Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Дзиу-Дзиу
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ДЗИУ-ДЗИУ 

Уалыты Лаврент 

 

Тар хъæды цæ мæргътæ цæры, уыдонæн Дзиу-Дзиу у сæ къаннæгдæр. Бирæтæн сæ асмæ хæлæг кæны. Æдас нæу Цæргæсæй дæр æмæ Цъиусурæй дæр. Куы сæ ауыны, уæд къутæры кæнæ хъамылы1 амбæхсы. Изæрæй æхсæвбадæны фæбæллы: «Мæхæдæг рæз не схастон, фæлæ уæд та ахæм лæппын куы рауадзин, йæ тасæй хъæды цæрджытæ куыд ризой. Æз ын бафæдзæхсин æдыхты хъахъхъæнын, стæй мын мæхиуыл дæр, æнæсæрæн дæ, зæгъгæ, хъуамæ мачиуал худа».  

 
Ралæууыд уалдзæг, бæлæстæ æмæ къутæртæ сæхи ногдзыд цъæх сыфтæрæй сфæлыстой. Дзиу-Дзиуы сыхæгтæ базмæлыдысты. Хъæд бындз æмæ къогъойæ байдзаг. Мæргътæ боныцъæхтыл фæдисы хъæр байдайынц: 

 

Уалдзæг у! Уалдзæг у! 

Сыстут, хæлæрттæ! 

Иумæ та хъæлдзæгæй 

Скæнæм хæдзæрттæ.  

 

Хорз зоны Дзиу-Дзиу, хъæды цæрджытæ магусатыл, зивæггæнджытыл худинаджы зарджытæ кæй кæнынц. Уымæн абады къалиуы цъуппыл, уымæн базары лыстæг цъæхснаг хъæлæсæй: 

 

Иумæ хæлæрттау  

Хъуамæ цæрæм.  

Фесæф, æдзæлгъæд,  

Чи нæу сæрæн. 

 

Æхсæвиуат фæкæны фыдæлтыккон æрдæгхæлд мæсыджы фарсмæ æхсæр къутæры хъæбысы. Йæ сыхаг Уыг та цæры мæсыджы талынг къуымы. Æрæджы базыдтой кæрæдзи. Айразмæ Дзиу-Дзиу хæтæнæй2 æрбаздæхт. Æхсæр къутæр æм йæ цонг радаргъ кодта. Фæллад Дзиу-Дзиу ыл абадт. Къалиу æй иу чысыл ауызта, æмæ уайтагъд афынæй. Æмбисæхсæвмæ хæстæг райхъал. Йæ хъустыл ауад кæйдæр тызмæг ныхас:  

 

– Чи куыдз, чи хæрæг, æнафоны уынгты чи лекка кæны? 

Дзиу-Дзиу афтæ фенхъæлдта, цыма уымæ хæцынц. Йæ цæстытæ аууæрста æмæ скаст мæсыджы сæрмæ. Уым бадт Уыг. 

Æхсæвы тары йæ хъоппæг цæстытæ фыр мæстæй цæхæртæ калдтой. Йæ бынмæ цæрæнуаты фисыныл3 лæууыд æнахуыр стыр маргъ. Æнæрвæссон хъæлæсæй уый лæвæрдта дзуапп Уыгæн.  

– Æмæ ды бæсты бикъ, комы дæгъæл дæ. Цы мыл хъæртæ кæныс? 

Дзиу-Дзиуы сыхаг йæ базыртæ стылдта æмæ ноджы тызмæгдæрæй загъта: 

– Дæ хæдзармæ тагъддæр куы афардæг уаис! 

– Хæдзар мын нæй, – æнæхуыр уазæг йæ хъæлæсы уаг нæ аивта, æмæ Дзиу-Дзиу бамбæрста, маргъ Уыгæй нæ фæтарст. 

– Æввонгхор æмæ магуса дæ, дзæгъæлкъах, – хæцы йæм Уыг. 

– Цæмæн мæ æфхæрыс, дзæгъæлкъах мæ цæмæн хоныс? 

– Йæхицæн хæдзар аразын чи нæ зоны, уый уæдæ цы хъуамæ схонон? 

– Æмæ хæдзарæй цы кæнын? 

– Лæппынтæ дзы рауадз. 

– Ха-ха-ха! Худæгæй марыс. Сæрæй цæрын хъæуы, сæрæй. Нæ тархъæды хæдзæрттæй фылдæр цы ис. 

