Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Мыртазты Барис
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
Мыртазты Барис 

 

(1917-1996)  

 

Барис райгуырд Цæгат Ирыстоны, Заманхъулы. 1939 азы каст фæци педагогон училище æмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты литературон факультетмæ. 1932 азæй фæстæмæ кодта журналисты куыст, йæ очерктæ, фельетонтæ мыхуыргонд цыдысты газеттæ «Æрыгон большевик» æмæ «Рæстдзинад»-ы, уæд рухс федтой йæ фыццаг æмдзæвгæтæ дæр. 1940 азы йæм фæсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм, уым æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, архайдта Варшавæйы, Берлины тохты, хорзæхгонд æрцыд ордентæ æмæ майдантæй. 

1945-1947 азты сыздæхт Ирыстонмæ æмæ куыста газет «Рæстдзинад»-ы, культурæ æмæ пропагандæйы хайады сæргълæууæгæй, стæй та чингуыты рауагъдады, хайады сæйраг редакторæй. 1949 азы каст фæци партион скъола Краснодары æмæ кусын райдыдта республикæйы Министрты Советы, радиоинформацион комитеты. 1952 азы йæ раивтой газет «Æрыгон коммунист»-ы редакцимæ. 1955-1957 азты та сси чингуыты рауагъдады сæйраг редактор. 1957-1959 азты ахуыр кодта Мæскуыйы Уæлдæр литературон курсыты, 1961 азы фæсаууонмæ каст фæци М. Горькийы номыл Литературон институт. Къорд азы дæргъы Барис куыста чингуыты рауагъдады алы хайæдты хистæр редакторæй. 

Фыссæджы бирæ æмдзæвгæтæ тæлмацгонд æрцыдысты уырыссаг æвзагмæ, мыхуыры цыдысты газеттæ æмæ журналты: «Правда», «Известия», «Советская Россия», «Литературная газета», «Новый мир», «Москва», «Огонæк», «Дружба», «Октябрь» æмæ æндæрты. Барисæн хицæн чингуытæ дæр рацыд дзæвгар, уыдонимæ: «Уад» (1947), «Мæ уарзондзинад» (1950), «Фарны ныхас» (1954), «Хæххон дидинæг» (1958), «Мæ Иры ныфсæй» (1961), «Цырагъдар» (1963), «Æгъдау» (1971), «Хотых» (1987) æмæ æнд.  

 

 

Уыд ирон дзырдаивады цырагъдар
 

 

Ирон дзырдаивадмæ стыр æвæрæн чи бахаста, нæ поэзийы рæзтыл йæ курдиат хорзæй кæмæн сахадыдта, уыцы фарны лæгтæй иу уыд зындгонд поэт, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Мыртазты Барис. Фидæны поэт райгуырд 1917 азы 1 январы, Заманхъулы. Хъæуы хистæрты ныхас ын уыд, мадæлон æвзаджы ад, кæй фæрцы æнкъардта, ахæм æвæджиауы бынат. Ам-иу арæх бадт æмæ кадджытæ кодта кадæггæнæг Мыртазты Дзамболат. Лæппу та йæм-иу хъусынæй не ‘фсæст. Уæд йæ чысыл зæрдæйы æвзæрын райдыдта фыццаг æнкъарæн аив дзырдмæ. Барис райдайæн ахуырад райста йе ‘рвад, рухстауæг Мыртазты Мыртазы скъолайы. Фæстæдæр, хъæуы астæуукаг скъола куы сарæзтой, уæд ын фæци йæ ахуыр адарддæр кæныны фадат . Йæ амондæн дзы директорæй сæвæрдтой номдзыд ирон фыссæг Мамсыраты Дæбейы. Лæппу уæдмæ йæхи фæлварын райдыдта литературæйы. Уый Дæбе æнæбафиппайгæ нæ фæци, æмæ йын зæрдиагæй æххуыс кодта. Барисы фыццаг æмдзæвгæтæ, кæд нырма фæлвых уыдысты, уæддæр Дæбейы уырныдта, ирон литературæйæн бирæ хæрзты кæй бацæудзæн, уый . Æмæ нæ фæрæдыд. 1937 азы Барис бацыд педагогон училищемæ æмæ схæлар фидæны поэттимæ: Цæгæраты Максимимæ, Калоты Хазбиимæ, Баситы Дзаххотт æмæ Кочысаты Мухарбегимæ. Ацы фæсивæды удтæ дзаг уыдысты ахуырмæ æмæ сфæлдыстадон куыстмæ тырнындзинадæй. Уый хыгъд æмбæрстой, литературæйы удуæлдайæ фæллой кæнын кæй хъæуы, уый. Æмæ дзы талф-тулф куыст кæнын йæ сæрмæ ничи хаста. Се ‘мдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ рæстæгæй рæстæгмæ мыхуыргонд цыдысты газеттæ «Рæстдзинад»-ы, «Æрыгон большевик» æмæ журнал «Мах дуджы». 1939 азы Барис сси Цæгат Ирыстоны педагогон институты студент. Ам дæр йе ‘мгæрттимæ разæнгардæй хызт наукæйы æмæ сфæлдыстады бæрзæндтæм. Æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци. 1940 азы, Цæгæраты Максим, Баситы Дзаххотт , Кочысаты Мухарбегæн æмæ Мыртазты Барисæн мыхуыры рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд «Мах уарзæм». Чиныгыл тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты литературæуарзджытæ. 

