Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

1. Сæуæссæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 

Фыццаг чиныг 

 

 

СÆУÆССÆ 

Зынджыбардуаг Уазыкъуылдымыл арт ыскодта, æмæ артæн йæ фæздæг 

арвмæ цыд. Дзуæрттæ йæм ысмæсты сты, æмæ йыл Галæгонмæ 

бахъасткодтой: "Нал нæ уадзы цæрын йæ фæздæгæй, фæхæсс-ма йын й' арт искуыдæм". 

 

Галæгон ысдымдта, æмæ арт тынгдæр ысцырын, хъæдыл сирвæзт, 

кæрдæг ыссыгъди, дуртæ сырх зынг фестадысты æмæ тъæнджытæ хаудтой. 

Зынджы тæлмытæ цæм фæхæддзæ сты дзуæрттæм. Æмæ хъаст байдыдтой 

дзуæрттæ Хуыцаумæ: "Фервæзын нæ кæн ацы Зынджыбардуагæй – 

æмбиссыгъд фестæм, æмбиссæфт фæкодтам". 

 

– Æгъгъæд цæ фæцагътай дзуæртты, – загъта уæд Хуыцау 

Зынджыбардуагæн. – Мауал цæ саф! 

– Нæ цæ ныууадздзынæн, Хуыцау! Фæлтау, мæ цæхæрыл физонджытæ 

чи кæна æмæ дæуæн дæр чи кува, ахæм лæг сæвзæрынкæн дунейыл, æмæ цæ 

ныууадзон. 

– Ахæм лæг райсом фæзындзæн... 

Хуыцау сæумæраджы сфæлдыста цы хуызæн хъуыди, ахæм лæг, æмæ йæ 

Зынджыбардуагмæ æрæрвыста: 

– Кæрæдзиуыл нæ хæцы 'мæ йæ бахсид дæ цæхæры. 

 

Зынджыбардуаг лæджы й' арты бахсыста, сæууондоны йæ ныппæрста, 

æмæ лæг цъæх æндон фестади. 

Лæджы ном Зынджыбардуаг ысхуыдта Сæуæссæ, дунемæ сæуыскастыл 

кæй фæзынд, уымæн, æвæдздзæгæн. 

– Хуыцау дæ сфæлдыста, æз дæ м' арты бахсыстон, æмæ цæр ныр 

дæхицæн, – загъта Зынджыбардуаг Сæуæссæйæн. 

– Æз ардыгæй афтæмæй н' ацæудзынæн, – загъта Сæуæссæ. – Дæ 

зынгæй мын уыцы бар радт, æмæ йыл физонджытæ куыд кæнон, мигæнæнтæ 

йыл куыд аразон. Æмæ уæд ацæудзынæн. 

 

Зынджыбардуаг æм урс дзæнхъадуртæ-æрцъыкæхсонтæ радта 

Сæуæссæмæ. 

– Ам куы нæ уон, уæд-иу адон кæрæдзиуыл цæв, хус къæцæлтæ цыл- 

иу бадар, æмæ ссудздзысты сугтæ. Райсомæй цæ мæ иу фырт – 

Зынгæвзалы – æвзалы кæндзæн, изæрæй цыл меннæ фырт – Артæртхутæг – 

æртхутæг æвæрдзæн. Æмæ йын афтæмæй ахуыссæн нал уыдзæн никуы дæ 

зынгæн. 

 

Уыйадыл Зынджыбардуаг фæцыди уæларвмæ. Фæлæ урс дзæнхъадуртæ 

йæхимæ нывæрдта Сæуæссæ. 

Сæуæссæ куырдадз ыскодта, фæттæ дзы рацагъта ‘мæ цуаныцардæй 

царди. 

 

Уæд та иубон ысфæндкодта Сæуæссæ цуаны фæцæуын. Бирæ фæхатти 

хæхты 'мæ кæмтты, фæлæ иунæг сырдыл дæр нæ сæмбæлд. Тынг ныффæллад, 

æмæ иуран доныбыл афынæй. Уæд фурд æрбафæйлыдта, уылæнтæ йæ хæрдмæ 

фехстой Сæуæссæйы 'мæ фехъал. Кæсы, æмæ иу урс саг цъитидон нуазы. 

 

Сæуæссæ йæм фæкасти 'мæ дзуры йæхинымæр: "Ай æххормагæй куы 

сæфын... Нæй йын ацы сагæн æнæ амаргæ". 

Фат ыл фæкодта, фæлæ саг йæ гуыбыныл ахуыссыд. Æмæ йæ сæрты 

батахти фат. Дыггаг фат фехста Сæуæссæ. Саг фæгæпласта, æмæ йæ 

бынты батахти фат. Æмæ саг йæхицæн æнцад-æнцой араст. 

Сæуæссæ дискæны: "Ай цæуылнæ лидзы мæ фатæй? Уæд та йæ ахсгæ 

'ркæнон? 

