Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

СЫРДТÆ ИУ ФЫЛДÆР КУЫД ФЕСТЫ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Тотраты Руслан 

 

СЫРДТÆ ИУ ФЫЛДÆР КУЫД ФЕСТЫ. 

Уацау-аргъау 

 

ФЫЦЦАГ СÆР куы бакæсат, уæд базондзыстут, Къæбыс куыд фæдзæгъæл, Тæрхъусыл куыд сæмбæлд æмæ йæ удæй йæ мидæг куыд ницыуал аззад. 

 

Куы фæдзæгъæл уай, уæддæр исчердæм цæуын хъæуы. Иудадзыгдæр размæ куы тындзай, уæд æнæмæнг искæдæм фæхæццæ уыдзынæ. Уымæл, æдзæрæг быдыры йæ æргъæвст дзæмбытæй къахдзæфтæ кæнгæйæ, хъуыдытæ кодта Къæбыс. 

Уазал сæлфынæг арвæй лæдæрсти, дымгæ-иу æхситгæнæгау бакодта. Фæззыгон скъæлдзойы1 къæдз-мæдз зæнгтæй Къæбысы рихитыл тагъдысты цæссыгтау маст æртæхтæ. 

– Ниуынтæ-йедтæй – ницы, – къæхты бынæй ныуулæфыд Къæбыс. – Куыд фæдзæгъæл дæ, афтæ фæстæмæ фæндаг ссарын дæр базон. 

Тыгъд быдыр уыди, æви æрдуз, фæсте аззади, æмæ Къæбыс хъæдмæ бахызти. Ныр дымгæйæ бæргæ нал тыхсти, фæлæ ам уыди талынгдæр, æмæ йе уæнгты тас бацыди. Йæ хъустыл уадысты, бамбарæн кæмæн нæ уыди, ахæм тæрсынгæнаг уынæртæ, цыма-иу кæйдæр цъæхахст кæнæ хъæрзын фæцыди, æви цыдæр сым-сым... Къæбысмæ афтæ касти, цыма уæдæй нырмæ чидæр йæ фæдыл кæсы, æмæ цæугæ нал кодта, фæлæ уыцы азгъорынæввонгæй хъуызыди. 

Æваст йæ хæд сæрмæ цæйдæр къупп-къупп фæцыди. Фыр тæссæй йæ мидбынат бандзыг. Къупп-къупп нæ банцади. Къæбыс цæсты кæронæй хæрдмæ иу каст скодта æмæ ауыдта: Сау Халон сау дзæбугæй гæдыбæласы зæнгæй раппæрста, «Фæззæг» фыст кæуыл уыди, ахæм фæйнæджы гæбаз æмæ уый бынаты зæгæлæй ныффидар кодта, «Зымæг» фыст кæуыл уыди, уыцы фæйнæджы гæбаз. Зæгæлы сæр фæстаг цæф куыддæр æркодта, афтæ къæвда фенцади, æмæ мит уарын райдыдта. 

Къæбысы фæндыди Халоны афæрсын, кæцы фæндагыл ацæуа, уымæй, фæлæ уый атахти, йæ цыргъных дзæмбыты ахаста зæронд фæйнæджы гæбаз, йæ бырынкъæй та хæцыди дзæбугыл. 

Дымгæ банцади. Пакъуыйау рог миты тъыфылтæ, æрттиваг парашютау, хаудысты бæгънæгкъалиу бæлæсты æхсæнты, куыддæр-иу зæххыл аныдзæвыдысты, афтæ-иу атадысты. Мит куыд уары, уый фыццаг хатт федта Къæбыс. 

Миты тъыфылтæ хаудысты æмæ хаудысты. Хъæд ныррухс и, фæрайдзаст, æмæ Къæбыс цырддæр ацыди. Йæхицæй домдта: тагъддæр уай, размæ тындз. Цыди æмæ йæ уырныдта: сæхимæ йæ чи фæхæццæ кæндзæн, уыцы фæндаг мæнæ ныртæккæ къуыбыры, кæнæ къутæры æдде райдайдзæн. 

Рацыдаид сахат æви дыууæ сахаты, чи зоны, æртæ сахаты, уæд Къæбысмæ афтæ фæкаст, цыма цыдæр зонгæ бынатмæ æрбафтыд. Ныццин кода, фæлæ уайтагъд йæ зæрдыл æрбалæууыд, хъæды æппындæр кæй никуы уыди, уый. Аракæс-бакæс кодта æмæ федта – йæ алфамбылай бæстæ урс-урсид адардта. Нæдæр фæд никуы æруыдта, нæдæр искæй тæф банкъардта. Æрмæстдæр мит, мит, мит. Йæ мукъу арвмæ сзылдта Къæбыс æмæ хъуамæ адæргæй нынниудтаид, фæлæ уыцы комхæлиуæй йæ бынаты нындзыг. Йæ хæд сæрмæ гæдыбæласы зæнгыл фидаргонд фæйнæджы гæбазыл бакасти: «Зымæг». Фыр дисæй йæ цæстытæ ацъынд кодта. Стæй сабыргай байгом йæ иу цæст – уæлæ æрдæбоны фæйнæджы гæбаз. Уыцы фыст: «Зымæг». Ныр бамбæрста, кæцæй рацыд, уыцы бынатмæ та фæстæмæ кæй æрбафтыд, уый. 

Фæталынггæрæттæ. Арв æрныллæг ис, йæхи æруагъта бæлæсты цъуппытыл. Ныртæккæ зæххыл ныххуысдзæни, ралæудзæн æхсæв, ныммæйдар уыдзæн, æмæ уæд алцæмæй дæр тæрс. Згъорынвæнд акодта Къæбыс. Тынг-тынг тагъдæй ноджы цырддæр куы азгъора, уæд йæ бон бауыдзæн æхсæвæй алидзын. Уыциу згъорд аласта, къутæрты бынты – сыффытт, бутъро бындзæфхады сæрты – сæррæтт. Сæррæтт, æмæ, чысыл-ма бахъæуа, йæхи скъуыра цыдæр дынджырхъусджыныл, стæй ма йын, æнхъæлдæн, егъау цыргъ дæндæгтæ дæр. Фыр тæссæй ныхъхъыллист кодта, иуварс агæпп ласта, фæлæ кæлддзагыл фæкалди, адæргъ и зæххыл æмæ йæ дзæмбытæй йæ сæр æрæмбæрзта. Афтæмæй ма, æвæццæгæн, бирæ фæхуыссыдаид, фæлæ æваст айхъуыста ризгæ хъæлæс: 

– Ды... ды мæнæй тæрсыс? 

Къæбыс сыстад æмæ сусæгæй фæстæмæ фæкасти. Йæ чъылдыммæ, дарддæр нæ, – бадти Тæрхъус. Тæрхъусыл чи бахæцы, уыцы ризæгæй рызти. 

– Уæддæр мæ... иучысыл тæрсыс? 

– Нæ, – бауæндыди зæгъын Къæбыс æмæ ма ноджы йе ссыртæ дæр базыхъхъыр кодта. 

Тæрхъус къахдзæфы бæрц фæстæдæр агæпп ласта. 

– Уæд... æвæццæгæн... æз дæуæй тæрсын, – бадыбал-дыбул кодта Тæрхъус æмæ та ноджы къахдзæф æддæдæр агæпп ласта. 

– Уæдæ æз ахæм мамм2 дæн? – бадис кодта Къæбыс, – æмæ уæд æз сырд дæн, нæ? 

Тæрхъусæн ноджы тынгдæр ссыди йæ гæртт-гæртт. 

– Мæнæн цæугæ у, – стæлф-тулф ис Тæрхъус, иуырдæм – гæпп, иннæрдæм – гæпп. – Мæ фæд фесафдзынæн æмæ лидзын. 

– Æмæ æз та? – фæтарсти Къæбыс. – Иунæгæй та баззайон? 

Тæрхъусæн цыма йæ зонд фæцыди, уыйау гæппытæ кодта, гæппытæ кодта. 

– Фæлæуу-ма, – алæгъстæ йын кодта Къæбыс. – Ма тæрс мæнæй. 

– Ома куыд ма тæрсон? – хорзау нал уыди Тæрхъус, хæрам дæр ма йæм фæци. – Алчидæр кæмæйдæр хъуамæ тæрса. 

– Уæд цæмæн? 

– Афтæ! – ныфсджынæй загъта Тæрхъус. – Уый царды закъон у. 

Кæйдæр уæззау къахы бын ныкъкъæрцц ласта къалиу, æмæ сæ дыууæ дæр мæлæты тасæй акъуырма сты, иу иннæйы хъæбысмæ йæхи æппæрста, буар-æмбуар алæууыдысты, ризæг сыл бахæцыди. 

– Гъе, гъеныр бамбæрстай, удаист цы у, уый? – мынæг хъæлæсæй загъта Тæрхъус. – Цæмæй та... тæрсын, уый мæхæдæг дæр нæ зонын, Афтæмæй мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад. 

