Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Цæргæс æмæ сырддон цъиу
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ДЗУЦЦАТЫ ЗАЛИНА 

 

ЦÆРГÆС ÆМÆ СЫРДДОНЦЪИУ 

 

Хъæууаты сæрмæ зæрæстон1 хуымтæ тугыл аскъуыдысты – диссаджы хъæбæрхор дзы æрзади. Хуым-æлдарæй дзы иу тымбыл уæрцц2 цард йæ бирæ хотæ æмæ æфсымæртимæ. Хорæфсæст, зæрдæрухсæй-иу кæрæдзийæн арфæтæ кодтой: 

 

– Дæ бон хорз, Уæрцц-Былдыхъ! 

– Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд, Уæрцц-Былдыхъ! 

Уыцы диссаджы уæздан уæрццыты астæу æрцард иу фыдцъылыз3 сырддонцъиу. 

– Æз дæр сымахæй дæн, былдыхъ-уæрццытæ. Асæй гыццыл дæн, уымæ мын ма кæсут – мæ базырты дзыгъуыртæ мын фенут.  

Æмæ уæрццытæ зæрдиагæй барæвдыдтой фыдцъылыз сырддонцъиуы. Хоры хорзæй йæм фæкастысты, æмæ сырддонцъиу къуырийы бонмæ стымбыл, срæсугъд. Фыр нæрдæй хуымы сæрмæ стæхын дæр нал фæрæзта. Уæрццытæ-иу бахудтысты: «Мæнæ махау къахвæндæгтыл сиргæ уадæй згъор». Æмæ-иу ын бацамыдтой, куыд згъорын хъæуы, уый. 

Фæлæ сырддонцъиу, бакастæй кæд гыццыл уæрццы хуызæн уыд, уæддæр æцæг уæрцц нæ уыди æмæ сиргæ уадæй згъорын нæ зыдта. Æмæ та-иу, æммырцъæгæй4 гæппытæгæнгæ, къахвæндагыл ныййарц. Уый тынг худæг касти уæрццытæм: сæ тымбыл фæсонтыл-иу фыр худæгæй атылдысты. 

Бынтон æмбисонд та уый уыд, æмæ сырддонцъиу æммырцъæгæй гæпп кæнын уæрццыты куыд ахуыр кодта. Фæлæ уæрццытæ гæпп кæнын нæ базыдтой, сырддонцъиу та – сиргæ уадæй згъорын. Уæддæр тынг хъæлдзæгæй фæцардысты фæззæджы ралæудмæ. 

 

Иу æхсæв бонырдæм сæлфынæг кæнын байдыдта. Æгас бон дæр – афтæ. Изæрырдæм доны лыстæг æртæхтимæ урс ссады муртæ згъæлын байдыдтой. Зымæг æрбахæстæг, уый уæрццыты хистæр Уæрцц-æлдар уайтагъд бамбæрста æмæ йæ бинонтæн бамбарын кодта, боныцъæхтыл æмгуыппæгæй балцы кæй фæраст уыдзысты Хъарм Бæстæм, уый. 

Сырддонцъиу дæр уæрццыты бинонтыл нымад уыди сæрд-сæрды дæргъы, æмæ уый дæр йæхи бацæттæ кодта балцы тæхынмæ. 

Боныцъæхтыл – уæрццæй, сырддонцъиуæй – се 'ппæт дæр сæ базыртæй доны æртæхтæ ацагътой, сæ бырынчъытæй сæ сисбынтæ бахсæстой æмæ фæлварæн пæррæстытæ скодтой. Хæрзбоны «уæрцц-былдыхъ» ма загътой сæ уарзон зæрæстон хуымтæн æмæ, гъæйтт-мардзæ, зæгъгæ, æмгуыппæгæй ныппæрæст кодтой. Сæ базырты æхситмæ райхъал фынæй быдыр æмæ йæ зараг мæргътæн фæндараст загъта хуыссæгхъæлдзæгæй. 

