Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Цуанон лæг æмæ хæйрæг
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Цардысты æмæ уыдысты мæгуыр лæг æмæ ус – Кысыл æмæ Пъело. Цыппæркъахыгæй сæм гæды дæр нæ уыди. Фæлæ лæг цуан кодта, ус та адæмæн гуыбыны хардзыл куыста. 

Иу райсом та лæг йæхи бацæттæ кодта цуаны цæуынмæ: скодта æрчъитæ, зæнгæйттæ, йæ сæрыл ныккодта фысдзарм худ, йе 'фцæджы хъыримаг æрæфтыдта, йæ фыдæй йын цы фæтæн сау хъама баззад, уый йæ фарсыл бабаста. Йæ хæринæгты дзæкъул райста æмæ фæцæуы. 

Бон дæр рæдзæ-мæдзæ кæнын байдыдта. Хуссары фæхæрдгæнæнмæ схæццæ Кысыл æмæ йæм хур дæр йæ сыгъзæрин цæстæй æркаст. Йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта æмæ Фсатимæ скуывта: 

– Табу дæхицæн, Æфсати, дæ бирæ сырдтæй – иу сæныччы хъус! 

Уалынмæ кæсы, æмæ уæртæ бирæгъ хæйрæджы лæппын раскъæфы. Цуанон йæ хъыримагмæ февнæлдта, багæрах кодта бирæгъы, нæмыг бирæгъæн раст йæ сины афардæг, иннæрдæм агæпп ласта, лæппын аирвæзт, лæг æм хæстæг бацыд, систа йæ йæ хъæбысмæ. Хæйрæджы лæппын дзуры цуанонмæ: 

– Цом махмæ. Мæ мад дын дæтдзæн алы диссæгтæ, фæлæ-иу мацы баком къухæй зилгæ куыройы йеддæмæ. 

Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ мад удаистæй æрбахæццæ сæ размæ. Цы ма кодтаид фыр цинæй, уый нæ зыдта! Æмæ лæгæн алы хорздзинæдтæ дæтты. 

Лæг æм дзуры: 

– Уыдон дæхицæн уадз, фæлæ мын куырой ратт, къухæй зилгæ куырой. 

Хæйрæгæн хъыг уыдис цуаноны ныхас, фæлæ бамбæрста, йæ хъæбул ын кæй загъта уыцы фæндон, æмæ йын рахаста къухæй зилгæ куырой. 

Лæг цуаны нал ацыд, фæлæ сæхимæ раздæхт йæ куыроимæ. Пъело хъæр-цъæхахст байдыдта: 

– Цы 'рыздæхтæ афтидæй?! Цы кæнын куыройы зæрондæй! Лæг фынгыл æрбадт æмæ куырой разылдта. Фынг алыхуызон хæринæгтæй айдзаг ис. Усæн йæ цæстытæ рабырыдысты фыр дисæй. Февнæлдта хæрынмæ дыууæ къухæй. Хорз федтой сæхи æмæ æфсæстæй бахуыссыдысты. Уыцы бонæй фæстæмæ лæг цуаны нал цыд. Ус дæр никæмæнуал куыста гуыбыны хардзыл. 

Сæ сыхæгтæ дис кодтой: цы сыл æрцыдис? 

Фæлæ сылгоймагæн йæ дзыкку даргъ у, йæ зонд – цыбыр. Иу бон лæгæн афтæ зæгъы: 

– О, нæ лæг, уæдæ 'мæ æлдары фæхонæм, къуымы мыстытæ дæр хæрынц, æмæ сæ ничи уыны. Уадз æмæ фена, куыд цæрæм, уый. 

Лæг ын афтæ зæгъы: 

– Кæд дæ цард дæ гуыбыны нал цæуы, уæд æй æрбахон. 

Ус йæ кæлмæрзæн йæ уæхсджытыл æрыдтыдта æмæ æлдары дуармæ балæууыд. Дуар бахоста, æлдары фæсдзæуин æм ракасти. 

– Цы хабар у, исты та курыс? 

– Нæ,– загъта ус,– нæхимæ хонын æлдары. 

Фæсдзæуин худæгæй бакъæцæл. 

– Уæхимæ?! Æмæ уæхæдæг уæ гуыбын куы никуы байдзаг кодтат, уæд цымæ æлдарæн цы 'рывæрдзыстут?! 

– Уый дæ хъуыддаг нæу,–загъта ус æмæ сæхимæ раздæхт. 

Фæсдзæуин æлдары усмæ фæхæццæ кодта хуынды хабар. 

Æлдары ус æлдарæн афтæ зæгъы: 

– Рагон диссаг дын зæгъон æви æрыгон! 

– Цæй, дзур. Рагон диссæгтæ фехъуыстон, фæлæ æрыгон диссаг радзур. 

– Уæдæ нæм Пъело хонæг æрбацыд. 

Æлдар сразы. 

