Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

3. БУРТÆДЖЫ ХÆСТ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

БУРТÆДЖЫ ХÆСТ 

 

Буртæг уыди Нартæн цыфыддæр ызнаг. Райдыдта иу бон æфсад 

æмбырдкæнын, æмæ загъта: "Нарты Борæйæ мæ маст куы нæ райсон, уæд 

мæрдты бæсты авд марды кæндзынæн". 

 

Æнæхъæн афæдз фæцæттæкодта йæ бирæ 'фсад. Афæдзы фæстæ цæ 

Лæхъыбыдырмæ фæкодта. Уым цæ фæлварын байдыдта. Æмæ цыл йæ зæрдæ 

куыддæр фæдардта, афтæ 'рбарвыста Нарты Борæмæ: 

 

– Мæ мастæн маст исын, ма мæ бамбæхс! 

– Ау, æмæ фидауын куы домдтай дæхæдæг. Тыхкæнынмæ дæр дæхæдæг 

куы цыддæ! 

– Д' ард дæхи уæд! Фæлæ абон майрæмбон, иннæ ацафонмæ, мæнæй 

цы рæгъæуттæ фæтардтай, уыдон æртывæрæй куыддæр не рырвитай, афтæ 

дæм фæцæуын! 

– Рæгъау нал фендзынæ. Тыхæй ц' ахæссай, уый дæр фендзыстæм! 

 

Тынг ысмæсты ис Буртæг Борæмæ, æмæ йæхи цæттæкодта 

майрæмбонмæ. Нартæ дæр зыдтой сæ хабар, æмæ 'рфидаркодтой сæхи сæ 

фидæртты. 

Буртæг карз лæг уыди. Йе фсадæй чи н' арæхсти, уый сæр-иу 

акъуырдта, æмæ йæ фатæхстмæ æвæрынкодта. 

 

Иуахæмы рабырста, æмæ Буртæджы 'фсад бæстæ сæ сæрыл хастой. 

Æртыхстысты Нарты фидæрттыл. 

Æмæ йæм барвыста Буртæг Борæмæ: 

– Æддæмæ ракæс, æмбæхсгæ ма бакæн! 

 

Борæ йæм рацыди 'мæ загъта: 

– Й' ардæй басудзæд, махæй йæ дзырд чи фæмæнгкæна! Н' адæмы 

цæуыл цæгъдæм? Нæ дыууæ бавзарæм нæ тыхтæ. Чи басæтта, уый сæр 

ралыгкæнæд æфсад. 

 

Буртæг "нæ" зæгъын нæ бафæрæзта, æмæ Борæимæ хæцынтæ систой. 

Буртæджы 'фсад иуырдыгæй уыдысты, Нартæ – иннæрдыгæй. Æмæ 

фæхæцыдысты бон-изæрмæ. Изæры сæ хæст ныууагътой, æмæ фæйнæрдæм 

фæцыдысты. 

 

Дыггаг бон дæр та схæцыдысты, æмæ суанг талынгмæ ахаста сæ 

хæст. Талынджы та ныууагътой сæ хæцын, æмæ алчи йæ бынаты 'рлæууыд. 

Буртæг фæсидти йæ цумагæнæгмæ 'мæ йын афтæ зæгъы: 

– Нарты Борæмæ бацу 'мæ базон, йе згъæр ма йын йæ буар кæм не 

мбæрзы, уый. 

 

Цумагæнæгыл цы бон уыди, æмæ бацыди Борæмæ. 

– Дæ фыдæхæй фесæфон! Донхæссæг дын ныллæудзынæн. Æрмæст мæ 

маргæ ма акæн. 

– Чи дæ, уый уал зæгъ, – дзуры йæм Борæ. 

– Æз дæн Буртæджы 'фсадæй, фæлæ дзы ралыгътæн – нæ мæ фæнды 

хæцын Нартимæ. 

 

Борæ йын ницæмæ 'рдардта йæ ныхæстæ. Фæлæ Буртæджы цумагæнæг 

аивæй хъахъхъæдта Борæйы, æмæ базыдта, ызгъæр ын йæ дæлæрмттæ кæй 

не мбæрзы. 

Иу æхсæн цумагæнæг йæхи фынæйæфсон ыскодта. Стæй фæсвæдты 

сындæггай ахъуызыди 'мæ фехъусынкодта Буртæгæн: 

– Дæ фыдæхæй фесæфон, мæ паддзах! Борæйæн йе згъæр йæ 

дæлæрмттæ не мбæрзы. 

Æртыггаг бон дæр та схæцыдысты, æмæ Борæ Буртæджы цумагæнæджы 

ауыдта. 

