Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ацырухс æмæ Цъæх Барæг
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Дзуццаты Зæлинæ (1955) райгуырд Цæгат Ирыстоны, Ольгинскæйы хъæуы. Уым каст фæци астæуккаг скъола æмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты филологон факультетмæ. Ахуыры фæстæ кусын райдыдта чигуыты рауагъдады, фыццаг – корректорæй, фæстæдæр та – редакторæй. Æрыгон фыссæджы уацмыстæ мыхуыры цæуынц газет «Рæстдзинады», журналтæ «Ногдзау» æмæ «Мах дуг»-ы. Йæ фыццаг чиныг ис мыхуыры. 

 

 

АЦЫРУХС ÆМÆ ЦЪÆХ БАРÆГ 

ДЗУЦЦАТЫ ЗÆЛИНÆ 

 

Иратаманы заманы1 Иры Уæтæрæзы2 царди æмæ уыди Бурæлдар. Йæ фосæн нымæц нæ уыди, йæ зæххытæн – кæрон. Уымæй дарддæр бирæ кæстæриуæггæнджытæ: чи къæбицы архайдта, чи хордонмæ касти, чи та йын йæ уазджытæн æгъдау лæвæрдта. Ноджы йæ кæсгон æрдхорд уæздан Таусолтан куы фехъуыста, Бурæлдарæн чызг райгуырди, уый, уæд ын æрбарвыста йæ зæрдиаг арфæтимæ æртæ æхсины – ноггуырдмæ зилджытæ, кæстæриуæггæнджытæ. 

Бурæлдар лæппумæ æнхъæлмæ касти, фæлæ йæхи цæстытæй куы федта бурдзалыг рæсугъд чызджы, уæд йæ зæрдæйы цин йæ риуы нал цыди, æмæ йæ цæсгомыл хуры тынау æрттывта. 

 

– Мæ зæрдæйы ацы рухс мын нæ гыццыл чызг радта, – загъта иу бон Бурæлдар йе 'фсин Боренæйæн, – æмæ йын йæ ном дæр рахонæм Ацырухс... 

– Тынг раст зæгъыс, мæ сæрыхицау, – йæ мидбылты бахудти Боренæ, – æнæниз æмæ амондджынæй байрæзæд. 

– Æфсин, дæ куывд ыл Хуыцауы арфæйау сæмбæлæд, – йæ зæрин рихи адаугæйæ, загъта Бурæлдар æмæ йæ уæрæх кæртмæ рахызти... 

Бонтæ цыдысты, азтæ ивтой кæрæдзи. Зæриндзьыкку Ацырухс райрæзти. Йæ цæуæн фæндæгтæ, йæ хъазæн быдыртæ уыдысты йæ фыды дидинæгдонæй сатæг суадæтты рындзмæ. Кæсгон æхсинтæ йæ æнæцæстдардæй иунæг уысмы бæрц дæр нæ уагътой. Ноджы йæ ахуыр кодтой алы фæзминаг митыл: чи йын хæрдгæхуыдтæ3 æмæ алдымбыдтæ4 кæнын амыдта, чи йæ кафын æмæ кæсгон фæндырæй цæгъдын ахуыр кодта, чи та йын, сатæг суадонæй дон хæсгæйæ, гогон куыд аивдæр сисын хъæуы уæхскмæ, уый дзырдта. Мæйрухс даргъ æхсæвты та йын кодтой æнкъард, фæлæ рæсугъд аргъæуттæ. Æмæ-иу диссаг цы уыди: аргъæутты-иу æдзухæй дæр мæгуыр лæджы фырт фæуæлахиз. Фæуæлахиз-иу æрхъуыдыйæ æмæ уæздандзинадæй æмæ-иу амонд æрхаста, æххуысагур æм цы чызг æнхъæлмæ касти, уымæн. 

