Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

УÆЗДАНДЗИНАД
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Хæутаты Къоста. "УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ" 

 

 

 

 

 

1. Уæздандзинады бындур 

 

Ирон адæмы абоны уæздандзинад у, нæ фыдæлтæ астæуккаг æнусты Ныгуылæн Европæмæ цы «рыцарство» бахастой, уымæн йæ байзæддаг. 

Ирон адæмы царды уæздандзинад ахсы стыр æмæ ахсджиаг бынат. Ууыл дзурæг сты, ирæттæ æнусты дæргъы фыдæй фыртмæ кæй дзурынц, уыцы бирæ æмбисæндтæ. Мæнæ дзы иу-цалдæр: «Уæздан æгъдауджын лæджы фæхонынц», «Уæздан лæгæн йæ чъылдыммæ сбад, сау лæгæн та — йæ разы», кæнæ «Хæрæгыл саргъ куыд нæ фидауы, афтæ сау лæгыл — уæздандзинад». 

Ирон уæздандзинад у адæймаджы удварны бындур, куырыхондзинады æмæ лæгдзинады бæрцбарæн. Æнæ уымæй ирон æрдхæрæны удварны хæзнатæн царды уæвæн нæй. Уый у æгъдау, уаг æмæ æфсармы бæрзонддæр къæпхæн. 

Исбон уæздандзинады ахъаззаг бæрæггæнæн нæу. Исбоны руаджы йæхи уæздан чи хоны, уый удыхъæдæй мæгуыр æмæ æнæфсарм адæймаг у. 

Уæздандзинад алы адæмыхатмæ дæр ис, фæлæ алы адæмыхатт дæр уæздандзинады мидисы æвæрынц сæхи бæрæггæнæнтæ. Ирон уæздандзинады сæйраг бæрæггæнæнтæ, йæ аразæн хæйттæ сты: рæстдзинад, æцæгдзинад, хиуылхæцынад, зæрдæхæлардзинад, сæр сæрмæ хæссын, райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмыл æнувыд уæвын. 

Уæздандзинад, адæймаджы иннæ хорз миниуджытау, æрдзæй рахæсгæ нæу. Йæ миниуджытæ сты, Иры дзыллæ сæ иумæйаг царды сæ кæрæдзиимæ ахастдзинæдтæн цы æнæфыст закъонтæ сæвæрдтой, царды фæлтæрæнты кæй бахсыстой, динон уырнындзинады фæрцы дæсгай фæлтæрты зондахасты кæй сфидар кодтой, уыдон. 

 

Ирон уæздандзинады миниуджытæн сæ фылдæр систы динон уырнынады домæнтæ, уымæ гæсгæ уыцы домæнтæ не ’ххæст кæнын ссис Хуыцауы ныхмæ цæуыныл нымад. Хуыцауыл уырнынад æмæ ирон уæздандзинад æнусты дæргъы адæмы разæнгард кæнынц цардбæллондзинадмæ, систы хъомылады программæ — æмбал кæмæн нæй, ахæм хъомылады фæрæз. 

Ирон уæздандзинад тынг фæцудыдта Советон дуджы, хицауад дины æмæ дингæнджыты ныхмæ тохмæ куы расидти, уæд. Уымæн æмæ ирон адæймаджы уæздандзинад йæ уидæгтæй баст у динон уырнындзинадимæ, сæрмагондæй та ирон динимæ, нæ фыдæлтæн паддзахадон закъонтæ чи ивта, уыимæ. 

Уæздандзинад Иры фыдæлтæм нымад уыди адæймаджы æмæ æхсæнады закъонты ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæрыл, уымæн æмæ фидар кодта адæмы æхсæн ахастдзинæдтæ — æгъдау æмæ фæтк, уый фæрцы Иры дзыллæ удыхъæдæй уыдис сыгъдæг æмæ райдзаст, Хуыцауы раз та — æнæтæригъæд, равзæргæ. 

Кæд уæздандзинады хъомыс æмæ динон уырнынад тыхджын уыдысты, уæддæр, иуæй-иу адæмты динон уырнындзинæдтау, адæймагæй фанатик, ома сæ хъомысы цагъайраг нæ арæзтой. 

 

Уæздандзинад, адæймаджы иннæ цæрæгойтæй чи хицæн кæны, ахæм миниуæг у. Цæрæгойтæн сæ уагахаст иугуырæй дæр æрдзæй рахæсгæ (инстинкт) æмæ гуырдзон рефлекстæй арæзт у, цæргæ дæр уыдоны руаджы кæнынц. Уыцы æрдзон æууæлтæ адæймаджы уæнджы дæр сты, фæлæ уымæн æмбæрзт сты уæздандзинады «хъæццулæй». Цас адæймагмæ уæздандзинад къаддæр уа, уыйас хъæддаг æууæлтæ тынгдæр байгом вæййынц. Уæздандзинады тæнæг хъæццулæн йæ бон нæ вæййы сæ бамбæхсын, стæй сæ æвдисын нæ хъæуы, уый адæймаг æмбаргæ дæр нæ фæкæны. Æмæ уæд йæ митæ æмæ йæ архайдæй тынг баввахс вæййы цæрæгойтæм. 

 

Адæймагæн дæр, цæрæгойау, йæ бон у фæцæрын йæ æрдзон æууæлты руаджы, фæлæ уæд уый адæймаг нал уыдзæн, уый уыдзæн фос. 

Ирон уæздандзинад у, нæ фыдæлтæ æнусты дæргъы фæлтæрты хъомыладæн сæйраг нысанæн кæй æвæрдтой, хъомылады æмæ лæгдзинады сæйраг бæрцбарæн чи уыди, ахæм хуызы къæпхæн. 

Кæд бирæ хатт, уæздандзинадыл дзургæйæ, ирæттæ фæзæгъынц, уый адæймагæн йæ туджы ис, зæгъгæ, уæддæр уый бынтон афтæ нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныййарджытæ æмæ фыдæлты гентæ адæймаджы удыхъæдыл архайынц, фæлæ уыцы архайд у тынг чысыл. Адæймаджы уагахаст æмæ удыхъæдыл æппæтæй тынгдæр архайынц йæ алфамблай уæвæг адæм, тынгдæр та йæ ныййарджытæ. Фыццаджы-фыццагдæр адæймагæн йæ зондахасты уæздандзинады талатæ ныййарджытæ байтауынц, уыдон ын бавæрынц – бауадзынц йæ удыхъæды æфсарм æмæ зæрдæхæлардзинады æнкъарæнтæ. 

 

Адæймагæн цот куы рацæуа, уæд йæ сагъæсты бындурон, йæ царды сæйрагдæр нысан хъуамæ уа уыдон уæздандзинады бындурыл схъомыл кæнын æмæ сæ адæмы æмрæгъ рауадзын. Кæд дæхæдæг уæздан адæймаг нæ дæ, уæд дæ цотæн дæр уæздан суæвынæй ма тæрс «Сау хохæй урс дуртæ нæ тулынц». Дæ кæстæры раз иунæг хатт æнæфсарм ми куы бакæнай, уæд уый фаг у, цæмæй йæ удыхъæды æнæфсармдзинад рæзын райдайа. Сывæллоны уæздандзинадыл хъомыл кæнын хъæуы алы бон дæр, алы сахат дæр, йæ райгуырæн бонæй фæстæмæ. Уый алы ныййарæгæн дæр æрдзы æмæ æхсæнады раз йæ уаз хæс у. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъомылгæнæгæй хъуамæ рох ма уой, æппæт адæмты уæздандзинады бæрæггæнæнтæй иумæйаг чи у, уыдон. Фæлæ хъомылгæнджытæ, ныййарджытæ хъуамæ архайой, сæ хъомылгæнинаг сомбон цы адæмы æхсæн цæрдзæн, уыцы адæмы уæз¬дандзинады мидисы цы национ хицæндзинæдтæ ис, уыдон ын йæ удыхъæды бавæрыныл. 

