Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ЗДЖЫДЫ РÆСУГЪД.
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Мыртазты Барис 

ЗДЖЫДЫ РÆСУГЪД 

 

 

 

Куы, зæгъы, царди 

Ызджыды хъæуы1 

Æрхуы Мæсыджы2 

Ызджыды Рæсугъд. 

 

Йæ сау цæстытæ, 

Йæ сырх уадултæ, 

Йæ мидбылты худт –  

Лæппуйы сагъæс, 

 

Лæппуйы сагъæс –  

Йæ урс дæллагхъуыр. 

Къæлæт æрфгуытæ, 

Йæ нарæг астæу. 

 

Йæ хъуымбыл дзыкку3  

Сынты базырау4,  

Йæ хъуымбыл дзыкку  

Йæ фадхъулты онг. 

 

Куы рафæлгæсы  

Бæрзонд галуанæй,  

Уæд сау æхсæв дæр  

Ысвæййы бонау. 

 

Йæ уынд, йæ кондæй – 

Цæугæ дидинæг,  

Йæ уынд, йæ кондæй – 

Уæларвон зæдау... 

 

Уæд сарæх ысты  

Йæ хорз курджытæ,  

Æдзух æрвыстой  

Сæ минæвæрттæ. 

 

Фæлæ сын, зæгъы,  

Сæ минæвæртты  

Фæстæмæ здæхта  

Ызджыды Рæсугъд. 

 

 

Уæд иуахæмы  

Ызджыды фæзмæ 

Æрæмбырд ысты  

Æппæт усгуртæ. 

 

Ам сахъ фæсивæд  

Уыд алы бæстæй:  

Ирæй, Кæсæгæй,  

Цæцæн, Гуырдзыйæ... 

 

Сæ иуæй иннæ  

Уыди хъæздыгдæр, 

Сæ иуæй иннæ  

Уыди цытджындæр. 

 

Фæстагмæ схæццæ  

Асыйы хæхтæй5.  

Мæгуыр Астемыр,  

Бæзæрхыг6 фыййау. 

 

Йæ домбай уæнгтыл –  

Æмпъызт куырæтгонд,  

Йæ булкъдаст сæрыл –  

Лæбырд хæлын худ7

 

Йæ къахыдарæс –  

Зæронд æрчъитæ8,  

Сæныччы цармæй –  

Дæрдвæд9 зæнгæйттæ10

 

Уый сагъæс кодта  

Йæхинымæры:  

«Гъе ахæм амонд  

Мæнмæ кæм хауы, 

 

Фæлæ йын иу хатт  

Йæ мæйхуыз цæсгом  

Цæсты кæронæй  

Уæддæр куы фенин...» 

 

Уæд дзыллæйы 'хсæн  

Куы балæууыди,  

Цытджын хистæртæн  

Салам куы радта. 

 

– Æгас цу, «сахъ лæг»  

Кæцæй нæм фæдæ? 

Уæвгæ, нæ кæрц ма  

Дысхъуаг куы уыди! 

 

Куы йыл фæхудынц  

Уым хъал фæсивæд 

Зынæрвæссонæй,  

Чъылдымыздæхтæй. 

 

Куы дын байдайынц  

Æвзарын радгай  

Чызгайы цæстмæ  

Сæ лæгдзинæдтæ: 

 

Тæхгæ-тæхыны  

Сæ иу æрзилы  

Йæ бæхы бынты,  

Йæ бæхы сæрты; 

 

Тæхгæ-тæхыны  

Ыслæууыд иннæ,  

Æнæ цудгæйæ, 

Йæ бæхы рагъыл; 

 

Тæхгæ тæхыны 

Уæлбæхæй аннæ  

Дыууæ суарийы11  

Куы сисы зæххæй… 

 

Ыстæй сын, зæгъы,  

Куы бацайдагъ и  

Къæрццæмдзæгъд хъазты  

Рæуæг тымбыл кафт, 

 

Уым фæндырдзагъдмæ  

Хæрдмæ куы хауынц, –  

Цæст дæр нæ хæцы  

Сæ уæнгты айстыл. 

 

Сæ къахфындзтæ дын  

Æрсадзынц аив,  

Сæ къахфындзтыл дын  

Ныззилынц цъилау. 

 

Уæд, зæгъы, цъусдуг  

Фæсабыр вæййынц  

Æмæ æрхатынц  

Астемырмæ дæр... 