Къæбыс йæхи фæныфсджын кодта, къæрцц кæцæй фæцыд, уыцырдæм фæкасти. Кæй ауыдта, уымæн уыди стыр, уæрæхкъабузджын сыкъатæ. 

– Саг, – хæрз мынæг хъæлæсæй загъта Тæрхъус. 

– Цы худæджы сыкъатæ йын ис, – йæ хъусы йын бадзырдта Къæбыс. Гуырдых кæнынмæ дæр нæ бæззынц. 

– Бæгуыдæр... Бæззынц. Стæй худæджы сыкъатæ не сты, фæлæ рæсугъд сты. 

– Ды дзы тæрсыс? 

– Бæгуыдæр дзы тæрсын. Йæ сæр куыд бæрзæндты хæссы. Йæ сыкъатæй хъал у. Йæ къæхты бынмæ та нæ кæсы. Куыд дыл ныллæудзæн, уый зонгæ дæр ... нæ бакæндзæн. 

– Нæ ныллæудзæн, – ныфсджынæй загъта Къæбыс. – Хъугæй тæссагдæр нæу. Стæй сæгъæй дæр. 

– Уыцы хуызæнæй æрдæбон... дæ гæртт-гæртт цæмæн ссыди? Ныртæккæ дæр... дæ ризынæй куы нæма банцадтæ. 

– Æз? Ризын?! Уæдæ-ма кæс! 

Къæбыс фæгæпп ласта, æнæ сулæфгæйæ рæйдта, афтæмæй Сагыл йæхи бауагъта. Тæрхъус та тæссæй йæ цæстытæ сæхгæдта æмæ ницы федта... Саг змæлгæ дæр нæ фæкодта. 

– Ды мæнæй тæрсыс?! – тызмæгæй загъта Къæбыс. 

– Уæллæй, нæ дæ тæрсын. 

– Омæ æз сырд куы дæн! – æууæндын æй кодта Къæбыс. 

– Цæй сырд дæ? – бахудти йыл Саг. – Ды хæдзарон цæрæгой дæ. 

– Æмæ кæд æз хæдзарон цæрæгой дæн, – дисхуызæй загъта Къæбыс, – уæд мын хъуамæ хæдзар ма уа? 

– Хъуамæ дын уа. 

– Хæдзар мын бæргæ ис, – фенкъард ис Къæбыс, – æрмæст кæм ис, уый нал зонын. 

Саг сфæлгæсыд арвмæ, ахъуыды кодта æмæ загъта: 

– Бауырнæд дæ, æз дæр æй нæ зонын... Хæрзбон рау, – æмæ, сæрыстыр къахдзæфтæгæнгæ, афардæг. 

 

ДЫККАГ СÆР куы бакæсат, уæд базондзыстут: Тæрхъус Рувасы дзæмбытæм куыд бахауд, Къæбыс та арсы лæгæты куыд смидæг. 

 

Куыддæр Саг бæлæсты аууон фæци, афтæ Тæрхъус гæпп-гæпп-гæпп æмæ Къæбысы цур фегуырд. 

– Алцыдæр фехъуыстон, алцыдæр зонын, – ракъæр-къæр кодта уый. – Ды дзæгъæл фæдæ! 

Къæбыс ахæм уынгæгзæрдæйæ сулæфыд, æмæ Тæрхъус нырхæндæг и, ныхъхъус. 

– Цæй æмæ иумæ хъынцъым кæнæм, – сабыр хъæлæсæй загъта Тæрхъус. 

Иу чысыл, хъынцъымгæнгæйæ, абадтысты, стæй Тæрхъус фæгæпп ласта æмæ цингæнгæйæ сдзырдта: 

– Зонын! Уæхимæ кæуылты хъуамæ фæцæуай, уый зонын! 

– Æцæгæй?! 

– Уæдæ мын тынг ныллæгъстæ кæн. 

– Дæ хорзæхæй, зæгъ æй... 

– Цæмæй дæ хæдзар ссарай, уый тыххæй хъуамæ дæ зæрдыл æрлæууа, ардæм кæуылты æрцыдтæ, уыцы фæндаг, æмæ ууылты фæстæмæ аздæхай. 

– Куы йæ ферох кодтон, уæд мæ зæрдыл куыд хъуамæ æрлæууа? 

– Æваст – нагъ, хайгай йæ æрлæууын кæн дæ зæрдыл. Абон иу хай, райсом – иннæ хай... Уæдмæ та уал хъæды цæрдзыстæм. – Тæрхъус фæхъус и, йæ къæхты бынмæ ныккаст. – Дæ цуры тынг нал тæрсын. 

– Ай-гъай дæр, – сразы йемæ Къæбыс. – Цыфæндыйæ дæр дыууæйæ хуыздæр у. 

– Цы хорз у! – ныццин кодта Тæрхъус. – Ныр мах уыдзыстæм дыууæ! 

Къæбысы алыварс силлæг, асæрбихъуырой ласта. Къæбыс æм кæсгæйæ баззади, æмæ сæм Рувас куыд æрбæхъуызыди, уый сæ иу дæр нæ бафиппайдта. Къутæры аууон æрныгъуылди æмæ йæ былтæ сдæргæйæ цыбæлдзæстæй касти. 

Ныр Тæрхъус иу ран нал лæууыд. Уыцы иу згъорд акодта, æмæ, йæхи хæрдмæ куыд сæхста, афтæ Рувас йæ бынатæй рагæпп ласта æмæ йæ уæлдæфы рацахста. Йæ дыууæ хъусыл ын фæхæст. 

– Фæдис! – ныхъхъыллист ласта Тæрхъус. – Фервæзын мæ кæнут! 

Къæбыс куыддæр фæуыргъуыйау, фæлæ йын йæ хъæлæс куы айхъуыста, уæд размæ алæгæрста. 

– Суадз æй! – згъоргæ-згъорын уæндонæй, срæйдта. – Ныртæккæ йæ суадз! 

– Ды дзæгъæл рæйд ма кæн, – схыл æм кодта Рувас. – Ды ам æцæгæлон дæ, æмæ хъæды цæрджыты хъуыддæгты дæ фындз ма тъысс! 

– Æмæ уæдæ дæ гуырæй райгæ у! – фæхæрам æм ис Къæбыс. 

– М-м-м! Куыдзы тæфæй ме сæфт уынын! Рувас æрыхснырста æмæ йын цыма æнæбары рауад, уыйау феуæгъд кодта Тæрхъусы. Уымæн уымæл митыл йæ тъæпп фæцыди æмæ андзыг и. Рувас йæ дзæмбыты миттæ ацагъта æмæ, цыма ницы æрцыди, уыйау йæ фæндагыл фæраст. – Гъей, Тæрхъус! – æрбахъæр кодта дæрддзæфæй. – Дæ амонд у, æмæ мын тынг æххормаг нæу! 

Тæрхъус æй нæ фехъуыста. Уыцы æндзыгæй баззади. Йæ цæстытæ ныцъцъынд кодта. Къæбыс йæ уæлхъус лæууыд æмæ, цы акæна, уый нæ зыдта. Уалынмæ Тæрхъус базмæлыди æмæ лæмæгъ хъæлæсæй бафарста: 

– Æз... æз удæгас дæн? 

– Удæгас дæ, – загъта Къæбыс. 

– Уый тынг хорз у! – ныццин и Тæрхъус. – Кæй мæ аирвæзын кодтай, уый тыххæй дын стыр бузныг! 

– Цы мын арфæтæ кæныс, – фефсæрмыхуыз Къæбыс. – Мæ бынаты чифæнды дæр афтæ бакодтаид. 

– Нагъ, – йæ сæр дæлæмæ æруагъта Тæрхъус. – Æз... æз нæ бауæндыдаин. 

– Нагъ, – йæ сæр батылдта Къæбыс, – афтæ цæрæн нæй. Мæн нал фæнды тæрсын. Ды дæр мауал тæрс. Ныр мах дыууæ стæм. 

– Ма, дам, сæ тæрс! – йæ сæр батылдта Тæрхъус. – Алы къутæры фæстæйæ дæр дæм хъуамæ исчи рагæпп ласа! Сæ ном дæр сæ уæлæ – сырдтæ! 

Къæбыс иу чысыл асагъæс кодта æмæ бафарста: 

– Ацы хъæды æппæты тæссагдæр сырд чи у? 

– Ар... Арс... 

– Цом-ма, фæцæуæм æм! 

– Цæ... Цæмæн? – сгæртт-гæртт кодта Тæрхъус. 

– Цæмæн, дам! Арсæй куы нæ фæтæрсæм, уæд иннæты æрдумæ дæр нал æрдардзыстæм. 

– Ды... ды ницы зоныс! Уый ныр фынæй кæны. Зымæджы дæргъы йæ лæгæты фæхуысдзæн! 

– Ницы кæны! – бартхъирæн кодта Къæбыс. – Цæсты фæныкъуылдмæ йæ æрыхъал кæндзынæн. Цом-ма! 