Адæймагæн æцæгдзинад агурын, рæстдзинады фæндагыл цæуын йæ удыхъæды сывæллонæй куы нæ ныффидар уа, уæд уæздан никуы суыдзæн. Кæд æмæ уæздан митæ адæмы цæстмæ кæна, уæд та, раджы уа, æрæджы уа, уæддæр рабæрæг уыдзæн. 

Уæдæ цы ис сæ мидисы уæздандзинады сæйрагдæр миниуджытæн æмæ цы амонынц? 

 

2. Рæстдзинад æмæ æцæгдзинад 

 

Рæстдзинад æмæ æцæгдзинад сты, æрдзы æмæ æхсæнады цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдон æцæг æмæ раст æвдисын, раст аргъ сын кæнын, кæй пайдайæн сты, уый нæ хынцгæйæ. Уый у уæздандзинады бæрæггæнæн. Адæмы æрвылбоны царды æмæ æхсæнады цы цаутæ æмæ ивддзинæдтæ цæуы, уыдон раст не ’вдисынæн уæздан адæймагæн æфсон нæй æмæ йæ хъæугæ дæр нæ кæны. Царды æцæгдзинад æндæр хуызы æвдисæг йæхи пайдайæн фæагуры рæстдзинад нæ, фæлæ йæ чи раивдзæн, ахæм хъузон. Рæстдзинадæн та хъузæттæ нæй, æмæ уæд уыцы пайда агурæджы бахъæуы фæлитойты цъымарамæ бахизын. Иу хатт асайæгæн дыккаг хатт асайын æнцондæр вæййы. Бирæгъы, дам, знон сæныкк кæй бахордта, уый тыххæй нæ марынц, фæлæ, райсом галыл дæр кæй нæ бацауæрддзæн, уый тыххæй. Рæстдзинадыл хæст цы адæймаг нæу, йæ сабибонты йæ йæ уæнджы кæмæн нæ бавæрдæуыд, уый æнцонæй ракæны гæдыныхас, фæсайы йæ ардбахæрд, цъыфкалæн фæкæны раст адæймагыл, ныллæууы фыдгæнæджы фæндагыл. Цæвиттон, ахæм адæймагæн фæлитойдзинад свæййы, йæ сæйраг миниуджытæй иу. 

 

Иуæй-иу фæлитойтæ уæзданæй разыноны охыл рæстдзинад æмæ æцæгдзинад баивынц цæстмæ митæй. Исчи мæ раппæла æмæ мæ исчи уæздан рахона, уый хынцгæйæ адæймаг, йæ удыхъæды цы нæ уа, уый куы кæна, уæд уыцы адæймаг у дыдзæсгом. Ахæм адæймагæй ферох вæййы, уæздандзинадæн рæстдзинадæй фæхицæн гæнæн кæй нæй, уый. Ахæм адæймагмæ æмхиц сты хицæй раппæлын, цæстмæ митæ æмæ искæмæ хæлæг кæнын, хуыздæрæй разыноны охыл искæуыл цъфкалын, нымудзын. Ахæм адæймаг цадæггай свæййы зынæрвæссон, саузæрдæ æмæ нал фæауæрды йæ алыварс уæвæг адæмыл тугтæ мысыныл. Нæ фыдæлтæ ахæм адæймæгтæн хастой карз тæрхон. Уымæн æмæ адæмæн раджы дæр æмæ абон дæр æппæтæй фылдæр фыдракæндтæ хæссынц уыцы фæлитойтæ. Хуыцауы æцæгдзинад чи не ’мбары æмæ кæй нæ уырны, уый царды æцæгдзинад дæр нæ бамбардзæн.  

 

3. Хиуылхæцынад 

 

Хиуылхæцынад у уæздандзинады æппæты сæйраг дæр бæрæггæнæн. Амоны зæрдæйы бæллицтæ, мондæгтæ, буары æнкъарæнтæ æмæ домæнтæн уынаффæ кæнын æмæ сыл фидар хæцын фæразын. 

Адæймаг йæ монцтæ æмæ йæ зæрдæйы æхцонады фæстæ куы цæуа, ома сын сæ рохтыл хæцын куынæуал фæраза, уæд ын, хæцгæ низау, йæ сæрызонд абырсдзысты æмæ йын йæхи кæнæ æгады бынатмæ æркæндзысты, кæнæ фыдгæнæджы фæндагыл сараздзысты. 

 

Уæдæ цы сты хиуылхæцынады нысæнттæ, кæм æмæ куыд хъуамæ зына се ’вæрццæг ахадындзинад (цавæр æнкъарæнты): 

 

А. ЦÆСТÆНГАСЫ. Ома адæймагæн йæ цæстæнгас, йæ бакаст искæйы ма батыхсын кæна, рæстæй зындзинад, тас æмæ фыдбылыз кæмæн æрхæсса, аипп макæмæ фæкæса, кæнæ «æз ницы федтон»-ы руаджы уæззау фæстиуæгмæ ма æркæна. Дæ бакаст æнæууæнкдзинад хъуамæ макæмæ уадза, дæ æрвылбоны цæстæнгасы дæр хъуамæ зына хæлардзинад æмæ фарн. Истæмæ кæнæ искæмæ æдзынæг кæсын аив нæу. 

Адæймагæн æрмæстдæр йæ зæрдæйы æмæ йæ буары миниуджытæ уынаффæ кæнын куы байдайынц, уæд йæ митæ æмæ архайд ахизынц уæгъдибардзинадмæ, ома цы йæ бафæнды, уый бакæны, рауайы дзы хиуарзон, къуыдипп, йæ алыварс уæвæг адæмы æмæ æхсæнады домæнтæ ницæмæ дарæг. Адæймаджы уыцы уавæрмæ арæх æркæны йæ æппæрццаг цæстæнгас. 

 

Æ. НЫХАСЫ. Адæймагæн æй алы ныхасы дæр хъуамæ уа уæз æмæ арф хъуыды. «Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис», — зæгъы фыдæлты æмбисонд. Ныхасы хъомыс æппæтыл дæр аххæссы, адæймаджы маргæ дæр акæны, мæлæтæй дæр æй бахизы. Уымæ гæсгæ адæймаг йæ ныхасæн уынаффæгæнæг æмæ хицау хъуамæ уа. Уымæн фæзæгъынц — дæ ныхас фыццаг баууил, стæй йæ суадз. Уæздан адæймагæн ныхасгæнгæйæ йæ алы дзырд дæр барст æмæ лæгъзгонд хъуамæ уа, уæд дзы уыдзæн уæз æмæ тых (кæс сæргонд «Хидарыны уагæвæрдтæ»). «Уæздан адæймаг йæ дзыхы ныхас сахсæны дары». 