 

Рæтыд фæдджитæ  

Йæ синты 'ртъыста,  

Куы дын батулы  

Йæ ихсыд дыстæ. 

 

Куы, зæгъы, райсы  

Ыссæдз хъамайы,  

Ыссæдз хъамайы –  

Раст арвы фаттау. 

 

Куы сæ æрсадзы  

Йæ къух-саггæмтты,  

Йæ цæсты бынты,  

Йæ æфцæгготы; 

 

Куы сæ бакæны  

Йæ комыкъулты,  

Куы сыл ныххæцы  

Йæ урс дæндæгтæй... 

 

Куы дын басгуыхы  

Ысхъиугæ порти,  

Куы дын басгуыхы  

Раст зилгæ дымгæ... 

 

Æмдзыхæй, зæгъы,  

Уæд загътой адæм: 

– Нæй амæй хуыздæр  

Зæххыл ыскафæн! 

 

Ыстæй та, зæгъы,  

Куы сисынц зарын,  

Куы та бахъырнынц  

Сæ кæрæдзийæн... 

 

Куыннæ уыдаид  

Уым арæхстджынтæ!  

Мæлгъæвзæгтæ12 дзы  

Куыннæ уыдаид! 

 

Фæлæ та мæнæ  

Йæ рад æрхæццæ,  

Йæ рад æрхæццæ  

Астемырæн дæр. 

 

Куы алæгъз кæны  

Йæ цъæхснаг хъæлæс, – 

Æрыхъусынц ын  

Йæ илæлæймæ: 

 

Æрыхъусынц æм  

Æппæт сырдтæ дæр,  

Æгомыг хæхтæ,  

Ыстыр тархъæдтæ. 

 

Уæд цины уалдзæг  

Æрбаулæфы,  

Ызмисджын быдыр  

Цъæх нæуу куы фесты. 

 

Куы дзы сног вæййынц  

Хуыскъ бæлæстæ дæр, 

Куы дын рафтауынц  

Цæхæр-дидинæг. 

 

Уæд булæмæргътæ  

Æртæхынц фæзмæ,  

Йæ уæхсчытыл ын  

Æнцад æрбадынц, 

 

Æрыхъусынц ын 

Йæ илæлæймæ, 

Куы йæм бабæллынц, 

Куы йæ бафæзмынц... 

 

Æмæ та, зæгъы,  

Фæзæгъынц адæм:  

– Куы та амбылдта  

Асыйаг фыййау! 

 

Уæд рабадтысты  

Хæдзарæн лæгæй:  

Зæрондæй, ногæй,  

Ыстыр тæрхоны. 

 

Куы дын байдыдтой  

Кæрæдзи 'взарын,  

Кæрæдзи взарын 

Хæдзонддзинадæй. 

 

Дæснытæ та дзы  

Куыннæ уыдаид,  

Куыннæ уыдаид  

Ныхас кæнынмæ! 

 

Фæлæ та, зæгъы,  

Æвзыгъд Астемыр  

Фæстагдæр дзуры  

Зæлдаг уадзæгау... 

 

Уæд дын æй хистæр  

Фæрсын куы сисы:  

– Сæ дыууæ дæр нын  

Æнгуырстанйæстæ... 

 

Фæлæ æххæссынц  

Быдыртæ, хæхтыл,  

Уæлæрвтæ, фурдтыл.  

Цы сты гъе уыдон? 

 

Уый дзуапп куы ратты: 

– Мæнмæ гæсгæйæ, 

Ысты гъе уыдон  

Дæ дыууæ цæсты... 

 

Уæд та йæ кæстæр  

Фæрсын куы сисы: 

– Уæдæ дунейыл  

Цы у тыхджындæр? 

 

Уый дзуапп куы ратты: 

– Мæнмæ гæсгæйæ,  

Зæххыл тыхджындæр  

У уарзондзинад. 

 

Сымах дæр уый тых  

Æркодта ардæм  

Уæ дард бæстæтæй,  

Уæ зын фæндæгтыл. 

 

Уæд дын æй хистæр  

Фæрсын куы сисы: 

– Ыстъалытæ та  

Цæй бæрц ис арвыл? 

