Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

2. НАРТЫ БОРÆ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Нарты Борæ Сæуæссæйы хистæр фырт уыди. Æмæ цуаны фæцыди иу 

хатт. Бахæддзæ фурды былмæ, æмæ, мæхи æрыхсон куыд загъта, афтæ йæ 

Донбеттыртæ ауыдтой æмæ йæм дзурынц: 

 

– Уæ, Борæ, нæ хæрæфырт! Дæлимонтæ дæ ахсдзысты, сæ дон цын 

ызмæнтыс... 

– Æрцахсæнт мæ! Фæлæ ма ме фсымæрты куы фенин... Дзылæу чысыл 

у, Болатбæрзæй – æнахъом. 

– Уыдонæн ма тæрс... 

Æмæ Дæлимонтæ, æцæгæй дæр, февзæрдысты Борæйы цур, æрцахстой 

йæ, æмæ йæ фæрсынц: 

– Цæмæн нын ызмæнтыс нæ дон? 

– Дон цæугæ у. Цы сызмæстон, уый аласдзæн. 

 

Февнæлдтой йæм уæд, æмæ йæ Дæлимонбæстæм фæхастой. Бабастой йæ 

уым иу дурдзæджындзмæ 'мæ тæрхон кæнынц. 

– Цы ма йæм кæсæм? – зæгъынц иутæ. 

– Цы йыл тагъдкæнæм? Ахъазæм уал дзы, – зæгъынц иннæтæ. 

Дæлимонтæ Борæйæ хъазын байдыдтой. Чи йыл бырон бакалы, чи – 

дон. Чи та йыл дур баппары. 

– Хорз дæм кæсы нæ цард? – фæрсынц æй Борæйы. 

– Уас хорз – уæ хæдзар, кæд мæ бастæй цы дарут! Тохъхъыл нæ 

дæн, мыййаг, æмæ нæ фæлидздзынæн. 

 

Суагътой дурдзæджындзæй Борæйы. Уый йæ кард фелвæста æмæ цæ 

басырдта. Кæй кæм æййæфта, уым æй дыууæ кодта. Дæлимонтæ сæ сæр 

æфснайыныл фесты. Фæлæ ма цæ кæм уагъта! 

Дæлимонты хистæр æргъæусынтæгыл хурмæ хуыссыд, æмæ йæм Борæ 

бауад. Йæ сæрыхъуынтыл ын ысхæцыд, æмæ йын афтæ: 

 

– Тагъд мын Нартыбæстæм фæндаг бацамон! 

Дæлимонты хистæр нырдиагкодта: 

– Уадзгæуал мæ скæн. Стæй дæ уæд арвы кæронмæ дæр фæкæндзынæн. 

– Уадзгæ дæ не скæндзынæн – æууæнк уыл нæй сымахыл! 

– Уæдæ мыл бæхбадт акæн. 

 

Дæлимонты хистæрыл бæхбадт акодта Борæ. Æмæ йæ ахаста йæ уæлæ 

дæлимонты хистæр. Уайтагъд æй сурмæ схæддзæкодта, æмæ йæм дзуры: 

– Гъа, ныр дæхæдæг ацу. 

Борæ ныууыгъта дæлимонты хистæры йæ сæрыхъуынтæй, æмæ дзы æртæ 

'рдуйы аззад йæ къухы. Дæлимонты хистæр донмæ базгъордта 'мæ 

загъта: 

– Уыцы æртæ хъуыны доны баппар! Кæннод мæ дæлимонтæ сæхимæ нал 

бауадздзысты! 

– Зæрдæрисгæ кæд дæ, уæд дæ æнæ уыцы хъуынтæ дæр бауадздзысты. 

Кæннод рацу, æмæ мæ зæронд фыд Сæуæссæйæн дондæдтæг у. 

 

Дæлимонты хистæр ницуал загъта, æмæ араст Дæлимонбæстæм. 

Борæ сæхимæ 'рцыди, æмæ йæ фыды кæугæ æрæййæфта. 

– Цы кæуыс уый, баба? 

– Куыд нæ кæуон? Д' ацыды фæстæ Буртæг ам уыди, æмæ дын дæ 

кæстæр æфсымæрты фæхаста. 

– Æ, куыдзæй цы куыдз райгуырд, уыцы Буртæг! Къахæй цæуин, æмæ 

кæд фæхæддзæуыдзынæн? Бæх та ахæм кæм и, æмæ мæн Буртæджы бæстæм чи фæхæсса! 

– Бæх бæргæ ис, фæлæ бæхæн барæг хъæуы. Дæлæ ныггæнды йæ 

фаджыс хæры. Ралас æй, æндæр дæ ницы хъæуы. 

 

Борæ ныггæнды дуар басаста. Бæх æм ракасти 'мæ йын афтæ зæгъы: 

– Дæ цæрæнбон бирæ, мæнæн ма рухсыцъыртт чи фенын кодта! 

