Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ДЗУЦЦАТЫ ЗÆЛИНÆ 

 

ЗÆРОНД УЫЗЫН ЙÆХИЦÆН МАД КУЫД АГУЫРДТА 

 

Куырттаты сау хъæды кæрон иу рæсугъд æрдузы царди зæронд уызын Къуыбылон. Йæхи зонынхъом куы фæци, уæдæй нырмæ ацы æрдузы цæры, йæ мад ын-иу куыд дзырдта, афтæмæй мæнæ ацы уагъылыйы къутæры бын райгуырди. Йæ сабибонтæ та арвыста мæнæ ацы æхсæр бæлæсты бын, уæлæ уыцы æрыскъæфджын къуыбырты астæу. Уæртæ уыцы дурджын æрхмæ та-иу дон нуазынмæ цыди йæ мадимæ. 

 
 

– Ехх, æвæдза, цы рæстæджытæ уыди! – арф ныуулæфыд Къуыбылон, æмæ та йæ адджын мысинæгтæ йæ зæрдæйы райхъал сты. – Æвæдза, цас сæрæн усгуртæ йæм цыди йæ чызгон бонты! Уый æмæ дын фаллаг сыхæй Уызынбег! Йæ сиргæ уад дæр бирæйы аргъ уыди! Иннæ ахæм æрхыцæрæг Уызыхъо! Йæ бындар макуы фæуа! Уый бирæгъæй дæр куыннæ тарсти! Йæхицæй-иу къуыбылой ацарæзта æмæ-иу тулгæ-тулгæ комрæбын балæууыди. Фæлæ дзы уæддæр Уызынбийæн æмбал нæ уыди! Куы мæ-иу федта, уæд-иу фыр цинæй йæ саугага цæстытæ цæхæртæ скалдтой! – Къуыбылон та арф ныуулæфыди: Ехх, æвæдза, Уызынби диссаджы усгур уыди! Судзинихсыд баци мæнæн фæткъуытæ æмæ къозотæ хæссынæй! Раст зæгъгæйæ, мæ зæрдæмæ мын фæндаг дæр ссардта æмæ мæ йæ райгуырæн цымты къохмæ дæр тынг зæрдиагæй хуыдта, фæлæ... 

О, фæлæ мæ мæгуыр мады зыбыты иунæгæй куыд ныууагътаин?! Мæгуырæг, йæ бон рæвдз ауайын дæр нал уыди! Кæддæр, уыцы æнæбайрайгæ саубырынкъ рувасæй лидзгæйæ, йæ къах бæласы саджилæджы фæфидар, æмæ уæдæй фæстæмæ къуылых уыди...» 

 

Къуыбылонæн йæ зæрдæ æрбауынгæг: мад дæр нал и, Уызынби дæр нал фæзынди! Афтæмæй иунæгæй æрвиты йæ бонтæ, йæ азтæ. Уалдзыгон бонты ма мæргъты зарынмæ йæхи фæирхæфсы, сæрдыгон бонты хуры хъарммæ фæткъуыдзуан фæкæны æмæ, бонтæ куыд атæхынц, уый зонгæ дæр нæ бакæны. Фæлæ фæззæг куы ралæууы, уæд йæ зæрдæ æгасæй дæр ныммæгуыр вæййы. Иуæй, зараг мæргътæ атæхынц дард кæдæмдæр, иннæмæй уыцы æнæкæрон уазал сæлфынæг куы райдайы, уæд, хъæды ма цы цæрджытæ баззад, уыдон арф бамбæхсынц сæ хæдзæртты æмæ сæ бинонтимæ урс зымæгмæ æнхъæлмæ кæсын байдайынц. 

Ацы хатт дæр та арф ныуулæфыди Къуыбылон æмæ та йæхицæн ныхæстæ кæнын райдыдта: «Ехх, гыцци ма мын æгас куы уаид! Æвæдза, куыд адджын у мад!» 

Къуыбылоны гыццыл дзæмбытыл цалдæр хъарм æртæхы æрхауди æмæ бадис кодта: фæззыгон уарын уазал куы вæййы! Стæй фембæрста, уыдон йæ цæссыгтæ кæй сты... Къуыбылон сæ асæрфта, джихæй алæууыд æмæ йæхицæн фидарæй загъта: «Ацы уазал дунейы æнæ мадæй тынг зын фæцæрæн у. Цæуон æмæ мæхицæн искуы мад бацагурон, кæнгæ мад!» 

Уыйадыл Къуыбылон зæххæй систа æхсæры къæцæл – фæндаггоны лæдзæгæн – æмæ араст и кæнгæ мад агурæг. 

Хуыскъ адагыл куы фæцæйхызти, уæд иу тъæпæн дурыл æрлæууыди: уæдæ дарддæр чердæм ацæуа мад агурæг. 

 

– Дæ хорæзхæй, хорз уызын, уыйбæрц дурты астæу мæнæй дарддæр кæуыл ныллæууай, уый дын нæй? – Къуыбылоны къæхты бынæй сдзырдта Уæртджын хæфс. 