 

Уый дзуапп куы ратты:  

– Нæ сæртыл махæн  

Æрдутæ цал ис,  

Гъе уым дæр – уыйбæрц… 

 

Уæд та йæ кæстæр  

Фæрсын куы сисы: 

– Зæгъ, амондджындæр  

Дунейыл чи у? 

 

Уый дзуапп куы ратты: 

– У амондджындæр,  

Кæй уæ бауарза  

Ызджыды Рæсугъд... 

 

Æмæ та, зæгъы,  

Фæзæгъынц адæм:  

– Куы нæ амбылдта! 

Асыйаг фиййау. 

 

...Астемырмæ дын  

Æнæ ракæсгæ  

Куы нал фæлæууы  

Ызджыды Рæсугъд, 

 

Куы йæм февдисы  

Дари къухмæрзæн,  

Йæ рудзынгæй йæм  

Бынмæ куы 'рдзуры: 

 

– Хæстæгдæр-ма мæм  

Æрбацу, уазæг, 

Дæ фæсонтæ-ма  

Мæнырдæм раздах... 

 

Йæ фæсонтыл ын  

Чызг ацаразы  

Мæй, хуры нывтæ,  

Ыстæй фæзæгъы: 

 

– Ныр дæлæ бахиз  

Мæ уазæгдонмæ;  

Къæбæр нæм ахæр,  

Ысуадз дæ фæллад. 

 

Уæд хъал фæсивæд  

Æрæнкъард ысты, –  

Сæ фыдæбæттæ –  

Дон хиды бынты... 

 

Куы дын æрцæры  

Æрхуы Мæсыджы  

Ызджыды Рæсугъд  

Асыйагимæ. 

 

Æрхъæцмæ, зæгъы,  

Нæ хъæцыдысты,  

Нæ хъæцыдысты  

Сæ кæрæдзийыл; 

 

Сæ иуæн иннæ  

Уыд бон йæ рухс хур,  

Сæ иуæн иннæ  

Æхсæв йæ мæй уыд. 

 

Уæд, зæгъы, иу хатт  

Ызджыды Рæсугъд  

Æваст фæрынчын,  

Ахъаззаг нал уыд. 

 

Ызджыды астæу  

Бæрзонд обауæй  

Тæлтæг13фидиуæг  

Куы ныхъхъæр ласы: 

 

– Хъæубæстæ райсом  

Хæдзарæн лæгæй  

Цæудзысты зиуы14  

Кæрдоджын рагъмæ! 

 

Цы лæг баззайа  

Фæстейы, уый та  

Æмвæндæй адæм  

Ивар15 кæндзысты –  

 

Æргæвддзысты йын 

Йæ гал хъæугуывдæн!  

«Нæ фехъуыстон»-иу  

Уæд мачи зæгъæд! 

 

Сæдæ хосдзауы 

Куы араст вæййынц,  

Куы, араст вæййынц  

Кæрдоджын рагъмæ. 

 

Фæлæ Астемыр 

Ныллæууы хъæуы  

Йæ бинойнагмæ  

Цæст фæдарынмæ. 

 

Сæумæйæ дын æм  

Куы дзуры йе 'фсин,  

Куы дзуры йе 'фсин  

Хъæрзгæ-нæтгæйæ: 

 

– Нæ хорз хъæубæстæ  

Хæдзарæн лæгæй 

Ныр хос кæрдынмæ  

Куы аивгъуыдтой, 

 

Æмæ дæуæй уый  

Куы нæ ацæуа,  

Уæд мах æнæ гал  

Куы баззайдзыстæм. 

 

Йæ мой йын, зæгъы,  

Уæд дзуапп куы ратты: 

– Дæу та кæй уазæг,  

Кæй бар бакæнон? 

 

Фæлтау нæ бур гал  

Фæуæд сæ фæхъхъау,  

Фæуæнт сæ фæхъхъау  

Нæ фос æгасæй. 

 

Уæд, зæгъы, йе 'фсин  

Фæзæгъы ногæй: 

– Мæ хур, мæнæн дæр  

Мæ амонд конд у, –  

 

Æнæ адзалæй  

Мæлæт куы нæ и...  

Адзалæн та, дам,  

Мадзал куы нæ и... 

 

Уый ницы сдзуры,  

Фæлæ йæм дары  

Изæрдалынгтæм  

Йæ цæст фæсвæдæй... 