 

Цас фæтахтысты мæргътæ, чи зоны, фæлæ сырддонцъиу фæллайын байдыдта æмæ йæ разæй тæхæг уæрццытæм хъæр кæны: «Былдыхъ-уæрццытæ, нæ фæллад уал суадзæм!» Уæрццытæ дæр, æвæццæгæн, бастадысты æмæ Терчы был иу атагъайы5 æрбадтысты. Бурдзалыг хъамылы6 стыр сихæрттæм сæ фæллад фæуагътой, стæй та стахтысты. Ацы хатт сæ фæндаг уыди сахары сæрты. Сырддонцъиу та фæсте зайын байдыдта, – бæргæ йæ фæндыд искуы бæласы къалиуыл æрбадын, фæлæ йæ зæрдæ тынг æхсайдта Хъарм Бæстæм. Куыд тынг дзы æппæлыдысты уæрццытæ! Уым, дам, зæрæстон хуымты хоры гагатæ хуртуантæй лæууынц: фæнда дæ – еууы гагатæ хæр, фæнда дæ – хъæбæрхоры, бынтон бирæ та, дам, дзы мæнæуы æфсиртæ ис. Хурмæ, дам, цæхæртæ калынц... «Бæргæ хорз уаид Хъарм Бæстæм фæтæхын, – йæхинымæр хъуыды кæны сырддонцъиу, – фæлæ даргъ фæндагыл куы нæ бафæразон, мыййаг». 

Раст уыцы рæстæг кæсы, æмæ йæ тæккæ бынмæ зæрæстон хуымы йас стыр кæрты алыхуызон мæргътæн æмæ цæрæгойтæн иу цавæрдæр зæронд лæг хæринаг дæтты. 

Æмæ сырддонцъиу йæхицæн афтæ зæгъы: «Æдылы къоппа! Цæй Хъарм Бæстæ дæ хъæуы! Дæлæ уыйбæрц мæргътæн хæринаг кæм дæттынц, уым дзы дæ фаг нæ разындзæн?!» 

 

Стыр кæрты иу кæрон зади бæрзонд сырх тæгæр бæлас, æмæ раст уый тæккæ цъуппыл æрбадти бæлццон сырддонцъиу. Лæмбынæгдæр ныккасти кæрты мæргътæм, æмæ дын мæнæ диссаг: хъазтæ, бабызтæ, мæлхъытæ, гогызты астæу рагæпп-багæпп кæнынц дуне сырддонцъиутæ. Бæлццон сырддонцъиу дæр айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ се 'хсæн фæмидæг æмæ сырддоны цæрæг мæргъты хæринæгтæй йæхи хорз федта. 

Уыцы бонæй фæстæмæ бæлццон сырддонцъиу рæбинаг сси сырддоны кæрты. Фæстагмæ та йæ цæсгом бынтон суагъта: куы-иу уыгты хæринагæй ахордта, куы та-иу къуырмагæрчыты7 хайæ раскъæфта, суанг ма-иу арсы къалати дæр абæрæг кодта. Стæй-иу æфсæстæй теуайы гоппыл сбадт æмæ-иу йæхицæн чыр-чыр кодта. Фæлæ кæд цыфæнды æдзæсгом æмæ ныфсджын уыди, уæддæр цæргæсты къалатимæ нæма уæндыди. «Хуыцау мæ уыдоны дзæмбытæй бахизæд! – хъуыды кодта сырддонцъиу. – Зæрæстон хуымы дæр сæ тынг тарстæн. Æмæ куыннæ! Мæ цæстыты тæккæ раз уæрццытæй цалы æрцахстой!»  

Фæлæ фæстагмæ иу хъуыддаг бафиппайдта: быдираг цæргæстæ уыдысты цæрдæг, цæхæрцæст, къалатийы чи цæры, уыдон та – уæнгмард, æрдæгфынæй. Сырддонцъиу сæ æппындæр нал тарст: къалатимæ-иу куы батахт, уæд-иу æй цæргæстæ хъуыды дæр не 'ркодтой, – æрдæгæхгæд цæстытимæ-иу фынæй кодтой. 

 

– Гъе-уæууæй, цæргæстæ, кæрчытæ дæр ма сымахæй сæрæндæр куы вæййынц!  

