдысты Уæрæсейы æмæ Гуырдзыйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ 1922 азы. Ирон адæмæн сæхи ничи бафарста, афтæмæй. Уыцы бадзырдмæ гæсгæ Цæгат Ирыстон хаст æрцыдис Уæрæсемæ, Хуссар Ирыстон та – Гуырдзыстонмæ. Уымæй фæстæмæ æвдай азы дæргъы Хуссар Иры цæрджытæн тыххæй исын кодтой гуырдзиаг царды æгъдау, гуырдзиаг мыггагтæ, гуырдзиаг æвзаг. Фæлæ уæддæр Советон Цæдисы бирæ адæмты 'хсæн цæргæйæ, ирæттæ уыйбæрц тынг нæ тыхстысты, сæ хъару æмæ сæ зонды фæрцы æвзæрдæр никæмæй цардысты. 

Фæлæ ралæууыдысты 1990 азтæ æмæ уавæр цæхгæр аивта. Советон Цæдис хæлд æрцыдис. Уæрæсе æмæ Гуырдзыстон байуæрстой, систы хицан паддзахадтæ. Уымæй уалдай ма кæрæдзимæ тызмæг æмæ æнæууæнк цæстæнгасæй чи кæсы, ахæмтæ. Афтæмæй ирæттæ аззадысты паддзахадон арæны дыууæ фарс. Суанг ма бирæ бинонтæ æмæ хиуæттæ дæр дихгонд æрцыдысты. Фæлæ уыдоны тыххæй – фæстæдæр. 

 

Ныртæккæ дунейы мидæг ирæтты нымæц хæцæ кæны 680-700 мин адæймагмæ. Уыдонæй (æнæбæлвырдгонд нымæцмæ гæсгæ) цæры: 

Цæгат Ирыстоны – 420-440 мин адæймаджы 

Хуссар Ирыстоны – 70 мин адæймаджы 

Уæрæсейы иннæ рæтты – 60-80 мин адæймаджы 

Гуырдзыстоны – 50-60 мин адæймаджы 

Турчы æмæ Сирийы – 12-15 мин адæймаджы 

Европа, Амырык æмæ Австралийы – 13-16 мин адæймаджы 

 

Ирыстонæн ис иумæйаг арæнтæ Мæхъæлы Республикæимæ – хурскæсæны 'рдыгæй, Цæцæны Республикæимæ – цæгат-хурскæсæны 'рдыгæй, Кæсæг-Балхъары Республикæимæ – цæгат-хурныгуылæны 'рдыгæй, Гуырдзыстонимæ – хуссары 'рдыгæй æмæ Стъараполы зæххытимæ – цæгаты 'рдыгæй.  

Хъæздыг æмæ рæсугъд у Ирыстоны æрдз. Ис дзы тыгъд быдыртæ, дидинджын хохрæбынтæ, Европæйы тæккæ бæрзонддæр Кавказы хæхты æнусон цъититæй æхгæд рæгътæ, арф кæмттæ æмæ цæрдæг сыгъдæг дæттæ.  

 

Иры адæмæн, сæ культурæ æмæ се'взæгæн æмбал кæй нæй, уый фæдыл сæм рагæй-æрæгмæ сæ хъус тынг дарттой дунейы æмæ Уæрæсейы зындгонд ахуыргæндтæ: В.Миллер, А.Шегрен, Ю.Клапрот, Вернадский, Дюмезиль, Бахрах, Сулимирский, Литлтон, Бейли, Кардини, Абайты Васо, Ростовцев, В.Кузнецов æмæ бирæ æндæртæ. 

Дзырдæн, фæсарæйнаг ахуыргæндтæн сæ фылдæры иртасæн куыстыты аргомæй бæлвырдгонд цæуы, ирон адæмы рагфыдæлтæ - аланты æвзаг ирайнаг авзæгты къордмæ кæй хауы.  

Уыцы хатдзæг ма бæлвырдгонд цæуы ныгуылæйнаг аланты историйæ дæр. Уый иттæг хорз раргом кодта Бернарда С.Бахрах йæ чиныджы «Алантæ Ныгулæны» (“A history of the Alans in the West”, by Bernard S. Bachrach). Ацы зындгонд ахуыргонд æмæ бирæ æндæртæ дызæрдыг нæ кæнынц, алантæ Нугуылæн Европæйы адæмты хъысмæты тынг ахджиаг фæд кæй ныууагътой ууыл. Британийы сакъадæхтæй æмæ Италийæ суанг Венгримæ, кæцыйы алантæ сарæзтой сæхицæн ног бæстæ, Яссты бæстæ.  