Æмæ йæ раласта Борæ ныггæндæй, æмæ йæ арыхъæхсад ныккодта 

доны. Саргъ ыл сæвæрдта 'мæ та фæрсы Сæуæссæйы: 

– Æппын, цæмæй хæцыддæ, ахæмæй дæм ницыуал баззад? 

– Дæ разы фæстарваз – мæ кард, къуымрæбын – мæ фат æмæ ме 

рдын. 

 

Борæ цæ райста. Йæ бæхыл абадт, æмæ фæраст и. Æмæ смидæг и 

Буртæджы 'фсады 'хсæн. Райдыдта цæ цъыччытæкæнын, фæлæ Буртæджы 

'фсад хъæды сыфтæрæй фылдæр уыдысты. 

 

Бон-изæрмæ фæхæцыди, æмæ стæй сæ хæст ныууагътой. Борæйы йæ 

бæх аскъæфта, æмæ йæ цъитидонмæ схаста. 

– Хъусыс, Борæ? – загъта бæх. – Дæлимонты хистæры сæрыхъуынтæй 

иу дæ карды фистоныл атух. Æмæ дын уæд хæцын фенцондæруыдзæн. 

 

Борæ дæлимоны сæрыхъуын йæ карды фистоныл атыхта, æмæ та 

дыггаг бон дæр ысхæцыди Буртæджы 'фсадимæ. Æфсад куынæг байдыдтой, 

æмæ Буртæгæндæр йæ ныфс къаддæр кодта. Буртæджы 'фсад та сæхи 

фидæрттæм байстой. 

 

Æмæ та йæм йæ бæх дзуры Борæмæ: 

– Дæлимонты хистæры сæрыхъуынтæй дыггаг дæр æрбатух дæ 

кардыфистоныл. 

Борæ дыггаг сæрыхъуын дæр æрбатыхта йæ карды фистоныл. Æмæ 

фидæрттыл ысхæцыди. 

 

Буртæг æй ауыдта, æмæ йæ хъару 'рсасти. Ай мæ нал ныууадздзæни 

зæгъгæ загъта йæхинымæр, æмæ рарвыста Борæмæ: 

– Бафидауæм, Борæ! 

– Нæ бафидаудзынæн! 

Буртæгæн æфсæнмæсыг уыди, æмæ уым йæхи бамбæхста. 

Уæд та йæм йæ бæх дзуры Борæмæ: 

– Æфсæнмæсыг æнцонсæттæн нæу. Фæлæ дæлимонты хистæры 

сæрыхъуынтæй æртыггаг æрду дæр дæ кардыфистоныл абæтт. 

 

Борæ æртыггаг æрду дæр карды фистоныл æрбатыхта, æмæ æфсæн 

мæсыджы къултæ уисы лыг æркодта кард. 

Буртæг уый куы федта, уæд йæ ныфс æрсасти бынтондæр æмæ 

загъта: 

– Бафидауæм, Борæ! Ард дын хæрын: Нарты зæххыл нал ацæудзынæн. 

Борæ йæм дзуры: 

– Тагъд, ме 'фсымæртæ кæм ысты, уый мын зæгъ! 

– Тарстæн цын, æмæ цæ бамбæхстон. Фæлæ ныртæккæ ам уыдзысты. 

 

Æмæ цæ 'рбакодтой Дзылæу æмæ Болатбæрзæйы. Борæ йæ разæй 

ыскодта Буртæджы рæгъæуттæ. Ракодта йæ дыууæ 'фсымæры дæр, æмæ 

Нартæм æрхæддзæ сты. 

 

Зæронд Сæуæссæ фæцинкодта йæ фырттыл, æмæ цæм дзуры: 

– Уæ, мæ хъæбултæ, иугай ма цæут – гуымирты дуг у! Кæд цæут, 

уæд иумæ! 

 

Куыд æм нæ байхъуыстаиккой йæ фырттæ Сæуæссæмæ! Уæдмæ Дзылæу 

æмæ Болатбæрзæй дæр фæхъомыл ысты. Æмæ цуаны цыдысты иумæ æртæ 

лæппуйы. Иумæ куыстой сæ фыды куырдадзы. Хъæбæрдуры мыггæгтæ донау 

тайын кодтой сæ куырдадзы, æмæ арæзтой æрттигътæ 'мæ кæрдтæ. 

Скодтой цирхъ Сæуæссæйæн, уарт æмæ згъæргуыр. Скодтой хъæдын 

дзывырæн æфсæн фындз. 

 

Æмæ зарыдысты лæппутæ сæ куырдадзы: 

Бандидзæм æфсæнкæрдтæ, бандидзæм, 

Æфсæндзывырæй хуым бакæнæм. 

Бандидзæм нæ цирхъытæ уæларвон зынгæй. 

Бандидзæм ызгъæргуыртæ, бандидзæм. 

Карды цæфæй лыг ма кæной, бандидзæм. 

Фаты нæмыг цæ ма хиза, бандидзæм. 

 

Лæппутæ дуртæй кодтой æфсæн, æфсæйнагæй та хæцæнгарз арæзтой. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