Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

**Зарæггæнæг Плиты Аслæнбег
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Нæ царды хæларзæрдæ, райдзаст, æнæхæрам, цæстуарзон адæмыл куы сæмбæлæм, уæд арæх фæзæгъæм: "Ай Хуыцауы сконд адæймаг у". Æмæ æвæццæгæн æцæгæйдæр афтæ вæййы. Хуыцауæй æрвыст вæййынц не'хсæнмæ а зæххыл рухс фæд ныууадзынмæ, раст фæндаг нын бацамонынмæ.  

 

Мæнæ музыкалон аивады зындгонд кусæг æмæ журналист Секъинаты Альбина цы киноныв сарæзта, уым æвдисы нæ хорз æмгар Плиты Асланы рæсугъд фæлгонц. Уый уыдис æцæг Хуыцауы сконд лæг, адæмæн уарзон зындгонд зарæггæнæг, диссаджы удыхъæды хицау. Æз æй хорз зыттон дыуиссæдз азы бæрц, æмæ никуы хъуыды кæнын искуы искæимæ тыхст ныхас скæна кæнæ искæмæн йæ зæрдæхудты бацæуа. Йæ уæздан æгъдауæй, йæ фæлмæн æмæ хъæлдзæг ныхасæй, йæ диссаджы зæлланг хъæлæсæй адæмæн йæхи афтæ уарзын кодта æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Дызæрдыг нæ кæнын Ирыстоны ахæм хъæу нæ баззад, Асланæн хорз æмбæлттæ, уарзон адæм кæм нæ разындзæн. Алы ран дæр ыл æфсымæрау узæлыдысты. 

 

Ныртæккæйы царды, хъыгагæн, арæх лæгæн аргъ кæнын райдыдтам йæ дзыпп æмæ йæ бынатмæ гæсгæ. Аслæнбег уыдис хуымæтæг кусæг, нæ самадта бирæ мулк, нæ бадтис стыр къæлæтджынты. Фæлæ уæлæуыл ныууагъта уыдонæй стырдæр хъæздыгдзинад - йæ ирд фæд адæмы зæрдæты, йæ рæсугъд зарджытæ.  

Уыдоны цæрдзæн æнустæм йæ хорз ном.  

 

Стыр бузныг Альбинайæн ацы номарæн киноныв саразыны тыххæй. Стыр лæггад бакодта Асланы хиуæттæ, йæ бирæ æмгæрттæ æмæ йæ чи зытта уыцы мингай уарзон адæмæн.  

Хуыцауæй арфæгонд у, Альбина! 

 

 

Кучиты Руслан 

www.ossetians.com 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