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Барис атындзыдта тохы цæхæрмæ. Хæцыд Цæгат Кавказаг, 4-æм Украинаг æмæ 1-æм Белорусаг фронттты. Архайдта Варшавæ æмæ Берлин знагæй ссæрибар кæныныл карз тохты. Цыфæнды зын уавæрты дæр хъуыды кодта йæ адæмыл, йæ чысыл Ирыстоны хъысмæтыл, йе ‘мбæлттыл. Хæсты цаутæ дзы никуы рох кодтой. 

«Æз фыццаджыдæр хъуамæ æрымысон нæ уарзон æмгар Мухарбеджы. Фыстой мæм, фæмардис, зæгъгæ. Нæ зонын, цас æцæгдзинад у… Фæлæ мæн нæ уырны. Нæ мæ уырны, Мухарбеджы нал фендзынæн, уый. Тынг ыл фæрыстæн. Мæ хорз æмбал Баситы Дзаххоттæй дæр ницы хабар хъуысы. Цымæ цы фæци?! — фыста Мамсыраты Дæбемæ. — … Райстон «Мах дуджы» 1-аг æмæ 2-аг номыртæ. Бакастæн сæ. Æхсызгон мын у хи дзыллæйы хъæлæс ацы дард æнаккаджы Германы хъусын. Æрæджы, Рейхстаджы раз иу кусæндоны ссардтон Хетæгкаты Къостайы уырыссаг æмдзæвгæты чиныг». Ацы фыстæгæй бæлвырдæй зынынц поэты удыхъæды миниуджытæ. Уый раст хи фыдау, стыр аргъ кæны Дæбейæн. Æрхæндæгæй, рыст зæрдæйæ мысы йæ хæлартты — курдиатджын поэтты. Иры нæртон хъæбул Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты чиныг æцæгæлон зæххыл кæй ссардта, уый та адæймаджы хъуыдытыл чи æфтауы, ахæм цау у. 1946 азы Мыртазты Барис ссыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Куыста газеттæ «Рæстдзинад»-ы æмæ «Æрыгон большевичы» æмæ нæ республикæйы паддзахадон радиойы. 1957- 1959 азты ахуыр кодта Мæскуыйы, уæлдæр литературон курсыты. Фæсаууонмæ каст фæци Максим Горькийы номыл литературон институт. Уый фæстæ 13 азы бакуыста чиныгуадзæн «Ир»-ы сæйраг редакторæй. Уыд бæрнон æмæ домаг. Уæлдай тынгдæр аудыдта æрыгон поэттæ æмæ фысджытыл. Уагъта сын сæ уацмыстæ хицæн æмæ иумæйаг æмбырдгæндтæм. Амыдта сын сфæлдыстадон куысты сусæгдзинæдтæ. Мыртазты Барисы æмдзæвгæты чингуытæ рухс федтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй Мæскуыйы рауагъдæдты. Сæ зындгонддæртæ: «Уад», «Мæ уарзондзинад», «Ныхасы фарн», «Дарьял», «Осетинский тост», «Бонрæфты», «Хæххон дидинæг», «Земные дороги», «Горы — это люди», «Хæрзæмбæлæг», «Хæрзæггурæггаг», «Ӕвзæрст уацмыстæ» «Хотых» «Мирные бойницы» æмæ «Æмдзæвгæтæ» (ацы дыууæ чиныджы тыххæй райста Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми). Мыртазты Барисы курдиат райрæзт æмæ фæхъомысджындæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты. Уый йын сси йæ лæджыхъæды æмæ сфæлдыстадон хъаруйы фæлварæн заман. Уæд тынгдæр банкъардта сæрибардзинады ад:  