Рагзамантэй нырыонг ирон адæм рахызтысты куыд райдзаст æмæ хъæздыг афтæ тызмæг æмæ мæгуыр æнусты сæрты дæр. Тæккæ стырдæр цæф сыл æрцыдис тæтæр æмæ Тимуры æнæнымæц æфсæдты æрбабырстыты рæстæджы (13-14 æнусты). Аланты раздзæуджытæ кæрæдзийы хорз кæй нал æмбæрстой, алчи дзы йæхи иннæтæй зондджындæр æмæ лæгдæр кæй хуыдта, кæрæдзийы ныхасыл разы кæй нæ кодтой, уый фæдыл сæ бон нæ бацис фыдгæнджытæн ахъаззаг ныхкъуырд раттын, сæ паддзахад æмæ сæ адæмы бахъахъхъæнын. Бæстысæфт æрцыдис Аланты зæххыл. Монголтæ, стæй уыдонæй фыддæр та Тимуры тугдзых сырдтæ ныддæрæн кодтой Алайнаг хæдзарады бындур, бынцагъд ныккодтой адæмы. Кæцыдæр историкты бæрæггæнæнтæм гæсгæ ма аланты бирæ дзыллæтæй цы 10-12 мин адæймаджы аирвæзти, уыдон дæргъвæтин цыппар æнусы дæргъы æхгæд æрцыдысты Кавказы хæхты рæбын, æвадат арф кæмтты. Уыцы рæстæджы дæргъы ирон-алайнаг адæм бастдзинад дарттой æрмæстдæр сæ алфамбылæй цы иннæ Кавказаг адæмтæ цардис, уыдонимæ. Фæлæ иннæрдыгæй та уыцы æхгæд уавæр ахъаз фæцис, ирæттæ се 'взаг, æгъдау, æмæ дин.  

 

 

 

 

Рацыдысты æнустæ æмæ Иры адæм сæхиуыл схæцыдысты, сæ нымæц дæр фæфылдæр ис. Афтæмæй XVIII æнусы фыццаг æмбисмæ Ирон адæмы раз цæхгæр æрлæууыдис сæ цæрæн уавæртæ фæуæрæхдæр кæныны фарста. Æвадат æмæ къуындæг кæмтты нæ уыдис фаг уавæртæ зæрдæйы фæндиаг хæдзарад æмæ кæстæрты фидæн амайынмæ. Æнæмæнг сæ хъуыдис фæстæмæ быдырмæ рацæуын, сæ фыдæлтæ кæм цардысты уырдæм. Фæлæ уæды рæстæджы уыцы хъуыддæгтæ уыдысты стыр паддзахадтæ, Турк æмæ Уæрæсейы ахастдзинадтимæ баст. Кавказы 1740-1770 азты геополитикон уавæрмæ гæсгæ, Ирыстонæн æнæ Уæрæсейы дæлбар æрлæууынæй размæ фæндаг нæ уыдис æппын. Иннæрдыгæй та, Уæрæсейæн йæхицæн дæр тынг пайда уыдис «Кавказы Дуыарыл» (афтæ хуыдтой Иры бæстæ) йæ арм æрæвæрын. Ам хæхты сæрты цыдысты Уæрæсе Фæскавказимæ чи баста, уыцы ахсджиаг фæндæгтæ. Уымæй уæлдай, Ирыстоны хæхтæ уыдысты хъæздыг æвзист, цинк, зды, къала æмæ æндæр æрзæтæй.  

Афтæмæй Иры адæмы номæй 1750 азы Бетъырбухмæ ацыдысты æвзæрст лæгтæ, сæ сæргъы Магкаты Зураб, афтæмæй. Уыдон уым æрныхас кодтой Уæрæсейы хицауады минæвæрттимæ, фæлæ сæ бæлвырд дзуапп нæ райстой.  

Уæрæсе æмæ Турчы хсæн хæст цыдис 1768-1774 азты æмæ банцад Уæрæсейы уæлахизæй. Уый фæдыл Турчы хицауад йæ домæнтæ фæныллæгдæр кодта æмæ бафыста фидыды бадзырд Кучук-Кайнарджийы хъæуы. Турчы хицауад сразы ис быцæуы зæххытæ раттыныл, стæй ма ноджыдæр Кавказы ахсджиаг хæстон-стратегикон фæндæгтæ æмæ базарадон сферæты Уæрæсейы барадыл.  

