Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ИРОН МЫГГАДЖЫ ФАРН
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Иухатт, дам, Санаты Семы бафарстой:  

«Сем, зæгъ-ма, æппæты зындæр хъаймæт цы вæййы?» 

«Адæм се`взаг, се`гъдауыл сæ къух куы сисой, кæстæр хистæры куынæуал æмбара, адæмы фæтк хæлд куы уа, æфсарм куы фесæфа, æууæнк куы нæ уал уа, уæд ацы хæдзарау цард дæр басудзы» - дзуапп ратта Сем. 

 

Нæ рагфыдæлтæ, алантæ æмæ сæрмæттæ, бæстæтыл зылдысты, стæры цыдысты, сæ цард тохæн снывонд кодтой, æмæ сæ стыр сахартæ, бæрзонд фидæрттæ амайынмæ нæ равдæлди. Нæ нын ныууагътой къухæй арæзт, кæнæ та чингуыты фыст бынтæ. Фæлæ уыдæтты ныхмæ ныууагътой æвидийгæ хæзнатæ, æмбал кæмæн нæй ахæм дунембарынад æмæ царды æгъдау. Фыдæлтæ мингай фæлтæрты сæрты цы Фарн æмбырд кодтой, уый махмæ æрхæццæ æрмæстдæр нæ адæмы æхсæнадон зондахасты фæрцы, алчидæр йæ адæмы хъысмæт æмæ фидæн æппæтæй бæрзонддæр кæй авæрдта, уый æххуысæй. Уыцы Фарн цæуы фыдæй фыртмæ, хистæрæй – кæстæрмæ, æмæ цæмæй макуы байсыса, уыйтыххæй хъуамæ мыггæгтæ, хиуæтты æфсымæрон бастдзинæдтæ фидар уой. Цы бинонтæ кæрæдзийы не’мбарой, уыцы бинонты ‘хсæн Фарн дæр нал вæййы. Уыимæ нæ алчидæр хæссы мыггаджы ном æмæ йæ адæм фыццаджыдæр уыцы номæй базонынц. Искæимæ зонгæ кæнгæйæ куы фехъусæм, æз мæнæ ахæм мыггагæй дæн, зæгъгæ, уæд алчидæр йæхи нымæр арымысы уыцы мыггагæй кæй зоны æмæ дзы сгуыхт адæм чи уыдис, уыдоны. Уæдæ хатгай мыггаг худинаггæнджытæ дæр æрбалæууынц зæрдæйыл. Уый дзæгъæлы нæу.  

 

Ис бирæ адæмыхаттытæ, кæцытæм мыггаг машинæйы номырæй уæлдай нæу, ницы аргъ, кæнæ хъомыс дзы ис. Кæмæндæр йæ рагфыдæл куырд уыдис æмæ Смит мыггаг хæссы, æндæрæн – дзулфыцæг (Бекер). Мах дæр нæ рагфыдæлы ном хæссæм нæ мыггæгты, фæлæ фыдæлæй абоны онг уыцы номæн адæмы астæу кад чи кодта, мыггаг бæзджын кæныныл, æнгом æмæ фидар кæныныл чи архайдта, уыдоны кад æмæ намыс зæрдыл даргæйæ. Алчи нæ сæрыстыр у йæ мыггагæй, æндæрыл æй нæ баивдзæн. Æмæ кæд абон не’хсæн фæзындис ахæмтæ, йæ мыггаджы фарн æрдумæ дæр чин нæ дары, йе’фсымæрты æмæ хоты æгад чи кæны, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон мыггаджы æнусон фидардзинад фæцудыдта, йæ хъомыс зынгæ фæкъаддæр ис. Бирæ мыггæгты мидæг адæм кæрæдзийы нал зонынц, кæстæртæ не’мбæлынц, кæрæдзимæ æфсымæртæ æмæ хоты цæстæй нал кæсынц. Афтæмæй тагъд кæйдæртау райдайдзыстæм дзурын: «Уыцы лæгимæ хæстæджытæ не стæм. Просто однофамилецтæ.»  