– Магуса... Дæ цоты æцæгæлæты хæдзæрттæм баппарыс æмæ æнæхонæгæй хæдзари-хæдзар зилыс. Æз дын ныртæккæ дæ пакъуы ацæгъддзынæн! – фæхъæр ласта Дзиу-Дзиуы сыхаг æмæ дзæгъæлдзых уазæгыл йæхи ныццавта. Уый йæхи Уыджы дзæмбытæй атыдта æмæ ма дард кæцæйдæр райхъуыст йæ хъæлæс: 

– Мæ гакки, мæ гакки! 

 

Æнæбын тар комы Уыг тард маргъы фæстæ ахъæр кодта: 

– Дæ гакк4 у, дæ гакк, æдылыдзинад. 

Хуыссæгхъæлдзæгæй Дзиу-Дзиу хъуыддæгтæ хорз нæ бамбæрста, фæлæ уæддæр райсомæй йæ сыхаджы хабæрттæ хъæды цæрджытæн радзырдта: 

– Дысон мæ хорз сыхаг Уыг лæгдзинад равдыста. 

– Уагæры цæмæй басгуыхт? – афарста йæ Чи-Чи. 

– Æввонгхоры йæ кæртæй фæсырдта. 

– Чи уыд, чи, чи уыд, чи? – цы 'рцыд, уый бæстондæр базонынмæ сцыбæл Чи-Чи. 

– Чи уыд, уый нæ зонын, фæлæ йæхи Гакк-Гукк5 хуыдта, – загъта Дзиу-Дзиу. 

Уалынмæ тар хъæдæй райхъуыст: 

– Гакк-гукк! Гакк-гукк! 

– Æнхъæлдæн, уый у, – Дзиу-Дзиу йæ фæдыл ахуыдта Чи-Чи æмæ иннæ сыхæгты, цæмæй иууылдæр нырæй фæстæмæ зоной магуса маргъы. – Уалæ-гъе! Уалæ-гъе! – бацамыдта стыр хъуынджын цъиумæ. 

 

Уæды онг мæргътæ сæ хъæды ахæм цæрæг никуыма федтой æмæ хъуыдыты аныгъуылдысты, цы йæ схонæм, зæгъгæ. 

– Ау, куыд æй цы схонæм? Йæхæдæг нын куы дзуры: зивæг кæнын мæ гакк у. Гъемæ йæ мах дæр хондзыстæм «Гакк-Гукк», – загъта Дзиу-Дзиу. 

Мæргътæй хабæрттæ бæстон чи базыдта, уыдон фæйнæрдæм, бæласæй бæласмæ, къутæрæй къутæрмæ пæррæстытæгæнгæ, тахтысты æмæ дзырдтой ног хабар: нæ хъæды æрцардис Гакк-Гукк! 

Дзиу-Дзиу лæппынтæ никуыма рауагъта. Никуы сарæзта хæдзар дæр. Фарон сæрды райгуырд, æмæ тархъæды царды æгъдæуттæ хорз нæма бамбæрста. Нæ зоны йæ фыды. Йæ мады та йын Цъиусур фæззæджы æрцахста. Æфсымæртæ æмæ хотæй дæр чи авд хохы фæстæ уыгæрдæны æрцард, чи та æндæр бæстæмæ атахт хуыздæр æнхъæл. Æмæ ныр йæхицæн загъта: 

 

– Ам райгуырдтæн. Æхсæры къутæр мæ мадау ам барæвдыдта. Уызта-иу мæ йæ хъæбысы. Зарыд-иу мын сæрдыгон уддзæфы хъæлæсæй. Æмæ цæргæ дæр хъуамæ ам кæнон. Хъуамæ хъæдæн йæ лæггад бафидон. 

Æмæ, æцæгдæр, Дзиу-Дзиу бæлæстæм хорз зылд. Сæ сыфтæртыл, сæ зæнгтыл-иу сын цы зулчъытæ ауыдта, уыдон куынæг кодта. Уæддæр йæ цард амондджыныл нæ нымадта. Фæндыд æй Цæргæсы йас суæвын, Цъиусурæй йæ маст райсын. Фæлæ йын иу бон йæ сыхæгтæй чидæр загъта: 

– Дзиу-Дзиу, мæ хур, афæдзы бонмæ цы сырæзтæ, уымæй стырдæр нал суыдзынæ. 

