Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

7. СÆУÆССÆЙЫ МÆЛÆТ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

БОРÆЙЫ КАДÆГ 

 

Гуымирты хистæр æрæмбырдкодта 'фсадхон æмæ загъта: 

– Нарт мæ бындзагъд фæкодтой. Ныр та уæйгуыты дæр цæгъддзысты. 

Рæстæг ахæм ыскодта 'мæ фæстиатгæнæн нал и. 

Зæхх цæ нæ уырæдта, цæст цыл не ххæсти. Гуымирæй, уæйыгæй – 

Бæргъуаны 'фсæдтæй ма ц' аззади – сæмбырд ысты сеппæт. Цыма хъæд 

фенкъуысти, уый цыд кодтой. 

Борæ 'мæ Зæрисæры чызг-æфсад кæрæдзиуыл амбæлдысты, æмæ дзуры 

Борæмæ Зæрисæры чызг: 

– Ныр куыд хæцдзыстæм гуымирты 'фсæдтимæ, зæхх цæ куы нæ 

уыромы, цæст цыл куы нæ 'ххæссы! 

– Бирæ куыд ысты, сæ тых афтæ нæу. Нæхи æрымбæхсæм, æмæ цæ 

дыууæ дихы фæкæнæм. Хæст талынгмæ ку' ахæсса, уæд фемхæддзæ 

уыдзысты. Стæй фæцæгъддзысты сæ кæрæдзийы. Чи ма цæ аззайа, уыдон 

та мах бар фæуæнт, æмæ фендзыстæм! 

Сæхи æрæмбæхстой иу нарæг комы, Борæ – донæн йæ рахизырдыгæй, 

Зæрисæры чызг – донæн йæ галиу фарс. 

Фæцæуы гуымирты хистæр комынарæджы 'мæ дзуры: 

– Уæдæ ам, нæ хæцæнбынаты, змæлæг куы нæ ис, уæд кæм уыдзысты? 

Сайдæй ныл ма рацæуæнт Борæ 'мæ Зæрисæры чызг-æфсад. 

Нарæг комæн йæ тæккæ уынгæджы рахизфарсырдыгæй Борæ сæ размæ 

фæци. Уæд дын гуымирты хистæр Борæйы цур куы фестид. А ныр æй 

æрцæва, афтæ йæ Борæ барæхуыста, æмæ рахауди гуымирты хистæр йæ 

тæлтæг бæхæй. 

Æфсад уый куы федтой, уæд фæсабыр ысты. Сæ ныфс асасти, фæлæ 

цыл гуымирты раздзог фæхъæркодта: 

– Фидыды алдзæн хæст фæуыромут. 

Æмæ Борæ сразы. Хæст фæуырæдтой, æцæгæйдæр. Æмæ гуымирты 

хистæр фæсидт уæд кæстæр уæйыгмæ. 

– Мæнæн мæ мæлæт æрцыд, фæлæ райсом сæумæраджы бацу Борæмæ. 

Уый цалынмæ йе згъæр не ркæна, уæдмæ йæм æууæнкæй бацу. Уый йæхи 

æхсдзæни. Ды фæцырд у, æмæ йæ чъылдымдзæф фæкæн. Кæннод ын амæлæн 

нæй уымæн. 

Райсомæй раджы кæстæр уæйыг бацыд Борæмæ. 

Бахатыркæн зæгъгæ йын загъта Борæ. – Æз уал мæхи æрæхсон. 

Йæхи 'хсынмæ куыддæр фæгуыбыркодта Борæ. Æмæ куыддæр й' 

армыдзаг дон ыскалдта йæ цæсгомыл, афтæ йæ кæстæр уæйыг чъылдымдзæф 

фæкодта. 

Борæ ма бæргæ фæзылди. Кæстæр уæйыгæн йæ сæр ыстыдта 'мæ йæ 

фехста. 

Сæр гуымирты хистæры хъæбысы абадт, æмæ ма йæ цæстытæ иу ирд 

фæкодта. Æмæ дзы разынди Борæйы ныв, йæ фæсонты кард сагъд. 