Кæй аххосæй? Æнæмæнг алы мыггагæн дæр йæхи аххосæй. Мыггаджы иудзинадмæ, йæ фидæнмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кæсæм, уый аххосæй. Фендджын, куырыхон æмæ дардмæуынæг хистæртæ, стæй зæрдæргъæвд, цардбæлон кæстæртæ цы мыггаджы ис, уый йæхи ахæм уавæрмæ не’руаддзæн, ссардзæн мадзæлттæ мыггаг æрбангом кæнынæн.  

Абон бирæ мыггæгтæ ис æрхæссæн ахæм дæнцæгæн. Хистæртæ иумæ куы æрæмбырд вæййынц, кæрæдзимæ лæмбынæг куы байхъусынц æмæ сæ мыггагæн аггаг уынаффæтæ куы рахæссынц, уæд уый у йæ сæйраг рахæцæн. Нæ фыдæлтæ сæ алы хъуыддагыл дæр кодтой уынаффæ иумæ, алчи архайдта æгъдау æмæ уаздандзинады сæрты ма ахизгæйæ, йæ хъуыдытæ иннæтæм фæхæццæ кæныныл, стæй уыдонмæ байхъусыныл. Уый фæдыл баззад бирæ æмбисæндтæ. Дзæгъæлы не схуыдтой сæ комбæсты, хъæубæсты, гъе та мыггаджы дзырддзæугæ лæгты æмбырд Ныхас.  

Ныхасы хъомыс тынг стыр у. Æнæрхъуыды, тызмæг, кæнæ цъаммар ныхасæй ис цард фехалæн, уæздан, арфхъуыды, мидисджын ныхасæй та иу нæ хистæртæ тудджынты дæр бафидауын кодтой. Алы мыггаджы дæр ис кадджын, дзырддзæугæ лæгтæ, йæ ныхасы зонд æмæ уæз кæмæн ис. Уыдон куы æрæмбырд уой, æмæ куы æрныхас кæной сæ иумæйаг фарстатыл, уæд сæ бон у мыггаджы æрбангом кæнын, æгъдау сфидар кæнын, фæсивæды фидæнæн аггаг мадзæлттæ ссарын. Нæ фæрæдийдзынæн, куы зæгъон, уый мыггæгты хистæрты сæйраг хæс кæй у. Фæлæ абон, мæнæ хатгай бирæтæ фынджы хистæрæн куыд нæ фæкомынц бадын, уыйау мыггаджы хистæр дæр зын раиртасæн вæййы. Карджын адæм кæрæдзимæ амонын райдайынц, сæ ныхас иумæ нæ фæбады. Гъе та исчи йæхимæ уыцы хæс барвæндонæй куы райсы, уæд æй чидæртæ фауын райдайынц: «Ды мын цы уынаффæ кæныс, мæхæдæг хуыздæр зонын». Æмæ ахæм цæстæнгасимæ мыггаг цæмæ цæуы? Цы фарн райсдзысты кæстæртæ сæ хистæртæй?  

 

Мæнæ куыд фыста дзæнæты бадинаг Хæутаты Къоста йæ чиныджы: «Мыггаджы хистæр у æппæт мыггагæн иудзинад æмæ уæздандзинады нысандар, мыггаджы уынаффæгæнæг, хъомылгæнæг æмæ ахуыргæнæг. Фыдæлтæй хуымæтæджы нæ баззад: «Хистæр кæм нæй, уым фарн дæр нæй». Кæстæр, хистæр бæрæг цы мыггаджы нæй, уый кадджын никуы уыди æмæ нæу. Мыггаджы хистæрыл нымад хъуамæ уа: хистæр кары нæлгоймæгтæй иу, æрмæст алкæд азтæй се ’ппæтæй хистæр нæ вæййы; уæздан, фендджын, фæлтæрдджын адæймаг; йæхи хæдзары, мыггаджы æмæ адæмы ’хсæн кадджын чи у, ахæм бинонты хистæр; сыгъдæгзæрдæ, хиуылхæст æмæ бонзонгæ адæймаг».  