– Æ, уæртæ фæлдыст! Дæхи ме уазæг куы кодтай, æмæ дæхæдæг ам 

куы дæ! 

 

Борæ фæмæсты æмæ Буртæджы й' арцыл систа. Стæй арцысыдз зæххыл 

æрсагъта, йæхæдæг цумагæнæджы басырдта, æмæ йын йæ сæр акъуырдта. 

Сæр атылди, æмæ гуымирты хистæр Æвдзæрæны раз банцади. Æвдзæрæн 

сæрыкъуыдыр систа, æрысмыста йæм, загъта: 

– Ай Нарты Борæйы кæрддзæф у. 

Нал бахаста Нартæм йæ ныфс Æвдзæрæн, æмæ мæстæймæлгæ, 

тъæппытæхаугæ 'рцыди сæхимæ. 

 

 

ÆВДЗÆРÆНЫ ХÆСТ 

Æвдзæрæн йæхицæн бынат нал ардта 'мæ загъта: "Нарты Борæмæ 

фæцæуон фидыды алдзæн, стæй йæ хинæй ныммардзынæн". 

 

Сбадти йæ дынджырхъусджын бæхыл, æмæ рацæуы. Фæндагыл 

хъуыдытæкæны: "Ныр мæ йæхимæ куы нæ бауадза, æмæ мæ ку' амара! Уæд 

мæ худинаг ныхъхъæруыдзæн, йæхи къухæй йæхи амардта зæгъгæ. Цæй, 

кæд ахæм нæ разынид." 

 

Цæуы Æвдзæрæн. Уагуадзæн афонты 'рбахæддзæ и. 

– Борæ, ракæс æддæмæ! 

Борæ Æвдзæрæны хъæрмæ рауади. 

– Фыдæхы уохыл кæд дæ, уæд мæм фæлæу. Кæд хорзы уохыл, уæд 

мидæмæ рахиз. 

– Фыдæхæй хорз хуыздæр у. Уый тыххæй дæм æрцыддæн иунæгæй дæр. 

– Мæ Хуыцау – ме вдисæн. Хæрзгæнæгæн æз хорзы бацæуын 

кæддæриддæр, – фæлæ фыдгæнæгæн дæр аггаг фæвæййын. 

– Уæдæ мын хорзырдæм фысым фæу. 

 

Æмæ Æвдзæрæн бацыди мидæмæ, арфæ ракодта, æмæ уырындыхъ 

ыздухгæ бандоныл рабадти. Борæ дæр йæхи 'руагъта йæ цуры. Борæйы 

мад цын сæ разы фынг авæрдта, æмæ цыл уызæлы. 

 

Фæсхæрд æм дзуры Борæ Æвдзæрæнмæ: 

– Фыдæхы уохыл мæм кæй не рцыддæ, уый тыххæй – дын мæ лæвар. 

– Цы мын лæваркæныс? 

– Мæ бæх. 

– Бæх дæхи уæд! Ахæм сугхæссæнтæй фæлмæцыд дæн. 

– Уæд та дын мæ фат. 

– Уыцы фæныкысхъауæнтæй дæр мæ къона дзаг у. 

– Уæд та дын – мæ кард. 

– Фенын-ма мын æй кæн. 

 

Борæ йæм йæ кард радта. Æвдзæрæн фестади, кард куы райста, 

уæд. 

– Хæрæг-цыдæр! Ды æцæгæй афтæ фенхъæлдтай, æмæ дын æз дæ 

кæрдзын хæрынмæ 'рцыдтæн? Æз дæ марынмæ фæзынддæн. 

 

Æвдзæрæн кард фæхаста. Фæлæ йæм Борæ фæцырди, артдзæстæй йæм 

æртыскæн фелвæста 'мæ йæм æй фæдардта. Æвдзæрæн æртыскæн 

атæхынкодта. Дыггаг цæфæн æм ныстуан фæдардта Борæ. Æвдзæрæны кард 

рæхысыл атыхсти, æмæ йыл Борæ йæхи ныццавта Æвдзæрæныл. Йæ быны йæ 

ракодта 'мæ йæм арцы фындз ныддардта. 

 

– Йæ-й-йи, ма мæ амар! Æз дæ мад, дæ фыды уазæг! Нал дæ 

бахъыгдардзынæн, – лæгъстæмæ фæци Æвдзæрæн. 

– Дæуыл æууæнк нæй. Мæхи хæдзары мæ марынмæ кæм хъавыддæ, уым 

мæ æддæ бынтонæнцад нал ныууадздзынæ. 

Æмæ й'арц ныссагъта Борæ Æвдзæрæны риуы.Стæй йын фурды 

баппæрста йæ мард. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