– Хонæг уыйас дæр уæд. 

Уайтагъд сæхи рарæвдз кодтой æмæ Кысылы дуармæ балæууыдысты. 

Æлдар разæй бахызт, йæ цæстытæ фынгыл ахаста æмæ йæ сырх цæстытæ сæ къурфытæй рацæйхаудтой, йæ уæрджытæ йæ быны нал цыдысты, афтæмæй ма цыдæр амæлттæй бандонмæ бахæццæ. Сыхæгтæй дæр чидæртæ æрбацыд. Æрбадтысты, хæрынц, нуазынц. Фæлæ æлдар йæ къух ницæмæ кæны, æрмæст йæ хъоппæг цæстытæ разил-базил кæны фынгтыл. 

– Цæуылнæ истæмæ 'вналыс, нæ кадджын æлдар? – бадзырдта йæм фысым. 

– Нæ, æз, цалынмæ ацы хæрд-нуæзт кæцæй æрцыдысты, уый базонон, уæдмæ мæ дзыхмæ къæбæр нæ сисдзынæн. 

Лæгмæ йæ ус ныллæуыд: 

– Фенын ын кæн куырой. 

Лæгæн дæр ма цы гæнæн уыдис, æмæ куырой рахаста. Разылдта æмæ та фынг алыхуызон хæринæгтæй айдзаг и. Æлдар йæ бадæнæй пуртиау фæхаудта... Хæрынц та хуынд уазджытæ, нуазынц, хъæлдзæг ныхас кæнынц, фæлæ уый йæ къух нæ кæны хæринæгтæм. Уæд та йæ бафарста фысым: 

– Ныр та цæуылнæ хæрыс, нæ кадджын æлдар? Æлдар йæ рихитæ аздыхта æмæ афтæ зæгъы: 

– Куыд хæрон? Æз æлдар дæн, ды мæгуыр лæг æмæ мæнæй хъæздыгдæр уай, уый кæм федтай?.. Цалынмæ мын куырой раттат, уæдмæ къæбæр мæ къухы нæ уыдзæн. 

Мæгуыр лæгæн йæ уæнгтæ æркалдысты, афтæмæй сæргуыбырæй куырой æлдары фарсмæ æрæвæрдта. Æлдар хæрынмæ бирæгъау фæлæбурдта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ йæ алыварс асыгъдæг кодта, стæй йæ былтæ ныссæрфта, куырой йæ дæлармы бакодта æмæ сыстади фынгæй. 

Кысылæн йæ уæраджы магъз асаст фыр мæстæй, æмæ цуан кæнынæн дæр нал уыд. Уæддæр та иу бон йæхи рабæлццон кодта æмæ та хæйрæгмæ фæцыд. Хæйрæгæн дæр хъыг уыд, æлдар куырой кæй ахаста, уый, фæлæ ма цы загътаид. 

Уæд бавдæлд æмæ лæгæн хæрæг радта æмæ йын афтæ зæгъы: 

– Æртæ хатты-иу æй æрцæв ехсæй æмæ-иу дын æхцатæ ракалдзæн. 

Лæг хæрæг раласта æмæ цингæнгæ сæхимæ 'рбахæццæ. Уым йæ усмæ дзуры: 

– Исты мигæнæн рахæсс. 

Ус сасир рахаста. 

Лæг æртæ цæфы æркодта хæрæджы æмæ зæхх æхцатæй айдзаг и. 

Сæ цинæн ма кæрон кæм уыдис! Æхцатæ сасирмæ авгæдтой æмæ сæ мидæмæ аскъæфтой. 

Цард та сæм йæ мидбылты худын байдыдта. Хæдзæрттæ сарæзтой, фос самал кодтой æмæ дзæбæх цæрынхъом фесты. 

Иу бон лæг йæ усмæ дзуры: 

– Цу, дзаумæттæ мын атух, æз абанамæ ацæуон. 

Ус ын мидæггаг дзаумæттæ рахаста. Лæг хæрæгыл абанамæ ацыд, хæрæг абанайы дуармæ абаста, йæхæдæг мидæмæ бахызт. 

Абанайы кæртæфснайæг ус хæрæджы куы ауыдта, уæд æм мæстæйдзагæй рауад. 

– Куыдзæй-хæрæгæй цы не 'рбакæндзысты?! – схъæр кодта æмæ хæрæгыл уисойы къуыдырæй хæфт-хæфт ралæууыд, йæхæдæг кæсы æмæ зæхх æхцайæ айдзаг ис. Ус сæ цырд-цырд рауыгъта. Уый фæстæ хæрæджы бынаты æндæр хæрæг абаста, уый сæхимæ балæууын кодта. 

Лæг йæхи цынадта, цай бацымдта, стæй рацыд, хæрæгыл сбадти æмæ сæхимæ 'рбафардæг. Хæрæджы дуармæ абаста æмæ йæ усмæ дзуры: 

– Цу, дæ сасир та радав. 