 

Лæппуйæ цардмæ сонты цæстæй кастæн,  

Æмæ мын уыд хъæмпыхалау йæ уæз.  

Хъæндзæргæстау куыд атахтысты азтæ,  

Уый рухс бонты нæ рахатыдтон æз. 

 

Куы ахаттæн лæгæвзарæн хæтæнты,  

Фыдыбæстæн куы басгуыхтæн салдат,  

Куы цыдтæн тохы кардыком фæндæгтыл,  

Уæд царды арфæн бамбæрстон йæ ад. 

 

Знагимæ тохы, кæд поэт цыфæнды стыр зынтæ æвзары, уæддæр йæ уæззау уавæрыл нæ хъынцъым кæны. Поэты зæрдæ куыд хорз æмбæрста, раст цыма йе уæны каст, афтæ, æцæгæй дæр уалдзæджы не стыр бæстæйыл скаст уæлахизы æмæ сабырдзинады хур. Ныр кæд хæсты хъизæмæрттæ фесты, уæддæр сæ поэт нæ рох кæны. Цæмæй хистæрты сгуыхтытæ кæстæртæ дæр сæ зæрдыл дарой, куы бахъæуа, уæд та сæ райгуырæн уæзæг бахъахъхъæнынмæ цæттæ уой. Уый тыххæй сын фæдзæхсы:  

 

Мæнæн мæ сæрыл азты чырс фæзынд  

Хæсты быдыры стыр тохы гуылфæнты.  

Зын у, кæстæр, фæндаг амонын, зын,  

Фæлæ ма царды размæ цом мæ фæдыл! 

 

Нæ балц у даргъ, æмæ дæ ма уæд рох,-  

Дæуæй лæгдзинад равдисын фæлгъаудзæн…  

Нæ размæ ис егъау, фæтæнриу хох,  

Куы йæм скæсай, уæд дæ худ æрхаудзæн… 

 

Æри дæ къух… Æрмæст мын у цырддзаст  

Æмæ æмзондæй ног бæрзæндтæм хизæм.  

Миййаг та зæй куы ракæла æваст,  

Уæд хъуамæ мах йæ нæрынæй куыд ризæм!  

 

Ирыстоны хæхты, нæ æрдзы рæсугъддзинадыл фыста поэт. Ирон æгъдауы æмæ намысы хъомыс та ирдæй, парахатæй равдыста æмдзæвгæты: «Ирон сидты», «Уырдыгыстæджы», «Сахъ барæджы» æмæ поэмæ «Æгъдауы кадæджы», Ӕмдзæвгæ «Уалдзæджы симд»-ы та нын поэт нæ цæстытыл ирдæй ауайын кæны, æрдз куы райхъал вæййы æмæ йæ хуызæй бæстæ цæхæр куы скалы, уыцы нывтæ.  