 

Цæуы сындæггай йæ фæдыл Сæуæссæ, къуыппæй-къуыпмæ, халæй- 

халмæ, фæлæ йæм а ныр февналон зæгъгæ, уыйбæрц æввахс æм нæй 

бацæуæн. Сайы йæ йæ фæдыл саг. Афтæмæй йæ басайдта Зилгæцады былмæ. 

– Цы дæ хъæуы, мæ хур, артæйгуырд Сæуæссæ? Цы цæуыс мæ фæдыл? 

– дзуры йæм саг. 

– Сыдæй мæ уд хауы. Нæй мын æнæ сæфгæ, æмæ дын хъуамæ дæ фыдæй 

физонджытæ скæнон. 

– Уæ, ма кæ, Сæуæссæ. Ды мæ фыдæй физонджытæ не скæндзынæ, 

фæлтау мæм байхъус, æмæ дын цы зæгъон, уый бакæ. Æз дæн Донбеттырты 

мад. Ис мын иунæг чызг æмæ авд фырты. Дзæбæх лæппуйы каст кæныс, 

æмæ уал фæлтау ам лæу, суадз дæ фæллад. Исчи дæм зындзæн махæй 

æххуысмæ. Дыууæ хатты дæм рарвитдзысты хонæг, фæлæ-иу ма баком. 

Æртыггаг хатт дæм куы фæзына хонæг, уæд дын æнæ цæугæ нæй. 

 

Урс саг Зилгæцадмæ бахызт æмæ фæдæлдон. 

Сæуæссæ Зилгæцады цур баззади 'мæ та хуыссы фæлмæцыд æмæ 

фæлладæй. 

Бадзырдта Донбеттырты мад йæ хæдзармæ: 

– Кæм ыстут? Ныртæккæ Зилгæцады был ыстыр тыхстæй федтон иу 

лæджы, æмæ йæ тагъд æрбахонын хъæуы нæ фынгмæ. Стонг лæджы бафсадын 

удыбæстæ у. 

– Фæуайæд-ма исчи, æмæ йæ 'рбакæнæд, – загъта уæд хистæр 

Донбеттыр йæ фырттæн. 

Кæстæр Донбеттыр фæцырд, æмæ уайтагъд цады был балæууыд. 

Ауыдта Сæуæссæйы 'мæ йæм дзуры: 

– Табу дæхицæн. Абон нæм куывд и, æмæ дæ мæ фыд ыстыр 

зæрдиагæй хоны. Махæн нæ бæстыл чи цæуа, уый нын уазæг у. 

– Æз ам уæ куывдмæ, мыййаг, æнхъæлмæ нæ кæсын, – загъта 

Сæуæссæ. – Арфæ йын ракæ дæ фыдæн, æмæ йын зæгъ: "Мæ рæстæг н' 

амоны". 

 

Æмæ раздæхт фæстæмæ кæстæр Донбеттыр. 

Сæхимæ 'рцыди 'мæ загъта йæ фыдæн: 

– Нæ мын ракуымдта. Арфæ дын кæны 'мæ зæгъы, мæ рæстæг дам н' 

амоны. 

 

Уæд зæронд Донбеттыр загъта: 

– Чындзытæй йæм арвитут искæй. 

Кæстæр чындзы йæм арвыстой. Ссыди та уый дæр цады былмæ. 

Дæрддзæф æрлæууыд, æмæ йæм дзуры Сæуæссæмæ: 

– Мæ хицау куывд кæны, æмæ мæ дæумæ рарвыста хонæг. 

– Дæ хицауæн бузныг зæгъ. Ацæуин бæргæ, фæлæ мæ рæстæг н' 

амоны. Æмæ раздæхти чындз, æмæ рафæзмыдта хистæр Донбеттырæн 

Сæуæссæйы ныхæстæ. 

– Бæлвырд, цардагур æмæ йемылæг у, – загъта зæронд Донбеттыр. 

– Нæй гæнæн, æмæ йæм нæ чызджы арвитут сыгъзæрин бæлæгъы. 

Æмæ йæм радтой хъалац чызгмæ. Сбадын æй кодтой донбæлæгъы, æмæ 

йæ хонæг рарвыстой. Баленк æм кодта Донбеттырты чызг Сæуæссæмæ. 

Хæстæг æм нæ бацыд – æгъдау афтæ н' амыдта – фæлæ йæм дæрддзæфæй 

дзуры нымдгæнгæ: 

– Уæ, цы хур, цы зæд дæ? Абон мæ фыд куывд кæны, æмæ дæ хоны. 

Сæуæссæ йæм хæстæг æрбацыд, æмæ йæм уæд чызг хъалацнуазæн 

авæрдта. 

Æмæ загъта Сæуæссæ: 

– Бузныг дæ фыдæй, бузныг дæ мадæй, бузныг уе гасæй дæр! 