 

Ивгъуыд заманты ахæм мыггаг нæ уыдис, бæрæг хистæртæ кæм нæ уыдаид. Кæцы мыггаг сæвæрдтаид йæхи ахæм æгады бынаты? Алы адæймаг дæр æппæты бæрзонддæр æвæрдта йæ мыггаджы кад æмæ намыс, архайдта цæмæй сыл æфтауа йæ алы ныхас æмæ алы хъуыддагæй. Хорз уаид, æмæ куы ахъуыды кæниккам арф уыцы кадджын хистæрты зондахастыл, куы сын спайда кæниккам сæ куырыхон зонд æмæ фарнæй. Ма бауадзæм слæмæгъ кæнын мыггаджы æфсымæрон бастдзинад, ма рох кæнæм чи сты не ‘рвадæлтæ, нæ хион, нæ къабаз. Алцыдæр аразгæ у хистæртæй, уыдоны уынаффæйæ. Фæлæ уыцы хæс æмæ уæз хистæртæ сæхимæ цы мыггаджы нæ исынц, уым та сæ ныхас хъуамæ зæгъой рæстæмбис кары адæм æмæ суанг кæстæртæ дæр.  

Абон Ирыстоны ис æртиссæдз мыггагæй фылдæр, кæцытæ скодтой æмбырдтæ, æмæ уым снысан кодтой мыггаджы æвзæрст лæгты. Уыдонæн баргонд цæуы мыггаджы номæй дзурын, уынаффæ хæссын, иумæйаг ахсджиаг фарстатæ лыг кæнын. Мыггагæн йæ бон у уыцы æвзæрст лæгтæн æхсæнадон Тæрхоны бартæ раттын дæр, худинаггæнджытæн уайдзæф кæнын, фесгуыхджытæн кад скæнын, кæнæ та тудджынты фидауын кæнын. Æвзæрст лæгтæ цы мыггæгты ис, уыдонæн сæ фылдæр дарынц бастдзинад Иры Стыр Ныхасимæ, æмæ сæм мах дæр фæкæсæм, кæм нæ бон у, уым. Уыимæ сын рахай кæнæм нæ агъуыст æмбырдтæ кæнынмæ. Сæдæ адæймаджы дзы цæуы, æмæ уый фаг у кæцы-фæнды стыр мыггæджы æвзæрст лæгты æмбырдæн дæр. Фарон цы æппæтадæмон съезд сарæзтам, уырдæм сæрмагондæй æрхуыдтам мыггæгты минæвæртты дæр. Дарддæр нæ зæрды ис уыцы минæвæрттæй саразын Иры Мыггæгты Ныхас, кæцы иу æркæсдзæн иумæйаг фарстатæм, хæсдзæн хъæугæ уынаффæтæ. Цæвиттон, нæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдæтты фæрцы хъуамæ фæстæмæ сфидар кæнæм ирон мыггаджы хъомыс æмæ ахадындзинад. Уыимæ Ирыстоны мыггæгтæ иуылдæр сты кæрæдзиимæ баст: кæм чындзыты, кæм сиахсты, кæм хæрæфыртты фæрцы. Зын ссарæн у дыууæ мыггаджы кæцытæ кæрæдзийæн æппындæр ницы бавæййынц. Иу ныхасæй, иуылдæр стæм æфсымæртæ æмæ хотæ. Уый нын рохгæнгæ нæу. Нæ ныхас иу алкæддæр хъуамæ уырдыгæй райдайæм. 

 

