Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

4. БОРÆЙЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

НАРТЫ МАДЫ МÆЛÆТ 

Бонтæ цыдысты 'мæ ивгъуыдтой азтæ. Рарынчын Нарты мад – 

Донбеттырон, æмæ амард. Тынг ыл фæхъыгкодтой бинонтæ. 

– Мады ад – ныфсдæдтæг, мады уарзт – тыхдæдтæг, – дзырдтой йæ 

фырттæ. - 

Рухсаг у, нæ мад! 

Стыр зæппадз ын сарæзтой. Бавæрдтой дзы сæ мады, æмæ зæппадзы 

ныхыл æрттиваг болат ныссагътой. Сæ мады номыл фехстой арвмæ 

æфсæнфæттæ. Фæттæ хурыл сæмбæлдысты, æмæ хур æрдынæг æркодта 

зæппадзыл. 

 

БОРÆЙЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ 

Борæ уыдис цуаны Талмыхъæды. Ницæуыл сæмбæлди 'мæ рæгътыл 

фæстæмæ раздæхти. Хæхты тигътыл æфцджытæм æрхызти. Æфцджытæй – 

уæлвæзтæм, стæй къуылдымтæм æмæ дæлбылтæм æрцыди. Хъæды кæрон 

æрлæууыд, суадонмæ ныккасти 'мæ ауыдта иу æхсинæг ыстæхгæ. 

Æхсинæг æй йæ фæдыл асайдта хæхтæм. 

Борæ цæуы æхсинæджы фæстæ гурæй-гурмæ, æмæ уалынджы иу хохмæ 

бахæддзæ сты. Хох уыди хъæдæй æмбæрзт. Хъæд та ахæм уыд, æмæ дзы 

калмæн абырæн нæ уыди, маргъæн – атæхæн: æгæндæг хъæд. 

Уæд арвы дуар байгом и, æмæ æхсинæг фæтары. 

Борæйæн ацæуæн нал уыди. Йæхи 'руагъта нæзыбæласы бын 

хъуынакæрдæгыл æмæ дзалафæсалыл. Стæй тарф фынæй аци. 

Дыггаг хатт та байгом и арвы дуар, æмæ дзы ракалди урс фæлм. 

Фæлæ та бæстæ æрымбæрзта ногæй, æмæ та арвы дуар ахгæдта фæстæмæ. 

Фæлмæй лæг йæ фæндаг нал æвзæрста. Стæй та фегом и арвы дуар, æмæ 

бæстæ райхъал. Мæргътæ зарынтæ систой, фырцинæй хæрдмæ хаудысты 

сырдтæ, бæстæ ныррухс. Дæтты хъæр айзæлди дардыл, æмæ урс фынг 

калгæ, абухгæ, лæгæрстой хæххон дæттæ размæ. 

Борæ фехъал и, акасти фæйнæрдæм, æмæ та ногæй ауыдта 

æхсинæджы. 

Уæд æхсинæг фæлмы астæумæ йæхи систа 'мæ фестади чызг. 

Стæй та ногæй æхсинæг фестад. Фæлмы хуылфы зилгæ ацыди 'мæ 

сфардæг уæларвмæ. Уыйфæстæ фæлм апырх и, æмæ та арв ирдæй разынд. 

Æмæ цавæрдæр сусæг фæнд сæвзæрд уæд Борæйæн йæ зæрды... 

Борæ уым баззади æнæхъæн къуыри. Къуырийы фæстæ сæхимæ 'рцыд, 

æмæ зилын байдыдта минæвæрттыл. Авд бонмæ авд хистæры ссардта. 

Кусарт цын акодта. Физонæггаг рахиз фарсæй, фондз фæрсчы йæ уæлæ, 

афтæмæй цæ 'рбалыгкодта. Ронг дæр нывæрдта 'мæ нысанбынатмæ 

'рцыдысты. Уым физонæджы тæф ысуагътой æмæ карз ронгæй Хуыцаумæ 

скуывта хистæр зæронд лæг: 

– Табу дæхицæн, иунæг Хуыцау! Цы хъуыддаджы фæдыл цæуæм, уый 

нын хорзæн фæуæд! Уастырджи, нæ фарс фæу, æмæ нын нæ зæрдæ 

барухскæн! Борæ цæмæ бæллы, уый бафтæд йæ къухы! 

Уоммен зæгъгæ загътой иннæтæ. 

Уæд базмæлыди сау зæхх, бæлæстæ цы уыдысты, иу ахæм ма 

сырæзтысты. Сæлфынæг дымгæ уызæгау кодта. Арвы дуар фегом, æмæ хæд- 

зилгæ асин февзæрд сæ разы. Борæ 'мæ йæ минæвæрттæ асиныл 

абадтысты, æмæ цæ уый уæларв урс суадоны раз æрывæрдта. 

Араст ысты минæвæрттæ Хуыцауы кæртмæ. 

Арвыцæрджытæ цæм æнхъæлмæкастысты. Уæд цын сыстадысты сæ 

бынæттæй. Æрбадын цæ кодтой уазджыты – фынгтæ сæ бацыдмæ цæттæ 

уыдысты. 

Рацыди иу рæгъ, дыггаг, уыйфæстæ æртыггаг рæгъ дæр. 

Боныфæстагмæ бафидыдтой, æмæ Хуыцау йæ хæрæфыртæн ыстыр лæвæрттæ 

ракодта. Нартæ сæ чындзы рахастой, æмæ 'рфардæг ысты хæд-зилгæ 

асиныл зæхмæ. Куыд æввахскодтой зæхмæ, афтæ æрдз хъæлдзæгдæр кодта. 

Мæргъты мыггаг сæ сæрмæ тахти. Зæххыл рахызтысты, æмæ уæд та 

алымыггаг сырд систой цæуынтæ семæ. 

Нартызæхмæ 'рхæддзæ сты. Борæ ахæм чындзæхсæв ыскодта, æмæ иуы 

дæр æнæ 'рхонгæ нал фæци. Алчидæр ын арфæтæкодта. Æнæхъæн къуыри н' 

аскъуыди Борæйы чындзæхсæв. Хъæды сырдтæ 'мæ мæргътæ дæр кæрæдзимæ 

нал февнæлдтой уыцы къуыри. 

Ахæм номхæссæны фынгæвæрд уыди Борæйы фынгæвæрд. Къуырийы 

фæстæ алчи йæ фæрныг хæдзармæ фæцыди. 

Борæ та Хуыцауы хæрæфыртимæ цæргæйæ баззад. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