 

Ызджыды Рæсугъд  

Куы фæсæрæнхуыз,  

Уæд лæг ыскодта  

Йæ цæвæг йе 'ккой 

 

Æмæ æнкъардæй  

Куыстмæ фæцæуы,  

Йæ рынчын къаймæ  

Йæ зæрдæ 'хсайгæ. 

 

Æмбисæхсæвтыл  

Ысхæццæ вæййы,  

Ысхæццæ вæййы  

Кæрдоджын рагъмæ. 

 

Фæллад хосдзаутæ  

Хуыссынц хуыррыттæй,  

Хæххон дымгæ сын  

Сæ риутыл хъазы. 

 

Астемыр, зæгъы,  

Чысыл доны был  

Куы бацыргъ кæны  

Йæ болат16 цæвæг. 

 

Куы дын байдайы  

Кæрдынтæ гъæйттæй,  

Кæрдынтæ - гъæйттæй  

Фæйлаугæ кæрдæг. 

 

Мæй арвыл тулы  

Йæ цæлхыдзагæй, –  

Æрхаудта судзин,  

Уæд ын уыд фенæн… 

 

Сæудармæ17, зæгъы,  

Нæ бацауæрста  

Æвзыгъд Астемыр  

Куысты йæхиуыл. 

 

Æрвон хурзæрин  

Куы скаст фæсхохæй,  

Йæ зæлдаг тынтæ  

Куы ранывæзта, –  

 

Уæд дын асыйаг  

Æрсагъта цæвæг,  

Йæхи æруагъта  

Егъау тулдзы бын. 

 

Уæд иугай-дыгай  

Куы райхъал вæййынц,  

Куы райхъал вæййынц  

Фæлтæрд хосдзаутæ. 

 

Кæсынц, æмæ дын –  

Æнахуыр хабар:  

Сæ карсты фарсмæ –  

Æндæр ыстыр карст. 

 

«Уæу, мæнæ диссаг!  

Мыййаг, кæд зæдтæ  

Уыдысты, æмæ  

Куыд уыдаиккой!.. 

 

Гъе уыдон афтæ  

Куы нæ арæхсынц,  

Куы нæ арæхсынц  

Цыргъ цæвæгимæ! 

 

«Уæу, мæнæ диссаг!  

Кæд дæлимонтæ18  

Уыдысты, æмæ  

Куыд уыдаиккой!..» 

 

Уæд зæгъы, чидæр  

Фæкастис, æмæ –  

Фæстаг уисы раз  

Цыдæр сау æндæрг. 

 

Йæ ныфс æм, зæгъы,  

Куы ничи хæссы,  

Æмæ æстдæсæй  

Ысгуппар вæййынц. 

 

Куы йæм фæхъуызынц,  

Тæрсгæ-ризгæйæ,  

Тæрсгæ ризгæйæ,  

Сæ къахы фындзтыл. 

 

Æмæ дын, хъавгæ,  

Нымæты кæрон  

Сæ даргъ сагæйттæй  

Уæлæмæ сисынц. 

 

Кæсынц, æмæ дын  

Хуыссы йæ быны, 

Хуыссы йæ быны, 

Хæрзконд лæппулæг. 

 

Сæ уынæрмæ дын  

Куы фехъал вæййы,  

Куы йæ æрхонынц  

Сæхи бынатмæ. 

 

Дзæбæх æй фенынц  

Сæ бæрæчетæй,  

Ыстæй йæм, зæгъы, 

Æрхатынц иумæ: 

 

– Æхсæны куыстæй  

Дæуыл цы 'мбæлди,  

Гъе уый дын бирæ  

Фылдæрæн бантыст. 

 

Дæ хорз æгъдауæй,  

Дæ сахъдзинадæй  

Фæбузныг ыстæм.  

Ныр та дæ курæм: 

 

Дæуæн дæ рынчын  

Бынтон иунæг у,  

Æмæ йæм тагъддæр  

Фæстæмæ ацу. 

 

Мах ам нæхæдæг  

Хос бассивдзыстæм,  

Мæкъуылтæ дæр æй  

Æрцамайдзыстæм. 

 

Уæд сын Астемыр  

Куы р'арфæ кæны  

Æмæ сæхимæ  

Йæ фæндаг дары. 

 

Цæуынтæ сисы.  