 

Ӕрдз та йе ‘рттиваг пæлæзæй  

Зæххы бамбæрзта бæстон.  

Комы уалдзыгон хъæлæсæй  

Заргæ ралæгæрста дон.  

 

Поэтæн уалдзæг у рухсхæссæг. Йæ тынтæй райы йæхи æмæ йæ алыварс адæмы зæрдæ дæр.  

 

Хъæлдзæг сабитæ йæ цурмæ  

Уайынц хъазынмæ цæрдæг,  

Урсцъар, худæндзастæй хурмæ  

Зайынц бæрзытæ рæхснæг.  

Ӕмæ уырдыгæй нæ мæргътæн  

Хъуысы се хсызгон æвзаг.  

Махæн амонды цырæгътæй  

Уалдзæг рухс кæны фæндаг.  

 

Адæймаг æрдзæн йæ афонтимæ, йæ фæзындтытимæ æнгом баст кæй у, уый зыны мæнæ ацы рæнхъытæй:  

 

Мæнæ рог уддзæф мæ рæзты  

Тасгæ-уасгæйæ тæхы.  

«Ацы дидинæгджын фæзты  

Симæм», – алчидæр зæгъы.  

Æрдз та йе ‘рттиваг пæлæзæй  

Бæстæ бамбæрзта бæстон.  

Æмæ уалдзыгон хъæлæсæй  

Нал и зарджытæн кæрон.  

 

Ацы дыууæ æмдзæвгæйы фыст сты æртынæм азты кæрон. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Барис нырма хæрзæвзонг кæй уыд. Царды тымыгъты йæхи нæма сфæлтæрдта. Йе ‘взонг сфæлдыстадон хъæлæс у рухс, романтикон хъуыдытæй дзаг. Мæнæ йæ иннæ æмдзæвгæ «Царды ад», зæгъгæ, уый та фыст æрцыд 1942 азы хæцæг æфсады. Уым поэт зæгъы тохы цæхæры уæвгæйæ, кæй бамбæрста царды æцæг ад  

 

Лæппуйæ цардмæ сонты цæстæй кастæн,  

Æмæ мын уыд хъæмпыхалау йæ уæз.  

Хъæндзæргæстау куыд атахтысты азтæ,  

Уый рухс бонты нæ рахатыдтон æз.  

Куы ахаттæн лæгæвзарæн хæтæнты.  

Фыдыбæстæн куы басгуыхтæн салдат,  

Куы цыдтæн тохы кардыком фæндæгтыл,  

Уæд царды арфæн бамбæрстон йæ ад.  

 

Ӕмæ ма иу æмдзæвгæ Барисы хæстон лирикæйæ. Ацы æмдзæвгæйæ та поэт фашистты бары сау калмимæ. Советон салдаты тох та у немыцæн сæ хъоргъы чи ныммардзæн, уыцы мæлæтхæссæг битъынайау. 

 

Уайых æрбауай, мæ фæндыр! —  

Цъус дыл мæ зæрдæ фæхудти.  

Гормон, цæмæн мын ныхъхъус дæ?!  

Исты куынæ бадæ гоби,  

Рыг дыл куынæ сбадти исты.  

Дæлæ ныгуылæнæй сау калм  

Марг таугæ махмæ ыслæсы.  

Фæлæ нæ тохæй æрзади  

Битъына калмы уæлкъæсæр.  

Цом та хæрзифтонгæй мах дæр  

Хæсты быдырмæ фæдисæй!  

Хæсты быдыры цæхæры  

Скæнæм хъæбатырдзинадыл  

Адæмæн ахсджиаг кадæг!  

 

Поэт кæд тохы быдыры знагимæ хæцы, уæддæр дзы рох нæу йæ уарзон чызг. Ӕвæры йын ныфс, тагъд знаг дæрæнгонд кæй æрцæудзæн, æмæ та сæ дыууæйы дæр уалдзæджы хур ногæй кæй тавдзæн, уымæй.  

