Сайты Ирон хайыл нырма бирæ куыст ис. Уый фæдыл сидын ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ хорз чи зоны ахæмтæм æххуысмæ.
Тынг фæкæсинаг стæм тæлмац кæныны хъуыддагæй, æмæ кæд искæмæн йæ зæрды уа йæ æххуысы хай бахæссын, уæд нæм фæхабар кæнут мæнæ ацы адрисмæ
ironfarn@list.ru
Уымæй уæлдай сидæм дыгуронау хорз чи дзуры æмæ фыссы уыдонмæ дæр. Ацы сайт конд у æгас Ирыстоны адæмыл, æмæ дзы хъуамæ æнæмæнг уа тексттæ дыгуронау дæр. Проекты автормæ гæсгæ, Дыгурæй рацæугæ сгуыхт адæмæн сæ информаци сайты гæнæнæй-амалæй лæвæрд цæуа дыгуронау. Уыцы æрмæг бацæттæ кæнынмæ дæр хъæуы æххуысгæнджытæ.
Уæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæнут!
Тæлмацгонд æрмæг чи æрбарвита, кæнæ йæ чи ратæлмац кæна, уыдоны нæмттæ æнæмæнгæй амынд уыдзысты уыцы æрмæджы бын.
Кучиты Руслан
|