Зæрисæры чызг, Борæ фæцæф зæгъгæ, уый куы базыдта, уæд ысхæцыд 

гуымирты 'фсæдтыл æмæ цæ 'мбис фæкодта. 

Гуымирты хистæр аууоны хуыссыд, æмæ чызг-æфсадыл йæ цæст 

ахаста. 

Зæрисæры чызг-æфсады иу чызг Бурхан хуынди. Уый æфсæдты фæстæ 

цыд барæй. Гуымирты хистæр Зæрисæры чызгыл фат ысуагъта, æмæ чызг 

уæззау цæф фæци. 

Уæд Бурхан йæ сенккард фæцъортласта, æмæ гуымирты 'фсæдты 

къуыммæ бахаста. Кæй цæ нырриуыгъы, уый дыууæ фæвæййы. Изæрмæ цæ 

бирæ нал фæцыд. Ныууагътой сæ хæст. 

– Æз нæхимæ нал цæуын, – загъта Зæрисæры чызг, – фæлæ Борæимæ 

Нартæм ацæудзынæн. Бурхан дæр рацæуæд немæ. 

Чызг-æфсад фæцыдысты сæхимæ 'мæ загътой Зæрисæрæн: 

– Дæ чызг Нарты чындз баци... 

Борæ 'мæ Зæрисæры чызг æрцыдысты Нартæм. 

Гуымирты хистæр амарди 'мæ йæ бавæрдтой. Фæлæ та афæдзы фæстæ 

йе фсад уæйгуытимæ иумæ сæ фæнд ысиукодтой. Æмæ афсæрстой иубон. 

Нартæ фехъуыстой хабар, æмæ Сæуæссæ скатай: цы бакæна, кæдæм 

фæкæндзæн йæ дыууæ идæдзы? 

Уæд Борæ фæрсы Сæуæссæйы: 

– Цæуыл тыхсыс? 

– Куыд нæ тыхсон? Не знæгтæ 'рбырсынц. 

– Дæ идæдз-чындзытæн с' афæдз æрцыд. Афæдз фæбадтысты 'мæ цæ 

арвит ныр кад æмæ радæй. Арвычызджы та Бæртæлæгмæ фæкæн. Дæхæдæг 

дæр ацу йемæ. Мæн ам уадзут мæхи бар. 

Борæ куыд загъта, афтæ бакодтой. Систой сæ саутæ дыууæ чындзы 

'мæ фæцыдысты. Арвычызджы та Сæуæссæ Буртæлæгмæ фæкодта, йæ рагон 

хæлармæ. 

Утæппæт æфсад бырсгæ рацæйцыдысты. Хур цыл не ххæссыд, афтæ 

бирæ уыдысты. Сæ къæхтыхъæрæй бæстæ арыдта. 

Уæд Бæртæлæг фæрсы Сæуæссæйы: 

– Уый цæй нæрын у, цымæ? 

– Уый – Нартыбæстæм ызнаг æрбабырсы. 

– Фæгæдзæкæн, Сæуæссæ, æз Борæйы Сечъылæгæтмæ 'рбакæнон. 

Уырдыгæй йын хæцын æнцондæр уыдзæн. 

Бæртæлæг Нартыл рацыд, æмæ акодта Борæйы Сечъылæгæтмæ. Йæхæдæг 

раздæхт, фæлæ йыл гуымиртæ 'мæ уæйгуыты 'фсæдтæ хæрзæмбæлд фесты, 

æмæ схæцыдысты йемæ. 

Борæ цæ ауыдта. Рауагъта йæхи йе згъæрты. Смидæг и æфсæдты 

'хсæн æмæ цæ цæгъдынтæ систа. 

Гуымиры фырт дзуры Борæмæ – уый сæ раздзог уыди: 

– Фæлæу мын гъеныр, мæ фыды марæг! 