Фæлæ уыдон сырддонцъиуы уайдзæф хъуыды дæр не 'ркодтой. 

Иу сæумæрайсом та сæм сырддонцъиу батахти – цæргæсты, ома «фынæй кæрчыты» амæстæймарынмæ. Куыддæр сæ фарсмæ æрбадт, афтæ къалатийы ауыдта ног цæргæсы æппæты бæрзонддæр къалиуыл бадгæ. 

Сырддонцъиу фыццагау уæндон æмæ æнæфсармæй бачыр-чыр кодта, ай нæм уазæг куы ис, зæгъгæ, æдасæй йæ тæккæ фарсмæ абадти æмæ йын уайдзæфтыл схæцыди: «Цæй, куыд, сæрибаруарзаг цæргæс, дæ къалати дæ зæрдæмæ цæуы?» Карздæры тыххæй ма бачыр-чыр кæнынмæ хъавыди, фæлæ йæ уæдмæ цæргæс йæ дзæмбыйæ ацахста æмæ йын афтæ зæгъы: «Æмæ ды та, хæмпæлцъиу, сæрибарæн цы 'мбарыс?»  

Уый йын лæгъстæмæ фæци: 

 

– Ц-ц-цæргæс! Ныббар мын! Дæ мад, дæ фыды хатырæй мæ ауадз... 

Сырддонцъиуы ныхæстæм цæргæс джихæй аззад: йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ мад, йе 'взонджы бонтæ. Бæрзонд хохы фахсыл гуыбыр дурвæткъуы бæлас8... Йæ саджилæг къалиуты астæу йæ райгуырæн ахстон... Йæ къæцæлджын былгæрон-иу слæууыди дымгæты ныхмæ æмæ-иу арвыцъæхмæ каст... 

Цæргæсæн йæ хъуыдыты рæсугъд хал фескъуыди – йæ дзæмбыты бынæй та йæм æрбайхъуысти сырддонцъиуы тæригъæддаг цъыбар-цъыбур: 

– Ц-ц-цæргæс, ауадз-дз-дз мæ. Æз дæр дын и-и-исты хорзы бац-ц-ц-æудзынæн... 

– Æмæ мын цы хорзы бацæудзынæ, дæлæ хæмпæлцъиу? – бынмæ йæм æрдзырдта цæргæс. – Уæвгæ... Кæд мæ нæ фæсайдзынæ, уæд мын мæ райгуырæн ахстонæй иу хъæмпы хал уæддæр æрбахæсс. 

Сырддонцъиу бацин кодта: 

 

– Иу нæ, фæлæ дыууæ хъæмпы халы дæр! 

Цæргæс суагъта сырддонцъиуы æмæ йын бæлвырд биноныгæй бацамыдта, йæ райгуырæн ахстон цы хох, цы бæласыл ис, уый... 

Сырддонцъиуæн йæ базырты æндзыг куы ссыди, уæд къалатийæ рапæррæст кодта æмæ ма тæхгæ-тæхын цæргæсмæ бадзырдта: 

– Æз дæ нæ фæсайдзынæн, ц-ц-цæргæс!.. 

* * * 

Цыдысты бонтæ. Сырддонцъиуæй ницы хабар хъуысти. Кæд æй, мыййаг, фæсайдта? Уæвгæ йыл йæ зæрдæ ахæм тынг дæр нæ дардта Цæргæс: хæмпæлты цы цъиу схъомыл уа, уымæй цы агурыс? Æмæ та-иу йæхимæ хъусыныл фæци. Нæ хæргæ кодта, нæ дон нызта, базыруагъдæй, сæргуыбырæй зæронд къодахы къалиуыл бадти æмæ бадти. 

Сырддоны æхсæвгæс зæронд цуанон æм мидæмæ къалатимæ касти æмæ хъуыдытæ кодта: «Ме 'зæры бон ма мæ ацы тæригъæд цæмæн хъуыди? Цæмæн æй æрцахстон? Арвыцъæх дæр уынгæг кæмæн уыди, уый ацы уынгæг къалатийы куыд бакодтон?..» 