– Хорз, афтæ дæр фæуæд, – скарста йæхинымæры, – мæхицæн хæдзар сбийдзынæн. Æйчытæ дзы æрыфтаудзынæн. Лæппынтæ рауадздзынæн. Сæ иумæ хуыздæр зилдзынæн æмæ Цæргæсы йас суыдзæн. Уый райсдзæн Цъиусурæй Æнайы маст. 

 

Уыцы бæллицтæ йын æнцой нал лæвæрдтой. Фæстагмæ сыл афтæ сахуыр æмæ йæхи дæр уырнын райдыдта, æцæгдæр афтæ кæй рауайдзæн. Иу райсом хур куыддæр скаст, афтæ бæласы къалиуыл абадт æмæ... фыццаг хатт йæ хъæлæсы дзаг ныззарыд. 

– Дзиу-Дзиу, цы хорз дыл æрцыд, ныронг дæ дзыхæй куы никуы ницы хъуыст, – сдзырдта йæм бæласы бынæй Уызын. 

– Дзиу-Дзиу, цæуыл цин кæныс уагæры? – къахæджы фарст æй акодта Чи-Чи дæр. 

– Чи-Чи, дæ дзыхыл хæцын нæ зоныс, æндæр дын мæ сусæг цин зæгъин. 

– Мæ мард фен, никæмæн æй радзурдзынæн, – лæгъстæ кæны Чи-Чи. 

– Ма йын æй зæгъ! Чи-Чи йæ пъирийыл хæцын нæ фæразы, – фæдзæхсы Дзиу-Дзиуæн Уызын. 

– Æй, куыд дын амардтæн, Дзиу-Дзиу. Нæ уæздан мыггаг кæдæй нырмæ райдыдта смаггæнаг Уызынмæ хъусын. 

– Раст зæгъы, дæ пъири дæ нæ фæрсы. 

– Мæ лæппынтæй дын сомы кæнын. Гадзрахатæй дыл куы рацæуон, уæд мын Цъиусуры амæттаг фæуæнт. 

Дзиу-Дзиуы зæрдæ æрфæлмæн æмæ Чи-Чийæн радзырдта: 

– Ахстон сбийдзынæн. Æйчытæ дзы æрæфтаудзынæн. Лæппынтæ рауадздзынæн. Иумæ дзы хуыздæр зилдзынæн. Уый Цæргæсы йас суыдзæн æмæ Цъиусурæн йæ пакъуы ацæгъддзæн. 

– Хорз фæнд у! Хорз фæнд у! – хъæргæнгæ кæдæмдæр атахт Чи-Чи. 

Иу къудзийы цур ыл Сауцъиу амбæлд æмæ йæ фæрсы: 

– Чи-Чи, цавæр хорз фæнды кой кæныс? 

Хабар ын радзырдта, стæй йын бафæдзæхста, цæмæй йæ дзыхыл хæца. Дзыхыл хæцын æнцон нæу æмæ, Дзиу-Дзиуы сусæгвæнд хъус-хъус ацыд. Бахæццæ магуса Гакк-Гукмæ дæр. 

 

– Фæлæуу, Дзиу-Дзиу, ды уал мæ къæппæджы дæ, – загъта йæхинымæр æмæ фыр цинæй базарыд: 

Гакк-гукк, Гакк-гукк, 

Дзиу-Дзиуы хæдзар мын раттут. 

 

Хъæды цæрджытæй йын йе 'взаг ничи зыдта æмæ дисгæнгæйæ фарстой кæрæдзийы: цымæ Æнæхæдзар цæуыл зары? 

Фарстæн бæлвырд дзуапп раттын никæй бон уыд. 

Уыцы æхсæв æнæмæтæй бафынæй æрмæстдæр Гакк-Гукк. Мæргътæй алчидæр хъуыды кодта: райсом райдайдзыстæм ахстæттæ бийын, рæстæг махмæ нæ кæсы, афоныл цы хъуыддаг нæ райдайай, уымæй хайыр нæй. Сомæй соммæ, дам, саг æнæ къæдзилæй баззад. Гъемæ сæ тар æхсæвы хъæбысы хуыссæг никæй ахсы. Алчидæр сæ ссардта, знаджы къух кæнæ дæндаг кæдæм нæ баххæсса, ахæм бынат хæдзар саразынæн. Алчидæр сæ йæхицæн загъта: райсом хъуамæ иннæтæй раздæр фестон, хъуамæ мæ сыхæгтæй хуыздæр, хъармдæр, рæсугъддæр хæдзар саразон. 