Уæд æм Борæ хæстæгдæр бацыд, æмæ йын афтæ зæгъы: 

– Кæд хæцæм, уæд лæгæй-лæгмæ. Ацы 'фсæдты фæстæдæр арвит. 

Æфсæдты фæстæдæр арвыстой. Февнæлдтой кæрæдзимæ дыууæ знаджы. 

Гуымиры фырт Борæйæн йæ хъæдгомы арц фæсагъта, фæлæ йæм Борæ дæр 

фæцырд и. Нырриуыгъта йæ кардæй, æмæ гуымирæн йæ сæр фæтахти. Борæ 

йæхæдæг дæр ахаудта зæххыл. 

Смæсты сты гуымиртæ. Калдтой хъæд, æмæ Борæйы бынмæ стыр 

цагъдамад ыскодтой уыцы бæлæстæй. Арт цыл бандзæрстой, æмæ йæ 

басудзын уыди сæ зæрды. Фæлæ Донбеттыртæ хабар куы базыдтой, уæд 

уыдон дæр ысмæсты сты, æмæ доны уылæнтæ артмæ сарæзтой, æмæ 

гуымирты 'фсад хæхтæм фæлыгъди. 

Артæй йæ бæргæ байстой Борæйы Донбеттыртæ, фæлæ нал фервæзти 

Борæ йæ цæфтæй... 

Уæларвцæрджытæ зæхмæ сæхи 'руагътой. Донбеттыртæ сурмæ 

рахызтысты. Сæуæссæ Бортæлæджы хæдзарæй ысхæддзæ и. Æмæ тæрхонкæнын 

байдыдтой сеппæт дæр, уæдæ йæ хуыздæр кæм бавæрæм зæгъгæ. 

Уæларвцæрджытæ загътой: 

– Уæларв æй бавæрæм – æрвон сиахс уыди. 

– Дæларв æй бавæрæм, – загътой Донбеттыртæ. – Донбеттырты 

хæрæфырт уыди. 

– Зæххон гуырд уыди, æмæ йæ ам нæхи зæххыл бавæрæм, – загътой 

Нартæ. 

Уæд Зынджыбардуаг загъта: 

– Чи кæм райгуыры, уым æй бавæрынц. Æмæ сразы сты уыцы ныхасыл 

адæм сеппæтдæр, æмæ йын æрттивгæ зæппадз ыскодтой Борæйæн, æмæ йæ 

кадимæ бавæрдтой, Нарты уæзæгыл. 

Сæуæссæ нал ацыд Бæртæлæгмæ, фæлæ баззади Нартæн сæхимæ. 

– Ныр мæхæдæг дæр мæ зæнæджы фæстæ цæринаг нал дæн, – загъта 

Сæуæссæ Бæртæлæгæн. – Мæ маст ма сисон æххæст ацы уæйгуытæй. 

Сæуæссæ скодта йæхицæн дурын чъырынтæ, райста иу æфсæн 

дзæккор, æмæ 'нхъæлмæ касти уæйгуыты фæзындмæ. 

Бæртæлæг æрцыди сæхимæ. 

Борæйы ус, Арвычызг, уыцы рæстæджы фæтæлæнтæ, æмæ сагъæсы 

бафтыд: уæдæ куыд уыдзæн, уæдæ цы бауыдзæн? 

 

СÆУÆССÆЙЫ МÆЛÆТ 

Нарты Сæуæссæ фæзæронд и 'мæ фидары бадти, йæхи хызта 

уæйгуытæй. Уæйгуытæ йæм мæсты уыдысты – бирæты дзы фæцагъта, бирæты 

та дзы цæнкуылтæ фæкодта. Сæуæссæ зыдта – нæ йæ ныууадздзысты 

уæйгуытæ, æмæ фидары мидæг уæрм ыскъахта. Уым уазал дон цыди. Куы- 

иу ыстæвд Сæуæссæ, уæд-иу дзы ныббырыд, æмæ-иу йæ болат буар йæ 

ранмæ 'рцыд. 