 

Афтæ дæр-иу уыди, æмæ-иу фæззыгон бонты лыстæг сæлфынæг къуыригай куы хаста, уæд-иу Ацырухс йæ галуаны бæрзонд уатæй касти æмæ касти фæззыгон сызгъæрин хъæдмæ. Æмæ-иу хатгай йæ цæстыты раз сыстади диссаджы ныв: уартæ сызгъæрин хуылыдз хъæды сæрты мигъвæздæгау раленк кодта йæ цъæх бæхыл æнахуыр барæг. Ацырухс ын бæлвырдæй хъуыста йæ ныхас, йæ хъæлæс: «Ацырухс, æз дæм иу бон зындзынæн. Кæс-иу мæм æнхъæлмæ...» 

Бурæлдары буц чызгыл йæ уалдзыгон азтæ хурбæрæг адардтой: йæ сатæг æрфгуыты бынмæ йæ мыдхуыз цæстытæ фæлмæн æрттывд кодтой, йæ æрыскъæфхуыз былтæ йæ аив чысыл фындзы бын ныфсы артау сыгъдысты, æмæ уый æнæбафиппайгæ нæ фесты сагсур усгуртæ. Фæстаг заманы æгæр дæр ма сарæх сты Бурæлдары хъæуы: сæ алдымбыд ехсытæй къæрццытæгæнгæ, дыууæрдæм кодтой Ацырухсы галуаны рæзты, фæлæ дзы иумæ дæр нæ фехсайдта чындздзон чызджы хивæнд зæрдæ. Фыццагау-иу арæх касти хъæды сæрмæ хурдзæф зæрин æврæгътæм: кæд, мыййаг, се 'хсæнæй йæ цъæх бæхыл разынид бур Фæззæджы æнкъард фырт... 

Ацырухсы æрхæндæг цæстæнгас йæ мад Боренæйы зæрдæйы уагъта цыдæр сусæг сагъæс. Бурæлдар ын-иу ныфсытæ авæрдта:  

 

– Чындздзон чызджы зæрдæ сусæны бонау у: куы йæм хур ныккæсы, куы йыл тæрккъæвда рацæуы. 

– Уый бæргæ афтæ у, – ныуулæфыд-иу Боренæ, – фæлæ мады зæрдæ тæрсаг у... 

Бурæлдар аивæй акасти йæ алыварс, æмæ йæ худгæ цæстытæ куы никæуыл æрхæцыдысты, уæд æрбахъæбыс кодта Боренæйы æмæ йын загъта ныфсæвæрæн ныхæстæ: 

 

– Ма тæрс, Уæрхæджы чызг! Тагъд нæ иунæг худгæхур ссардзæн йæ цæрæн фæрныг хæдзар, æмæ йæ амонды рухсмæ нæхи тавдзыстæм зæрыбонты.  

Боренæ дæр йæ сæр Бурæлдары уæхскыл бакъул кодта: 

– О, бæргæ, фæлæ нæ чызг утæппæт усгуртæй йæ цæст куы никæуыл æрæвæры: кæд ын кæлæнтæ конд и?! 

Бурæлдар бахудти:  

 

– Ма тыхс, æфсин, Бурдзиуты фидиуæг æппæт усгуртæн дæр фехъусын кодта мæ ныхас: Цыргъобауы дзуары бон5 нæ хъæуы алыварс дугъвæндагыл æртæ зылдæн чи фæразæй уа, уый мын фæззæджы къæсæрыл мæ кулдуар йæ ехсы хъæдæй уæндон хост æрбакæнæд... 

– Оххай, лæгай! Æмæ чызджы зæрдæ та?!  

Бурæлдар йæ уæлдзарм худыл уæлдæр схæцыди, йæ хъуынджын æрфгуытæ бæрзонд систа æмæ загъта: 

– Æз мæ чызджы амонд Хуыцауæй дарддæр мæхæдæг аразын... 

Æртæ тымбыл боны ма баззади Цыргъобауы дзуары куывдмæ... 

Ацырухсы æнкъард цæстæнгас æнæ бафиппайгæ нæ фесты йæ хъомылгæнæг кæсгон æхсинтæ дæр: йæ разæй къахдзæф дæр нал кодтой. Алы зæрдæвæрæн ныхæстæ йын кодтой. Алы хабæрттæ йын мысыдысты: æххуысхъуаг адæймагыл йæ зын уавæры Хуыцауы арфæ куыд сæмбæлы, зæдтæ æмæ йын дауджытæ куыд баххуыс кæнынц... 