 

Се 'ппæтæй раздæр райхъал Гакк-Гукк. Бон-изæрмæ, къутæры æмбæхстæй, аивæй йæ цæст дардта Дзиу-Дзиумæ. Уый фыццаг фæткъуы бæласы къалиумæ фæхаста хъæмпыхæлттæ, æддæгуæлæ сæ æвæрдта, рæсугъд къусгонд сæ куы рауад, уæд сæм пакъуытæ хæссын райдыдта. Фæстаг пакъуы агурынмæ куы атахт, уæд Гакк-Гукк йæ æмбæхстæй рахызт, батахт Дзиу-Дзиуы ахстонмæ. 

– Гакк-Гукк, гакк-гукк, мæнæ цы диссаджы хæдзар сарæзта. Мидæгæй дæр æй фæлмæн сфæлындыдта. Ацы дæлæмæдзыд мæлæты хорз арæхсы... Цæй, тæхон, науæд мæ Дзиу-Дзиу æрбаййафдзæн æмæ мыл фенæууæнк уыдзæн, – загъта Гакк-Гукк æмæ стыр хъæдмæ афардæг. 

Дзиу-Дзиу кæд асæй чысыл уыд, уæддæр йæ хæдзар бирæтæй раздæр арæзт фæци. 

 

– Æй бæдæйнаг6, Дзиу-Дзиу, галуан анывæзтай, галуан! – раппæлыд дзы булæмæргъ. – Ахæм куыстуарзаг сыхагимæ цæрын мæхицæн амондыл нымайын.  

– Бузныг. Æгайтма мæ цæрæнуат дæ зæрдæмæ фæцыд, – сæрыстырхуызæй йын дзуапп радта Дзиу-Дзиу. 

– Мæн дæр ма уæ сыхаг бакæнут, – балæгъстæ сын кодта Чи-Чи. 

Бæргæ нæ фæндыд Дзиу-Дзиуы, Чи-Чийы хуызæн æнæрцæф7 сыхаг ын уа, уый, фæлæ уæддæр загъта: 

– Табуафси, æрцæр нæ цуры. Хъæд не 'ппæты фаг дæр у. 

Дыккаг райсом Дзиу-Дзиу райхъал йæ хорз сыхаг булæмæргъы зардмæ. Уый зарыд ног боны фæзындыл, тæмæндзыд сæуæхсидыл. 

– Æвæдза, хорз сыхаг мын ис. Чи зоны, æмæ мын мæ лæппынтæн дæр зарын бацамона. Куырд куырдыл ахуыр кæны. – Цин кодта Дзиу-Дзиу. 

Бонтæ бонты ивтой. Ног ахстоны фæзынд чысыл дзыгъуыр рæсугъд æйчытæ. Цыппар куы баисты, уæд Дзиу-Дзиу сбадт къуыртты. Йæ буарæй æйчыты хъарм кодта. Йæ къæхтæ æмæ-иу сæ йæ цыргъ бырынчъы æххуысæй æрзылдта, цæмæй æмхуызон хъарм уыдаиккой. Иу къуырийы фæстæ йæхицæн загъта: «Сыдæй амæлдзынæн, искуы къогъо, дзынга кæнæ зулкъдзуан куынæ азилон, уæд». Атахт, уæдæ, цы. Фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд бæласы бын ауыдта айчы цъæрттæ. 

– Æнхъæлдæн, æмæ мын чидæр мæ æйчытæй иу раппæрста, – бакатай кодта Дзиу-Дзиу æмæ уыциу пæррæстæн йæ ахстоны былыл абадт. 

Æйчытæ æнæхъæн разындысты æмæ та сыл æнцад-æнцойæ сбадт. Изæрдалынгты æнæмæтæй афынæй. Райхъал боныцъæхтыл кæйдæр зарынмæ. Ракаст æмæ дын Чи-Чийы къалиуыл бадгæ куы ауынид. 

– Афтæ раджы йæ цы æрбахаста? – хъуыдытыл фæци Дзиу-Дзиу. 

– Куыдтæ мын цæрыс, Дзиу-Дзиу?– фæрсы йæ уазæг. 