 

Б. ТАЛÆНТЫ (хъуыдыты). Адæймаг йæхиуыл хæцын хъуамæ йæ талæнты — йæ мидхъуыдыты дæр фæраза, ома сæ уæгъдибар ма уадза. Уæгъдибар талæнтæ раджы уа, æрæджы уа, уæддæр адæймаджы æркæнынц худинаггæнæг кæнæ Хуыцауы æваст митæм, ома рахизынц архайдмæ. Уымæ гæсгæ сыл хъæуы сæргъиуæг кæнын. Æппынæдзух сæры зилын куы байдайынц, уæд сæ хъæуы сурын æмæ ивын фæрнæйдзаг талæнтæй æмæ райдзаст фæндтæй. Æвзæр, æнаккаг, Хуыцауы æваст нæфæтчиаг хъуыды дæ сæрмæ куы æрцæуа, уæд æй тагъд асур æмæ Хуыцауæй хатыр ракур: «Ме скæнæг стыр Хуыцау, ныббар мын, дæ хорзæхæй, табу дæхицæн!» Уыцы рæстæджы адæй¬маг хъуамæ йæхи æндæр хъуыддагыл бафтауа, цæмæй уыцы хъуыдытæй фæиппæрд уа. 

Алы мидхъуыды дæр хъуамæ æнцайа царды æцæгдзинадыл, æмæ фылдæр адæм растыл цы фæнд, уынаффæ, архайд нымайынц, уый ныхмæ ма лæууа, ома ныхмæлæуд архайд ма кæна. Мидхъуыды раст у æви нæу, уый базоныны тыххæй йæм æркæсын хъæуы адæмы цæстæй, цымæ мæ уыдон цы хонынц, зæгъгæ. Фылдæр хатт уыцы адæмы бынаты æвæрын хъæуы, раст у, нæу, уый æргом чи зæгъид, ахæм адæймæгты — ныййарджыты, йе хъомылгæнджыты, ахуыргæнджыты. 

Уæздан адæймагæн йæ фæндтæ, йæ талæнтæ хъуамæ искæйы цард, йæ миддуне æмæ сæрибардзинад ма хъыгдарой, йæ исбонмæ йын ма ныхилой. Адæймаг хатгай ацæуы йæ бæллицты æмæ монцты фæдыл, сæ æрдз сын арф нæ басгаргæйæ, æмæ сæ уый фæстæ царды æцæгдзинад йæ дæрзæг къухтæй ахафы. Адæймаг баззайы саст æмæ афтид зæрдæимæ, уымæ гæсгæ бæллицтæ рæстæгæй рæстæгмæ барын хъæуы царды æцæгдзинадимæ, цæмæй уæгъдибардзинадмæ ма асайой, уый тыххæй. 

 

В. ÆХЦОННАДЫ (уырыс. — блаженство). Æхцонад адæймагæн æрдзæй райсгæ æмбудынад у, Хуыцауы лæвар. Æхцонад у уæлмонцады бæрзонддæр къæпхæн. Адæймаг йæхи рæстæгæй рæстæгмæ кæмæй сбуц кæны, ахæм æнкъарынад, æмæ йыл бынтон къух сисæн нæй. Иуæй-иу динон уырнындзинæдтæ амонынц, зæгъгæ, дам, æхцонад иугуырæй фыдбылызхæссæг у, ахæм хъуыды адæймаджы æркæны цагъайраджы уавæрмæ. Уый ирон адæммæ растыл нымад никуы уыди. Уымæн æмæ æхцонад у дунейы дзыллæйы бæллицты бæрзонддæр нысан. Фæлæ æнæсцухæй йæ уацары уæвгæйæ адæймаджы асайы царды æцæгдзинадæй, «мæнæн уа»-йы иувæрсыг талæнтæм æй бакæны æмæ йын йæ зонд æртар кæны, сæргъиуæг байдайы адæймагæн йе ’ппæт хорз миниуджытыл. Хиуылхæцынады æппæтæй зындæр у æхцонады рохтыл хæцын, бæрц дзы зонын, уымæн æмæ уый адæймаджы æппæт æууæлты дæр хъары — хæццæ сæм кæны. 

Фыдæлты базырджын хъуыдытæ: «Æгæр цæхджын дойны кæны», «Хæтаг-хæтаг цæл ары, æгæр хæтаг цæф ары» комкоммæ амонынц, æхцондзинадмæ цы цæстæй кæсын хъæуы, уымæ. 

Æхцонад канд бæрцæй æнкъарын нæ хъæуы, фæлæ дзы хи буц кæнын хъæуы, иуæй-иу хатт адæмы цæстæй хизгæйæ, уымæн æмæ йе ’ууæлтæй бирæтæ адæмы ’хсæн æвдисын æнæуагдзинадыл нымад сты. Уæлдайдæр та ирон æгъдæуттæм гæсгæ. 

Уæздан адæймаг æмбары æмæ архайы искæй æхцонады æнкъарæнтæн æмбæлгæ фæндаг раттыныл, ома сæ нæ хъыгдарын, хæлæг сæм нæ кæнын, цæлхдуртæ сын не ’вæрын. «Бæрзæндты тæхæг æгæр тагъд хауы» 

 

Г. МОНЦТЫ (уырыс. — искушение, соблазн). Æхцондзинад арæх рахизы, адæймагæн æрдзæй йæ уæнджы æвæрд чи вæййы, уыцы мондагдзинæдтæм — монцтæм, базмæнты сæ, æмæ уæд уыдон дæр сæхицæн бынат агурыныл схæцынц. Зондыл уæлахиз кæнын байдайынц, æмæ хатгай адæймаг се ’руромынæн мадзæлттæ нал фæары, фылдæр хатт та йæ æмбаргæ дæр нæ бакæны, сæ уацары куыд бахауы, уый. 

Монц адæймаджы æрдзон миниуæг у, æмæ йæ чи не ’нкъары, ахæм адæймаг бынтон æнæниз нæ вæййы, йæ талæнтæ монцты уацары кæмæн вæййынц, уый та, хуымæтæджы сдзæбæхгæнæн кæмæн нæй, ахæм низæй сæйы. Йæ монцты цагъайраг чи свæййы, уый æнцонæн ахизы æфсармы арæнтæй æмæ свæййы фыдгæнæг. фыццаг гуыбындзæл, расыггæнаг, хæтаг, мæнгард, хъылмадымæг, уый фæстæта — давæг, сайæг, фæлитой, тыхмигæнæг. Ахæм адæймаг у рынчын — удхъуаг, ома сæрхъæн, нал ын вæййы адæймаджы сурæт. Æрдзы алцæмæн дæр ис бæрц, арæн. 

 

Д. ХÆРДЫ ÆМÆ НОЗТЫ. Адæймаджы уæздандзинад хæргæ æмæ нуазгæйæ куыд рабæрæг вæййы, афтæ никæд рабæрæг вæййы. Хæргæ алы цæрæгой дæр кæны, фæлæ мын, æгъгъæд хæрд у, зæгъгæ, адæймаг йеддæмæ хъуыды кæнын никæй бон у. Иннæ цæрæгойтæн цалынмæ сæ ахсæнтæ байдзаг вæййынц кæнæ бафæллайынц, уæдмæ фæхæрынц, адæймаг хъуамæ йæхи æрурома, хъуамæ æмбара, фырхæрд æмæ фырнозт пайда кæй не сты, адæймаджы æгад кæй кæнынц, уый. Адæймаг афтæ хъомылгонд куынæ уа, уæд уымæй фосæй хъауджыдæр нæй. Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой — «Лæджы гуыбыны куыдз хуыссы», «Гуыбындзæлæн марг йæ цæлы кæхц у, йæ фыдызнаг та йæ хуылфы ’мбæхст у». Адæймаджы ахсæн æнæбын чъыбылайау у, кæд чысыл зыны, уæддæр ын байдзаг кæныны мадзал ницæмæй ис. Адæймаг цас фылдæр хæры, уыйас æм бонæй бон фылдæр хæрын цæуы. Цас лæг бæзнагдæр у, уыйас тынгдæр мондаг кæны хæринагмæ æмæ хæргæ дæр кæны фылдæр. Адæм фылдæр нард кæнынц фырхæрдæй. Уымæн кодтой ирæттæ стыр аргъ гуыххæл адæймагæн. 

