Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Алайнаг Мария
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

РУХС АЛАЙНАГ МАРИЯ  

Владимиры Къниаз Всеволоды цардæмбал. 

 

1175 азы Владимиры уæздæттæ цал кодтой Юрий Долгорукийы фырты диссаджы чындзæхсæвы. Æыгон Всеволод бинойнагæн æрхаста алайнаг къниазты чызг Марияйы. Афæдзы фæстæ Всеволод ссис Владимиры Стыр Къниаз. Йæ рæстæджы Владимир-Суздæлаг Уæрæсе бацыдис йæ тæмæны. Æмæ уыцы хъазуатон архайды Всеволоды фарсмæ кæддæриддæр лæууыдис йæ бинойнаг – Алайнаг Мария. Уый басгуыхт егъау зæрдæйы хицауæй. Арæх æххуыс кодта адæмæн, уæлдайдæр та мæгуыртæн. Ус æмæ лæг, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ, фæцардысты 30 азæй фылдæр, æмæ съомыл кодтой 12 сывæллоны. Уый тыххæй къниазы хуыдтой «Всеволод - Стыр Ахстон».  

1208 азы, йæ царды кæронбæттæны, Мария бацыдис моладзанмæ, Марфæйы ном райсгæйæ. Н.М.Карамзин куыд фыста, афтæмæй мæлыны размæ Мария фæдзыртта йæ фырттæм æмæ сын ныфæдзæхста кæрæдзийы уарзгæйæ цæрын, Хуыцаумæ кувын æмæ хистæртæн аргъ кæнын.  

Марияйы сыгъдæг уд, йæ фарн æмæ уырнындзинад æнусты дæргъы рухс кодтой канд йæ цотæн нæ, фæлæ йы цотыцот æмæ уыдоны кæстæртæн дæр. Уырыссаг Чырыстон Аргъуан рухсгондыл банымадта Марияйы цотæй æртæйы: Владимиры къниаз Юрийы, Черниговы къниаз Михаилы, æмæ йæ чызг Агафьяй. Йæ цотыцот Александр Невский, Феодора, æмæ уыдоны кæстæр Даниил Московский дæр æрцыдысты рухсгонд. Даниилæй рацыдысты Мæскуыйы къниазтæ, кæцытæ фæстæдæр систы Уæрæсейы паддзæхтæ. Уый æфсымæр Андрей Суздальскийæ рацыдысты Шуйской къниазтæ. Марийæйы алайнаг туг хæццæ кодта къниазтæ Стародубцевтæм, Ромодановскитæм æмæ Пожарскитæм, кæцытæ уыдысты йæ кæстæр фырт Иваны байзæттæгтæ. Зындгонд Дмитри Пожарский, Уæрæсейы польшæйаг лæбурджытæй ирвæзынгæнæг, уыдис Всеволод æмæ Марияйы байзæттаг æхсæзæм фæлтæры. 

Уæрæсейы Чырыстон Аргъуан афæдз дыууæ хатты мысы Алайнаг Марияйы ном – 1 апрелы (йæ мæлæн бон) æмæ 6 июлы. 

 

Æрмæг (уырыссагау) ист æрцыдис мæнæ ацы ранæй:  

http://amaga2.by.ru/n3-7.htm  

(Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Кучиты Руслан) 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