 

Æмæ схæцыд хъалацыл, æмæ йæ анызта йæ тæккæ бынтæм. 

Уæд уыцы рæстæг сæ цурты иу кæф æрбацæйленккодта. Сæуæссæ йæ 

ацахста 'мæ йæ нылхъывта. Хъалац сойæ айдзаг и, æмæ йæм æй авæрдта 

чызгмæ фæстæмæ. 

 

– Дæ нуазæн бирæ, хорз чызг! Цæуын – нал ис æндæр гæнæн! 

Æмæ сбадтысты чызг æмæ лæппу сыгъзæрин бæлæгъы. Зилгæцад цæ 

зилгæ ныххæддзæкодта Донбеттыртæм. 

Кæсы Сæуæссæ, æмæ авд лæппуйы архайынц кæрты, уæларт агты дон 

æхсиды. 

– Цы ми кæнынц уыцы æвзыгъд лæппутæ 'мæ чи сты? – афарста 

Сæуæссæ чызджы. 

– Уыдон ме фсымæртæ сты. Куывдæн кусæртытæ кæнынц. 

– Уæд уæртæ уыцы сылгоймæгтæ та чи сты? 

– Уыдон та мæ чындзытæ сты. Кæрдзын кæнынц. 

– Сæ фарсмæ уыцы ус та чи у? 

– Уый та нæ мад у. Фынгтæ æвæры. 

– Уæлейыбадæг – уый та чи у? 

– Уый та нæ фыд у. 

 

Цалынмæ уыцы ныхæстæ кодтой чызг æмæ лæппу, уæдмæ сыгъзæрин 

бæлæгъ бахæстæг Донбеттыртæм. Рахызтысты бæлæгъæй Донбеттырты чызг 

æмæ Сæуæссæ. Чызг хъалац балæвæрдта йæ фыдмæ. 

 

Сойцард фæкæнæд, сойцард, зæгъгæ загъта Донбеттырты хистæр. 

Арфæ цын ракодта сеппæтæн дæр Сæуæссæ. Æрбадын æй кодтой 

фынгыл, æмæ йыл узæлынц. Бур физонджытæ хъармæй-хъарммæ хастой 

фæсивæд, сау бæгæны сырсыр кодта къусты. 

 

Уæд зæронд Донбеттыр, йæ къухы хъалац, афтæмæй ракуывта. 

Хæрынтæ 'мæ нуазынтæ систой бадтыадæм. Фæлæ Сæуæссæ йæхиуыл 

хæцыд – бирæ нæ хордта 'мæ бирæ нæ нызта. 

 

Зæронд Донбеттыр æй афарста Сæуæссæйы: 

– Цы Хуыцау дæ 'рбахаста, хорз лæппу, Зилгæцадмæ? 

– Сырдагур рацыдтæн, – загъта Сæуæссæ. – Ницæуыл сæмбæлддæн. 

Стæй иу урс саг ауыдтон. Дыууæ хатты йæ фехстон фатæй – нæ мын 

фæцæф и, æмæ йæ уæд æртыггаг хатт нал фехстон. Æрцахсынмæ йæ 

хъавыдтæн, фæлæ мын уымæй дæр ницы рауад. 

 

Фæрсæгау та йæм дзуры зæронд Донбеттыр: 

– Æвæдздзæгæн, исты хорздзинадмæ 'нхъæлмæкæсыс, лæппу... 

– Хуыцауы куы бафæндид. Фæлæ уый сымахæй аразгæ у. Мæн ардæм 

сыгъзæрин бæлæгъы чи 'ркодта, уый у, бæргæ, мæ бæллиц, цæуыл цæуы 

ныхас, уый. 

 

Æмæ уæд фæрсынц Донбеттыртæ сæ чызджы: 

– Уазæг сæмбæлд нæ куывды. Дæумæ 'рцыди, куыд æмбарæм, 

афтæмæй. Æмæ йын цы ком радтæм? 

 

Чызг ныфсæрмы. Дзургæ ницы скодта, фæлæ йын йæ зæрдæ цы 

бамбарын хъуыд! 

Донбеттыртæн сæ куывд чындзæхсæвмæ разылд. Æнæхъæн къуыри нæ 

рауагътой сæ уазæджы. Иннабонæй иннабонмæ нæ систой сæ фынгтæ. 

Стæй цæ Зилгæцады былмæ фæхæддзæкодтой Донбеттыртæ сæ хо 'мæ 

Сæуæссæйы. 

 

Цард цыл бацайдагъ уыйфæстæ Сæуæссæ 'мæ Донбеттырты чызгыл, 

æмæ цын райгуырди æртæ фырты: Борæ уыди сæ хистæр, Дзылæу – 

астæуггаг, æмæ Болатбæрзæй – сæ кæстæр. 

Афтæ, гъе, равзæрдысты Нартæ. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