Уыцы бадзырды фыст уыдис Турк Хъырымы Ханты паддзахады хæдбардзинадыл кæй разы кæны, стæй Белграды бадзырдмæ гæсгæ Цæгат Кавказы цы цыбырдзинæдтæ æвæрд уыдис, уыдон аиуварс кæнын. Цæвиттон Кучук-Кайнарджийы Бадзырд парахатæй лæвæртта æхсæнадæмон бар Стыр æмæ Чысыл Кæсæджы зæххытæ Уæрæсеимæ баиу кæнынмæ.  

Чысыл фæстæдæр Мæздæджы ирон адæмы æвзæрст лæгтæ (ссæдзæй) фембæлдысты Уæрæсейы паддзахы минæвæрттимæ æмæ ногæй æрныхас кодтой Ирыстоны дарддæры хъысмæтыл.  

Иры минæвæрттæ Астраханы хицау, инæлар Кречетниковимæ арæвæрттой ахæм фарстатæ:  

- Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæнын 

- Иры адæмы æдасдзинад æттагон знæгтæй Уæрæсейы æфсады мадзæлттæй хъахъхъæнын 

- Ирыстоны æрзæткъахæнтæ Уæрæсейы фæрæзтæй бакусын æмæ рацаразын 

 

Цæвиттон, 1774 азы Ирыстон барвæндонæй баиу ис Уæрæсеимæ. Фæлæ дарддæры рæстæг куыд равдыста, афтæмæй бирæ азты дæргъы уыцы бадзырдæн уыдис æрмæст формалон мидис. Иры кæмтты адæм сæхи æнкъарттой хæдбар æмæ сæрибарæй. Уый фæдыл-иу адæм арæх сыстадысты сæ бартæ сын лыг чи кодта уыцы хицауады ныхмæ. Ахæм растад, зæгъæм, уыдис Дыгургомы 1781 азы.  

Фæлæ æмткæй райсгæйæ, Ирыстон Уæрæсеимæ кæй баиу ис, уый тынг фæпайда нæ адæмы сæйраг æмæ ахджиаг домæнтæн. Уый фæрцы ирон адæмæн фæцис фадат хæхбæстæй быдырмæ ралидзынæн æмæ сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, уырысимæ базарадон бастдзинæдтæ саразынæн. Бадзырдмæ гæсгæ Уæрæсе йæхимæ иста Ирыстоны æттагон знæгтæй бахъахъхъæныны хъуыддаг. Æмæ уый фæстæ цы рæстæг рацыдис, уый æргомæй равдыста Ирон адæм сæхиуыл кæй схæцыдысты æмæ даргъ къахдзæфтæй размæ, рухсмæ, ахуырмæ цæуын кæй райдыттой.  

ХIX-æм æнусы Ирыстонæй рацыдис сæдæгай ахуыргæндтæ, зындгонд æхсæнадон æмæ паддзахадон кусджытæ, рухс тауджытæ, фысджытæ, хæстон разамонджытæ. Уыдонимæ дæсгай инæлартæ æмæ мингай хæстон афицертæ, кæцытæ тох кодтой Уæрæсейы хæстыты Дард Хурскæсæнæй суанг Балкайнаг бæстæтæм æмæ Туркмæ.  

Сæ фылдæр ахуырад райста Бетъырбухы, Мæскуыйы æмæ иннæ стыр Уæрæсейаг сахарты.  

 

Цыдысты азтæ, ралæууыдис андæр цард, комунистон хицауады дуг. 1917 азы революци æмæ уый фæстæйы мидхæст адих кодтой адæмы, политикон æмæ сæ кълассон знæгтæ сарæзтой. Арæх-иу политикон быцæуы фæдыл сыхæгтæ, хиуаттæ, суанг ма иу бинонтæ дæр кæрæдзийы ныхмæ схæцыдысты. Ирон адæмæй бирæ разагъды лæгтæ тохы азарæй басыгъдысты, иннæтæ ныууагътой сæ бæстæ. Уыцы уавæр зынгæ фæцудын кодта ирон адæмæн сæ æхсæнадон бастдзинæдтæ, æгъдау æмæ царды уагæвæрд. Уыимæ ма 1930-1940 азты Советтон Цæдисы цы репресситæ цыдис уыдон бынтон бабын кодтой Иры интелигенцийы раззагдæр æмæ куырыхондæр хай.  

