Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Раттаджы къух райсаг у
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Дзуццаты Зæлинæ 

РАТТАДЖЫ КЪУХ РАЙСАГ У, КÆНÆ УЫЗЫН ÆНÆ КÆРЦÆЙ КУЫД БАЗЗАД 

 

Куырттаты сау хъæды астæу цардысты дыууæ уарзон сыхаджы, дыууæ зæронд уызыны: Уызынбег æмæ Уызинæт. Иунæг бон дæр æнæ кæрæдзи нæ фæрæзтой, кæрæдзийæн-иу сæ хъуыддæгтæ фæдзырдтой, суанг сæ лыстæг хабары онг дæр: сырх уагъылыйы гага кæм ссардтой, зæронд хус фæткъуыйыл кæм бамбæлдысты, фæсуарын саджы сæфтæгуатæй дон кæм анызтой. Фæлæ-иу бон цалдæр хатты хыл дæр фесты, æмæ-иу уæд тæргайбылæй сбадтысты æмæ-иу цæсты зулæй кæрæдзимæ дзагъултæ кодтой. Æмæ-иу хыл та цæуыл фесты, уый бынтон худæг у. Цæвиттон, Куырттаты сау хъæды Уызынбегæн йæхицæй рæдаудæр иунæг цæрæгой дæр нæй. Арæх æм æрбауайынц тæрхъустæ, зыгъарджытæ, æхсæрсæтджытæ, уæдæ мæргътæ дæр арæх æрбатæхынц, æмæ сæ иуы дæр æнæ лæварæй никуы рарвыста: кæмæн йæ дзæмбыйы хус фæткъуы авæры, кæмæн та уагъылы... Æмæ та йæ Уызинæт уайдзæфты бын фæкæны: 

 

 
 

 

– Æдылы къоппа Уызынбег! Дæ бынтæ цы уарыс? Фæлтау сæ зымæг-зымæджы дæргъы дæхæдæг хæр! 

Уызынбег йæ дзæмбытæй йæ гуыбын ныхæгау акæны æмæ мидбылты худгæ фæзæгъы: 

– Раттаджы къух райсаг у, мæ уарзон сыхаг. 

 

Ацы фæззæг та йыл бынтон æмбисонды хабар æрцыди: кæд æмæ баззади æнæ кæрцæй! Уый дæр та йæ рæдаудзинады тыххæй. Уæхæдæг-ма ахъуыды кæнут: фæззыгон хъæды цæрджыты судзинтæ уæлдай тынгдæр фæхъæуы. Чи дыргътæй халбыдтæ аразы, чи йæ кæрц æмпъузы... Æмæ иууылдæр Уызынбегмæ цæуынц судзингур. Ныр уый кæрцмæ бакæсын диссаг у: искуы-иу судзин ма йыл аззади. Æмæ хъæдмæ рацæуын нал уæнды. 

Раздæр ыл-иу бирæгъ кæнæ рувас куы амбæлди, уæд-иу йæ судзинджын кæрцы йæхи 'рбатыхта, æмæ йын йе знæгты бон ницы уыди. Ныр ыл Уызинæты ныхас æрцыди: хъæды цæрджытæ се 'ппæтдæр зымæгмæ сæхи бацæттæ кодтой, Уызынбеджы къæбиц та афтидæй баззад. Бæргæ-иу афæнд кодта: цон æмæ æз дæр къозотæ рамбырд кæнон, фæткъуытæ æрбахæссон, фæлæ-иу дардмæ бирæгъ кæнæ рувасы куы ауыдта, уæд та-иу йæ хæдзары бамидæг. Æмæ та йæм-иу йæ хæдзары гом рудзынгæй Уызинæт мæстæймарæгау базарыди: 

 

– Рæдау Уызынбег хæдзар нæ дары, гъей! 

...Куырттаты сау хъæдмæ дæр зымæджы комулæфт хæццæ кæнын байдыдта.  

 

Уазал сæлфынæг сырдты сæ хæдзæрттæм батардта, æмæ хъæды фæндæгтæ сафтид сты. Уызынбег дæр рудзынджы раз бады, æдзынæгæй кæсы йæ сыхаг Уызинæты дуармæ æмæ хъуыдытæ кæны: «Тæхуды, æмæ уæртæ уыцы дуар куы байгом уаид æмæ дзы Уызинæт къозоты халбыдимæ куы рацæуид... Уæвгæ æгæр чъынды у Уызинæт». Къозоты коймæ Уызынбегæн йæ комыдæттæ 'руадысты æмæ хæдзары къуымты разылди, къæбицмæ бакаст. Уæлвæйнæг ма уагъылыйы хус гага ссардта æмæ йæ къыбар-къыбургæнгæ ахордта. Стæй та фæстæмæ рудзынджы раз æрбадти æмæ æнкъардæй кæсы тар хъæды бæлæстæм. Фæлæ уыдон та цавæр урс гæлæбутæ сты? Мит уарын райдыдта?! Йæ рæбыны куы ницы и, уæд цæмæй цæрдзæни зымæг-зымæджы дæргъы Уызынбег? 