Кæстæр æхсин, Ацырухс йæ зæрдæйы сусæгтæ кæмæн раргом кодта, уый ма йын арфæ дæр загъта: 

 

– Æвæдза, дæумæ Фæззæджы фырт æнæмæнг фæзындзæн. Зæрдæрай у æмæ фидар лæуу! 

Хистæр æхсин дæр нæ бацауæрста йæ зондамонæн ныхасыл: 

– Ацырухс, мæ чызг, уал æмæ уал азы дын дæ уды цы ныфс æмæ рухс бавæрдтам, уыдон дæ зæрдыл æрлæууын кæн æмæ дын цæрыны тых ратдзысты... 

...Ацырухс та йæ бæрзонд уатмæ схызт æмæ дыууæ боны дæргъы фæлгæсыди фæззыгон хъæды сæрты мигъæмбæрзт арвы æбæрæг хуызивæнтæм. Кæцыдæр уысмыл мигъы лæзæрæнтæй хуры тын ферттывта, æмæ Ацырухсы чызгон зæрдæ æгасæй дæр ныррухс и. Ацырухс, цингæнгæ, мæсыджы зилгæ асинтыл æрызгъордта æмæ йæ фыд Бурæлдары цур балæууыди. Фыд йæ чызджы цæсгомы цинæнгас æнæбафиппайгæ нæ фæци æмæ йæ рæвдаугæ йæ хъæбысы æрбакодта: 

– Мæ чызг, – йæ сызгъæринхуыз рихи адаугæйæ, загъта Бурæлдар, – райсом нæм уазджытæ уыдзæн, – æмæ зына-нæзына йæ мидбылты бахудт. 

– Уазæг – Хуыцауы уазæг, баба, – йæ фыды цухъхъайы бæрцытæм кæсгæйæ, фæлмæнæй загъта Ацырухс, фæлæ… 

– Фæлæ цы? – фыд та йæ мидбыл бахудт æмæ йын ныфсæвæрæн ныхас загъта, – тæрсгæ ма кæн, мæ чызг. Алцыдæр хъуамæ æгъдауыл уа: дугъуаты фæндагыл чи фæразæй уа, уый æнæсæрæн лæппу нæ уыдзæн! 

Ацырухс дугъæтты коймæ æрбатыхсæгау кодта æмæ дзагцæстæй скаст йæ фыдмæ: 

– Баба, мæ ныхас дæм диссаг ма фæкæсæд, фæлæ...  

– Зæгъ, зæгъ, мæ чызг, дæ зæрдæйы фæнд райхал дæ бабайæн. 

Чызг та æнкъардæй бахудт æмæ афтæ зæгъы:  

– Уæртæ мын нæ хъæугæрон дугъвæндаджы фарсмæ бахуым кæнын кæн иу зæххы гæбаз... 

Бурæлдар джихæй аззад, стæй йæ хъæлæсы дзаг ныххудти:  

– Æмæ мæ зæххытæ, хуымгондæй, æнæхуымгондæй, иууылдæр дæу не сты, мæ чызг, æви цы? 

– Баба, мацæмæй мæ бафæрс, – йæ гыццыл къухты æрмттæ кæрæдзиуыл авæргæйæ, лæгъстæгæнæгау загъта Ацырухс. 

– Омæ хорз, мæ чызг, фæлæ... – Бурæлдар ма джиххуызæй бакаст Ацырухсмæ, стæй фæдзырдта йæ кæстæриуæггæнæгмæ: 

– Бурдзиу, дзывыр-ма ацæттæ кæн æмæ, уартæ Дурæфтауæны сæрмæ цы тъæпæн ис, уый тæккæ абон бахуым кæн… 

 

...Ралæууыд Цыргъобауы сызгъæрин райсом. 