Уæздан адæймаг нæдæр уазæгуаты, нæдæр йæхи хæдзары йæ гуыбын никуы дзаг кæны, бахæры йе стонг суадзыны бæрц. Йæ ахсæны бынат ныууадзы уæздандинады нысанæн. Уæздан адæймаг архайы йæ къæбæр искæимæ бахæрыныл. Искæйы хардзæй кæнæ æввонгæй нæ хæры уазæгуаты дæр æмæ йæ бинонты ’хсæн дæр. Йæхицæн уæлдай хæрд æмæ нозт нæ домы, хæрдыл æмæ нозтыл хæлæф нæ кæны, хуыздæр хæйттæ фынгæй не ’взары. Уæздан лæг уазæгуаты фынгисæггаг ныууадзы, хистæры кæнæ сылгоймаджы разæй фынгмæ не ’вналы. 

 

Искæйы дзыхмæ кæсын, искæи бахæрд нымайын, гуыбыны хæрдыл тых ныхас кæнын цæрæнбоны ирæттæм худинаг у. Цæхх æмæ кæрдзын, цыфæнды кадаварæй дæр, искæмæй бамбæхсæг та æгады гакк хæссы. Дæ хордзенæй кæрдзын куы сисай, уæд уал дзы фыццаг дæ фарсмæ уæвæг адæймагæн бахай кæн. Æртæ кæрдзыны дæм куы уа, уæд дзы дыууæ дæ фарсмæ уæвæгæн ратт, кæд дæм иу кæрдзын ис, уæд та — йе ’рдæг. 

Ирæттæ æмæ суанг сæ рагфыдæлтæ хорз зыдтой нозтæн канд йæ кæныны мадзæлттæ нæ, фæлæ ма йын цы æппæрццæг ахадындзинад ис, уый дæр. Кодтой бирæ алыхуызон нозтытæ: ронг, сæн, арахъхъ, брæгъ, бæгæны, фæлæ сæм расыг лæг кæддæриддæр уыдис худинаг. Иу хатт-иу чи фæрасыг, уый-иу адæмы ’хсæнмæ рацæуын нал уæндыди. Расыггæнаг та уыди æгад æмæ фидиссаг, адæм æй хæдзармæ нæ хуыдтой. Ирон лæг кæддæриддæр йæхи хъахъхъæдта фыднозтæй. Уæздан адæймаг кæддæриддæр хъуамæ уа æвронг, уый фыдæлты фæтк у. Уæздан адæймаг нуазгæ куы бакæна, уæддæр исты стыр бæрæгбоны — куывды, чындзхасты кæнæ æндæр хъæлдзæгдзинады, уый дæр, уæздандзинады домæнтæ нæ рохгæнгæйæ, ома æвронг куыд уа, афтæ. Уæздан адæймаг иунæгæй никуы бануæдзæн, нозтмæ никуы бабæлдзæн, нозтæй тых никæмæн бакæндзæн. Уый уæздан адæймагæн сæрмæхæссинаг нæу. Уæздан адæймагмæ цыфæнды кадджын арфæйы нуазæн куы ’рбахастæуа, уæддæр дзы æфсæрмæй йæхицæн зын не скæндзæн. Кæд йæ бон нæу, уæд дзы йе ’рбахæссæгæн арфæ ракæндзæн, саходдзæн дзы кæнæ йæ, хатыр ракургæйæ, баивдзæн лæмæгъдæр нозтæй. Ирон адæммæ никуы уыди æмæ нæй, æнæмæнг нуазын кæй хъæуы, иу ахæм арфæйы нуазæн дæр æмæ иу ахæм гаджидау дæр. 

 

Арæх фехъусæн ис, зæгъгæ, дам, нæ рагфыдæлтæ бирæ нызтой, фæлæ расыг нæ кодтой. Уыцы ныхæстæ сты æнæбындур, бирæ чи фæнуазы æмæ расыг чи нæ кæны, ахæм адæймæгтæ æрмæстдæр аргъæутты цæрынц. Нæ фыдæлтæ сæхæдæг загътой: «Нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары». Бирæ чи нуазы, уый расыгдæр кæны, стæй рæдийгæ æмæ худинаг дæр. 

Нозт фæлтæрдджын æфсадхонау у, фыццаг йе ’фсæдты знагмæ уацары ратты, стæй уыдон уым куы æрфидар вæййынц, уæд се знаджы сæ быны скæнынц, йæ зонд ын айсынц, йæ ныфс ын асæттынц æмæ дзы уацайраг саразынц. 

Расыг адæймаг æрра у æмæ дзы нæдæр æгъдау домæн ис, нæдæр — рæстдзинад. Расыгæн уайдзæф кæнын масты хосæй дарддæр ницы дæтты. Расыггæнагыл худын нæ хъæуы, уымæн æмæ уæззау низы ахæсты ис. Ахæмæн нуазын чи кæны, уый та йæ æдзардæй мæрдтæм æрвиты. Уымæн фæзæгъынц — «Арахъхъ гаджидауæй райдайы æмæ маройæ фæвæййы». Нозтæй искæй зæрдæ балхæныны охыл нуазын дæр нæ хъæуы, искæмæ хатын дæр. Нозтуарзаг адæймагæн бануазын кæнын у æнæрхъуыдыдзинад, расыггæнагæн бадарын та — æнæгъдаудзинад. Уæздан лæджы хæдзарæй расыг лæг нæ рацæудзæн, расыггæнаг та йæм цæугæ нæ бакæндзæн. Расыггæнаджы æрмæстдæр хынджылæггаг хæдзармæ хуындæуы. 

Адæймаг нуæзтмæ бæллын куы райдайы, уæд æгад суæвыны тæссаг уавæрмæ æрхæццæ вæййы. Мондаг кæнын æм куы байдайы, уæд та йæ фосы уавæрмæ æркæны. Нозты руаджы æхцондзинад агурын у Хуыцауы æваст хъуыддаг æмæ фыдракæнд. Куывды кæнæ кæнды цы гаджидæуттæ æмæ рæгъытæ рауадзынц, уыдон се ’ппæт нæ нуæзтæуы. Бадты алы адæймагæн дæр йæхи хъуыддаг у, куыд æмæ цас нуазы, уый (кæс сæргонд «Ирон фынгæвæрд»). 

