Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ос Бæгъатыр
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (1)      Мыхуыры рауадзын

ОС-БÆГЪАТЫР  

 

Ирон адæмы æмбисонды хæстон разамонæг XIII-XIV æнусты (иуæй-иу историктæм гæсгæ та V-æм æнусы).  

 

Ос-Бæгъатыр райгуырд Уæлладжыры комы, æмæ уыдис бирæ цытджын ирон мыгкæгтæн сæ рагфыдæл. Йæ æфсадимæ-иу тохы балцыты цыдис æмæ кæддæридддæр уæлахизæй здæхтис. Быцæу кодта Гуырдзыйы паддзахтимæ дæр. Иу афон куы уыдис, уæд паддзах Горгасалы хойы раскъæфта. Чысыл фæстæдæр Горгасал схъавыди Ос-Бæгъатырæй йæ маст райсынмæ.  

Арагвийы цæугæ доны былгæрæттыл хъуамæ тох бацайдагъ уыдаид дыууæ æфсадæн. Фæлæ Горгасал бадзыртта ирæтты разамонæгмæ, ацырдæм рацу, æмæ дзæбæхæй баныхас кæнæм, зæгъгæ. Уыимæ йын лæджы дзырд ратта, доны сæрты хизгæйæ æдас кæй уыдзæн. Фæлæ Ос-Бæгъатыр доны астæумæ куы бахæццæ йæ бæхыл, уæд ыл гуырдзиаг æфсад фат ныккалдтой æмæ йæ мæнгардæй амарттой. 



 Фиппаинæгтæ (1)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