Ирыстоны мин мыггагæй фылдæр ис. Чи дзы цыбыр у, цалдæр хæдзары æрмæст. Кæцыдæртæн та сæ нымæц минтæй нымайгæ у. Хуыцау нæ адæмы æфсир æфтауæгау сбæззын кæнæд. Чидæртæ арæх фæзæгъынц, 500-700 хæдзары цы мыггаджы ис, уыдон куыдæй æрæмбырд кæнæм? Ахæм фарстайæн дæр ис дзуапп раттæн. Фыццаджыдæр, мыггаджы куывд куы фæкæнæм 3-4 азы иу хатт, уæд уырдæм адæм хорз æрæмбырд вæййынц, суанг сиахстæ æмæ хæрæфыртæ дæр. Ссарæм мадзæлттæ, бынат, æртымбыл кæнæм æхцайы фæрæзтæ. Уый тынг хорз хъуыддаг у. Бирæтæ кæрæдзийы фенынц, бацин кæнынц, саразынц хъазт, сæхи хорз аирхæвсынц. Фæлæ мыггаджы ахсджиаг фарстатæ дзадджын фынджы уæлхъус зын лыг кæнæн у. Куывдæн æндæр нысан ис. Æмæ иу уый хъуыдыгæнгæйæ, стыр мыггагæй 4-5 лæджы сæхимæ мыггагæн балæггад кæныны хæс куы райсиккой, куы æрбадиккой æмæ куы скæниккой номхыгъд, кæцы хъæуы, гъе горæты, цал хæдзары цæры уыцы мыггагæй æмæ дзы дзырддзææугæ хистæртæ чи сты. Ныры рæстæджы телефонтæ хорз кусынц, ис ма интернеты мадзæлттæ дæр, æмæ ахæм номхыгъд, кæстæртæ æххуысæй саразынæн бирæ рæстæг нæ хъæуы. Дарддæр ноджы æнцондæр – снысан кæн бон, рæстæг, бынат, æмæ уыцы дзырддзæугæ лæгты æрхон мыггаджы æмбырдмæ. Уыдонимæ æнæмæнг æрхонын хъæуы сæрæн кæстæртæй дæр алы рæттæй иу цалдæры. Æрмæстдæр афтæмæй ис банымайæн æмбырды уынаффæтæ æгас мыггаджы уынаффæтыл. Хатгай цалдæр лæджы куы рамбырд вæййынц, æмæ сæхимæ æгас мыггагæн уынаффæ кæныны бар куы райсынц, уæд уый раст нæу, нæдæр юридикон, нæдæр ирон æгъдауæй. Æмбырды сæйраг нысан хъуамæ уа мыггаджы æвзæрст лæгтæй нысангонд рæстæгмæ (иу кæнæ æртæ азмæ) мыггагæн уынаффæйы бар кæмæ хаудзæн, уыцы Ныхас равзарын. Кæд æмбырды архайджытæн сæ нымæц сæдæйæ нæ ахиза, уæд табуафси, мах уын уыцы хъуыддагæн рауæлдай кæндзыстæм Иры Стыр Ныхасы агъуыст, Дзæуджыхъæуы, Фрунзейы уынджы, 24 хæдзары. Кæд мыггаг сфæнд кæна йе’мбырд районтæй искæцыйы скæнын, уæд дæр баныхас кæндзыстæм уыцы районы хицауадимæ бынаты тыххæй. Нæ бон ма уын у фембæлд саразын, уыцы куыст рагæй æмæ æнтысджынæй чи кæны, уыцы мыггæгты минæвæрттимæ. Уыдон зонынц цы æмæ куыд, сæ фæлтæрдзинад нæ бавгъау кæндзысты. Æрмæстдæр базмæлут, батыхсут уæ мыггаджы фидæныл, зынаргъ хистæртæ æмæ цардбæлон кæстæртæ! Нæ йыл фæфæсмон кæндзыстут уæ лæггадыл, арфæйаг уыдзыстут уе’фсымæртæ æмæ хотæн, уæ фидæны фæлтæртæн. 

 

Арæх фæдзурæм не’гъдау, нæ абоны зондахастыл, нæ фæсивæды сомбоныл. Дзурын хорз у, фынджы уæлхъус рæсугъд сидтытæ æмæ гаджидæуттæ уадзын ноджы хуыздæр. Уæдæ хицауадмæ дæр хорз уынаффæтæм æнхъæлмæ кæсæм æмæ сæ домæм: «Цæуылнæ нын саразут уый æмæ уый?» Уый дæр æнæмæнг хъæуы. Фæлæ, ау, нæхицæй æппын ницы аразгæ у? Æдзух хъуамæ искæмæ æнхъæлмæ кæсæм нæ царды цæлхдуртæ аиуварс кæнынмæ? Ис ахæм æгъдаухалджытæ, кæцытæ иннæтæй, гъе та кæстæртæй карзæй æгъдау фæдомынц. Уæдæ йæ хæдзары йæ кæстæртæм иронау чи нæ дзуры, уыдонæй дæр бирæтæ сæ ныхасы национ ахуырады проблематыл фæтыхсынц, искæйы азымджын кæнгæйæ. Фæлæ иу уыимæ иу чысыл нæхæдæг дæр куы базмæликкам, дыстæ бафæлдахгæйæ нæхи, нæ хоты æмæ не’фсымæрты кæстæртæн уæддæр куы балæггад кæниккам, уæд хуыздæр нæ уаид? Чы сыл батыхсдзæн, кæй бар сæ бакæнæм? Чи бацамондзæн, йæ хæдзары æгъдаухæссæг хистæр кæмæн нæй, нæ уыцы кæстæр æфсымæрæн цы ‘мбæлы, цы нæ? Чи бауайдзæф кæндзæн æгас мыггаджы худинаг чи кæны, уымæн? Чи арфæ кæндзæн мыггаджы кад æмæ намыс бæрзонд чи хæссы, уыцы кæстæртæн?  