 

Е. ЗЫН УАВÆРЫ. Адæймаджы цард афтæ арзæт у, æмæ алчидæр искæд, æппынкъаддæр, иу хатт, бахауы зын уавæры: низы ахасты, æрдзон фыдбылызы, исты бæллæхы, тыгъд быдыры, уацары, ахæстоны, кæнæ рæстæй дзыллæйы фыдæхы. Ахæм уавæр ирдæй равдисы адæймагæн йæ удыхъæды миниуджытæ. Тынгдæр сæхи равдисынц, разынынц адæймагæн йе ’взæр миниуджытæ æмæ æнцонæй раиртасæн вæййы адæймагæн йæ удыхъæд. Уæд разынынц йæ уæздандзинад дæр æмæ йе ’нæчетар дæр. уыдонæй раиртасæн вæййы, адæймагæн хиуылхæцынад йе уæнджы ис æви йе ’ддаг хъузджы. Уæздан адæймаг цыфæнды зын уавæры дæр йе уæнгтæ не ’руадзы, фæлæ равдисы æвронг хъуыды æмæ фæразондзинад. Фæагуры мадзæлттæ уавæрæй фервæзынæн, йе ’муавæры уæвджытæн вæййы ныфс, бахъуаджы сахат равдисы æцæг æмбалад, нæ фæкæны тыфтырыкъо митæ, цæвиттон, равдисы йæ ирон удыхъæд æмæ уымæй бæрæг фæдары иннæ адæмты минæвæртты ’хсæн. Вазыгджын, кæнæ уæззау уавæры бахаугæйæ, æппæты фыццаг Хуыцау æмæ зæдтыл дæхи бафæдзæхс, ракур сæ ныфс æмæ фæразондзинад. Уыйфæстæ агур исты мадзæлттæ дæ уавæр аивынæн. Фæстаг уысммæ дæ уырнæд, рацæуæн кæцæй нæй, ахæм уавæр нæй, фæлæ дæ тых, дæ хъару фæстауæрц кæн. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Цæссыг калынæй æмæ марой кæнынæй пайда нæй. Æрмæстдæр уырнындзинад, ныфс, æрхъуыды æмæ ’хсар — дæ сæрхъуызойтæ. Зон, ахæм зын уавæры дæуæй раздæр чи бахаудта, уыдон бирæ уыдысты, æмæ сæ фылдæр фервæзтысты, равдыстой фæразондзинад, хъайтардзинад. 

 

Кæд дæ уæззау уавæр адæймаджы азарæй у, дæ цард уый къухы ис æмæ, кæд дзыхы ныхасæй дæхи ссæрибар кæнын дæ бон нæу, уæд сразы у иставæр дыууæрдæм пайда бадзырдыл (компромиссыл), кæд цыфæнды зын æххæстгæнæн у, уæддæр. Фæлæ кæд уыцы бадзырд искæмæн зиан хæссы, искæйы дæу бæсты зын уавæрмæ кæны, уæд ахæм бадзырд скæнын фыдракæнд у Хуыцауы раз. 

Кæд дæ ныхæстæ, дæ митæ, дæ архайд фыдгулы не ’ртасын кодтой æмæ фарста кæнæ цæрыныл, кæнæ мæлыныл æрæнцади, уæд де ’ппæт зонындзинæдтæ, дæ хъару æрæмбырд кæн æмæ хъазуаты бацу. Кæд мæлæтдзаг тох уыдзæн, уæддæр бавзар дæ лæджыхъæд. Уыцы сахат дæ фæстаг хъуыды хъуамæ уа — цард зынаргъ у, фæлæ кæд мæлгæ, уæд рæстдзинадыл тохы. «Худинаджы бæсты мæлæт» — афтæ амыдтой фыдæлтæ. Цыфæнды уæззау, тæссаг æмæ æбæрæг уавæры куы уай, уæддæр дæ рох ма уæд, дæ уагахаст, дæ митæ дæ Сæрызæд æмæ дæ Хуыцауы хайы раз кæй сты, алы адæймагæн дæр йæ уд Стыр Хуыцауы бар кæй у, уый, æмæ йыл æууæнд, йæ тæрхон куыдфæнды куы уа, уæддæр раст уыдзæни. 

Зон, мыггагмæ ничи цæры ацы дунейыл, не ’ппæтдæр мæрдты бæстæм цæудзыстæм, уый адæймагæн Хуыцау æмæ æрдзæй лæвæрд у. Ахæм уавæрæн бафæразын, хиуылхæцын та мæрдтыбæсты удæн рухс бынаты аккаг у. 

 

 

4. Зæрдæхæлардзинад 

 

Уæздандзинады сæйраг бæрæггæнæнтæй иу у зæрдæхæлардзинад. Уый адæймагæн у йæ удыхъæды хуыздæр миниуæг æмæ æнцайы, адæймагмæ адæймаджы зæрдæ дарыны — гуманизмы — бындурыл. Зæрдæхæлардзинад бæрæг вæййы, адæймаг йæ алфамбылай уæвæг дунемæ — æрдзы фæзындтæ æмæ цæрæгойтæм, æхсæнады змæлд æмæ адæммæ — цы цæстæй кæсы, цы зæрдæ дары, уымæй. 

 

 
Адæймаг, цавæрфæнды адæмыхаттæй уæд, цавæрфæнды уынд æмæ конд ын уæд, цавæрфæнды диныл хæст уæд, цавæрфæнды зондахаст æм уæд, йæ уд æмæ йе ’нкъарæнтæ, дæуæн цы сты, уымæн дæр уый сты. Не сфæлдисæг Хуыцауæн ды цы дæ, уый дæр ын уый у. Сымах Хуыцаумæ æмхуызон хæстæг лæуут, уымæ гæсгæ уæ хæс у кæрæдзимæ зæрдæхæлар уæвын. Зæххыл адæймагæй зын хъахъхъæнинагдæр æмæ тæлæссонддæр ничи у, æмæ йæ хиз мастæй, рисæй, æххæлдзинадæй æмæ æнæрхъуыдыдзинадæй. Уыцы хæс адæймагæн дунескæнæг Хуыцау саккаг кодта. 

Зын уавæры бахауæг адæймагмæ дæ арм бадар, йæ фарсмæ æрбалæуу, зæрдæ йын авæр æмæ йын баххуыс кæн. Уыцы фæтк ирæттæм ардбахæрды хуызæн фидар у. Зын уавæры бахауæгæн баххуыс кæнын канд хæс нæ, фæлæ ма удыбæстæ дæр у. 

 

«Зæрдæйы хорз дарæг — удыбæстæ ссарæг»,— дзырдтой нæ фыдæлтæ. 

Рынчын кæнæ æнахъом адæймаг, чифæнды уæд, фæкæсынхъуаг кæд у, уæд ын бакæстæриуæг, балæггад кæн, йæ разы лæмæгъдзинад ма равдис, цæстмæхъус тæригъæд ын ма бакæн, мæлæт æмæ низты кой йæ разы ма кæн. Мæлæг адæймаг кæд зын удисæн кæны æмæ йын дæ бон ницы у, уæд ын ныхъхъæц, йæ уд айсыны бар æрмæст Хуыцаумæ ис, æмæ йын уымæ кув. 

Адæймаг дын кæд знаггад бакодта, уæддæр дæ бар (дæ бæрны) куы уа, уæд ын фыдми ма бакæн, рис кæнæ дзы хъизæмар ма бауадз, кæд цæф у, уæд ын æй бабæтт, хос ын ратт, хæринаг æмæ йæ донхъуаг ма ныууадз, фыдæлтæм ахæм хъуыддаг Хуыцауы ’лгъыстыл нымад уыди, уый фыдæлты фæдзæхст у. 

Æнахъом, удхъуаг æмæ рынчын адæймаджы фыдмийæн тæрхон кæнын, зындзинæдтæ йын æвзарын кæнын, худын ыл кæнæ дзы хынджылæг кæнын æвирхъау хъуыддаг у. Иры фыдæлтæ ахæм ми бакæнæгæн æгъатыр тæрхон кодтой. 