– Мæ къонайыл! – дисгæнгæ загъта Къубылон. – Ай Уæртджын хæфс куы дæ, æмæ дæ куы нæ базыдтон. Бахатыр мын кæн! 

– Æмæ уагæр афтæ тынг цæуыл тыхсыс? – уыцы уæзбынæй та бафарста Уæртджын хæфс. 

 

Уызын арф ныуулæфыди: 

– Сидзæр – мæгуыр, сидзæр, Уæртджын хæфс, æмæ мæхицæн мадагур рацыдтæн. 

Уæртджын хæфс тынг бадис кодта: 

– Зæронд уызыны та ма мад цæмæн хъæуы? 

– Ма зæгъ, Уæртджын хæфс! Æнæ мадæй ацы дунейыл тынг зын цæрæн у, уæлдайдæр та фæззыгон сæлфынæг бонты! Ехх, мады хуызæн дын дæ цин дæр æмæ дæ хъыг дæр ничи бамбардзæн. Мады хуызæн дын аргъау дæр ничи ракæндзæн! 

Уæртджын хæфс уыцы ныхæстæм йæ ком айвæзта: 

– Уæдæ æз ныр дыууæ фондзыссæдз азы æнæ мадæй цæрын, æмæ мæ зæрдыл дæр никуыуал æрлæууыди. 

Къуыбылоны уыцы ныхæсты фæстæ нал бафæндыди Уæртджын хæфсимæ дзурын æмæ йæ фæндагыл араст и, йæхицæн ныхæстæгæнгæ: 

– Æвæдза, мадæн æмбал нæй. Мад, цыфæнды кары куы уай, уæддæр хорз у. 

Къуыбылонæн йæ зæрдыл цыдæр æрлæууыди æмæ фæстæмæ фездæхти. 

– Уæртджын хæфс! Кæнгæ мад уæвын дæ нæ фæнды мæнæн! Дæ коммæ кæсдзынæн! 

Фæлæ йын Уæртджын хæфс ницы дзуапп радта – йæ цæстытæ æрæхгæдта æмæ бафынæй. 

Къуыбылон ма йæ разы иу гыццыл алæууыд, кæд Уæртджын хæфс райхъал уаид, зæгъгæ, стæй йæ фæндагыл араст мæнæргъыты къутæртæм. Æмæ сæм куыддæр бахæццæ, афтæ арсы уынæргъын айхъуыста. Мидæгдæр бауад æмæ кæсы: арсы дыууæ лæппыны кæрæдзийы ратон-батаон кæнынц, æмæ сæ мадæл арс иргъæвы. 

 

Къуыбылон сæм хæстæгдæр бацыд æмæ мадæл арсмæ хæрдмæ дзуры: 

– Дæ лæппынты хуртæй бафсæд, Арсыпхан! 

– Сæ хуртæн нæ зонын, Къуыбылон, фæлæ мæ алыбон мæстæй хорз марынц! Фæлæ уæддæр фæразын, хъæбул адджын у! 

Къуыбылон арф ныуулæфыд: 

– Мад та ноджы адджындæр у! Нæ фæлæ, Арсыпхан, цы уый зоныс? 

– Цы, дæ хорзæхæй?  

Къуыбылон ныкъкъæмдзæстыг æмæ зæхмæ кæсгæйæ афтæ зæгъы: 

– Мæнæн дæ кæнгæ мад уæвын нæ фæнды? 

Арсыпхан бадис кодта: 

– Уаих æрбауай, Къуыбылон! Зæрондæй ма дæ цæй мад хъæуы? 

Къуыбылон йæ цæсты урсытæй арсмæ скасти æмæ æнкъардæй афтæ: 

– Цыфæнды кары дæр мад тынг хъæуы, Арсыпхан... уæлдайдæр та фæззыгон сæлфынæг бонты... 

Арсыпхан тынг фæтæригъæд кодта Къуыбылонæн, фæлæ йын уæддæр афтæ зæгъы: 

– Æмæ æз мæнæ мæхи лæппынтæй куы бафæлладтæн, уæд... Бауырнæд дæ, мæ туг мын дойныйæн банызтой! 

 

Къуыбылон, йæ фæндаггон лæдзæгыл æнцойгæнгæйæ, араст и дарддæр, фæлæ-ма цæугæ-цæуын йæхинымæр хæлæг кодта Арсыпханы цæрдæг æмæ амондджын лæппынтæм: «Тæхудиаг æрбауой уыцы къуыбылой-лæппынтæ, мад кæмæн и!» Къуыбылонæн та йæ зæрдæ æрбауынгæг æмæ йæхицæн ныфсытæ авæрдта: 

– Фæлæуу, Арсыпхан, дæу нæ бафæндыди мæнæн мад уæвын, фæлæ æз уæддæр мæхæдæг мæхицæн мад ссардзынæн». 

