Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Барахъты Гино
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Дзесты Куыдзæг 

 

БАРАХЪТЫ ГИНО  

 

Уый уыд 1919 азы. Фæсхох, Урстуалты. Едысы хъæуы фæзындысты æнæзонгæ уазджытæ. Уæды онг-иу нæ хъæумæ цы хицæуттæ — ахуыргонд адæм — æрбацыд, уыдон сæ дарæсæй дæр бæрæг дардтой нæхионты ’хсæн. Фæлæ кæй кой кæнинаг дæн, уыдон сæ уæлæдарæсæй дæр ницы хъауджыдæр уыдысты нæхи хъæуы цæрджытæй. Ас адæмæй куыд хъуыстам, афтæмæй нæ уазджытæ уыдысты Цæгат Ирыстонæй. Цæвиттон, Цæгат Ирыстоны уыцы рæстæджы фæуæлахиз сты кадеттæ, æмæ уæд нæ уазджытæн уым уæвæн нал уыд, большевиктæ кæй уыдысты, уыйфæдыл æмæ уал сæхи райстой Хуссар Йрыстонмæ.  

Нæ хъæуы сæ фысым уыд большевикты партийы активон кусæг Беджызаты Чермен, Базыдтам сын сæ нæмттæ дæр: Барахъты Гино, Беккуызарты Тасолтан, Гæдиаты Никъала æмæ Бугойты Дзыбыртт. Фыццаг хатт уæд фембæлдтæн Гинойыл. «Фембæлдтæн» ныхас дæр, æвæдза, иттæг раст нæу. Гино уæд лæппулæг уыд, мæныл та цыди 13—14 азы æмæ йæм сдзурын дæр нæ уæндыдтæн. Уазджытæ се ’ппæт дæр æгас хъæуæн æмхуызон æхцон уыдысты, фæлæ сæхæдæг «иу джиппыуагъд» кæй хонынц, ахæмтæ нæ уыдысты. Дзыбыртт æмæ Тасолтан сæхи ромылдæр дардтой, Гино æмæ Никъала та хъæлдзæгдæр æмæ хъазагдæр уыдысты. Гино сахуыр кодта, фæсивæд Тлаттаты Черменыл цы зарæг сарæзта, уый, æмæ зарæг уайтагъд айхъуыст Урстуалты æмæ Ручъы хъæуты. Гино æппынæдзухдæр чиныгимæ цыдис (Черменмæ хорз библиотекæ уыдис). Кæд-иу кæсгæ нæ кодта, уæд та адæмон зарджыты ныхæстæ фыста. «Дæдадæйы» зарджыты куплеттæй кæй ныффыста, уыдонæй махмæ, скъоладзаутæм, дæр ма æрбахауд иу-цалдæр. 1920 азы Цæгат Кавказы æмæ Цæгат Ирыстоны урсгвардионтимæ тох куы стынг, уæд Гино рацыд Цæгат Ирыстонмæ æмæ ам разамынд лæвæрдта партизантæн. Мах бинонтæ дæр уыцы аз ам, горæты цардысты, фæлæ Гинойы арæх нал уыдтон. Æрмæст æй зымæджы федтон цалдæр хатты газет «Кермен»-ы типографийы Максим Горькийы уынджы. Гъе, фæлæ йын йæ кой уæддæр арæх хъуыстон.  

Ныртæккæ Маркусы уынджы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет кæм ис, уым 20-æм азты райдайæны уыд адæмон ахуырады Хæххон институт. Цыбырæй та — ГИНО. Агъуыстæн æдде, уынджырдыгæй йæ къæсæрыл стыр дамгъæтæй фыст уыди: Г И Н О. Гъемæ, дам, Гинойы чи зыдта, ахæм чидæртæ уыцы фыст куы федтой, уæд бахæлæг кодтой. Кæсут, дам, дзæбæх хæдзар куы ’рцахста йæхицæн бæлшæвик Барахъты Гино. Иннæ хабар та афтæ уыд. Едысы кæмæ цардис Гино — Беджызатæм,— уыдоны фыд Дауит ам горæты тынг батыхст йæ кæстæр фырт Васяйы скъоламæ раттыныл, паддзахады хардзæй кæм ахуыр кодтаид, ахæммæ. Иу чидæр ын бацамыдта:  

— Ахæм скъола дæлæ ГИНО, æмæ йæ уырдæм ратт!  

— Дæ цæрæнбон бирæ! — бацин кодта Дауит.  