 

Адæм кæрæдзи руаджы цæрынц. Кæрæдзиуыл аудын, кæрæдзийæн æххуыс кæнын, кæрæдзийы циныл цин кæнын, кæрæдзийы рисыл риссын ирон лæгæн йæ туджы ис. Уымæн дзырдтой фыдæлтæ: «Хæрзиуæг — удыбæстæ», «Хорз ракæнæг зæдты ’мбал у». Иры фыдæлтæ, хорз ракæнын кæмæн хъуыди, уый агургæ кодтой. 

Кæд, дам, дæ исбон абоны фаг у, уæд æй дыууæ дихы акæн æмæ йын йе ’рдæг курæгæн ратт, кæд дын абон æмæ райсомы фаг у, уæд та, дам, æй æртæ дихы акæн æмæ дзы дыууæ ратт курæгæн, иу та дæхицæн ныууадз. 

Хæрзиуæг кæнгæйæ дæ ма ферох уæд «табуафси» зæгъын, кæмæн æй дæттыс, уымæн та арфæ ракæ: «Фарны хъуыддæгтæ дзы кæн!» кæнæ «Куывдтæ дзы фæкæн!» «Амонды хос дын фæуæд!» Кæд хорздзинад скæнын дæ бон нæу, уæд та зæгъ: «Хуыцау — ме ’вдисæн, мæ бон дын ницы у». Æмæ йын арфæ ракæн: «Дæ хъуыддæгтæ дæхи фæндиаг уæнт!» 

Дæ хорзæх цæстмæ макуы бадар, уый аипп у, цæстмæ мийы охыл хорз ракæнæг æдзæсгом адæймаг у. 

 

Кæд дæ удхосæн нæ хъæуы, уæд æвастæй искæйы исмæ бавналын (адавын, асайын, гæртам райсын) канд фыдракæнд нæу, фæлæ ма Хуыцауы фыдæх райсын, мыггагмæ тæригъæдджын фæуын. Уæлдай нæу — бирæ адавтай æви гыццыл. 

Алфамбылай уæвæг адæммæ зæрдæхæлар чи у, сæ рис, сæ цин сын чи æмбары, уый фыдракæнды фæндагыл нæ ацæудзæн. Цæрын æнцон нæу, адæймаг та рæдийын дæр зоны, фæлæ-иу нæ фыдæлтæ афтæ дзырдтой: «Иу хатт фæрæдийæг — лæг, дыууæ хатты фæрæдийæг — хæйрæг, æртæ хатты фæрæдийæг — хæрæг». 

 

Зондджын лæг йæ маст уромын фæразы, фæлæ уавæр кæд домы, уæд æмбæлы маст райсын, æрмæст æмбойны æмæ сæрмæ-сæр нæ, уый æдылыйы фæндаг у. Маст райсыны агъоммæ ахъуыды кæн, дæхæдæг сæ аххосджын дæ, стæй дæ хъæуы дæ маст райсын æви нæ, ууыл. Зон, мастисæг хъуамæ Хуыцауы æваст ми ма бакæна. Мæстыгæр лæг йæхицæн знаг у. Мæсты уæвгæйæ, хъæр, æртхъирæнтæ чи кæны, уый йæхи худинаг кæны: «Уасаг гæды мыст нæ ахсы», «Масты фæдыл ацæуæг æнæмаст никуы вæййы». 

Кæд дæ маст райсыныл дæ зæрдæ фидарæй нæ дарыс (гуызавæ кæныс), уæд ыл архайын дæр нæ хъæуы, аргъæв æй дæ хъуыдыйæ. Туг дарæг дæр æмæ тугисæг дæр Хуыцауы æлгъыст æмæ хæйрæджыты хъомысы сты. 

 

Искæмæн рæузондæй, æнæхъуаджы кæнæ æнæбары маст скæнын кæнæ дзы рис бауадзыны фæдыл хатыр ракурын æфсармы бæрæггæнæн у. Уый фæдыл сæргуыбырæй хатыр ракурын та лæгдзинад у. Æмæ кæд ахæм уавæры бахаудтæ, уæд, зивæг æмæ æфсæрмы нæ кæнгæйæ, кæй бафхæрдтай, уый раз æрлæуу æмæ йын зæгъ: «Хуыцауы хатыр бакæн, мæ рæдыд мын ныббар!» Кæнæ: «Дæ мад, дæ фыды хатыр бакæн æмæ мын мæ азым ныббар!» Уымæй адæймагæн йæ кад ныллæгдæр нæ кæны. Йæ рæдыдыл фæсмон чи нæ кæны, сраст æй кæныныл чи нæ архайы, уый гуымиры æмæ æнæджелбетт адæймаг у. Адæймагæй знаг скæнынæн иу уысм дæр æгъгъæд у, лымæн æмæ æрдхорд скæнынæн та азтæ хъæуынц. «Хорз хылæй æвзæр фидыд хуыздæр у»-иу загътой нæ фыдæлтæ. 

Искæмæ фыдæх дарын пайда никуы никæмæн æрхаста. Адæмы æмахастдзинæдты фæлтæрæн та ууыл дзурæг у, æмæ адæймагæн йæ ныхы маст хæссыны бæсты дæ бафхæрæгæн ныббар, бахатыр ын кæн, кæд дæ хатыр нæ ракуырдта, уæддæр. Æфхæрд ныххатыр кæнæгæн йæ кад бæрзонддæр цы фæуа, æндæр къаддæр нæ фæуыдзæн, дæ бафхæрæг чифæнды куы уа, уæддæр. 

 

Ацы дунейы адæймагæн æнæ йæ алыварс уæвæг дзыллæйæ фæцæрæн нæй, ома уæвæн ис, мæнæ мауглитæ куыд цæрынц, ахæм цардыуагæн, фæлæ лæджы цардæй фæцæрынæн ницы мадзал ис.  

Ирон адæм, æвæццæгæн, рагæй дæр уымæн кодтой сыхагæн уæлдай кад, уымæн-иу загътой фыдæлтæ: «Хорз сыхаг æфсымæр у», «Бæлас куы фæкæлы, уæд йæ сыхагыл банцой кæны», кæнæ «Æфсымæры хорз хорз у, фæлæ сыхаджы хорзæн æмбал нæй». Сыхагимæ хæларæй цæрын фыдæлтæй баззади, уый хынцгæйæ дæ сыхаг хорз у, æвзæр у, уæддæр арæхс йемæ цæрыныл, макуы йыл ауигъ дæ къух, ныббар ын йæ рæдыд. Йемæ лымæнæй цæрынæн кæд ницы мадзал ис, уæддæр æй макуы мацæмæй бафхæр, дæ цæхх, дæ кæрдзын ын макуы бавгъау кæн. Сыхаг зын уавæры куы бахауа, уæд йæ фарсмæ æфсымæрау æрбалæуу, лæвар ын баххуыс кæн, уый фыдæлтæй фæдзæхст у. Сыхаджы циныл бацин кæн, æфсымæр куыд бацин кæны, афтæ. Дæ кувæггаг кæд нæфæтчиаг нæу, уæд æй æнæ дæ сыхаг ма бахæр. Рох дæ ма уæд фыдæлты фæтк: куывды дæр æмæ кæнды дæр сыхаджы цардамондæн Хуыцауы ном ссарын, сæйгæ сыхагмæ рынчынфæрсæг бацæуын, бæрæгбоны сыхагæн арфæ ракæнын, бахъуаджы сахат йæ сæрыл рахæцын, дæ цины хъуыддаджы йæ дæ кæрты уынаффæгæнæг скæнын. Ирон адæммæ сыхаджы мард дæр сыхæгтæ ныгæнынц, уымæй сæхицæн исты пайда скæнын худинагыл нымайгæйæ (кæс сæргонд «Мард ныгæнын æмæ марды кæндтæ»). 