Сæуæссæ йæ дзæккорыл æфсæн зæгæлтæ ныффидаркодта, сæвæрдта йæ 

мæсыджы сæр, æмæ-иу афæлгæсыд: мыййаг, искуыцæй куы фæзыной 

уæйгуытæ. Фидары дуæрттæн ахæм æрвгæнæнтæ сарæзта, æмæ бакæнын нæ 

куымдтой. 

Уæд та иуахæмы мæсыджы сæрмæ схызти. Афæлгæсыд, никуыцæй ницы 

зынди 'мæ æрфынæй. Раст уыцы рæстæг фæзындысты уæйгуытæ, æмæ кæсынц 

Сæуæссæйы фидармæ. 

– Фат-фæдисон фервитæм. Кæд дзы исчи разына фидары, уæд æнæ 

ракæсгæ нæ фæуыдзæн. Кæд дзы ничи ракæса, уæд та нын сусæгæй цæугæ 

у. Фидары фисынтыл арт ыскæнæм, æмæ йæ басудзæм. Æддæмæ дзы куы 

цæуа исчи, уæд нын 'й амарын æнцондæр уыдзæни. 

Фат фехстой уæйгуытæ, æмæ æгæр сæрдзыд атахти. Фидармæ нæ 

бахæддзæ и 'ххæст, æмæ, кæм сæмбæлд, уым сыджыт ыспырхкодта. Æмæ 

фидары сæрмæ скалдысты йæ пырхæнтæ. Сæуæссæ ницы базыдта, нæ 

райхъал йæ фынæйæ. 

Дыггаг фат та æгæр бынты ацыд, фидармæ хæддзæ дæр нæ баци. Æмæ 

та æртыггаг хатт фехстой. Фат ратахти. Сæуæссæйæн фидары мидæг цы 

уæрм уыди, дон кæм дардта, уыцы уæрмы къæйыл сæмбæлди. Къæй 

ахаудта, æмæ гыбаргыбургæнгæ ныттылди уæрмы бынмæ, æмæ дон уæлæмæ 

цæуын нал уагъта. 

Фехъал и Сæуæссæ, акасти 'мæ – й' алыварс сыджытæй йе дзаг. 

Æмæ дискæны, ай цæй сыджытыкалд у? Æрхызти бынмæ, доны уæрммæ 

бацыди, æмæ – къæй уым нал. Дон хæрдмæ скалди. Ныххызти бынмæ, 

уæрмы бынæй къæй систа, кæсы, æмæ – фат йæ уæлæ. Цæхгæр ысгæппласта 

Сæуæссæ, æмæ афæлгæсыд. Уæйгуытæ хохæй коммæ 'рхызтысты, æмæ 

æнæхъæн æфсадæй рацæуынц. Сæуæссæ цæ базыдта, æмæ йæ фидары дуæрттæ 

æрæхгæдта, йæ бæхы фæсгæнах æрæмбæхста. Мæнæ рацæуынц уæйгуытæ. 

Сæуæссæ фæсгæнах сусæг бацæуæныл къæй бахъилкодта. Йæхæдæг бæхыл 

абадти, йæ кард дардыл фæхаста, æмæ уæйгуыты ‘хсæн ысмидæг и, æмæ 

цæ фæйнæрдæм цæгъдынтæ систа. Йæ кард кæуыл æрныдзæвы, уый карст 

фæткъуыйау фæдихвæййы. Зæронд Сæуæссæ уæйгуыты йæ фæдыл асайдта. 

Æмæ йæ чи куыд æййæфта, афтæ цæ куынæгкодта. Уæйгуытæ бамбæрстой 

Сæуæссæйы хин. Æртæ дихы фесты, æмæ иутæ размæ фесты, иннæтæ 

фæрсырдыгæй цыдысты, æртыггæгтæ та йæ фæстейы сырдтой. Фæттæ йыл 

æхстой йæхиуыл дæр, мæ йæ бæхыл дæр. Уый дæр кæй фатæй æхста, кæй 

кардæй карста, кæй арцæй мардта. 