Ус сасир рахаста, хæрæг æрцæфтæ кодта æмæ хæрæг йæ бæркъатæ акалдта. 

Ус фæфæдис лæгмæ. Лæг рацыд æмæ хæрæджы нæмы æмæ – ницы, йæ бæркъатæ та акалы. 

Фæкуыдтой, сæ цæссыг фæкалдтой лæг æмæ ус, фæлæ ма цы! Иу бон куы уыд, уæд та лæг бацагуырдта хæйрæджы. Хæйрæг ын ацы хатт та радта куысыфтæг. 

Загъта йын: 

– Ацы куысыфтæджы ис къоболатæ. Ахæсс æй, фæлæ йæ дзæгъæлы ма гом кæн, цалынмæ дæ къоболаты сæр бахъæуа, уæдмæ. Стæй-иу зæгъ: «Къоболатæ – цæвгæ!» Сæ куыст куы бакæной, уæд та сын-иу зæгъ: «Къоболатæ – куысыфтæгмæ», уæд ныггæппытæ кæндзысты сæ бынæттæм. 

Лæг цингæнгæ рахаста куысыфтæг. Сæхимæ йæ рудзынгыл æрæвæрдта. Йæхæдæг кæртмæ рацыд. Ус куысыфтæг куы ауыдта, уæд афтæ зæгъы: 

– Цы нæ 'рбахæсдзæн хæдзармæ! 

Лæгæн хъыг уыдысты усы ныхæстæ. Куысыфтæджы сæр фегом кодта æмæ зæгъы: 

– Къоболатæ – цæвгæ. 

Къоболатæ сгæппытæ кодтой æмæ усыл ралæууыдысты, ус ныцъцъæхахст кодта. Лæг та загъта: 

– Къоболатæ – куысыфтæгмæ! 

Æмæ ныггæппытæ кодтой сæ бынатмæ къоболатæ. Уæд лæг усæн зæгъы: 

– Цу, ныр æлдармæ хонæг бацу, стæй хъæуæй дæр кæйты хонын хъæуы, уый дæхæдæг зоныс! 

Ус ацыд æмæ, мæсты кæмæ уыд, уыдонæн се 'ппæтæн дæр загъта: 

– Хуыцаубоны уæ Кысыл йæ хæдзармæ хоны. 

Фæстагмæ æлдармæ бацыд. 

– Кысыл уæ хоны – хæстæгæй-хионæй, фыртæй-чызгæй, дам, куыд рацæуат, афтæ! 

Æлдар йæ рихитæ аздыхта æмæ йæ усмæ дзуры: 

– Усай, ацу, нæ хæстæджытыл æрзил æмæ сæ рамбырд кæн. Хуыцаубон куыд рацæуой гыццылæй-стырæй. Уыцы æнæсæрымагъз та цыдæр ссардта! 

Хуыцаубоны Кысылы хæдзар адæмæй æмызмæлд кодта. 

Æлдар йæ бинонтимæ уæле æрбадт. Хуынд лæгтæй дæр кæмæн куыд æмбæлд, афтæ æрбадти. Кысыл рудзгуытæ фидар сæхгæдта, йæхæдæг куысыфтæг стъолыл æрæвæрдта, стæй дуары раз стыр лæдзæгимæ æрбадт. Æлдарæн йæ уд схауы – тагъддæр куы байгом уаид кусыфтæг. Йæ къухтæ хъыдзы кæнынц: куы йæм баххæссид, уæд æй фегом кæнид. Хуынд лæгтæ ныхъхъус сты, сæ улæфт нал хъуысы, се 'ппæт дæр дис кæнынц: Ацы куысыфтæджы цавæр хæринæгтæ хъуамæ уа? 

Уалынмæ Кысыл фæхъæр кодта: 

– Къоболатæ – цæвгæ! 

Куысыфтæджы сæр фегом, къоболатæ гæппытæ кæнынц – адæмы сæрсæстытæ, уæнгсæстытæ фæкодтой, æрдæг цæфтæй ма сæ чи ирвæзт, уый та дуарахизæны Кысыл цавта лæдзæгæй. 

Æрдæгмардæй сææдзæрттæм аирвæзтысты. Æлдары ма чидæртæ ласæгау акодтой. 

Кысыл фæсте дзуры адæммæ: 

– Райсом мæ хæрæг æмæ мæ куырой мæ хæдзары куы нæ уой, уæд уæ мыггаг нал баззайдзæн. Кæмæ дзурын, уыдон æй сæхæдæг æмбарынц. 

Æлдар райсоммæ дæр нал фæлæууыд, фæлæ куырой йæ лæппуйы дæлармы бакодта æмæ йæ кысылы хæдзармæ рарвыста. Уæдмæ йæ хæрæг дæр сæмбæлд Кысылыл æмæ цæрынтæ байдыдта æнæмæтæй. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