 

Сыхаг кæцыфæнды адæмыхаттæй уæд, цавæрфæнды диныл хæст уæд, кæй ранымадтам, уыцы фыдæлты амындтæ уымæ дæр хауынц. 

Зæрдæхæлар адæймаг кæддæриддæр батæригъæд кæндзæн рынчынæн, удхъуагæн, æнахъомæн æмæ мæгуыр адæймагæн, йæ бон цæмæй уа, йæ арм цæмæй амона, уымæй йын баххуыс кæндзæн æмæ йын балæггад кæндзæн, ныббардзæн ын тыхдзырд, æфхæрд, гуымиры митæ æмæ сонт рæдыд. 

Æххуыс æмæ лæггадхъуаг адæймаг тызмæг æмæ дæрзæг вæййы, суанг ма æфхæраг æмæ гуымиры дæр. Уыцы миниуджытæ уæздан адæймаг хъуама йæ зæрдыл дара æмæ сын быхса, бара сын. 

 

Уæздан адæймагæн йæ удыхъæды ис æвæджиауы хорз миниуæг — рæдаудзинад. Кæд дæ сыхаг, дæ зонгæ, дæ къабаз Хуыцауы рæстæй мæгуыры бонтæ æрвиты, уæд ды дæр уымæй хъæздыгдæр нæ дæ. 

Уæздан адæймаг йæ исбонæй сæрыстыр нæ вæййы, уый сæрыстыр вæййы йæ исбонæй адæмæн хæрзты бацæуынæй, рæдаудзинад равдисынæй, уый зæрдæхæлар адæймаджы кæнон у. Æрмæст кæддæриддæр зонын хъæуы, æцæг зæрдæхæлардзинад æмæ хи равдисыны охыл кæнгæ митæн иумæйагæй кæй ницы ис, уый. Кæд дæ дæхи равдисын фæнды, ома сау цæмæй урсæй разына, уый, уæд бонджыны арм «адзæбæх» кæн, æмæ дæ адæм фендзысты, фæлæ зон, сауæй урс нæ зæгъдзысты. 

Адæмæн дæ зонд, дæ ныхас ма хъар — куы сæ бахъæуай, уæд дæ сæхæдæг агурдзысты. Адæм дæм куынæ ’рхатой, уæд сын уынаффæ дæр ма кæн. Макуы макæмæн зæгъ: «Æз хуыздæр зонын», «Æз хуыздæр арæхсын». Уый адæм сæхæдæг зæгъдзысты. Афтæ æнхъæл ма у, ды хуыздæр зоныс кæнæ хуыздæр арæхсыс. Хуыздæрай хуыздæртæ бирæ ис. 

Цы нæ зоныс, ууыл басæттын хорз у, искæйы бафæрсын та — уымæй хуыздæр. 

Уæздан адæймаг хæстæгæн, къабазæн, хæларæн йæ цин дæр æмæ йæ хъыг дæр йæхи хоны, сæ сæраппонд бахъуаджы сахат хъазуаты дæр бацæуы, хионы чи нæ уарзы, уый æцæгæлоны никуы бауарздзæн; йæ бинонтимæ, йæ къабæзтимæ хæларæй чи нæ цæры, уый адæмимæ цæрын дæр нæ базондзæн. 

Зæрдæхæлар адæймаг æгомыг фосы, сырды кæнæ зайæгойты дæр нæ бахъыгдардзæн, гæнæн уæвгæйæ сæ рис нæ бауадздзæн, царды хос æмæ удхосæн куы нæ хъæуа, уæд. 

 

Зæрдæхæлар адæймагæн æцæгæлон сты зынæрвæссондзинад, зындзырд æмæ зындзард, цыфæнды хицауы бынат куы ахса кæнæ хъуыстгонд куы уа, уæддæр йæ алыварс уæвæг адæмимæ цæры хæларæй, никæд никæйы фауы, никæйы ницæмæй хъыгдары. Ахæм адæймагæн йæ ныхас у фæлмæн, зæрдæмæхъаргæ æмæ узæлæг, къаддæр дзуры, фылдæр хъусы, йæ дзуаппытæ сты цыбыр æмæ хуымæтæг, нæй сæ зондамонæг ныхасы зæлтæ. Нæдæр йæ ныхасы, нæдæр йæ миты нæй схъæлдзинад, хъалбодз митæ æмæ дæлджиныггæнынад. 

 

5. Сæр сæрмæ хæссын 

 

Алы адæймаг дæр хъуамæ йæхицæн кад кæнын зона, цæмæй йæ рæсугъд хъуыдытæ царды йæ бон рауадзын уа. Йæ зæрдæхæлардзинад æдылы, уырыг æмæ сентименталонæй æвдыст ма цæуа. Ие ’фсарм ын фырнымд ма хоной, йæ рæстдзинадыл та æууæнк уа, ууыл хъуамæ архайа. 

Арæх афтæ вæййы, æмæ адæймагæн йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ, йæ архайд раст вæййынц. Фæлæ сыл царды уæз куы æрæнцайы, уæд æм хъæддых нæ фæлæууы. Царды зилдухæнтæ рагацау нæ бамбары æмæ йæ дзæбæх хъуыдытæ, йæ фæндтæ бæллицтæй баззайынц. Адæймаджы уæздандзинад зынаргъ уæййаг дзаумайау у, ома, кæд цыфæнды хæрзхъæд у, уæддæр æй цалынмæ адæм базоной, уæдмæ йæ хорз не ’лхæдæуы. Уый ууыл дзурæг у, æмæ уæздандзинад адæм хъуамæ феной, æмæ сæ бауырна. Уый та æнцон бакæнæн нæу. Цæмæй адæмы дæ уæздандзинад бауырна, уый тыххæй хъæуы: 

 

— хорз зонын æрдз æмæ æхсæнады рæзты закъонтæ, ома, дæм хъуамæ уа уæрæх æмæ арф зонындзинæдтæ (эрудици); 

— цæрын адæмы цардæй — сæ цинтæй æмæ сæ сагъæстæй; 

— хорз зонын алыварсуæвæг адæмæн сæ истори, се ’гъдæуттæ æмæ сæ зæрдиагæй æххæст кæнын; 

— рагæй дæр кадджын сты ныфс, фæразондзинад, æхсар,— хъæуы сæ равдисын; 

— хорз зонын адæмы абоны ахсджиаг æмæ риссаг фарстатæ, æмæ архайын сæ алыг кæныныл, кæд æвналæнтæ амонынц, уæд; 

— сарæхсын фыдгул æмæ фыдæн аккаг ныхкъуырд дæттынмæ, уыимæ уæзданæй æмæ хъæддыхæй; 

— иубæстон адæм æмæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд æвгъау ницы кæнын; 

— зæрдыл дарын фыдæлты фæдзæхст: нæ адæмы хъысмæт хъуамæ уа нæ адæмы бæрны. «Ныммæл-иу фæсмонæй, ды искуы хæддзу йæ куы скæнай æлдар», — фыста Иры гени Къоста. 