Къуыбылонæн йæ зæрдыл æрбалæууыд уызынты фыдæлтыккон ныхас, ома, сагтæ æмæ уызынтæ æрвадиуæг кæнынц: хо æмæ æфсымæры цот сты. Уыйадыл фæраст и Сагты коммæ: 

 

– Цом æмæ мæ дард хæстæджыты астæу мæхицæн мад бацагурон. 

Уызын куыддæр хæстæгдæр къуыбырмæ схæццæ, афтæ йæ размæ алæууыд цьæх бирæгъ, тæнтæхауд æмæ уæнтæхъилæй. 

– Де 'зæр хорз, Бигъола!  

Бирæгъæн уызыны уындмæ йæ комыдæттæ æруадысты, фæлæ ма уæддæр загъта: 

– Кæдæм тагъд кæныс, мæ разы уал абад. 

– Нæ мæ 'вдæлы, Бигъола, мадагур цæуын Сагты коммæ, – æмæ та Къуыбылон, сым-сымгæнгæ, йæ фæндагыл араст и. 

Бирæгъ, уæдæ ме 'хсæвæр фæирвæзы, зæгъгæ, комхæлиуæй йæ размæ февзæрди. 

Уызын фыр тæссæй хæрдмæ фесхъиудта, йæ сæр йæ сагæхты амбæхста æмæ къуыбырæй ратылди. Тулгæ-тулын-иу йæ цыргъ судзинтыл фæфидар сты бур сыфтæртæ æмæ хъæддаг дыргътæ. 

Æппынфæстаг дондзæсты йæ тъæпп фæцыди, йæхи бацагъта æмæ та, сым-сымгæнгæ, хæстæгдæр уагъылыйы къутæртæм ныййарц и. Къутæрты йæ сæр фæцæва, зæгъгæ, афтæ кæйдæр кæуын йæ хъустыл ауади: 

– Гыцци!.. Гы-ы-ы-цци! Къуыбылон къутæры бынмæ фæкасти, æмæ дын уæртæ, мæгуыр йæ бон, тæрхъусы лæппын кæуынæй йæхи мары. 

– Ай Тæкку куы дæ, Тæкку! Æмæ кæугæ та цæмæн кæныс? – лæппын тæрхъусы раз йæ фæстаг къæхтыл абадти Къуыбылон. 

 

 

 

Зæронд уызыны фæлмæн ныхæстæм тæрхъусы зæрдæ бынтондæр суынгæг æмæ, хæкъуырццæй кæугæ, афтæ зæгъы: 

– Гыццийы рувас æр-ца-цахста æ-æ-æмæ йæ хъæдмæ ахаста! Ныр к-куыд ц-цæрдзынæн æнæ... æнæ мадæй? 

Тæккуйы цæссыгтæ уынгæйæ, Къуыбылонæн йæхи зæрдæ дæр суынгæг, фæлæ йæ цы хуызы басабыр кодтаид уый нæ зыдта. Тулгæ-тулын йæ судзинтыл цы дыргътæ ныффидар, уыдонæй иу фæткъуы рафтыдта æмæ йæ Тæккуйæн радта. Фæлæ Тæкку уæддæр йæ кæуынæй нæ банцад æмæ йæхицæн дзурæгау кодта: 

– Гыц-цци! Гыц-ци! Ныр куыд цæрдзынæн æнæ мадæй? Уырыдзытæ ма мын чи хæсдзæн?! И-и-и! Фынæй кæныны размæ ма мын аргъæуттæ чи кæндзæни?! И-и-и!.. 

Къуыбылон йæ фæлмæн дзæмбыйæ Тæккуыйы рæвдаугæ æрсæрфта æмæ йын афтæ зæгъы: 

– Æз дын аргъæуттæ дæр кæндзынæн, æз дын уырыдзытæ дæр хæсдзынæн... 

Лæппын тæрхъус йæ кæуынæй фæсабыр, фæлæ ма уæддæр йæхицæн дзурæгау кодта: 

– Гы-цци... Гы-ы-цци!... 

– Ма ку, Тæкку, ма ку! Амæй фæстæмæ дын æз уыдзынæн гыцци, – загъта Къуыбылон æмæ Тæккуйы фæлмæн хъусæн аба кодта. 

...Æризæр. Мæй къуыбырты аууонæй стылди æмæ уагъылыйы къутæры бынмæ хъавгæ бакасти. Уым кæуынвæлладæй адджын фынæй кодта Тæкку йæ ног мад Къуыбылоны фарсмæ. Къуыбылоны та фыр цинæй хуыссæг нæ ахста æмæ йæ мидбылты худгæ касти, мæйы æвзист тынтæ уагъылыйы сырх гагатыл цырæгътау куыд судзынц, уымæ. Стæй æхсызгонæн сулæфыд æмæ та ногæй аба кодта Тæккуйы фæлмæн хъусæн… 

– Цалдæр боны мадагур фæзылдтæн æмæ йæ ссардтон… адджын хъæбул… 

 

 

Детский сад №6 г Алагир Дзуццаты Зæлинæ «Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта» 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