Бурæлдары галуаны раз уæрæх фæз адæмæй байдзаг, æмæ се ‘ппæт дæр цымыдисæй кæсынц, дугъы уайынмæ йæхи чи бацæттæ кодта, уыцы сагсур лæппутæм. Æвæдза, дæрдтыл айхъуыст Ацырухсы рæсугъды кой, ноджы-ма дзырдтой, куыд диссаджы фæлмæнзæрдæ æмæ хæдзонд у! Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, усгур фæсивæдæй алкæй дæр фæндыди йæ амонд бавзарын: ахæм хæзна чызджы йæ фæрныг хæдзары сæрызæды бын æрлæууын кæнын6... 

Амæй-ай хæрзконддæр лæппутæ бадынц саргъæнгомæй сæ тæлфаг бæхтыл, æмæ сæууон хуры рухсмæ сæ бæрцыты зæрин сæртæ тæмæнтæ калынц. Се уæнгты конды, сæ цæстæнгасы – æгæрон ныфс æмæ сæрыстырдзинад. Æмæ куыннæ ма! Кæд æмæ алы рæттæй сæ хъал бæхтыл хъазгæ æрцыдысты æвзаргæ фæсивæд! Усгурты 'хсæн бæрæг дардтой дыууæ кæсгон лæппуйы, йæ тæлтæг бæхыл æнцой нæ зыдта цæхæрцæст цæцæйнаг дæр... Уæдæ цы зæгъæн уыд, йæ мыстрагъ бæхыл цы асыйаг усгур фæзынд, уымæй дæр?! 

Адæмы 'хсæнæй райхъуысти хъæлдзæг уынæр, æмæ усгуртæ се ‘ргом аздæхтой уыцырдæм. Уартæ дугъы чъегъре – бæрзонд цæрдæг лæппу – йæ къухы рахæссы æхсæр лæдзæгыл фидаргонд дзуары урс хæцъил. Лæппу ма иу каст фæкодта галуаны сисмæ – хъæубæсты хистæртæм. Бурæлдар ын йæ сæры фезмæлдæй бар радта дугъ ауадзынæн. 

Чегъре куыддæр дзуары урс тырыса йæ сæрмæ систа, афтæ фæззыгон хъæды 'рдыгæй фæзынди цавæрдæр æнахуыр барæг йæ цъæх бæхыл. Цæсты фæныкъуылдмæ февзæрд усгурты фарсмæ. Кæсгон лæппутæй иу бахудти: «Ницыуал хъуаг стæм – дыс разынди нæ кæрцæн дæр». Усгур лæппутæ барæгыл бахудынмæ бæргæ хъавыдысты, фæлæ сæ нал равдæлди – чегърейы амындæй дугъæттæ сæхи размæ аппæрстой. 

 

 
Фæззыгон хъæдæй рацæуæг ма йæ бæхыл кафгæ афæстиат йæ мидбынаты, йæ цæстæнгас чызджытыл ахаста, кæд сын, мыййаг, се 'хсæн Ацырухсы фенид, зæгъгæ, стæй йæ ехсы къæрцц æмæ йæ бæхы агæпп баиу сты. 

Æмбисвæндагыл Цъæх барæг баййæфта дугъæтты. Куыддæр Дурæфтауæн рындзмæ фæцæйхæццæ кодтой, афтæ сæ размæ рацыди иу мæгуыр зæронд ус æмæ йæ къухы амындæй уромы барджыты. Фæлæ усгуртæ æз фæраздæронæй йæ рæзты фатау атахтысты, æмæ сылгоймаг рыджы бынæй зынгæ дæр нал ракодта. Бæхты къæхты хъæр куы адард и æмæ рыджы мигъ куы 'рбадти, уæд зæронд ус фыр дисæй йæ цæстытæ æууæрдæгау акодта: дугъæттæй сæ иу – Цъæх барæг – фæстæмæ раздæхти æмæ цæрдæг æргæпп кодта сылгоймаджы раз. 

– Хорз ус, зæгъ-ма, цы 'ххуыс дæ хъæуы?  