Ысхæццæ вæййы,  

Ысхæццæ вæййы  

Хъивоны 'фцæгмæ19

 

Куы дын бафæрсы  

Уым рæгъаугæсты: 

– Цымæ мæ рынчын  

Куыд у нæхимæ?.. 

 

Куы йын фæзæгъынц:  

– Хуыцау æй уадзæд 

Дæхи фæндиаг 

Ахъаззаг нал у... 

 

Сæргуыбырæй дын  

Фæцæуы дарддæр,  

Ысхæццæ вæййы  

Дзæбидыр-хохмæ20

 

Куы та бафæрсы  

Хъæуккаг фиййæутты: 

– Цымæ мæ рынчын  

Куыд у нæхимæ?.. 

 

Куы йын фæзæгъынц: 

– Фæдзæбæхдæр и,  

Фæдзæбæхдæр и  

Æмæ, дам, сыстад. 

 

Куы рараст вæййы  

Зæрдæхъæлдзæгæй 

Дзæбидыр-хохæй  

Хъивоны Дуармæ21

 

Куы та бафæрсы  

Уым родгæсты дæр: 

– Цымæ цы баци  

Ызджыды Рæсугъд?.. 

 

Куы йын фæзæгъынц: 

– Уый нал ис... Рухсаг. 

Йæ дыууæ къухæй  

Йæ сæр ныххойы. 

 

Куы дын бацæуы,  

Кæугæ, сæхимæ. 

Сæ уæрæх кæрты –  

Ыстыр мæрддзыгой. 

 

Уæд афæлгæсы  

Æмæ дын фены;  

Куы кæнынц табæт  

Æрмæстдæр иуæн. 

 

Куы сæм баздæхы,  

Йæхи уромгæ,  

Æфсæрмыгæнгæ,  

Уынгæгзæрдæйæ: 

 

– Куы саразиккат  

Дыууæ чырыны;  

Мæнæн дæр нал и  

Зæххыл цæрæнбон. 

 

Куы, зæгъы, скæнынц  

Дыууæ чырыны,  

Куы сын цæвæрынц  

Мæрдты фæндаггаг. 

 

Куы сæ фæхæссынц  

Сæ хъæуы сæрмæ,  

Куы сæ бафснайынц  

Ыстыр зæппадзы22

 

Йæ сæрыхицау  

Уым удæгасæй  

Йæ къайы уæлхъус  

Æрхуымæй бады. 

 

Куы, зæгъы, ссудзы  

Мыдадзын цырагъ,  

Куы дын байдайы  

Æрдиаг, марой. 

 

Мæстæлгъæдæй йыл  

Куы фæтых вæййы  

Æгъатыр хуыссæг  

Æнæнхъæлæджы. 

 

Уæд, зæгъы, иу калм  

Æрбацæйлæсы,  

Сыф-сыфгæнгæйæ,  

Фæбыры мардмæ. 

 

Астемыр уайтагъд  

Куы фехъал вæййы,  

Куы фæцъортт кæны  

Йæ даргъ сау хъама, 

 

Уый маргхæссæджы  

Куы ньщъцъыкк ласы,  

Йæ астæуыл æй  

Фæдыууæ кæны. 

 

Йæ раззаг æрдæг  

Фæвæййы лидзæг, 

Ыстæй фæстæмæ!  

Æрбацæйхилы. 

 

Æмæ йæ лыгтæ 

Сæ кæрæдзийыл 

Куы аныхасы 

Йæ бур фæрдыгæй23

 

Йæ бур фæрдыг дын  

Æрхауы къуымы.  

Залиаг удхор  

Куы адзæхст кæны... 

 

Уæд ирд бур фæрдыг  

Астемыр сисы  

Æмæ йæхицæн  

Фæзæгъы афтæ: 

 

«Гъе уыцы сау калм  

Кæмæй ысног и,  

Уый ме 'фсинæн дæр  

Кæд феххуыс уаид...» 

 

Сыгъдæг цыкура  

Æрсæрфон мардыл  

Куыд загъта, афтæ  

Ус дзуры моймæ: 

 

– Нæ хъæуы, мæ бон,  

Уыныс, æгас дæн!..  

Æрмæст фæлвæрдтон,  

Цæйбæрц мæ уарзыс... 

 

Ныр дын дæ зæрдæ  

Æз хорз базыдтон.– 

Йæхæдæг рабадт  

Ызджыды Рæсугъд... 

