Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

НАРТЫ ФÆТКЪУЫ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

НАРТЫ ФÆТКЪУЫ 

 

Нартæн сæ цæхæрадоны задис иу фæткъуы бæлас; йæ дидинджытæ-иу æрттывтой æрвыгау, æмæ йыл задис иунæг фæткъуы. фæткъуы уыдиссыгъзæрин фæткъуы, зынгау æрттывдтытæ калдта. Æмæ уыдис æлутоны хос адæмæн: иу адзал не здæхта фæстæмæ, уый йеттæмæ цы хъæдгом нæ дзæбæх кодта, цы низæй нæ ирвæзын кодта, ахæм нæ уыдис. Бон изæрмæ-иу арæгъæд ис уыцы фæткъуы, æхсæв та иу æй цыдæр адавта. Æмæ йæ хъахъæдтой радыгай Нарт; æмæ йæ ничи фæрæзта бахъахъæнын. Уæд иу бон æрзылдис Уæрхæгæн йæхи рад. Æрбасидтис йæ фырттæм, Æхсар æмæ Æхсæртæгмæ, Уæрхæг æмæ сын загъта: 

— Ай уын фæндаггаг. Ацæут, мæ хуртæ, æмæ уæ цæхæрадон бахъахъæнут, кæннод райсом Æртæ Нарты хæдзарæн лæгæй æрбацæудзысты æмæ уæ иуæн йæ сæр ракæндзысты, иннæмæн — иæ цонг æмæ сæ дыууæ михыл æрсадздзысты, æмæ Æртæ Нарты 'хсæн дзæгъæлæй баззайдзынæн, æнæ дарæгæй. Цæхæрадон уыдис саджы сыкъатæй бæрзонд æхгæд — маргъ æрбатæхæн дæр æм нæ уыд. Лæппутæ загътой: 

— Ма тæрс, нæ фыд, мах ацæудзыстæм æмæ бæлас бахъахъæндзыстæм! 

Уæрхæг сын загъта: 

— Цæугæ бæргæ акæндзыстут, фæлæ тæрсын, фæстæмæ куы нæуал æрцæуат — куы нæ йæ бафæразат бахъахъæнын. Æхсар æмæ Æхсæртæг араст сты цæхæрадонмæ; цæхæрадоны астæу диссаджы фæткъуы бæласы бын æрбадтысты. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд кæстæр æфсымæр — Æхсæртæг, загъта Æхсарæн: — Æрхуысс уал, Æхсар, радыгай хъахъæнæм — æмбисæхсæвмæ ды бафынæй кæн, уырдыгæй бонмæ та — æз. Æхсар сразы ис æмæ 'рхуыссыди æмæ бафынæй ис. Æмбисæхсæв фехъал ис æмæ дзуры Æхсæртæгмæ: 

— Хуыцау мын æй ныббарæд — æгæр афынæй дæн. Æхсæртæг æм фæстæмæ дзуры: 

— Нырма æмбисæхсæв нæу, æмæ уал хуысс. Хуыссæгхъæлдзæг лæппу та 'рхуыссыд фæстæмæ æмæ та афынæй ис. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæ цæхæрадонмæ 'рбатахтысты æртæ маргъы. Æхсæртæг бады, йæ фат æмæ йе 'рдын йæ къухы, афтæмæй. Кæсы, æмæ 'виппайды бæлас ныррухс и, æмæ йыл бады æртæ 'хсинæджы. Фæткъуымæ куыддæр фæцæйæвнæлдтой, афтæ сæ Æхсæртæг фехста, æмæ атахтысты, æрмæст сæ иуæн йæ туджы 'ртæхтæ 'ркалдысты зæхмæ. Æхсæртæг райхъал кодта Æхсары æмæ йын загъта: 

— Æхсинæг фæцæф кодтон фæткъуы бæласыл, æмæ мын цæфæй атахти. Мæнæ кæсыс йæ туджы 'ртæхтæм! Куы фæцæф ис, уæд ныллæджыты атахтис, æмæ мæнæн йæ тугвæдыл æнæ цæугæ нæй. Кæнæ йæ хъуамæ æрцахсон, кæнæ йæ фæдыл хъуамæ амæлон, æндæр гæнæн мын нæй. Æрбамбырд кодта туджы 'ртæхты, батыхта сæ зæлдаг кæлмæрзæны. Кæлмæрзæн йæ фæснахы атъыста æмæ, куы 'рбабон ис, уæд загъта Æхсарæн: 

— Æз ныр цæуын сæфты мæргъты фæдыл, æмæ цы зæгъыс? Æхсар ын загъта:  

— Æз дæр цæуын, ды кæдæм цæуай, уырдæм. Араст сты 'фсымæртæ æмæ цæуынц тугвæдыл, æмæ сæ уый бахаста денджызы былмæ. Уым фæд денджызы бынмæ ныххызтис.. Æхсæртæг загъта Æхсарæн: 

— Æз цæуын денджызы бынмæ, ды мæм ам, денджызы был, æнхъæлмæ кæс, æмæ, кæд денджыз сырх фынк хæсса, уæд-иу нæ хæдзармæ аздæх – мæнæй дын пайда нал ис; кæд урс фынк хæсса, уæд мæм-иу афæдзы бонмæ банхъæлмæ кæс. 

— Хорз,— загъта Æхсар æмæ баззад денджызы был, Æхсæртæг та йæ дзауматæ 'рбатымбыл кодта æмæ ныффардæг ис денджызы бынмæ. 

 

 

 

 

 

https://www.youtube.com/watch?v=CL-QorIq1Gc



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