Сылгоймаг йæ кæлмæрзæны кæронæй йæ цæсгом æрбахгæнæгау кодта æмæ афтæ зæгъы: 

– Мæ хъæбæрхоры хуым мын чи байтауа, уый нæй, æмæ… Лæппу зæххæй фелвæста хъæбæрхоры дзæкъул æмæ, даргъ къахдзæфтæгæнгæ таугæ ацыдис хуымгæнды, стæй рæвдзгомау абадт бæхыл æмæ ныййарц и дугъæтты фæдыл. 

Дугъæттæ та уæдмæ иу зылд æркодтой Цыргъобауы алыварс. Дыккаг зылды æмбисæн та Цъæх барæг аййæфта усгурты. Фæлæ та мæнæ ног диссаг: Дурæфтауæн рындзмæ хæстæг та зæронд ус уромы барджыты. Фæлæ та уыдон дымгæйау йæ рæзты атахтысты. Æрмæст та Цъæх барæг фæурæдта йæ æфсургъы. 

– Цы ма дæм фæкæсон, хорз ус, цы 'ххуыс ма дæ хъæуы. Зæронд ус та йæ кæлмæрзæны кæронæй йæ цæсгом æрбахгæдта æмæ афтæ зæгъы: 

– Бахатыр кæн, Цъæх барæг, фæлæ мын мæ хуымы гæбаз похцийæ чи баласа, мæ хоры гага мын зæххы бын чи фæкæна?.. 

Лæппу цæрдæг февнæлдта хъæдын похцимæ: 

– Тыхсгæ-ма ма кæн, хорз ус. Мæ хуызæн лæппуйæн уый цас куыст у?! 

Лæппу цæсты фæныкъуылдмæ йæ куыст, акодта, похци уæлгоммæ фæфæлдæхта æмæ та цæргæсау йæ бæхы рагъыл февзæрди. Сылгоймаг ма йæ фæдыл адзырдта: 

– Хорз амонд дæ хай, уæртæ Цъæх барæг. 

Барæг та æртыккаг зылды æмбисыл баййæфта дугъæтты. Фæлæ та мæнæ Царциаты диссаг7! Фæндаджы был та зæронд ус уромы усгурты. Цъæх барæг та, мæнæ мæ Хуыцау федта, зæгъгæ, йæ бæхы фæурæдта: 

– Цы 'ххуыс ма дæ хъæуы, хорз ус? Дугъы фæстейы баззадтæн æмæ дæумæ уæддæр фæкæсон. 

– Уыцы ныхæстæм сылгоймаг йæ кæлмæрзæн систа æмæ йæ зæрин дзыккутæ йе уæхсчытыл æркалдысты. Лæппу фыр диссагæй сдзурын дæр нал сфæрæзта, æмæ уæд чызг йæ мидбылхудгæ афтæ зæгъы: 

– Ды фæстейы нæ баззадтæ, Цъæх барæг, ды дугъæтты разæй фæдæ! 

Цъæх барæг йæ цæстытæ æууæрдæгау акодта: кæд, мыййаг, фын уыны? Стæй чызджы афарста: 

– Чи дæ? Уæвгæ дæ зонын... Бурæлдары бæрзонд галуанæй фæззыгон æнкъард хъæдмæ цы чызг фæкæсы, ды уый дæ...  

Ацырухс йæ мидбылты бахудти, фæлмæн къахдзæфтæй бацыди лæппуйы бæхмæ æмæ йын йæ урс къухæй йæ цъæх рус рæвдаугæ æрсæрфта... 

Раст уыцы рæстæг дугъæттæ фæцæйхæццæ кодтой Бурæлдары галуанмæ. Бæхтæ, сæ комы фынк калгæ сæ уды быцъынæг тыдтой, æз фæраздæр уон, зæгъгæ, фатау тахтысты. Фæлæ уæддæр кæсгон барджытæй иу йæ саулох бæхыл тæрхъусы иу гæппы бæрц аразæй æмæ нысангонд бынатмæ бахæццæ.  

Адæмы цины хъæртæ æмæ хъæлдзæг ныхас арвы бын нал цыдысты: 

 

– Кæсгон æлдары фырт фæуæлахиз!  