 

6. Райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмыл æнувыд уæвын 

 

Алы ирон лæгæн дæр йæ царды сæйрагдæр нысан æмæ æхсæнадон хæс у йæ райгуырæн Ирыстон, йæ иубæстон адæм æмæ йæ фыдæлты фарн бахъахъхъæнын, сæ кад, сæ намыс сын дæлæмæ нæ уадзын, бахъуаджы сахат сын йæ туг кæнæ иугуырæй йæ цард нæ бавгъау кæнын. Уый у, фыдæлтæй чи баззад, уыцы уаз фæтк æмæ, фыдæй фыртмæ чи цæуы, уыцы ныстуан. «Райгуырæн бæстæйæн йæ дуртæ дæр рæсугъд сты», «Дæ цард дæ цæсты куы сæгад уа, уæд-иу æндæр бæстæтыл æрзил» — загътой-иу нæ куырыхон фыдæлтæ. «Райгуырæн бæстæйы кæрдзыны къæбæр хæлардæр æмæ хъазардæр у æцæгæлон бæстæйы гуыдынæй», — фыста Гагкайты Хъазан. 

Ирон уæвгæйæ, кæмдæриддæр у, цавæрфæнды адæмы æхсæн цæр, цыфæнды царды уавæртæ дын уæд, дæ алыварс уæвæг адæмæй хъуамæ бæрæг дарай Ирыстон æмæ дæ иубæстон адæмы æгæрон уарзтæй уарзынæй æмæ бахъуаджы сахат уыдон сæраппонд мæлæтдзаг тохмæ цæттæ уæвынæй, ирон уæздандзинадæй, зонындзинæдтæй, фæллой кæнынæй, ныфс æмæ æхсарæй. Хъуамæ дæ алыварс уæвæг адæм дæуыл сæ зæрдæ дарой, хъуамæ æууæндой, бахъуаджы сахат сæ фарсмæ сæрхъуызойы бынат бацахсдзынæ, ууыл.  

Кæй ранымадтам, уыцы æвæджиауы миниуджытæ алы иронæн дæр хъуамæ йæ туджы æмæ йе уæнджы бацæуой йæ мады æхсыримæ. Ацы миниуджытæ цы адæймаджы удыхъæды ныффидар вæййынц, æрмæстдæр уымæн ис йæхи сæрыстырæй Ирон хоныны бар.  

 

Кæддæриддæр зæрдыл дарын хъæуы: йæ райгуырæн бæстæйы чи нæ уарзы, уый æцæгæлон бæстæ никуы бауарздзæн, йæхи адæмыхатт кадджын кæмæ нæу, уый æндæр адæмы бæрзонд никуы скæндзæн, йæ фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттæ чи ницæмæ дары, уый йæ райгуырæн бæстæн æцæгæлон у. 

Ирон уæвгæйæ тохы быдырæй ралидзæг, тæппуддзинад равдисæг, хи цард раттыны бæсты искæйы цард тæссаг уавæрмæ кæнæ мæлæтмæ раттæг, иубæстон адæмыл кæнæ рæстæй æндæр искæуыл цъыфкалæг, гадзрахатæй рацæуæг, ирон ардбахæрды сæрты ахизæг, ныййарæджы тæригъæды бацæуæг адæмы ’хсæн цæрыны аккаг нæу. Ахæмты нæ куырыхон фыдæлтæ куыдзæппарæнæй æппæрстой æмæ сын сæ мæрдтæ иумæйаг уæлмæрдты нæ ныгæдтой. Ахæм адæймаг канд йæхæдæг нæ хæссы худинаджы æмæ фыдгæнæджы гакк, фæлæ ма æгады бынатмæ тæры йæ бинонты, йæ мыггаджы æмæ йæ дзыллæйы. 

Ирон адæммæ хъæбатыры ном никуы хаста æмæ нæ хæссы, адæмы цæстмæ чи архайы, мæнæ мæ феной æмæ мæ раппæлой, зæгъгæ, уый. Æцæг хъæбатыр уый вæййы, никуы йæ ничи базондзæн æмæ дзы никуы ничи раппæлдзæн, уый чи фæзоны, афтæмæй хъæбатырдзинад чи равдисы, мæлæтдзаг тохы бацæугæйæ. 

Кæд дæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд тохы бацыдтæ, уæд дæ зæрдыл дар, знаджы ды куы нæ амарай, уæдæй ничи амардзæн, фæлæ уый дæу амардзæн. 

Цыфæнды фыдуавæры — цъысымы куы бахауай, уæддæр дæ уд аирвæзайы кæнæ дæхи æхцондзинады охыл дæ сæрмæ æнæфсармдзинад макуы æрхæсс, дæ цæсгом макуы ауæй кæн. 

 

Фыдыуæзæг, райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмы хъахъхъæнын, йæ кад, йæ намыс ын бæрзонд хæссын алкæд хæсты быдыры æмæ хæцæнгарзæй нæ фæхъæуы, нæ фæлæ фылдæр хатт адæймаджы æрвылбоны удвæллойæ, бæрзонд аивад æмæ культурæйæ, ома иубæстон адæмæн сæ цæсгом равдисынæй. 

Алы адæмыхатт дæр дунейы иннæ адæмты ’хсæн бæрæг дары æмæ йæ ном бæрзонд хæссы йæ национ культурæ æмæ аивады руаджы, йæ удварны хæзнатæй, йæ национ хорз æгъдæуттæй. Махæн — ирон адæмæн — нæ фыдæлтæ æнусты дæргъы кæй сфæлдыстой æмæ сæ уæззау царды фæлтæрæнты кæй бахсыстой, уыцы удварны хæзнатæ сты нæ нацийы абоны намыс æмæ сæрыстырдзинад. Фыдæлтæ уыдон бындурыл хъомыладон куыст ахæм бæрзонд æмвæзадмæ систой, æмæ абон дæр мах дисы ’фтауынц сæ æвæджиауы дидактикон принциптæ æмæ мадзæлттæ, уæлдайдæр та уыцы хъомылады фæрнæйдзаг фæстиуджытæ. Уыцы удварны хæзнаты руаджы фæлтæрæй фæлтæрмæ Иры дзыллæйы ’хсæн фидар кодтой уæздандзинад, æхсар, адæймагдзинад æмæ æндæр бирæ хорз миниуджытæ, дунейы дисы чи ’фтыдта, ахæмтæ. 

 

Абон, ирон уæвгæйæ, йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ иубæстон адæм зынаргъ кæмæн сты, уый хъуамæ цæсты гагуыиау хъахъхъæна æмæ аив кæна, уæлдæр кæй ранымадтам, уыцы национ хæзнатæ, уæлдайæр та, традицион чи сси, уыцы национ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ: 

 

— райгуырæн бæстæ, иубæстон адæм æмæ фыдыуæзæгыл æнувыд уæвын, амæлæты бонмæ сын сæрхъуызой æмæ лæггадгæнæг уæвын; 

— ныййарæгæн, хистæрæн кад кæнын æмæ йæ буц дарын; 

— кæстæрты æмхуызонæй хъомылады æмæ ахуыры фæндагыл аразын; 

— уазæджы Хуыцауы уазæгыл нымайын, буцæй дарын æмæ йæ хъахъхъæнын; 

— сыхагæн лæггад кæнын, бахъуаджы рæстæг йæ фарсмæ æрбалæууын, йæ циныл цин кæнын, йæ рисыл — сагъæс; 

— сылгоймагæн — дзыллæйæн дунейы рухс дæттæгæн — йæ ном, йæ фарнæн уæлдай кад кæнын. 

— адæмы сæраппонд тохы лæгдзинад равдисын. 

 

Кæй ранымадтам, уыдон сты уæздандзинадæн æрмæстдæр йæ сæйраг бæрæггæнæнтæ, фæлæ, æмткæй райсгæйæ, æвдисынц йæ мидис æмæ ирон адæмы национ удыхъæды сæйраг миниуджытæ. 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