 

Зындгонд алайнах хæстон дæсныйад æмæ сæ тохмæ тырнын семæ мæрдтæм нæ ацыдысты. Æнусты сæрты сæ фæдонтæм æрхæццæ сты Ирон адæммæ æвсæддон хæс фидын æмæ Фыдыбæстæ знæгтæй хъахъхъæнын кæддæриддæр бæрзонд æвæрд уыдысты. Ацы проектмæ 123 ирон инæлары хаст кæй æрцыдысты, уый дæр ууыл дзурæг у.  

 

Уæлдай тынгдæр та ирæттæ ныры дуджы сæ хъайтар равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты рæстæг (æндæр бæстæты адæм æй зонынц 2-æм Дунеон Хæстæй). Фашистон Герман 1941 азы Советон Цæдисмæ куы æрбабырста, уæд ирон адæмы нымæц уыдис æрмæстдæр 310 мины. Удонæй 1941 азæй 1945 азмæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ацыдис 90 мин адæймаджы. 46 мин ирыстойнаджы фæмард сты тохы быдырты.  

34 ирон лæгæн лæвæрд æрцыдис Советон Цæдисы Хъайтары кадджын ном. Советон адæмты æхсæн, сæ нымæцмæ гæсгæ, уыйбæрц Хъайтартæ никæмæ разынди. Хæсты рæстæджы æмæ йæ хæдфæстæ ирæттæй 50-йæ фылдæр систы инæлартæ æмæ адмиралтæ.  

 

Фæлæ уыимæ æвæццæгæн ахæм зиантæ дæр иннæ адæмтæ нæ бавзæрстой. Нæ хуыздæр фæсивæдæн се 'мбисæй фылдæр фæхъуыдис. Ирыстоны ахæм хæдзар, ахæм мыггаг нал баззадис, хæст стыр зиантæ кæмæн не рхаста.  

Дзуарыхъæуы Гæздæнты хæдзарæй хæстмæ ацыдис авд лæппуый. Сæ ныййарæджы размæ дзы иу дæр нал æрæздæхтис. Иуылдæр хъайтарæй знагимæ хæцгæйæ фæмард сты Сталинградæй, нæ райгуырæн бæстæ стæй Европæйы адæмты фашизмæй сæрибар кæнгæйæ.  

 

Удонимæ 2 хæдзарæй тохы фесæфтысты 6-гай фырты, 16 хæдзарæй – 5-гай фырты, 52 хæдзарæй та 5-гай фырты. Цыппæргай, æртыгай фырты кæмæй фæхъуыдис, ахæм ирон хæдзæрттæн нымæц дæр нæй.  

 

Ирыстоны зæххыл тохтæй 1942 азы зымæджы райдытта немыцаг фашисттæн се сæфт. Дзæуджыхъæумæ æвахс райстой тыхджын ныхкъуырд, æмæ къæппæджы бахауыны тасæй лыгъд раттой уым дæлæмæ, Цæгатырдæм.  

 

Ирон адæмæн хæсты стыр кад скодтой зындгонд хъайтартæ: армийы инæлартæ Плиты Иссæ æмæ Хетæгкаты Гиуарги, Мамсыраты Хадзы-Умар, Дзусаты Ибрагим, Карсанаты Хъазбег, Цæллагты Пантелей æмæ бирæ æндæр инæлартæ æмæ адмиралтæ.  

 

Хæсты фæстæ Ирыстон акодта стыр къахдзæфтæ йæ экономикæ æмæ хъæуон хæдзарад рацаразыны фæндагыл, стæй культурæ, аивад æмæ спорты дæсныйæдтæ дæр. Сæ куыст рапарахат кодтой Садоны æмæ Къуайсайы зды æмæ цинчы комбинаттæ, заводтæ «Электроцинк», «Победит», «Вибромашина», Алагиры сопротивлениты завод, Беслæны нардхоры комбинат, электрон министрады заводтæ æмæ бирæ æндæртæ.  

 

Наукæ æмæ экономикæйы дардыл зындгонд сты термодинамикойы стырдæр ахуыргæндтæй иу, NASA-йы программæты архайæг Токаты Григори, лингвист Абайты Васо, атомон ихсæттæг нау «Арктикæйы» капитан Кучиты Юри, бæгæныфыцæн «Балтикæйы» саразæг æмæ разамонæг, ныр та Сочийы, Олимпиада 2014 арæзтæдты хицау, зындгонд бизнесмен Боллоты Таймуаз æмæ æнд.  