– Уый дын æцæг нæртон лæппу! 

– Кæсут-ма йæм, цы хæрзконд у! Æцæгдæр Ацырухсы аккаг! 

 

Бурæлдар йæ бæрзонд галуаны сисæй фæлгæсы цингæнæг адæммæ, æмæ йæхи зæрдæ дæр цинæй байдзаг. Æмæ куыннæ! Дугъы размæ дæр йæ цæст ацы кæсгон лæппуйыл æрхæцыд 

Æмæ ныр дугъæтты разæй куы 'рбацыд, уæд æхсызгонæй сулæфыди. Сылгоймæгты 'хсæн Боренæйы рухс цæсгом дæр бафиппайдта, фæлæ Ацырухс та кæм ис: йæ цæст ыл куы нæ хæцы? 

Уыцы рæстæг дугъы чегъре кæсгон лæппуйы бæхы рохтæ йæхимæ райста æмæ йын, мидбылхудгæ, кулдуары 'рдæм ацамыдта. Кæсгон усгур, йæ цин æмбæхсгæ, йæ сæрак зæнгойы хъусæй зæринкоцора ехс систа æмæ, цæстытæй худгæ, Бурæлдары кулдуармæ цалдæр къахдзæфы бакодта... 

 

Адæм иууылдæр се 'ргом аздæхтой кæсгон æлдары фыртмæ. Цалдæр къахдзæфы ма – æмæ кæсгон лæппу йæ ехсы хъæдæй байгом кæндзæн йæ амонды дуар. Фæлæ хъуыддæгтæ иууылдæр, сызгъæрин феста, Хуыцауæй аразгæ сты! Æмæ мæнæ диссаг: дугъуаты фæндагæй æрбайхъуысти бæхы къæхты хъæр æмæ адæм иууылдæр се 'ргом аздæхтой æнæнхъæлæджы бæлццонмæ. Бæлццон æрбахæццæ, цæрдæг æргæпп кодта бæхæй æмæ саргъæй æриста... Бурæлдары чызг Ацырухсы. Адæм фегуыппæг сты: чи чызгмæ касти, чи Бурæлдармæ, чи та кæсгон усгурмæ. 

 

– Ацырухс! Мæ чызг! – райхъуыст галуаны бæрзонд фæлгæсæнæй Бурæлдары хъæлæс. – Кæсгон æлдары фырт фæуæлахиз, уый не 'ппæт дæр федтам... 

Адæмы 'хсæнæй дæр райхъуысти: 

– Федтам! Федтам! Кæсгон æлдары фырт фæуæлахиз! 

Чызг æфсæрмхуызæй бакасти Цъæх барæгмæ, стæй йе ‘ргом аздæхта йæ фыдмæ: 

– Мæ зынаргъ баба, ме 'ргом ныхас мын ныххатыр кæн, фæлæ фæуæлахиз, æз ын йæ ном дæр нæ зонын, мæнæ ацы Цъæх барæг... 

Адæм та сдзолгъо-молгъо сты: 

 

– Мах нæхи цæстæй федтам, кæсгон æлдары фырт куыд фæуæлахиз, уый! 

Ацырухс та йæ цæстæнгас æфсæрмхуызæй ахаста адæмыл: 

– Мæ хорз хъæубæстæ, сымах дæр мын бахатыр кæнут, фæлæ мæнæ ацы Цъæх барæг фæразæй. Фæуæлахиз уæздандзинадæй, фæуæлахиз æрхъуыдыйæ, фæуæлахиз зæрдæйы уагæй. – Æмæ адæмæн бæлвырдæй радзырдта зæронд усы хуызы куыд лæууыди йæ хуымгæнды раз, æххуысагур куыд урæдта барджыты. Æртæ хатты дæр ацы æнæзонгæ барæг фæурæдта, цы æххуыс дæ хъæуы, мæнæ хорз ус, зæгъгæ. 

Адæмы сусу-бусу фæтыхджындæр æмæ райхъуыст цины хъæртæ: 

– Раст зæгъы Ацырухс! 

– Куыд хорз бафæлвæрдта усгурты! 