Сæуæссæ 'рбазылди фидарырдæм. Уæд йæ бæх фæцæф и, туджыахстытæ 

скалдта йæ хъæлæсæй, цалдæр гæппы ма бафæрæзта 'мæ зæххыл æрхауди. 

Сæуæссæ агæпласта, фæсгæнахмæ бауади, къæй рафæлдæхта, æмæ Хуыггомы 

смидæг и. Мидæгæй æфсæнæхгæнæн рагуыпласта, æмæ уæйгуытæн бацæуæн 

нал уыди. Фидары сæрмæ 'рлæууыди йæ кардимæ 'мæ загъта: 

– Тыхкæнынмæ куы цæут, уæ, саусæр уæйгуытæ! Уе ргом мæм 

раздахут! 

Уæйгуытæ кæрæдзиуыл бæндæнтæ абастой, æмæ схизынц. Фæлæ 

Сæуæссæ бæндæн фæлыг кодта, æмæ та рахаудысты уæйгуытæ 

сæрбихъуырæйттæгæнгæ. Уæйгуыты хистæр цæм дзуры: 

– Асинтæ саразут, æмæ йæм афтæмæй ысбырæм. Кæннод нæ не 

суадздзæн йæхимæ. 

Уæйгуытæ асинтæ аразын байдыдтой. Фидары къултæ авд ивазны 

бæрзæндæн уыдысты. Асинтæ куыд цæттæкодтой, афтæ цыл бырыдысты. Уæд 

Сæуæссæ иу фисынæй иннæмæ фæйнæг авæрдта. Куы сцæйхизынц уæйгуытæ, 

уæд та фæйнæгыл ранцайы Сæуæссæ, æмæ асинтæ рахъилвæййынц, æмæ 

уæйгуытæ зæххыл сæмбæлынц. 

Ницы тых кодтой афтæмæй дæр Сæуæссæйæн. Уæйгуыты хистæр 

Авдсæрон уыди. Æмæ йæм Сæуæссæ дзуры: 

– Ныр куыд цæгъдынкæныс де фсад? Дæхæдæг цæуылнæ уæндыс, æви 

дын уæлдайаг ысты! Де фсад куы нæ уой, уæд та дæхи дæр ма 'вдис. 

Ацы 'фсадимæ æз мæхæдæг фидаудзынæн. 

Стыр хъыг фæкастысты уыцы ныхæстæ Авдсæронмæ 'мæ загъта: 

– Дæхимæ мæ бауадз ысхизын, æмæ схæцæм лæгæй-лæгмæ. 

Сæуæссæ сразы и. Авдсæрон фидары сæрмæ схызти асиныл. Уым 

Сæуæссæ асин фæстæмæ раппæрста. Хæцынтæ систой. Сæуæссæ йæ 

рариуыгъта 'мæ Авдсæронæн йæ иу сæр атылд æфсадыл. Уый цæм 

адзырдта: 

– Мæ сæр мын æрцахсут, æмæ йæ тагъддæр сæппарут фæстæмæ. 

Авдсæронæн йæ тых иу хатт фæкъаддæр. Сæуæссæйæн та иу хатт 

фæфылдæр. 

Уæйгуытæ сæ хистæры сæр æрцахстой, бæргæ ма йæ сæппæрстой, 

фæлæ йæ Сæуæссæ ацахста 'мæ йæ фæныкмæ ныппæрста. Стæй дыггаг сæр 

дæр фæнычы абадт. Йе хсæз сæры йын алыгкодта Сæуæссæ уæйгуыты 

хистæрæн. Уæйгуыты хистæр ыстарсти мæлæтæй æмæ дзуры: 

– Цы фестут уæдæ, æз йемæ хæцдзынæн, æмæ асинтыл ысбырут 

тагъддæр! 

Уæйгуытæ та асинтæ авæрдтой фидары къултыл, æмæ бырынц уæлæмæ. 