 

Дæларм-уæлармæй  

Куы рараст вæййынц  

Æдзæм уæлмæрдæй  

Æрхуы Мæсыгмæ. 

 

Сæ хабар айхъуыст  

Æгас хæхбæстыл,  

Æмæ сæ циныл  

Цин кодтой дзыллæ. 

 

Раст иу абонæй  

Суанг иннабонмæ  

Уыдис Ызджыды  

Хъæугуывд, ыстыр хъазт. 

 

Аргъауы сюжет ист у адæмон сфæлдыстадæй (аргъау æмæ таурæгъ «Зджыды рæсугъд»). Хицæн чиныгæй мыхуыры рацыд 1958 азы. 

 

1. Зджыд – хъæу Цæгат Ирыстоны, Уæлладжыры комы. 

2. Æрхуы мæсыг – арæх æмбæлы адæмон сфæлдыстады. Æрхуы – згъæры мыггаг (уырыс. «медь»). 

3. Хъуымбыл дзыкку – бæзджын дзыкку. 

4. Сынт – маргъы мыггаг (уырыс. «ворон»). 

5. Асы, асыйаг – Балхъар, балхъайраг. 

6. Бæзæрхыг – уæхскджын, уæнгджын (уырыс. «коренастый»). 

7. Хæлын худ – худ тæнæг фысдзармæй. Хæлын худтæ уыдысты æппæт худтæй хуымæтæгдæр, рогдæр (уырыс. «барашковая шапка»).  

8. Æрчъитæ – галдзармæй (æрчъиагæй) хуыд къахыдарæс 

9. Дæрдвæд – дæрдджын (уырыс. «поношенный»). 

10. Зæнгæйттæ – нæлгоймаджы дарæс (уырыс. – «ноговицы»). Арæзтой сæ фæсмынæй, æдхъуын цармæй, сæракæй, хъуымацæй. Æххæссыдысты уæраджы сæртæм, уæраджы фæтасæны бынмæ баст уыдысты зæнгбостæй, сæ бинаг кæрæттыл сын хуыдтой фадбостæ.  

11. Суари – фондз капеччы.  

12. Мæлгъæвзаг – дзырдарæхст (уырыс. «красноречивый»). 

13. Тæлтæг – рог, сæртæг (уырыс. «горячий, легкомысленный, экспансивный, невыдержанный»). 

14. Зиу – æхсæны æххуыс. Хъæуы сидзæргæс, æвæгæcæг, иунæг сылгоймæгтæм, æххуысхъуаг хæдзæрттæм-иу хъæубæстæ арæх фæкастысты сæ куыстытæ кæнынмæ: хос кæрдынмæ, хæдзар аразынмæ æмæ а.д. 

15. Ивар – материалон æфхæрды хуыз (уырыс. «штраф»). 

16. Болат – æндон (уырыс. «стальной, булатный»). 

17. Сæудармæ – боныцъæхтæм (уырыс. «до рассвета»). 

18. Дæлимон – дæлдзæх цæрæг хæйрæг. 

19. Хъивоны ‘фцæг (топ.) – ис Зджыд æмæ Ходы хъæумæ æввахс. 

20. Дзæбидыр хох (топ.) – ис Зджыды ныгуылæнварс. 

21. Хъивоны Дуар (топ.) – уыгæрдæн Абайты хъæуы хъæууатæй Зджыды ‘хсæн. 

22. Зæппадз – мæрдтæ æвæрæн бынат дурын кæнæ хъæдын тæрхæджытимæ (уырыс. «склеп»). Амад уыдысты дурæй, æвæрд-иу дзы цыдысты хæдзаргай кæнæ мыггаггай. Уыдысты дыууæ хуызы: зæххы бын æмæ æддæгуæлæ зæппæдзтæ (Дæргъæвсы Мæрдты сахар). 

23. Бур фæрдыг – ныхас цæуы Цыкурайы фæрдыгыл. Цыкурайы фæрдыг – арæх æмбæлы адæмон сфæлдыстады. Кæй къухы-иу бафтыд, уымæн уыд амонды, бæркады хос; хæдзарæн уыд ахсджиаг хæзна, хъахъхъæдтой йæ, куывтой йæм. Аргъæутты дзæбæх кæны мæлæтдзаг цæфтæ, удæгас кæны мæрдты. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