Алцы хистæртæй аразгæ у, йæ дардыл фæлгæсæг хъуыдыйæ æмæ уынаффæйæ. Æмæ кæд иуæй-иутæ арф ныулæфгæйæ фæзæгъынц: «Чи ма нæм ис? Нæ кадджын хистæртæ нал сты…», уæддæр æз æппындæр дызæрдыг нæ кæнын, алы мыггаджы дæр кæй ис фаг кадджын, дзырдзæугæ лæгтæ. Уыдон æнæмæнг карæй хистæр нæ вæййынц, сæхи равдисынц сæ азты бæрзæндæй нæ, фæлæ хъуыддагæй, æгъдауæй, уæздандзинадæй. Æз зæрдиагæй сидын уыдонмæ, æрбацæут æмæ æргомæй, лæгæй-лæгмæ аныхас кæнæм уæ мыггаджы уавæр æмæ йæ фидæныл. Аппарæм нæ абоны æнæныфс хъуыды «Æз цæмæн?» Рахизæм «Цæмæннæ æз»-мæ.  

“Хæдзары æгъдау хистæрæй цæуы”- загътой иу фыдæлтæ. Мыггаджы æгъдау дæр афтæ. Уый фæдыл ма æрхæсдзынæн ноджы иу скъуыддзаг Хæутаты Къостайы «Уæздандзинады гуырæнтæ» чиныгæй:  

 

«Хистæрæн йæ сæйраг хæстæ сты: 

— царды стыр фæзилæнты мыггагæн афойнадыл уынаффæ рахæссын; 

— искæцы бинонтыл уæззау уавæр куы скæны, уæд сын сæ алыварс мыггаджы æрбатымбыл кæнын, сæ уавæрæн сын исты мадзæлттæ саразын; 

— стыр цины хъуыддаджы (чындзхаст, чызгæрвыст, куывд) кæнæ мардæрцыды хъуыддаджы уынаффæтæ хæссын æмæ адæмæн арфæ кæнын; 

— хъуыддагæй æмæ дзыхы ныхасæй мыггаджы кæрæдзиуыл бæттын; 

— адæмимæ мыггаджы номæй ныхас кæнын æмæ мыггагæн йæ кад бæрзонд кæнын; 

— кæстæрты æнæрхъуыды митæй хизын, куы бахъæуа, уæд та сын уайдзæф бакæнын кæнæ бафхæрын, уæздандзинад æмæ ирон æгъдæуттыл сæ ахуыр кæнын; 

Ахсджиаг уынаффæ рахæссыны размæ хистæр фарста рахæссы мыггаджы хистæрты размæ, байхъусы сæм. Æрыхъусы кæстæртæм дæр, уыйфæстæ сын фæзæгъы йæ уынаффæ æмæ бацамоны, куыд æй скæнын (баххæст кæнын) хъæуы, уый. Ахæм уынаффæ нæ рахæссæг хистæр азимаг у. 

 

Мыггаджы хистæрæн не ’мбæлы: 

— хæдзары (бинонты) хицауы сæрты кæнæ уый бæсты бинонтæн уынаффæ кæнын, кæд бинонтæн сæхи фæндон нæу, уæд;  

— хицæн бинонты мидхъуыддæгты хи тъыссын, уайдзæф бакæныны бæсты уадзырæтты дам-думтæ кæнын; 

— искæцы бинонтæй хъулон æппæлд ракæнын; 

— мыггагæй искæй дæлджиныг кæнын кæнæ йæ цæсты æфтауын." 

 

Æз ма Къостайы ныхæстыл бафтауин: «Мыггаджы хистæрæн не’мбæлы йæ мыггаджы фидæнмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын».  

 

 

Кучиты Руслан 

Иры Стыр Ныхасы Координацион Советы Сæрдар 

 

Газет «Рæстдзинад», 28.02.2018 аз. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