Уыцы хъуыдытæй Уызынбегæн йæ зæрдæ афтæ бамæгуыр, æмæ йæ цæстытæ доны разылдысты. Фæлæ дын уалынмæ чидæр дуар æрбахоста. 

 

– Ам дæ, Уызынбег? – райхъуысти тæрхъусы хъæлæс. – Мæнæ дын дæ судзин фæстæмæ 'рбахастон! 

Уызынбег дуар бакодта, æмæ тæрхъус, йæ миттæ цæгъдгæ, мидæмæ бахызти. 

– Бауырнæд дæ, Уызынбег, дæ судзинæй не 'фсин дуне куыстытæ бакодта: сывæллæттæн авд кæрцы бахуыдта! Æз дæр дзы мæнæ мæ кæрцы фæдджи бампъызтон... 

Уызынбег, йе 'ххормаг гуыбыныл хæцгæ, йæ мидбылты бахудти: 

– Æгайтма уæ куыстытæ бакодтат мæ судзинæй. Уæдæ ма судзин цæй тыххæй вæййы?! 

- О, хæдæгай, мæнæ дын не ‘фсин уырыдзыты чыргъæд æрбарвыста, – йæ мидбылхудгæ загъта тæрхъус æмæ цæуынмæ фæци. 

Æххормаг Уызынбег куыддæр уырыдзы йæ дзыхмæ схаста, афтæ та чидæр дуар æрбахоста. 

– Ам дæ, Уызынбег?  

Уызынбег æхсæрсæттæджы йæ хъæлæсæй базыдта æмæ йын дуар фегом кодта. 

Æхсæрсæттæг дæр, йæ миттæ цæгъдгæ, мидæмæ 'рбахызти. 

– Мæнæ дын дæ судзин æрбахастон, Уызынбег. Къозотæй дзы дуне халбыдтæ скодтон. Мæнæ ацы халбыд та дын – мæ лæвар, – æмæ цæуынмæ фæци. 

Уызынбег ма йæ фæдыл адзырдта: 

– Бузныг, æхсæрсæттæг! Дæ зымæг зæрдæрухсæй арвит! – æмæ дуар æрбахгæдта. 

Фæлæ та дын мæнæ ног диссаг! 

– Къупп-къупп-къупп! – дуар та чидæр хойы. 

Ныр та зыгъарæг æрбахаста судзин æд лæвар: замманай æрттиваг гыркъотæ æмæ хæрзад хуыскъæлтæ1. 

Суанг изæрдалынгтæм Уызинæт йæ рудзынгæй касти æмæ уыдта, йæ сыхаг Уызынбегмæ хъæды сырдтæ лæвæрттимæ куыд цыдысты, уый. 

Ай цы диссаг уа, зæгъгæ, Уызинæты зæрдæ нал фæлæууыди, сыллынк-сыллынкгæнгæ йæ сыхаджы хæдзары балæууыд æмæ хинхуызæй афтæ зæгъы: 

– Абонсарæй дæ нæма федтон, Уызынбег, æмæ дæм мæ зæрдæ 'хсайы: кæд мыййаг, æххормаг дæ? 

 

Уызынбег йæ цæст ахаста йæ лæвæрттыл æмæ разыхуызæй афтæ: 

– Лæгæн хорз хæлæрттæ куы уа, уæд ын æххормагæй тас нæу! Цыфæнды мит куы ныууара, уæддæр! 

Уызинæт дæр лæвæрттыл афæлгæсыд, æмæ йæ гага-цæстытæ ферттывтой: 

– Æмæ æз дæр дæ хорз хæлар куы дæн, Уызынбег, дæ хорз хæлар! 

– Зонын æй, зонын, Уызинæт, мæ хорз хæлар кæй дæ, уый! 

Уыцы ныхæсты фæстæ Уызынбег лæвæртты астæуæй систа къозоты халбыд æмæ йæ бафтыдта Уызинæты æфцæгыл. 

– Бузныг, Уызынбег, дæ лæварæй, – цингæнгæ загъта Уызинæт. – Æз дæр дын уалдзæджы уырыдзытæ ратдзынæн... кæд ма мæм баззайа, уæд... – Æмæ дуарæдде фæци. 

Уызынбег йæ фæдыл къæсæрмæ рахызти, йæ цæстæнгас ахаста сау хъæдыл, скасти арвмæ. Миты ставд гæлæбутæ фыццагау зилдухгæнгæ тахтысты æмæ тахтысты зæхмæ. Фæлæ миты уазал гæлæбутæй нал бамæгуыр Уызынбеджы зæрдæ: ацы хатт æм кастысты урс дидинджыты хуызæн... 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