Бирæтæ дзы сирвæзти. Сæуæссæ уæд Авдсæрон уæйыгæн йе вдæм сæр дæр 

ракъуырдта, æмæ сæр зæхмæ 'рхауди, йæ гуыр ын раппæрста фидары 

сæрæй. Уæйгуытæ сæр йæ бынаты авæрдтой, æмæ та уæйыг райгас. Дзуры 

йе фсадмæ: 

– Ме хсæз сæрæй æнæ хай фæдæн, фæныкдылд фесты, æмæ мыл нал 

баныхæсдзысты. Уæ иутæ фидармæ схызтысты, уый уынын, иннæтæ хъæдтæ 

'рбатулæнт, æмæ фидарыл арт бандзарут. 

Уæйгуытæй иутæ хъæдтæ 'мæ сугтæ ластой, чи цæ хæццæ кодта, чи 

сугтæ амадта фидарыл. Сæуæссæ базыдта, цæмæ хъавынц, уый. Фидары 

цурмæ йæхи сласта. Ныр уæйгуытæ йæ фæстæ бырынц. Фидары сæр йæ 

дзæккор-къулæг йæ къухы бафтыд, æмæ цыл ралæууыд уæйгуытыл. Уыцы 

даргъ æфсæнзæгæлтæ кæуыл аныдзæвынц, уый цæрдхуынкъ фæкæнынц. 

Афтæмæй цæ йæ разæй систа. Куыд уырдыгдæр хизы, афтæ фылдæрæй 

цагъды кæнынц. Уæйгуыты хистæр дзуры: 

– Уæхи йыл баппарут æмæ йæ 'рцахсут. Иуыл фæцагъды бæсты уадз 

æмæ мах фесæфæм. 

Уæйгуытæ дæр сæхи 'ппæрстой Сæуæссæйыл. Уæдмæ арт сирвæзт 

фидарыл. Сæуæссæ уый куы федта, уæд рагæппласта фидарæй. Уæйгуыты 

хистæры йæ быны афсæрста. Йæ сæр ын ракъуырдта 'мæ йæ цæхæрмæ 

баппæрста. Сæр ма цæхæрæй дыууæ гæппы сцæйкодта, фæлæ йыл арт 

ысхæцыди 'мæ басауæвзалы. 

Уæйгуытæ бакалдысты Сæуæссæйыл, сæ быны йæ 'ркодтой æмæ йыл 

арт бафтыдтой. Сæуæссæ сырх цæхæр ысси. Йæ бæттæнтæ бæргæ 

асыгъдысты, азгъордта ма фидармæ, цæмæй уæрмы донæй йæхи 

'руазалкæна, фæлæ йæ нал бауагътой уæгуытæ. Уый цыл йæ дзæккор- 

къулæгæй балæууыд. Фæсгæнахы дуар фегомкодта. Фæлæ та йæ уæйгуытæ 

нал бауагътой мидæмæ бахизын. 

Уæд Сæуæссæ мæстæй рагæппкодта фæстæмæ, куыройыцалхау 

ныззылдта йæхи, æмæ йæ буар кæуыл ныдзæвди, уый-иу фæтымбыл æмæ 

'рбамард. Фæцагъта ма Сæуæссæ уæйгуытæй бирæ, фæлæ йе фсæн буар 

æрфæлмæн и. Афтæмæй йæ фыртæвдæй зæхх фескъуыд, æмæ дзы Сæуæссæ 

'гасæй аирвæзти. 

Уæйгуытæй ма чи баззад, уыдон сæ мæрдты сæггойкодтой. Фæлæ 

уыйбæрц мæрдтæ ахæссын сæ бон нал уыди, æмæ фæйнæ авд марды 

ахастой. Нал цæ фæрæзтой. Уæд цын иу уæрм ыскъахтой æмæ цæ уым 

ныккалдтой. Ахастой ма сæ хистæры мард, уый дæр æнæ сæрæй. 

Афтæ фесæфти зæронд Сæуæссæ. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