– Бузныг, мæ буц сыхаг. Мæнæй амондджындæр нæй, ахæм хæрзгæнæг кæмæн ис. 

– Хорзæй уал баззай, æз мæхи цуаны аирхæфсон, – загъта Чи-Чи æнахуыр хъæлæсы уагæй. Иу дзæвгар куы атахт, уæд Дзиу-Дзиумæ æрбайхъуыст йæ худын. 

– Цымæ ацы хинæйдзаг цæуыл хи-хи кæны, – ныссагъæс кодта къуырттыбадæг. 

Иу дыууæ къуырийы фæстæ айчы хъузгæй йæ сæр сдардта Дзиу-Дзиуы лæппынтæй иу. Уалынмæ фæзындысты иннæ æртæ лæппыны дæр. Сæнæвдæлон. Бон-изæрмæ сын дзынгатæ æмæ зулчъытæ хаста. Ахстоны былыл-иу æм сæ сырх-сырхид дзыхтæ хæлиуæй бадардтой, æмхуызон хæйттæ-иу сын авæрдта æмæ-иу уайтагъд адджын фынты аныгъуылдысты. Къалиу сын уыд авдæн, рог уддзæф – узæг. 

Бонтæ цыдысты, Дзиу-Дзиу разы уыд йæ цотæй. Æрмæст æй иу хъуыддаг дисыл æфтыдта. Айчы хъузг æппæты фыццаг чи ратыдта, уыцы лæппын разынд цъиудзых-галгуыбын. Дзиу-Дзиуæн ма уый æхсызгон дæр уыд: æгайтма бирæ хæры, тагъддæр айрæздзæн, стæй тыхджындæр уыдзæн. Æмæ æцæгдæр æхсæв уыдисн рæзт, бон – уылынг8. Йæ хъуын дæр нæма акалдта, афтæмæй йæхицæй фестырдæр. Йæ зæрдæ цинæй байдзаг: мæ хъæбултæй иу у Цæргæса, уый райсдзæн Æнайы маст. Изæрыгæтты-иу йæ ахстоны базарыд: 

 

Ацыцытæ, цы-цы-тæ, 

Мæ лæппынтæ – гыццылтæ! 

Цъиусурæй дæн зæрдæсау,  

Басгуыхут мын цæргæстау. 

 

Цæргæса байрæзт, цыппарæй ахстоны нал цыдысты, фæлæ цы гæнæн уыд – хæдзары къултæн фæйнæрдæм айсæн нæй. Иу бон та Дзиу-Дзиу гæлæбутæ ахсынмæ араст. Цæргæса йæ хионтæй иуæн загъта: 

– Гыццыл Дзиу-Дзиу, мæ рагъмæ ма схиз æмæ дæ гогодза акæнон. 

Гыццыл дын куы фæцырд уаид, Цæргæсайы рагъмæ дын куы сбырид. Уый йæ рахаста ахстоны былмæ æмæ йæ уырдыгæй расхуыста. 

Мадæл Дзиу-Дзиу хъуыддаг бамбæрста, фæлæ Цæргæсамæ сдзурын нæ бауæндыд – тарст йæхицæн дæр, иу райсом йæ фæндаг Чи-Чийыл акодта æмæ йын сагъæсхуызæй загъта: 

– Нæ зонын, нæ зонын... Цы загъдæуа, цы чындæуа... Мæ лæппынтæй-иу Цæргæса у. Бон уылынг рæзы, æхсæв – уыдисн. 

– Æмæ уым æвзæрæй цы ис? – бахудт Чи-Чи. 

– Йæ æфсымæртæй иуимæ рахъæлæба. Йæ бæрзæй йын рацахста æмæ йæ ахстонæй зæхмæ ныззыввытт ласта. Мæхæдæг дæр æм сдзурын нал уæндын. Загътон, уæдæ мын мæ маст Цъиусурæй райсдзæн, уый та нын нæ бинонты цард халы. 

– Нæ фæлæ ма йæ Цъиусурыл сардау. Уый, зæгъ, дæ цыфыддæр знаг у, уыимæ, зæгъ, бавзар дæ тых, – бафæдзæхста йæ Чи-Чи. 

Дзиу-Дзиу фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд ахстоны был æрбадт æмæ хъарджытæ райдыдта: 

– Уæ йæ буррондз йæ хъæлæсæй фæкæла Цъиусурæн, кæд нын нæ мыггаджы цæуыл бабын кодта. 