— Кæд уый Гинойæ кæнгæ у, уæд æй куыд нæ айсдзæн, æнæхъæн сæрд нæ хæдзары куы фæцард! Гино фыссæг дæр у, уый æрмæст 1920 азы базыдтон, газет «Кермен»-ы руаджы, стæй 1921 азы цы «Ирон зарджыты чиныг» рацыд, уымæй. Уым Гинойæн уыд цалдæр æмдзæвгæйы. Стæй ма уыцы аз рацыд йæ чиныг дæр, радзырдты æмбырдгонд, йæ ном «Раздзог», зæгъгæ. Уæвгæ, уыцы чиныг æцæг раздзог уыд, уымæй раздæр Цæгаты дæр æмæ Хуссар Иры дæр нæ рацыд аив литературæйы чиныг. Ссæдзæм азты, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы куы куыстон, уæд иуахæмы рабфачы студенттæ фæсидтысты Гииомæ Хетæгкаты Къостайы тыххæй доклад скæнынмæ. Гино бæстон раныхас кодта Къостайы тыххæй, чидæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй нæ, фæлæ йæхирдыгонау. Цæвиттон, кæмæдæрты Къоста азимаг каст, йæ уацмысты хуыцауы кой кæй кæны æмæ «кълассон дихдзинад» кæй нæ иртасы, уый тыххæй. Æз ныффыстон Гинойы доклад цыбыртæгондæй газетмæ, фæлæ уал æй бакастæн развæлгъау Гинойæн йæхицæн. Дзæбæх фæкаст Гикомæ фыст, æрмæст ма загъта: — Хорз у, фæлæ ма йын йæ кæронмæ бафтау: «Къоста уыд æмæ у ирон мæгуыр фæллойгæнæг адæмы фыссæг, æмæ йæ никæмæн ратдзысты», — зæгъгæ, загъта Гино йæ доклады кæрон.  

Ссæдзæм азты æмбисы Цæгат Ирыстоны нæма уыд ирон театр, радио æмæ телеуынынад. Ахæм хуызы нæм уыдысты æрмæст хъазтизæртæ клубты æмæ скъолаты. Уыцы хъазтизæрты пьесæтæй йедтæмæ кастысты æмдзæвгæтæ æмæ-иу стæм хатт музыкалон номыртæ. Ахæм хуызы уыцы азты нæ литературæйы дæр æмæ нæ музыкалон культурæйы дæр ницы бæрæг æрмæг уыди, æмæ-иу алы хатт дæр кастысты æмæ зарыдысты Гинойы дуэттæ æмæ романстæ. Уæлдай арæхдæр æвдыстой Гинойы дуэт «Ус æмæ лæг». Алы ран дæр æй зарыдысты, фæлæ йæ æппæты хуыздæр æвдыстой Мамиаты Елдзарыхъо æмæ Туаты Оля. Дуэттæ æмæ романстæн сæ текст дæр, сæ мотив дæр Гинойæн йæхи уыдысты. Уый нæ, фæлæ ма сæ заргæ дæр æмæ гитарæйæ дæр йæхæдæг цагъта. Цалынмæ-иу эстрадæмæ рацыдысты, уæдмæ сæ Гино касти æмæ цагъта сæхимæ йæ зонгæтæ æмæ йæ хæлардæр адæмæн. Къорд чидæртæ йæ хъазгæйæ «Ирон Беранже» дæр хуыдтой. 1926 азы Гино уыди газет «Рæстдзинад»-ы редактор. Æз дæр куыстон уым. Уæд нæм ирон журнал нæма цыди, æмæ Гино уадзын райдыдта литературон уæлæмхасæн «Размæ».  

Уæды рæстæджы цаутæй ма иу лæууы мæ зæрдыл уæлдай ирддæрæй. Хуссар Ирыстокы рацыд мыхуыры фыссæг Коцойты Арсены радзырд «Цы ’рцыд æмбисæхсæв Фæзыхъæуы?» Уыцы радзырды Арсен фæскомцæдисон чызджы ахæм фыдцъылызæй равдыста, æмæ Гино тынг смæсты. Уайтагъд фыссыныл æрбадт æмæ ныффыста тызмæг дзуапп.  

Æртынæм азты Гино куыста Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы системæйы, фæлæ та 1935 азы райдыдта кусын Цæгат Ирыстоны обкомы, Бутаты Хъазыбег партийы Цæгат Ирыстоны обкомы секретарь куы уыд, уыцы рæстæджы. Иттæг æнувыдæй та райдыдта кусын Гино культурон æмæ литературон фронтты. Уыцы рæстæджы тынг æнгом баст уыди фысджыты Цæдисимæ æмæ ахуырад æмæ иртасæг Институтимæ. Суанг терминологон къамисы æмбырдты дæр ма цух нæ уагъта. Гино уыд сыгъдæгзæрдæ æмæ хæларзæрдæ адæймаг. Йæ сæрмагонд миниуджытæй иу уыд цыргъзонд æмæ хъæлдзæгдзинад. Гино цы адæмы ’хсæн уыдаид, уым æнæуæвгæ нæ уыд хъæлдзæгдзинадæн, йæ анекдоттæн-иу, кæрон нæ уыди, йæ зарджытæн дæр афтæ.  

 

Источник: http://reftrend.ru/545905.html



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