 

Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт (сахар) Владикавказ (иронау – Дзæуджыхъæу) ссис Кавказы рæсугъддæр горæттæй иу. Ныртæккæ дзы цæры 300 мин адæймагæй фылдæр. Ам кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ æмзондæй цæрынц бирæ алыгъуызон адæмты минæвæрттæ. Дзæуджыхъæу кадджын у йæ ахуырады артдзæсттæй. Удонимæ сты Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университет, Хæххон хъæуон-хæдзарадон университет, Цæгат Кавказон технологикон университет, Цæгат Ирыстоны медицинон академи, Уæлдæр Хæстон скъолатæ æмæ æндæртæ. Ирыстоны цæрджытæм кадджын сты Ирон Паддзахадон драмон театр, Дыгурон драмон театр, Хуссар Ирыстоны адæмон драмон театр, Уырыссаг паддзахадон драмон театр, Бæхты театр «Нартæ», Цæгат Ирыстоны паддзахадон кафджыты зындгонд ансамбль «Алан», Хуссар Ирыстоны кафджыты æмæ зарæггæнджыты ансамбль «Симд», университетты кафджыты ансамбльтæ «Хохаг» æмæ «Ирыстон».  

 

Ирон аивад æмæ культурæйы минæвæрттæй Уæрæсейы æмæ дунейы мидæг дардыл айхъуысты Санкт-Петербурджы Мариински театыры разамонæг Гергиты Валери, фыццаг сылгоймаг-джирижер Дудараты Вероникайы, Маскуый Большой Тетыры балеты сгуыхт кафæг Адырхаты Светланайы нæмттæ. Зындгонд цирчы бæхылбадджытæ, Хъантемыраты Алыбег, йæ кæстæртæ æмæ йæ фæдонтæ æгас дунейыл æрзылдысты адæмы сæ дæсныйадæй цымыдисы æфтаугæйæ. Удонимæ, театр æмæ кинойы цæхæркалгæ сталытæ дæр: Советон Цæдисы адæмон артисттæ Тæбæхсæуты Валодя, Саламты Къола, Уæраæсейы æмæ Гуырдзыстоны адæмон артисттæ Хъæрджынты Варя, Сланты Къола, Балаты Валодя, Бекуызарты Орзета, Гаглойты Зина, Цхуырбаты Барис æмæ бирæ æндæртæ.  

 

Аланты фæдонтæ тох æмæ ерысы хъомыл кодтой сæ фæсивæды кæддæриддæр. Æмæ уыцы миниуæг нырыккон ирон адæмыл тынгдæр зыны сæ спортивон сгуыхтыты. Дунейыл айхъуыстысты ирон хъæбысйхæцджыты, уæзтæ исджыты, армæй хæцджыты, гимнастты, футболæй хъазджыты нæмттæ. Ирон адæмы минæвæрттæй 12 систы Олимпаг чемпионтæ, дыууисæдзæй фылдæр та – дунейы чемпионтæ. Цыппар ирон хъæбысæйхæцæджы: Андиаты Сослан, Хæдарцаты Махарбег, Фадзайты Арсен æмæ Таймазты Артур, Олимпиаг Хъæзтытæ рамбылттой дыгай хæттытæ.  

2004 азы Афины Олимпиадайы ирæтты къухы бафтыдис цыппар сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ дыууæ бронза майданы. 2008 азы Пекины та - æмткæй 9 майданы. Ахæм сгуыхтдзинад спорты мидæг дунейы иннæ чысыл адæмтæй никæйы къухы бафтыдис æмæ рæхджы нæ бафтдзæн. Ирæтты нымæц бæрцæй 700 минæй фылдæр кæй нæу, уый зæрдыл даргæйæ, сæ спорты сгуыхтдзинæдтæ Гинессы рекодтæм бахæссыны аггаг сты бæлвырд.  

 

Нырыккон Ирыстон æдæрсгæйæ размæ цæуы иу æнтыстæй иннæмæ æмæ райдзаст цæстæнгасæй кæсы йæ фидæнмæ. Хуыцау нын сабыр цард æмæ фарн балæвар кæнæд.  

 

Кучиты Руслан 

 

(Дарддæр мыхуыргонд цæудзæн) 

 



 Фиппаинæгтæ (2)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