– Йæ цæрæнбон бирæ уæд Цъæх барæгæн дæр, ахæм уæздандзинад кæмæ разынд! 

Кæсгон æлдары фырт фыццаг джихæй аззад, стæй йæ къæбæлдзыг урс худыл ехсы хъæдæй уæлдæр схæцыд, арф ныууæлæфыд æмæ загъта: 

– Махмæ, Стыр Кæсæджы, Ацырухсы рæсугъды кой диссагæн дзырдтой, æмæ абон уый федтон мæхи цæстытæй. Фæлæ мæм ноджы диссагдæр та фæкастысты йæ зонд æмæ йе 'рхъуыдыдзинад. 

Иннæ усгур лæппутæ дæр къулсæрæй кастысты Ацырухс æмæ Цъæх барæгмæ. 

Цъæх барæг та йæ Хуыцауы лæвар æмæ йе 'нæнхъæлæджы амонд нырма ныр банкъардта. Йæ цæстæнгас ахаста адæмыл, бакаст Ацырухсы худгæ цæстытæм. Стæй фидар къахдзæфтæй бараст и галуаны размæ. Йæ зæнгойы хъусæй сласта йæ алдымбыд ехс, иу хатт ма афæлгæсыд адæмыл æмæ ныфсджын хост ныккодта Бурæлдары кулдуар... 

 

---------------------------------------------------- 

 

ФИППАИНÆГТÆ: 

 

1. Иратаманы заманы – раджы, не заманты, тыхы заманты. Ис ма ахæм хъуыды дæр, зæгъгæ, «Иратаманæй нырмæ» нысан кæны, ома Ата æмæ Аманы Хуыцау куы сфæлдыста, уæдæй нырмæ. Ата æмæ Аман сты ирон мифологийы Адам æмæ Евæ, Хуыцау æппæты фыццаг цы нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы сфæлдыста, уыдон  

2. Иры Уæтæрæзы – авторы фиппаинагмæ гæсгæ, афтæ раздæр хуыдтой ныры Ольгинскæйы зæххытæ. 

3. Хæрдгæхуыд – сызгъæрин кæнæ æвзист æндæхтæй хуыд (уырыс. «шитый серебром, золотом», «золотое шитье»).  

4. Алдымбыдтæ – зæлдаг æндæхтæй быд (уырыс. «шелковая тесьма», «галун»). 

5. Цыргъобау – обау Ольгинскæйы цæгатварс, у кувæндон. Йæ бæрæгбон вæййы Уацилламæ кувæн къуырисæры хæдразмæ хуыцаубоны.  

6. Сæрызæд, Сæрзæд – бинонты амонд хъахъхъæнæг зæд. Рагон ирон хæдзары, сылгоймæгты хайы, хурныгуылæнырдыгæй къуымы-иу сагъд уыдис алыхуызон нывæфтыдтæй аивгонд сæрмагонд цæджындз. Фидаргонд ыл-иу уыди хъæддаг кæнæ хæдзарон цæрæгойты сыкъатæ. Уый уыдис Сæрзæды бынат (Ц.Х. «А.д», ф. 162). Сæрзæды ном æнæмæнг ссарынц, ног чындз хæдзармæ куы ‘рбакъахдзæф кæны, уæд. Чындзы-иу фыццаг бакодтой къонайы рæхысмæ, уый фæстæ та – Сæрызæды бынатмæ æмæ-иу ыл æй бафæдзæхстой. Чындзæн йæ хыз цы тырысагондæй фæисынц – Сæрзæды хæцъил – уый, хыз сисыны фæстæ, тырысайау æрсадзынц Сæры зæды бынаты. Уымæй бæрæггонд æрцæуы, хæдзарыл ног бинойнаг кæй бафтыд. 

7. Царциаты диссаг – стыр диссаг, æнæфенгæ диссаг. Ам пайдагонд цæуы дзырдбастæн йæ ахæсгæ нысаниуæгæй. Ирон адæмон сфæлдыстады Царциатæ уыдысты, чи фесæфт, ахæм адæмыхатт. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