 

Дыккаг бон сæумæцъæхæй сырддонцъиу февзæрди цæргæсы къалатийы æмæ йын йæ размæ æрæппæрста дурвæткъуыйы сырх гага. 

– Цæргæс, цæргæс! – уæлæмæ дзуры сырддонцъиу. – Мæнæ дын дæ райгуырæн хохæй дурвæткъуыйы сырх гага æрхастон. Мæнæ ацы бумбули та дæ ахстоны ссардтон... 

Цæргæс йæ цæстытæ байгом кодта, æнæбарыгомау æркасти сырддонцъиумæ æмæ – диссаг! – гыццыл дурвæткъуыйы уындæй йæ уæнгтыл схæцыди, лæмбынæгдæр æркаст бумбулимæ æмæ йæ йæ зæрдæ базыдта: йæ мад-иу æй йæ базырты бын куы бакодта уазал сæлфынæг бонты, уæд æй цы бумбулитæ хъарм кодтой, уыдонæй иу у ацы бумбули... 

Æвæдза, цард куыд диссаг у! Цæрын та æрцыди цæргæсмæ. Йæ базыртыл схæцыд æмæ сæ йæ мидбынаты уæззау тылд бакодта. Базырты дымгæ сырддонцъиуы иуварс аскъæфта – къалатийы кæрон йæ чыр-чыр ссыди:  

– Ни-ницы мын уыди, цæргæс, ма тыхс!.. 

Цæргæс дæр хорзау нал фæци: 

 

– Бахатыр кæн, сырддонцъиу! Æнæбары мын рауади – мæ зæрдæ та тæхын æрцагуырдта... 

Уыцы рæстæг зæронд цуанон æрбацыди къалатийы размæ, йæхицæн ныхæстæгæнгæ: 

– Дысон дæр та æгъуыссæг куы фæдæн ацы цæргæсы тæригъæдæй! Цæй æмæ йæ ауадзон! – æмæ зæронд лæг къалатийы дуар бакодта. 

Дуары хъæрмæ иннæ цæргæстæ, сырддонцъиу «фынæй кæрчытæ» кæй хуыдта, уыдон къалатийы рæбындæр балыгъдысты. Уæдмæ æрыгон цæргæс – сæрибаруарзаг – къæсæргæрон балæууыд. Йæ сæрибар æй, æвæццæгæн, нæма уырныдта æмæ дуаргæронæй скæс-скæс кодта арвыцъæхмæ. Раст уыцы рæстæг сырддонцъиу, цыма цæргæсæн фæндаг амыдта, уыйау йæ рæзты рапæррæст кодта æмæ быруйы фæйнæгыл абадти. Цæргæс дæр фæныфсджын – фестъæлфыдысты йæ базыртæ æмæ ратахти зæронд цуаноны рæзты.
 
Йæ базырты кæрæттæ ма хæстæгдæр бæласы цъуппытыл андзæвыдысты, йæхи арвыцъæхмæ систа, йе 'ргом сарæзта цъитиджын хæхтæм йæ райгуырæн бæстæм... 

Йе 'мтуг цæргæстæй йæ фæдыл кæсгæ дæр ничи ракодта. Йæ фæдыл кастысты æрмæстдæр дыууæйæ: зæронд цуанон æмæ гыццыл сырддонцъиу... 

 

------------------------------------------------------------- 

ФИППАИНÆГТÆ: 

1. Зæрæстон – æнæконд (уырыс. «целинный, запущенный, запустелый». 

2. Уæрцц – маргъы мыггаг (уырыс. «перепелка»). 

3. Фыдцъылыз – фыдуынд, æнæзæрдæмæдзæугæ. 

4. Æммырцъæгæй – æнæуынгæйæ, цæстытæ бацъынд кæнгæйæ (уырыс. «вслепую, зажмурившись»). 

5. Атагъа – доны былгæрæтты быдыр, зæхх. 

6. Хъамыл – кæрдæджы мыггаг, зайы цъымарайы (уырыс. «камыш»). 

7. Къуырмагарк – маргъы мыггаг (уырыс. «глухарь»). 

8. Дурвæткъуы – хъæддаг дыргъ (уырыс. «боярышник»). 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