– Гакк у, уый йæ гакк у, – бауасыд Цæргæса. 

– Искæй царæфтыд кæнын йæ гакк у, – мæстæй рафыхт Дзиу-Дзиу, æмæ та йæ хъаст Чи-Чимæ ахаста. 

– Истæмæй дын ныфс æвæры дæ хъæбул? – афарста йæ йæ сыхаг. 

– Уый, дам, йæ гакк у, æндæр ницы загъта. 

Чи-Чи худæгæй бакъæцæл. 

– Дæуæн йæ хъæстытæ чи ралæхурдта, уый дæр дæ хуызæн у, – фæтæргай Дзиу-Дзиу. 

Раздæхт хъæмæ. Иу дзæвгар куы ратахт, уæд йæ хъустыл ауад Чи-Чийы маргæйдзаг хъæлæс. 

– Æдылы къоппа Гакк-Гуккы айкыл къуыртты фæбадт. Лæппын дзы рауагъта. Хъаны9 хаст æй кæны. Куы сдынджыр уа, уæд ын йæ мыггаджы уидаг сыскъуындзæн. Йæхæдæг мын йæ риу хойы: «мæ лæппынтæй иу цæргæсæй тыхджындæр разынд!» 

– Æдзæстуарзон дæ, Чи-Чи, æдзæстуарзон. – Бул-Бул бауырдыг Чи-Чимæ. 

– Чи? Чи? Æз дæн æдзæстуарзон? Мæхи цæстытæй федтон, Гакк-Гукк Дзиу-Дзиуы æйчытæй иу куыд раппæрста æмæ йын йæ бынаты йæхи айк куыд нывæрдта, уый. 

– Уæд та ноджы цъаммардæр дæ. Дæ сыхагыл дын йе знаг гадзрахатæй разылд, æмæ ныхъхъус дæ! 

Сæ хъаугъамæ сын æрбамбырд сты пакъуыджынтæй чидæртæ. 

– Ацы бæллæхтæ иууылдæр дæу аххос сты,– загъта уыг. 

– Карз тæрхон рахæссæм Чи-Чийæн. Йе ‘ууæнк бахордта æмæ йæ не 'хсæнæй фæсурæм! – мæргъты æмбырды азæлыд Бул-Булы тызмæг хъæлæс. – Хъоды10 йыл бакæнæм. 

 

 

ФИППАИНÆГТÆ: 

1. Хъамыл – кæрдæджы мыггаг, зайы цъымарайы (уырыс. «камыш»).Хæтæн – балц (уырыс.: 1. «поход»; 2. «бродяжничество, скитание»). 

2. Фисын – тигъ. 

3. Гакк – бæрæг, нысан; ам: миниуæг (уырыс. «метка, клеймо»). 

4. Гакк-Гукк – маргъы мыггаг (уырыс. «кукушка»). 

5. Бæдæйнаг – æппæлды ныхас (уырыс.: 1) «бравый», 2) «молодец», 3) «бедовый»). 

6. Æнæрцæф – ацы дзырдæн ис цалдæр нысаниуæджы: 1) йæхи æфхæрын чи нæ уадзы, ахæм; 2) тæргайгæнаг; 3) æрыгон, хъæддых (зæгъæм, æнæрцæф лæппу). Æнæрцæф ма фæзæгъынц бæхæй дæр, ома бадт кæуыл нæма уыд, ахæм. Ам дзырдæй пайдагонд цæуы бынтон æндæр нысаниуæгимæ – фыдуаг, æнæуаг. 

7. Бон уылынг рæзы, æхсæв – уыдисн – аргъæутты арæх чи æмбæлы, ахæм ныхас. Дунеон фольклоры баст у «хъайтарон сабидуджы» мотивимæ. Адæмон аргъæутты хъайтартау Дзег дæр рæзыд тынг тагъд. Уылынг – арм куы айтынг кæнай, уæд стыр æнгуылдзæй амонæн æнгуылдзы онг дæрддзæг; дисн, дисны, уыдисн – рагон дæргъбарæн бæрц, арм куы айтынг кæнай, уæд хистæр æнгуылдзæй кæстæры онг. 

8. Хъан – хъомылгæнинаг. Бæлвырддæр кæс: «ИАЭМ», ф. 25. 

9. Хъоды – кæс: 1-аг фипп. Букуылты Алыксийы «Хæлынбыттыр»-мæ. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