 

Акæс-ма, сырх дидинджыты фæзы  

Чырс бынсæфт æрбакодта чызгай!  

Æмæ дымгæ сау мигъты фæхæссы  

Бон-изæрмæ хæхтырдæм чыргай.  

Акæс-ма, нæ пæлæхсар бæласы  

Уад бынтон куы ныккодта лæгуын!  

Ӕз фыццагау мæйрухсмæ йæ разы  

Хатгай демæ фыны дæр лæууын.  

Акæс–ма,нæ зад рæсугъд дыргъдоны  

Булæмæргъæн банцади йæ зард.  

Уый кæм тахти иудадзыг уæндонæй,  

Уым æлгъыстаг сау халон æрбадт.  

Фæлæ ма тæрс, тагъд æрлæудзæн уалдзæг,  

Уалдзæг махæн цардамæндтæ уардзæн.  

 

Поэт цæры йæ дзыллæйы цин æмæ сагъæсæй. Йæ раттæг дзыллæ сты йæ зарджыты сæйрагдæр. Йæ фыдæлты уæзæг Ирыстоныл зарынæй не ‘фсæды æмæ йæ хоны йæ амонд:  

 

Мæн кусын фæфæнды, фæфæнды мæ зарын, –  

Фæтырнын уæм, адæм, нæ уарзон зæххыл.  

Мæ зарæгæн уе ‘хсæн йæ базыртæ ссарын,  

Мæ зардæн йæ сагъæс – цæргæсау тæхын.  

Фæфæнды мæ кусын, мæн зарын фæфæнды,–  

Сымахыл æрзилын, мæ хæхтæ, мæ Ир,  

Кæд цардæн ныууадзин йæ хуымы фæтæнты  

Мæ гутоны иу хахх, мæ задхор æфсир.  

Мæн кусын фæфæнды, æз райсын мæ фæндыр,  

Ӕз дунеты цардыл фæхæссын мæ цæст  

Ӕмæ йыл куы рцæгъдын Кавказы бæрзæндтыл,  

Мæ амонд æрмæстдæр уæд вæййы æххæст!  

 

Мыртазты Барис ирон литературæйы зындгонд у, куыд национ поэзимæ ног жанртæ: фæзмæнтæ, мадригалтæ, дырæнхъонтæ, астрæнхъонтæ, дæсрæнхъонтæ бахæссæг. Йе ‘мдзæвгæтæ тæлмацгонд æрцыдысты уырыссаг æмæ нæ бæстæйы æндæр адæмты æвзæгтæм. Йæ поэзийы хæдхуыздзинадыл дзургæйæ Кæсæг-Балхъары адæмон фыссæг Алим Кешоков Барисы рахуыдта «Ирон Расул Гамзатов». Номдзыд ирон поэт, литературæиртасæг Джыккайты Шамил та Мыртазы-фырты тыххæй йæ уацы афтæ фыста: «Барис у курдиатджын поэт, йæ уацмыстæй йæ фæнды дзыллæйы зæрдæ ссарын æмæ ныр фидарæй зæгъæн ис, уый йæ къухы кæй бафтыд йе ‘вæллайгæ сфæлдыстадон куысты руаджы». Барисæн йæхи æмдзæвгæтæй бирæтæ хаст æрцыдысты ирон литературæйы ахуыргæнæн чингуытæм, хрестоматитæм. Ӕрыгон фæлтæр сæ æхсызгонæй зæрдæвæрдæй ахуыр кæнынц астæуккаг скъолайы æртыккæгæм æмæ æстæм кълæсты. Зындгонд поэт æмæ хъæбатыр хæстон Мыртазты Барис, кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр йе сфæлдыстад сси нæ литературæйы хæзнадоны фидыц. Йе ‘мдзæвгæтыл та йын нæ композитортæ цы зарджытæ ныффыстой, уыдон уарзон æмæ зынаргъ сты фæлтæртæн. 

 

Гасанты Валери (https://растдзинад.рф/2017/01/17/uyd-iron-dzyrdaivady-tsyragdar.html

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