Тæрхъус цæуинаг нæ уыди, фæлæ йæ Къæбыс размæ фесхуыста, æмæ фæбæлццон сты. Иу афон æрдузмæ рахызтысты, æмæ Тæрхъус æрлæууыд. Стæй иуырдæм – гæпп, иннæрдæм – гæпп. 

– Цы ми кæныс? – бафарста йæ Къæбыс. 

– Мæ фæдтæ сафын, – бахъуыр-хъуыр кодта Тæрхъус. – Цы нæ вæййы... Фыдбылыз кæцæй нæ фæзындзæн... 

– Æгъгъæд у! – æрбамæсты йæм Къæбыс. 

– Цом! 

Тæрхъус йæ фæстæгтыл слæууыди, йæ алыварс ахъахъхъæдта æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: 

 

– Иу къахдзæф дæр нал акæндзынæн. Фæндгæ мæ кæны, фæлæ мæ бон нæу. Уæвгæ мæ фæндгæ дæр нæ кæны... Ды дæр лæуу. Цæмæн дæ хъæуы Ар... Арс? Куы райхъал уа, уæд дæ ныммур-ныцъцъæл кæндзæни! 

– Кæм ис лæгæт? – фидарæй бафарста Къæбыс. 

– Уа... уартæ уыныс? – йæ ризаг дзæмбыйæ ацамыдта Тæрхъус. 

Æрдузы бæрæг астæу зади дынджыр тулдз бæлас, йæ быны бæрæг дардта, кæлддзаг сугтæ кæуыл ныккалдæуыди æмæ мит кæй æрæмбæрзта, ахæм къуыбыр. 

– Ма бацу, хорз? – схæкъуырцц кодта Тæрхъус. – Нæ хъæуы! 

Къæбыс æм фæстæмæ дæр нал фæкаст, – хъуызæгау бацыди къуыбырмæ. Йæ тæккæ бынæй сау дардта, æнуд хъарм кæцæй калди, уыцы хуынкъ. Миты хъæпæнтæй-иу уырдæм чи ныххауд, уыдон-иу атадысты. Хуынкъæй уæлæмæ хъуысти фæсус сым-сым. 

– Гъей, – ныдздзырдта бынмæ Къæбыс, фæлæ йæм йæ хъæлæс цыдæр фæсус фæкасти, æмæ уæд йе 'гас ныфс дæр æрæмбырд кодта, æмæ ноджы хъæрдæрæй ныдздзырдта: 

– Дæлæ Арс! Райхъал-ма у, фæныкгуыз! 

– О-о-о! – лæгæтæй сыхъуысти тæригъæддаг хъæрзын. – Райхъал мæ кодтой! Афтæмæй нырма æрæджы бафынæй дæн! 

– Кæд уæндыс, уæд ма уæлæмæ сбыр! 

– О-о-о! – сыхъуысти та лæгæтæй. Уыцы уысм хуынкъæй фæуæле ис дынджыр дзæмбы æмæ Къæбысы йæ къубалæй рацахста. Къæбыс йæ цыппæртæ бæргæ ныббыцæу кодта, фæлæ йæ дынджыр дзæмбы фелвæста æмæ йæ хуынкъыл лæгæтмæ ныддавта. 

Лæгæты уыди талынг, æнуд. Æрæджиау уынын куы байдыдта Къæбыс, уæд кæсы, æмæ йæ акомкоммæ хъæдын сынтæгыл бады Арс. Лæгæты хицау нæзы цырагъ куы ссыгъта, æмæ тæлфæг рухсы тæппытæ йæ тызмæг цæстытæй куы рарттывтой, уæд Къæбыс гобийау фæци. 

– Дæ из-зæр хо-орз, – йæ бон баци зæгъын. Къæбысы дзæбæхдæр фенон, зæгъгæ, Арс куыд æргуыбыр кодта, афтæ ныхъхъæрзыдта, йæ сины сæртæм февнæлдта æмæ сынтæгыл адæргъ. 

– Дæ-дæй! Ацы æндыснæг мæ бадом-м-дта! Къæбысæн алидзыны фадат фæци, фæлæ зылынкъахы йæ тыхсты рæстæг æвæгæсæгæй куыд ныууагътаид. 

– Рæвдз, мæ фæсонтæ мын аууæрд! – Арс афтæ тынг ныхъхъæр кодта, æмæ ма нæзы цырагъ дæр ахуыссыд. Къæбыс фæтарст æмæ сынтæджы бын смидæг. Арс цырагъ ссыгъта æмæ уынгæг хъæлæсæй загъта: 

– Рахиз æддæмæ! Мæнæй ма тæрс, фезмæлæн мæ куы нæ ис. 

– Нæ ахиздзынæн! – мæстыйæ бахъырныдта Къæбыс. 

– Оу, мæ бон, цы кæнон! – бахъарæг кодта Арс. – Ничи мæ уарзы. 

– Цы йæ бафæндыд! – сдзырдта Къæбыс, сынтæджы бынæй хизгæйæ. – Тæрсгæ дæр дзы куы кæниккой, стæй йæ, уарзгæ дæр куы кæниккой, – йæ чысыл дзæмбы ауыгъта æмæ та загъта:  

– Æрхуысс, æмæ дын дæ синтæ аууæрдон. 

Арс рæвдздæр йæхи æруагъта æмæ бафарста:  

– Цæвиттон, ды мæн уарзыс, нæ? 

– Нагъ, – дзуапп радта Къæбыс. – Тæригъæд дын кæнын. 

Къæбыс сгæпп ласта Арсы фæсонтæм æмæ уыцы иу ран кафæгау скодта. 

– Тихалæджы уæз дæр дæ куы нæ ис, – бабылысчъил Арс. – Дон, хорæй нæ цæрыс? 

– Æз... æз нырма гыццыл дæн, – ныфсæрмы Къæбыс æмæ, йæ бон цы уыд, уымæй ноджы цырддæр бавнæлдта. 

– Оф-ф! Æрцардтай мæ! – базмæлыди зылынкъах. – Ныр бафынæй уыдзынæн. Ацу ныр! – иу чысыл скъуырдта Къæбысы. Æмæ уый топпы нæмыгау стахти лæгæты хуынкъæй æмæ йæ хæмхудтæ миты фæцавта. 

Лæгæтæй та сыхъуыстысты тызмæг богътæ:  

– Сырдтæн се ‘гасæн дæр зæгъ! Чи ма мæ райхъал кæна, уый-иу хъаст ма ракæнæд! 

 

ÆРТЫККАГ СÆР куы бакæсат, уæд базондзыстут, Уызын Къæбысы куыд суазæг кодта æмæ йын дыууадæстæнонæй3 куыд цагъта. 

 

Къæбыс сыстад æмæ фæйнæрдæм афæлгæсыд. Хъæды нытталынг. Йæ цæстытæй ацагуырдта мæйы, ома, сниуон æм æмæ мын кæд фенцондæр уаид, зæгъгæ, фæлæ мæй мигъты аууон фæци. Къæбыс йæ миттæ æрцагъта æмæ, Тæрхъусимæ кæм фæхицæн сты, уыцы бынатмæ ацыди. Дæрддзæфæй айхъуыста мæллæг хъæлæсæй кæуын, стæй йæ даргъхъус æмбалæн йæхи дæр ауыдта. 

– Æз... æз æнхъæлдтон, ды æгас нал дæ, – куыдта Тæрхъус. – Мæ... мæ цæстытыл дæр не 'ууæндын. 

– Кæд не 'ууæндыс, уæд мæ уырзæй фен, – бахудти Къæбыс. Тæрхъус баныдзæвыд Къæбысыл, йæ уындæй нал æфсæст. 

– Иу...иугæр ды удæгас дæ, уæд Арс дæуæй фæтарсти, нæ? Уæд ды Арсæй дæр... тыхджындæр дæ? Цы хорз у! – фыр цинæй сгæпп ласта. – Ныр сырдтæ се ‘гас дæр махæй тæрсдзысты! Ныр æз Рувасæн бацамондзынæн! 

– Нагъ, – загъта Къæбыс, – æз Арсæй тыхджындæр нæ дæн. 

Тæрхъус, кæй фæфыдæнхъæл, уый бамбæрста æмæ æваст фенкъард. 

– Æз æй афтæ дæр зыдтон, – загъта уый. – Ничи дæ тæрсы. Æз дæр дæ нæ тæрсын. 

Къæбыс фæхъуыды кодта, фæхъуыды кодта æмæ загъта: 

– Æмæ цы, исчи мæ тæрса, уый мæн æнæуи дæр нæ фæнды. 

Тæрхъус зæрдæбынæй ныуулæфыд, фæкасти рахизырдæм, стæй галиуырдæм æмæ та йæ фæдтæ сафынмæ фæци. 

– Цæй, æз цæуын. Фынæй афон у, – загъта Тæрхъус. – Сом та ам сæмбæлдзыстæм. 

– Æмæ æз та кæм схуысдзынæн? – фæтарсти Къæбыс. 

– Æз... æз дæ ахонин, фæлæ мын хæдзар нæй, – загъта Тæрхъус. 

– Нæ фæлæ Арсæн балæгъстæ кæнон, – загъта Къæбыс. 

– Уымæй ницы рауайдзæн, – загъта Тæрхъус, ахъуыды кодта æмæ фыр цинæй фæхъæр ласта. – Уызынмæ бахсæвиуат кæн! 

Хъæды дзæвгар фæцыдысты æмæ бамбæлдысты æвæджиауы хъæдын хæдзарыл. Йæ рудзгуытæй рухс лæдæрсти, йæ тохынайæ4 фæздæг калди. Тæрхъус фесхуыста Къæбысы: 

– Цу! Куы дæ бауадза, уæд æз азгъордзынæн. 

Къæбыс тыргътæм схызти æмæ дуар сабыргай бахоста. 

– Мидæмæ! – айхъуыста Къæбыс æмæ хæдзармæ бацыд. Къæсæргæрон æрлæууыд æмæ æнхъæлмæ касти, фысым цы зæгъдзæн, уымæ. Уызыны цæстæнгас ахæм тызмæг уыди, йæ судзинтæ афтæ тынг ныццыргъ сты, æмæ Къæбыс, цы акæна, уый нал зыдта. 

– Фæдзæгъæл дæн, – æфсæрмыгæнгæйæ, дзырдта Къæбыс. – Кæм бахсæвиуат кæнон, уый мын нæй. 

– Табуафси, ам бахсæвиуат кæн, – загъта Уызын. 

– Бузныг, – бадыбал-дыбул кодта Къæбыс æмæ къæсæргæрон бызгъуырыл æрхуыссыд. 

– Уый та куыд? – бауайдзæф ын кодта Уызын. – Æхсæвæр уал бахæр. Зокъоты хъæрмхуыпп уарзыс? 

– О, тынг бирæ! – дзуапп радта Къæбыс, афтæмæй, цы ад кæны, уый дæр нæ зыдта. 

Хъæрмхуыпп Къæбысмæ фæкасти тынг хæрзад. Йæ зæрды уыди афтид тæбæгъ бастæрын, фæлæ йыл Уызыны зæрдæ куы фæхуда, уымæй тæрсгæйæ, нæ бауæндыд. 

– Фæсхæрд тæбæгъ басдæрынæй хуыздæр ницы ис, – хъуыддагхуызæй загъта фысым. 

– Æцæг, æцæг, – уайтагъд йемæ сразы Къæбыс. – Мæнмæ дæр уымæй хуыздæр ницы кæсы. 

Дыууæйæ дæр сæ тæбæгътæ афтæ бæстон бастæрдтой, æмæ цæхæртæ скалдтой. 

Уыцы рæстæг цыдæр æнахуыр хæр-хæр ауади Къæбысы хъустыл, æмæ ныхъхъыллист ласта, йæ къæдзил йæ къæхты æхсæн амбæхста. 

– Уый сахат у, – басабыр æй кодта Уызын. Сахат ма ноджыдæр бахæр-хæр кодта, стæй йæ чысыл дуар фегом, тæккæ къæсæрыл фегуырди хиконд гугукгæнаг æмæ райдыдта гугукк кæнын. Къæбыс зыдта æхсæзы онг нымайын, фæлæ гугукгæнаг ууыл нæ банцад, уый фæстæ дæр ма анымадта æртæйы онг. Къæбыс æхсæзмæ бафтыдта æртæ æмæ бамбæрста, кæй банафон, уый. 

Куыддæр сахаты дуар бахгæдта, афтæ Уызын бацыди рудзынджы цур æнахуыр цæмæдæр, йе 'мбæрзт ын систа, æмæ дзы разынд, Къæбыс кæй никуы федта, ахæм цыдæр. 

– Уый дыууадæстæнон у, – бамбарын кодта Уызын. – Уадынгарз5.  

Бавнæлдта йын йæ хъистæм, æмæ мынæгæй азæлыдысты. Зæлтæ ахæм рæсугъд, ахæм зæрдæбын рауадысты, æмæ Къæбысы æрфæндыди сабыр хъæлæсæй бахъырнын. Уызын цагъд куы фæци, уæд Къæбысæн бацамыдта сынтæгмæ: 

– Ды схуысс къулрæбын, æз та кæронæй схуысдзынæн. Æрмæст мыл-иу фынæйæ ма æрбандзæв, мæ судзинтæ тынг ныхсаг сты. 

Схуыссыди Къæбыс æмæ, бон-изæрмæ цы хъизæмæрттæ бавзæрста, уыдон йæ зæрдыл æрлæууыдысты. Уый фæстæ бафынæй. Куы æрыхъал, уæд уыди рухс. Уызын архайдта пецы цур. Аходæн куы бахордтой, уæд Къæбыс йæ фысымæн раарфæ кодта æмæ йын хæрзбон загъта. 

– Æмæ ныр кæдæм ацæудзынæ? – бафарста йæ Уызын. 

– Нæхимæ мæ фæнды, – загъта Къæбыс. 

– Уый раст у, – загъта Уызын, – алы сырд дæр хъуамæ йæ хæдзар уарза. 

 

ЦЫППÆРÆМ СÆР куы бакæсат, уæд базондзыстут, Къæбыс сæ хæдзармæ фæндаг куыд агуырдта, Халон та Рувасы сæры тенка куыд ныкъкъуырцц ласта. 

 

Къæбыс рацыди тыргътæм, æмæ хуры ирд рухсмæ йæ цæстытæ атартæ сты. Куы ракасти, уæд ауыдта Тæрхъусы. Уый бадти мыртгæйы къутæры бын æмæ йæм æнхъæлмæ касти. Къæбыс æм куы æрбацæйхæццæ кодта, уæд æй афарста: 

– Цæй, куыд? Уæхимæ куыд ацæуын хъæуы, уый базыдтай? 

– Нагъ, – йæ сæр батылдта Къæбыс. – Ноджы мæ тынгдæр ферох. 

– Цы хорз у! – ныццин ис Тæрхъус, стæй йæхи сраст кодта. – Цы хъыг мын у... Ма мæм смæсты у. Уæхимæ фæндаг куы ссарис, уый мæ тынг фæнды. Фæлæ ды уæхимæ куы ацæуай, уæд ма мæнæн æмбал кæм уыдзæн... 

– Æз дæр дæ-иу мысдзынæн, – ныуулæфыди Къæбыс. 

– Цæ... цæй æмæ та фæхъынцъым кæнæм, – скуыдта Тæрхъус. 

– Цæй... 

Фæрсæй-фæрстæм æрлæууыдысты æмæ нынкъард сты. Стæй Къæбыс загъта: 

– Цæуын афон у. 

– Кæдæм? – йæ хъустæ фæхъил кодтаТæрхъус. 

– Фæстæмæ фæндаг агурын хъæуы. Цыдысты сабыргай. Къæбыс алывæрстæм йæ хъус дардта, кæд иу зонгæ къуыбыр кæнæ бындзæфхадыл цæст æрхæцид, зæгъгæ. Фæлæ хъæд æгасæй дæр миты бын фæци, æмæ дзы ницыуал базонæн уыди. 

Къæбыс сагъæсы аныгъуылы, йæ ныййарæг Куыдз, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, куыд тынг хъынцъым кæны, ууыл. Бирæ фæхъуыды кодта æмæ Тæрхъусы бафарста: 

– Хъæды сырдтæй куыд никæуыл æмбæлæм? 

– Бамбæхстысты, – дзуапп радта Тæрхъус. – Кæрæдзийæ æдас не сты. 

Цыдысты, ныхæстæгæнгæ. Рувас сæ фæд-сæ фæд кæй хъуызы, уый сæ иу дæр нæ зыдта. Æппынæдзух дæр сæ фæдыл зылди. Къæбыс уысмы бæрц иуварс кæд ауайдзæн, уымæ, йæ былтæ стæргæйæ, æнхъæлмæ касти. Зылындзасты уæд бæргæ ацъипп ласид. Фæлæ Къæбыс æмæ Тæрхъус æппын кæрæдзийæ нæ хицæн кодтой. Рувас йæ маст нал баурæдта, къутæры аууонæй сæм йæхи равдыста æмæ сын бафидис кодта: 

– Дзæкъул-мæкъул, дзæлæпп-дзæлæпп! Дзæлæпп-дзæлæпп, дзæкъул-мæкъул. 

Тæрхъус ыл сонтæй йæхи бауагъта æмæ йыл фæтъæлланг ласта: 

– Афардæг у ардыгæй! Бурдзалыг! 

– Уый дын хъуыддæгтæ, – тæргайхуызæй бахъуыр-хъуыр кодта Рувас, йæ дзæмбытæ кæрæдзиуыл æркъуырдта æмæ сæргуыбырæй ацыди. Цыди, цыди æмæ иу ахæмы ауыдта Халоны гæдыбæласы цонгыл рæдзæ-мæдзæгæнгæ. 

– Цæмæты æрхаудыстæм, Саубазыр, – йæ мæстытæ дзурынмæ фæци Рувас. – Тæрхъус Рувасыл кæд кæны былысчъилтæ. 

Халон базæронд æмæ хъусæй хорз нал уыди. 

– Гъо, гъо, – загъта Халон, – тынг уазал у, тынг! 

– Æниу демæ цы дзурын, – йæ дзæмбы йыл ауыгъта Рувас, – зæронд къуырма! 

Ацы хатт æй Халон фехъуыста, дурау ыл йæхи рахста, йæ барцыл ын ныддæвдæг æмæ йын йæ сæры тенкайæн – къуырцц. 

– Уый дын «къуырма»! – «хъуахъхъ», зæгъгæ, бакодта æмæ ма ноджыдæр Рувасы сæры тенка ныкъкъуырцц ласта. Рувас къутæртæм лидзæг фæци, Халон та гæдыбæласмæ стахти æмæ йæ сæр батылдта: 

– Æппын æгъдау нал ис хъæды... 

 

 

ФÆНДЗÆМ СÆР куы бакæсат, уæд базондзыстут, хъæды сырдтæ цæмæй фæудаист сты, Арс тæппуд кæй у, уый куыд рабæрæг, уыдæттæ. 

 

Æрхы, йæ талынг хуыггомы йæ фыр зæрондæй мæлыны къахыл ныллæууыд Раздзог Бирæгъ. Уый хуыссыди галдзармыл, йæ алыварс та фысдзарм æмæ сæгъдзæрмттыл бадти бирæгъты бал. Раздзог хуыссыди æмæ мысыди йæ бирæгъы цард. Балы фæндыди Раздзоджы фæстаг ныхас фехъусын. 

– Æз зонын тобæгонд6 хъæд, – райдыдта дзурын Раздзог. – Уым бирæгъы къах никуыма æрлæууыд. Уыцы хъæды сырдæй фылдæр ницы ис, уым нæ гуыбынтæ ныдздзаг кæниккам... Уынгæджы бон ныл куы скæна, уæдмæ ауæрстон уыцы хъæд, æмæ ныл ныр уынгæджы бон скодта! 

Куыддæр Раздзог йæ ныхас фæци, афтæ, йæ амæлæты фæстæ йын йæ бынат бацахсынмæ чи хъавыди, уыцы Дæрæнгæнæг-Бирæгъ фæгæпп ласта æмæ бардзырд радта: 

– Бирæгътæ! Рæнхъæй слæуут! Кæрæдзи хурхысæртæм лæбурдтой, иу иннæйы схуыста, афтæмæй хуыккомæй федде сты. Зæронд бирæгъ ма иу чысыл ахуыссыди, стæй, хъæрзгæ æмæ нæтгæйæ, сыстади æмæ æддæмæ рацыд. 

Бирæгътæ арастæввонгæй лæууыдысты, сæ гæртт-гæртт цыди. 

– Балы рæгъæй цæмæн слæууын кодтай? – бафарста Раздзог Дæрæнгæнæджы. 

– Æз ахондзынæн бирæгъты тобæгонд хъæдмæ! – сæрыстырæй загъта Дæрæнгæнæг. 

– Æмæ ма уæд цæмæ у дæ каст? 

– Æз... æз фæндаг нæ зонын. 

– Уæртæ дæ бынаты слæуу, – загъта Раздзог. – Бирæгъты ахондзынæн æз мæхæдæг. 

– Ды зæронд дæ, æнæбон, – Дæрæнгæнæг Раздзогмæ йæ налат цæстытæ ныббæгъгъæтт ласта. 

– Ды тыхджын бæргæ дæ, фæлæ сæлхæр дæ, – дзуапп радта Раздзог. – Рæвдз, дæ бынат ссар! – Афтæ йыл фæтъæлланг ласта, æмæ ма Дæрæнгæнæг йæ къæдзил дæр амбæхста. Раздзог æрзылди балы алыварс. – Исчи уæ нæфæразгæ у? 

– Ничи! – ныббогъ ласта æмхъæлæсæй бал. 

– Хæрын уæм цæуы? 

– Цæуы! – æмхъæлæсæй та ныббогъ ластой. 

– Уæдæ – размæ! Размæ стигъынмæ! Бал Раздзоджы фæстæ фæтъæбæртт ласта. 

Згъордтой быдырты, æрхыты сæрты гæпп кодтой, уадысты ихæмбæрзт дæтты æмæ цъымараты сæрты. Æгас бон æнцой не 'ркодтой æмæ, куы фæталынггæрæттæ, уæд хъæдмæ бахæццæ сты. 

– Æрлæуут! – фæхъæр та кодта Раздзог. Бал æрлæууыди. – Нынниут! 

Бирæгътæ миты рагъыл сæ фæстæгтыл сбадтысты, арвмæ се ссырджын мукъутæ сзылдтой æмæ æмниуд ныккодтой. Се 'ххормаг ниуын азæлыди хъæды, æмæ хъæды цæрджытыл удаист бафтыдта. Алчидæр сæ зыдта: бирæгътæй алидзæн ныр нал ис, нал ис бамбæхсæн дæр. Ссардзысты дæ, аййафдзысты дæ, аргæвддзысты дæ... 

Æппæты разæй йæ чемы æрцыди Халон. Æнахъинон тылд ныккодта йæ базыртæ, хъæды сæрмæ стахти æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныффæдис ласта: 

– Æмбæх-х-ххс-гæ ут! Æмбæх-ххс-гæ ут! 

Сырдты бирæгътæй бахизын йæ бон уыди тыхджынты-тыхджындæр Арсæн, æмæ сырдтæ, лæгæт кæм уыди, уыцы æрдузмæ ныххæррæтт ластой. Саг æмæ Сæгуыт, Зыгъарæг æмæ Сæлавыр, Æхсæрæг æмæ Рувас. Уыдонимæ фесты Тæрхъус æмæ Къæбыс дæр, ноджы ссырджын Джир æмæ судзинджын Уызын дæр. Æппæты фæстæ æрбахæццæ Зæронд Мыст йæ лæдзæгимæ. Сырдтæ бирæгътæй афтæ фæудаист сты, æмæ, цæрæнбонты сæ кæрæдзийæ тæрсгæ кæй кодтой, уый дæр сæ æрбайрох. Æхсæрæг йæхи баласта Сæлавырмæ, Тæрхъус бадти Рувасы фарсмæ... 

Сырдтæн кæд бирæгътæй сæ сæр сæ кой сси, уæддæр Арсæй дæр бынтон æдас нæ уыдысты. Арсы райхъал кæнын сæ ничи уæндыд, суанг ма ссырджын Джир дæр. 

– Арæдувдзæн мæ, – æфсæнттæ кодта Джир. – Мæ царм мын астигъдзæн. 

Æххуысмæ ма кæмæ хъуамæ фæсидтаиккой, æмæ лæгæты дуармæ бацыди Къæбыс. 

– Дæлæ Арс! – ныдздзырдта йæм Къæбыс. – Райхъал у! 

– Оф-оф-оф! – сыхъуысти лæгæтæй. – Райхъал та мæ кодтой! – Уыцы уысм лæгæты хуынкъæй фæуæле дынджыр дзæмбы. Къæбысыл ацы хатт сайд нал æрцыд – афоныл иуварс агæпп ласта. – Оф–оф–оф! – йæ богътæ та сыхъуыстысты Арсæн. – Цæй, цы дæ хъæуы мæнæй? 

– Бирæгътæ! Хъæды – бирæгътæ! 

– Бирæгътæ?! – ныууынæргъыдта Арс æмæ йæ астæуы онг слæсыди хуынкъæй. – Цал сты? 

Уыцы уысм æрдузы сæрмæ æрбатахти Халон æмæ ныхъхъуахъхъ ласта: 

– Æр-р-ртындæс! Хæрз æввахс сты! 

– Бир–р–рæ сты... Фондзæн ма истытæ кæнин, фæлæ æртындæс – нагъ, æгæр бирæ сты, – катайгæнгæ йæ сæр батылдта зылынкъах. 

– Мах дын баххуыс кæндзыстæм, – бахъох-хъох кодта Джир, – иу лæджы хуызæн... 

– Æз та уыцы цъаммартыл ацы лæдзæгæй æрцæудзынæн! – бартхъирæн ласта Зæронд Мыст. 

– Лæдзæгæй, дам... – сфæзмыдта йæ Арс – Æз уе 'гасæй домбайдæр дæн, уæддæр мæхи хъахъхъæнын... 

– Æнхъæлдæн, дæ уд ауади? – тызмæгæй сцъист–цъист кодта Зæронд Мыст. 

– Мæ уд ницы ауади, – йе 'рфгуытæ нылхынцъ сты Арсæн. – Ахæм бирæгъ нæма райгуырди, мæ лæгæты йæ сæр чи фæцæва. 

– Уæдæ махæн цы гæнгæ у? – йæ тæригъæддаг хъæлæс райхъуыст Джирæн. 

Зылынкъах асагъæс кодта, йæ къæбут аныхта æмæ загъта: 

– Лидзгæут æмæ искуыты ныббырут! Кæд ма уæ исчитæ аирвæзид... Ды та, – йæ дзæмбы батылдта Къæбысмæ, – ардæм рацу, мæ фæсонтæ мын аууæрд. Ма тæрс, æз дæ бахъахъхъæндзынæн. 

– Цу, цу, – сфутт-футт кодта Тæрхъус – Ды ма нын уæддæр баззайай удæгасæй. 

– Нагъ! – дзуапп радта Къæбыс. – Æз баззайдзынæн ме 'мбæлттимæ. 

– Раст зæгъыс, мæ къона, – загъта Зæронд Мыст. – Зын сахат хъуамæ иумæ уæм. 

– Уæ бар уæхи, – фæхæрам сæм ис Арс. – Æрмæст мæ фынæй кæнын бауадзут. – Йæ лæгæты фæмидæг æмæ йе 'рдиаг сыхъуысти: О, мæ бон! Цы кæнон! Ничи мæ уарзы, нич-ч-чи! 

– Лидзæм! – Саджы хъусы бадзырдта Сæгуыт. 

– Кæдæм лидзæм? – ныуулæфыди Саг. – Лидзæн нын никæдæмуал ис. 

Æрдузы сæрмæ та фæзынди Халон æмæ ризгæ хъæлæсæй бауасыд: 

– Хæрз æввахс сты! Уæ тæккæ фындзы бын! 

Тæрхъус Къæбысы æмбуар алæууыд æмæ скуыдта: 

– Бабын стæм, фес-с-æфтыстæм... 

Рувас йæ сæр миты фæцавта. Уызын атымбыл æмæ судзинджын къуыбылой фестад. Зыгъарæг фыр тæссæй йæ цæстытæ ныцъцъынд кодта. Æхсæрæг æмæ Сæлавыр тулдз бæласы сæр балæууыдысты. Ссырджын Джир дæр сæ фæдыл бырын байдыдта, фæлæ феуæгъд æмæ зæххыл – тъæпп. Саг æмæ Сæгуыт сæ сæртæ æруагътой. Æрмæст Зæронд Мыст йæ лæдзæг бæрзонд систа. Цæттæ у тох кæнынмæ! 

Уалынмæ бирæгъты бал æрбазынди æрдузмæ. 

Къæбыс йæ ныййарæг Куыдзæй цалдæр хатты фехъуыста бирæгъты кой, æндæр сын ницы зыдта. Йæ фыдуаг митæн-иу кæрон куы нæ уал уыди, уæд-иу æй йæ мад бирæгътæй фæтæрсын кодта, æмæ-иу, тæрсгæ-ризгæйæ, ныссабыр. Фæлæ сæ мæнæ ныр федта йæхи цæстæй. Се ссырджын дзыхтæ ныххæлиу кодтой, сæ цæстытæ – æгъатыр æмæ кæрæф. Уайтæккæ сæм йæ туг рафыхти. Уыдон уыдысты знæгтæ, знагимæ та кæронмæ тох кæнын хъæуы! Афтæ йын амыдта йæ ныййарæг – Куыдз. Йæ бæрзæйы хъуын арц абадти, йæхи размæ аппæрста æмæ сыл йæ тых-йæ бонæй ныррæйдта. 

Балы Раздзог айхъуыста куыдзы рæйын æмæ дзыхълæуд фæкодта. 

– Цы 'рлæууыдтæ? – баниудта Дæрæнгæнæг. 

– Куыдз рæйы, – мынæг хъæлæсæй йын дзуапп радта Раздзог. 

– Гъе, уый дын, гъе! – былысчъилæй йыл бахудти Дæрæнгæнæг. – Цыдæр ницæйаг куыдзæй фæтарсти! 

– Ныхъхъус у! – фæтъæлланг ыл ласта Раздзог. – Куыдз кæм ис, уым адæймагæн дæр æнæ уæвгæ нæй. Дыууææхстон топпимæ! Куыдзы рæйынæй спайда кæнæн ис, Дæрæнгæнæг уый фæхъуыды кодта. Фæхъус. Хъуамæ Раздзогыл сардауа балы, цы йын хъæуы, уый йын бакæна æмæ йын йæ бынат бацахса. Æххормаг бирæгътæ кæйфæнды дæр акъабæзтæ кæндзысты. 

– Гъа-а! – ныййабухта Дæрæнгæнæг. – Уæдæ нæ ды цъысыммæ7 æрбатардтай?! Сусæгæй адæмимæ бадзырдтай?! Гадзр-р-ахатæйцæуæг! 

– Гадз-р-ахатæйцæуæг! – нынниудтой бирæгътæ æмæ Раздзоджы алыварс цæгæмбырд аисты. 

Раздзог иуварс агæпп ласта æмæ лидзæг фæци. Бал æй фæсте асырдта, сæ дæндæгты къæрцц-къæрцц дардмæ хъуысти. 

Зæронд бирæгъ æгас æхсæв йе згъорынæй нæ банцад. Бонивайæнты8 бахæццæ йæ хуыккоммæ, галдзармыл æрхауди æмæ йæ уд систа. 

 

ÆХСÆЗÆМ СÆР куы бакæсат, уæд базондзыстут, сырдтæ, цай цымгæйæ, музыкæмæ куыд хъуыстой, Тæрхъус та кæдæй-уæдæй хъарм хуыссæны кæй бафынæй. 

 

Бирæгътæ хъæдæй сæхи куы айстой, уæд сырдтæ Къæбысы арфæты бын фæкодтой, ды нæ фервæзын кодтай, зæгъгæ. Радгай йæм цыдысты æмæ йын йæ дзæмбы зæрдиагæй истой. Тæрхъус бадти Къæбысы фарсмæ æмæ-иу алкæмæн дæр аппæлыд: 

– Уый ме 'мбал у! Æмæ йæм сегас дæр хæлæгæй мардысты. 

Саг дæр иннæтау бакъахдзæф кодта Къæбысмæ, фæлæ æваст сыдзмыдзы ацыди æмæ удаистæй багуым-гуым кодта: 

– Мæнæ ай фæтæрсын кодта бирæгъты æмæ уæд йæхæдæг бирæгътæй тæссагдæр у, æмæ дзы хъуамæ нæхи хизæм. 

Сырдтæ дын уыцы ныхæстæ айхъуыстой, цы, – сыдзмыдзы ацыдысты Къæбысы цурæй. Суанг ма Тæрхъус дæр уыциу сæррæтт аласта йе 'мбалы разæй æмæ уыцы агæппæввонг аци. 

– Фæлæуут-ма! – ныллæгъстæ сын кодта Къæбыс. – Мæнæй ма тæрсут! 

Сырдтæ æрлæууыдысты, фæлæ йыл нæма æууæндыдысты. 

– Цæй æмæ кæрæдзийæ мауал тæрсæм! Цæй, хæларæй цæрæм! 

Сырдтæ рагæй-фæстæмæ дæр ахæм цардмæ бæллыдысты æмæ ныццин кодтой: 

– Цæй æмæ хæларæй цæрæм! Æрмæст Рувас ницы загъта. Уызын та сдзырдта: 

– Уæдæ уæ ахæм бон æз та хъуамæ мæ хæдзармæ фæхонон! Табуафси, саккаг кæнут! 

Хъæды уазæгуаты цæуыны æгъдау нæ уыди, æмæ сырдтæ фæуыргъуыйау сты. Фæлæ та ам дæр Къæбыс фæцарæхсти, се ‘гасы бæсты дæр дзуапп радта: 

– Бузныг, тынг зæрдиагæй бакъахдзæф кæндзыстæм дæ къæсæрыл! 

Уызыны хæдзары стъолы уæлхъус рабадтысты, цай цымдтой æмæ бирæгъты тыххæй амæй-ай æбуалгъдæр хабæрттæ дзырдтой. Фæлæ сæ иу дæр нæ фæтарсти, уымæн æмæ Къæбыс сæ цуры уыди. 

Тæрхъус уыйбæрц цай бацымдта, æмæ йæ бон улæфын дæр нал уыди. Фæллад лæгау бандоныл йæхи фæстæмæ ауагъта, дымст гуыбын асгæрста æмæ афтæ бакодта: 

– Уф-ф-ф! Гъер ма нын дыууадæстæнонæй куы ацæгъдиккой! 

– Чысыл фæлæуу, цæй, – дзурын æй нал суагъта Къæбыс. – Алцæмæн дæр рад ис. 

Уалынмæ бахæр-хæр кодта сахат, йæ дуар фегом, æмæ дзы ракасти гугукгæнаг, æхсæз хатты фæд-фæдыл багукк-гукк кодта, стæй ма ноджыдæр æртæ хатты. Уызын систа дыууадæстæнон, баныдзæвыд ын йæ хъистæм. 

Бирæ дзы фæцагъта. Йæ зæлтæ афтæ рæсугъд æмæ зæрдæагайæг уыдысты, æмæ ма Джирæн йæ цæссыгтæ дæр æркалдысты. Уый фæстæ Уызын базарыд: 

– Тохы бон ныккодта, æмбæлттæ!.. 

Æмæ æваст фæхъус. Сырдтæ уыцы æгуыппæгæй бадгæ баззадысты, сагъæсхуызæй кастысты Уызынмæ. 

– Дарддæр та? – бахъох-хъох кодта Джир. – Дарддæр дзы цæй кой цæуы? 

– Нæ зонын, – фæкъæмдзæстыг Уызын. – Йæ иннæ ныхæстæ йын нал хъуыды кæнын. 

Уæд сын Зæронд Мыст афтæ, мæ цоты цот, дам, кæцæйдæр ахæм бæзджын чиныг æрбаластой, æма, дам, дунейыл цыдæриддæр зарджытæ ис, уыдон дзы иууылдæр сты. Уыцы чиныг, дам, æз Уызынæн æрбахæсдзынæн æмæ, дам, зарæджы ныхæстæ кæронмæ сахуыр кæндзæн. 

– Гъе 'рмæст æй кæд мæ цоты цот нæ бахсыдтой... – къæмдзæстыгæй ма бафтыдта йæ ныхæстæм Мыст. 

Æхсæрæг йæ сæр батылдта æмæ афтæ зæгъы, мæнмæ дæр, дам, хорз кæсы æхсынын, фæлæ, дам, чингуытæ сафын мæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыди. 

– Бахатыр сын кæнут, нырма ницыма æмбарынц, – хатыртæ курынмæ фæци Мыст. 

– Ацы хатт уал сын хатыр кæнæм, – тызмæгæй загъта Уызын. 

Æппынæрæджиау сырдтæ фынджы уæлхъусæй сыстадысты æмæ хæрзæхсæв загътой фысымæн. 

– Мæ зæрдæмæ тынг фæцыди дæ хæдзар, – бахъох-хъох кодта Джир. – Ноджы куыд хорз цæгъды! 

– Æниу ын йæ цайæ та чи цы зæгъдзæн? – бауасыд Халон. 

– Æз... æз райдианы тынг тарстæн, – басасти йæ тæппудыл Тæрхъус. – Зæгъын, лидзын нæ куы бахъæуа, уæд куыд акæндзынæн? Иууылдæр къултæ. Стæй... мæ чемы æрцыдтæн. Арфæ дын кæнын. 

– Хæлар дын уæд, – дзуапп радта Уызын. – Æрбацæут та мæм-иу. 

Сырдтæ та арфæтæ кæнынмæ фесты. Æрмæст Рувас йæ дзых ныххуыдта, йæ сæры тенка-иу аныхта. Уырныдта йæ, Къæбыс Уызынмæ кæй бахсæвиуат кæндзæн, æмæ уæд Тæрхъус... Мæнæ къæсæрæй ахиза, æндæр дзы йæ ныронджы мæстытæ иууылдæр сисдзæн. Тæрхъусы фыдæй йæхи хорз фендзæн. 

Сырдтæ Уызын æмæ Къæбысæн «хæрзæхсæв» куы загътой, уæд Рувас дуармæ йæхи æввахсдæр байста æмæ æнхъæлмæ кæсы. Сырдтæ кæрæдзи фæдыл фæцыдысты хæдзарæй. Тæрхъусы уæддæр Къæбысы цурæй йæ къах нæ хаста. Йæ бон æнхъæлмæ кæсын нал уыди Рувасæн, бауади Тæрхъусмæ, йæ дзæмбыйыл ын фæхæцыд æмæ йæ дуарырдæм аласта: 

– Цом, цом, – мидбылты бахудти Рувас, – нæ фæндаг иу у. 

Тæрхъус фæраст и йæ фæдыл, фæлæ æваст бафиппайдта, Рувас цыдæр гæдывад худт кæй бакодта, уый. Фæгуырысхо йыл ис æмæ йæ бынатæй сызмæлын нал бакуымдта. Рувас рамæсты, ахæц-ахæц ыл кæны. æмæ йын уæд йæ хин ми бамбæрста Тæрхъус. Къæбысмæ фæзылди æмæ тæрсгæ-ризгæйæ загъта: 

– Æм-м-бæлы, уæд ам... бахсæвиуат кæнон? 

Къæбыс банхъæлдта, ома, Тæрхъусы хъарм хæдзарæй уазалмæ нæ фæнды, æмæ алæгъстæ кодта Уызынæн: 

– Ам ныллæууа? 

Уызын бакасти Тæрхъусмæ, бакаст Рувасмæ дæр æмæ алцыдæр бамбæрста. 

– Лæууæд, – загъта фысым. – Мæ сынтæг уæрæх у, бацæудзыстæм дзы. 

– Бузныг! – ныццин кодта Тæрхъус. Рувас адæргæй нытту кодта йæ къæхты бынмæ æмæ, йæ бон цы уыд, уымæй дуар йæ фæдыл рагуыпп ласта. 

 

ÆВДÆМ СÆР куы бакæсат, уæд базондзыстут, Къæбыс сæ хæдзармæ фæндаг куыд ссардта, Рувас та ард куыд бахордта. 

 

Джир æмæ Халон уазæгуатæй раздæхтысты иумæ. Талынг хъæды ныхæстæгæнгæ цадæггай цыдысты. Афтæ рагæй зонгæ уыдысты, æмæ кæрæдзи цæстæнгасæй дæр æмбæрстой. 

– Æвæдза... – райдыдта Халон. 

– Къæбыс куы нæ уаид... – йæ ныхас ын айста Джир. 

– Бæгуыдæр, бæгуыдæр, – сразы йемæ Халон. 

– Уæд махæй иу дæр удæгас нæ уаид, – зæгъинаг балхынцъ кодта Джир. 

Фæхъус сты, стæй та сæ ныхас дарддæр нывæстой. 

– Мах дæр ын хъуамæ... – райдыдта Джир. 

– Æнæмæнг дæр... – сразы йемæ Халон. 

– Баххуыс кæнæм... – дарддæр дзырдта Джир. 

– Цæмæй сæ хæдзармæ фæндаг ссара, – балхынцъ кодта ныхас Халон. 

Дзæвгар рæстæг сæ ничиуал ницы дзырдта, уымæн æмæ уыцы фæндаг кæм агурын хъæуы, уымæн ницы зыдта сæ иу дæр æмæ сæ иннæ дæр. Уалынмæ æрдузмæ рахызтысты. Ам хъуамæ фæхицæн уой, фæйнæ-фæйнæ фæндагыл ацæуой. 

– Хъæуы... – райдыдта Халон. 

– Ахъуыды кæнын... – балхынцъ кодта зæгъинаг Джир. 

Иу дæр йæ сæр разыйы нысанæн батылдта, иннæ дæр. 

– Хæрзæхсæв... – йæ базыр батылдта Халон. 

– Рау, – бахъох-хъох ласта Джир. Фæйнæрдæм ацыдысты. Алчидæр сæ сагъæсы бахауд, Къæбысæн куыд баххуыс кæна, ууыл. Халон хъуырдухæн кодта йæ ахстоны, Джир йæ хæдзары дыууæрдæм зылд, фæлæ сæ иуы зæрды дæр ницы æрæфтыд. 

Гъе, уæддæр зæрдæхæлар хъуыдытæ дардмæ дæр æххуыс сты. Халон æмæ Джир сæ тæккæ хъуыдыгæнгæйæ куы уыдысты, раст уыцы рæстæг Къæбыс йæ фыны федта йæ ныййарæг Куыдзы. Къæбыс æй афтæ тынг мысыди, æмæ йæ мидфыны зæрдæуынгæгæй нынниудта. Йæ ныййарæг Куыдз æм æрбацыди æмæ йын йæ рус рæвдауæн стæрд акодта. Къæбыс йæхи балхъывта йæ мады хъарм фарсмæ, уайтагъд фæхъæлдзæг æмæ ма йын хъазгæйæ йæ дзæмбыйыл дæр дæндагæй фæхæцыд. Иннæ хæттытау йæ мад нæ бахъырныдта, фæлæ мидбылты бахудти. 

Уый фæстæ йæ фыны федта, йæ тæккæ фыдуаг митæ кæнынмæ куы бахæццæ, уæд куыдздонæй куыд федде. Каурæбынты азгъордта æмæ хъæугæрон бамидæг, азгъордта сæрвæтыл, быдырыл, æрхыл æмæ хъæды смидæг. «Зымæг» фыст ыл, ахæм фæйнæджы гæбаз йæ зæнгмæ фидаргонд кæмæн уыд, мæнæ уыцы гæдыбæлас. Мæнæ, арсы лæгæт кæм уыди, уыцы æрдуз. Мæнæ уый та Уызыны хæдзар. Фыны нæ, фæлæ цыма йæ фæндаг ауади Къæбысæн йæ цæстытыл. Ныр йæ зæрдыл æрлæууыди, фæстæмæ кæуылты хъуамæ ацæуа, уый. 

Къæбыс йæ фыны ныццин кодта, фæлæ, цалынмæ бон æрбарухс уа, уæдмæ дзы уыцы фæндаг куы ферох уа, зæгъгæ, фæтарсти æмæ фыр тæссæй фехъал. Галиуырдыгæй адджын фынтæ уыдта Уызын, рахизырдыгæй – Тæрхъус, йæхæдæг хуыссыди астæуæй. Куы афынæй уа, уымæй тынг тарст. Уæддæр афынæй. 

Дыккаг хатт куы райхъал ис Къæбыс, уæд бон æрбарухс. Уызын пецы цур архайдта, аходæн цæттæ кодта. Тæрхъус ма хуыррыттæй хуыссыд. Къæбыс архайдта йæ фын æрхъуыды кæныныл. Йæ зæрдыл куы æрбалæууыди, уæд Тæрхъусы басхуыста. 

– Ды куы зонис... – ныуулæфыди Тæрхъус æмæ йе уæнгтæ зæрдиагæй аивæзта. – Ды куы зонис, æцæг хуыссæны фынæй кæнын куыд хорз у! 

– Рæвдз фест! – дзуры йæм Къæбыс. Тæрхъусы фындзыл ауади хойраджы тæф, йæ хуыссæны рабадти æмæ басмыста. 

– Цы адджын тæф кæны! – багуым-гуым кодта æмæ æргæпп ласта сынтæгæй. 

Уызын сæ фынгмæ бахуыдта, сæ разы сын авæрдта хъæддаг кæрдотæ сур фыхæй. Сæхи дзæбæх федтой, стæй фæцымдтой цай. Фыццаг мæнæргъыйæ ахуырст цай, уый фæстæ – саунæмыгæй ахуырст, стæй та – дзедырæй ахуырст цай. 

Фæсаходæн Уызынæн раарфæ кодтой, фыццаг Тæрхъус, стæй та Къæбыс. 

– Хæлар уын уæд, – загъта Уызын. – Аходæн уæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый мын тынг æхсызгон у. 

– Зын мын у, фæлæ хъуамæ фæхицæн уæм, – загъта Къæбыс. – Нæхимæ мæ фæнды. 

– Куыд загътай?! – дисæй амарди Тæрхъус, – æмæ кæуылты цæуын хъæуы, уый дæ куы ферох. 

– Ныр æй зонын, – дзуапп радта Къæбыс. – Мæ фыны йæ федтон. 

– Æхсызгон мын у, – сулæфыди Уызын, – тынг æхсызгон. Фæлæ фæхицæн уæм, уый мæ æппындæр нæ фæнды. 

– Мæн дæр, – схæкъуырцц кодта Тæрхъус. 

– Гъе уый цы хорз у! – ныццин и Къæбыс. – Мемæ цомут, иумæ куыдздоны цæрдзыстæм! 

– Нагъ, – йæ даргъ хъустæ батылдта Тæрхъус – Уæд æдзухдæр хъæд мысдзынæн. 

– Бузныг, – раарфæ йын кодта Уызын дæр. – Хæдзарæй мын дард ацæуæн нæй. Фæзынинаг мæм у мæ... 

– Дæ бинойнаг? – йæ ныхас ын айста Тæрхъус, стæй Къæбысмæ разылд. – Цæй, ныр фæхъынцъым кæнæм... 

Æнцад абадтысты, ахъынцъым кодтой, Къæбыс сыстад æмæ йæ дзæмбы Уызынмæ бадаргъ ласта: 

– Хæрзбон рау. Цæуон. 

– Нагъ, – Уызын йæ дзæмбытæ йæ фæстæ амбæхста. – Чысыл æддæдæр дæ фæдыл хъуамæ акæсон. 

Тæрхъус фæгæпп ласта æмæ дуармæ базгъордта. 

– Хъуамæ дæ не 'гас дæр афæндараст кæнæм! Ныртæккæ æз сырдтæм фæсиддзынæн. 

Тæрхъус дуары æдде куы фæци, уæд Уызын дыууадæстæнон йæ къухмæ райста æмæ Къæбысы бафарста: 

– Фæнды дæ, уæд ма дын фæстаг хатт ацæгъдон? 

– Фæнды, – йæ сæр батылдта Къæбыс. – Ацæгъд мын. 

Уызын цæгъдын райдыдта, фæлæ уайтагъд фæхъус, йæ сæр банкъуыста æмæ æрхæндæгæй загъта: 

– Мæ коммæ нæ кæсы. Хатырæй мын фæуæд. 

Уызын цæмæн ферхæндæг, Къæбыс уый фембæрста æмæ загъта: 

– Афтæ ма хъуыды кæн, æмæ дæ бинойнагæй ферох дæ. Æвæццæгæн, фæдзæгъæл ис. 

– Дæ ныхæстæй мын нæ фенцондæр, – сулæфыд Уызын. 

Къæбыс Уызынмæ æввахс бацыди, йæ судзинджын фарсыл ын йæхи куыд бауагъта, афтæ дуар фегом æмæ къæсæргæрон фегуырди Тæрхъус, йæ лæф-лæф цыди. 

– Цомут! – фæсидти сæм. – Сырдтæ нæм æрдузы æмбырдæй æнхъæлмæ кæсынц! 

Хæдзарæй æрдузмæ цыдысты æртæйæ. Уый фæстæ Къæбысы фæндараст кодтой Уызын, Тæрхъус, Саг æмæ Сæгуыт, Зыгъарæг, Сæлавыр, Æхсæрæг, ссырджын Джир æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Халон. Ам фесты Рувас æмæ Зæронд Мыст йæ лæдзæгимæ. Зæронд Мыстæн æвæд миты зын цæуæн уыди, фæлæ уæддæр архайдта, цæмæй фæсте ма баззайа, ууыл. 

Сырдтæ цыдысты æгомыгæй, Къæбысимæ фæхицæн уой, уый сæ никæй фæндыд. Иу ахæмы Саг йæхи нал баурæдта æмæ æргом басасти: 

– Бауырнæд уæ, мæн нæ фæнды, Къæбысимæ фæхицæн уон, уый. 

Уыцы ныхæстæм Джиры цæссыгтæ æркалдысты. Халон æм тызмæгæй бакасти æмæ йæ сæр батылдта. Джир йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ уый дæр йæ сæр батылдта. Халон ма иу хатт йæ сæр батылдта, стæй ма Джир дæр. Ацы хатт кæрæдзи бамбæрстой цæстæнгасæй. Цы бамбæрстой, уымæн та ныхæстæй афтæ зæгъæн ис: «Фыдбылызæй хызт куы уай, уæд æппæтдæр – хорз». 

«Зымæг» фыст ыл, ахæм фæйнæджы гæбаз йæ зæнгмæ фидаргонд кæмæн уыд, уыцы гæды бæласмæ куы бахæццæ сты, уæд Халон бахъуахъхъ кодта: 

– Уалдзæг... 

– Нырма... – бахъох–хъох кодта Джир. 

– Кæм и... – ныхас балхынцъ ласта Халон. 

– Уалдзæджы та уæ æз, æнæмæнг, бабæрæг кæндзынæн, – зæрдæ сын бавæрдта Къæбыс. 

– Йæ ныхас чи фæсайа! – цъыс-цъысгæнгæ загъта Зæронд Мыст. – Мит куыддæр атайа, афтæ дæ размæ рацæудзыстæм. Мæ цоты цоты дæр ракæндзынæн. – Фæхъус и, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: Æвзæртæ, уæддæр уыцы чиныг бахсыдтой... 

Хъæды кæронмæ куы ахæццæ сты æмæ фæхицæны сахат куы ралæууыд, уæд та Рувасæй фæстæмæ се 'ппæт дæр æрæнкъард сты. Рувас бачыр-чыр кодта, фæлæ йæм йæ хъус ничи æрдардта, æмæ Тæрхъусмæ йæхи баласта æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: 

– Афтæтæ, гъе, Тæрхъус. Де 'мбал афардæг уыдзæн, æз баззайдзынæн... 

Тæрхъус уыцы иу гæпп аласта иуварс æмæ фæдфæливæн байдыдта. 

Рувас æнцад лæууыди æмæ хин худт йæ цæсгомыл хъазыд. 

Къæбыс сæм уыциу каст фæкодта æмæ, цы 'рцыди, уый бамбæрста. Æввахс балæууыд Рувасмæ æмæ дзы бадомдта: 

– Ард бахæр, Тæрхъусмæ кæй нæ бавналдзынæ, уый тыххæй! 

– Цытæ дзурыс?! – цъилау скафыд бурдзалыг. – Ард куыд хъуамæ бахæра рубæга9? 

– Гъе уæддæр ард бахæр! – домдта Къæбыс. 

Сырдтæ цал уыдысты, уалæй амбырд сты Рувасыл. 

– Ард бахæр, – бацъыс-цъыс кодта Зæронд Мыст, – науæд дæ хъæдæй асурдзыстæм. 

Цалынмæ йæ уд æрдуйæ нарæгдæр не сси10, Рувас уæдмæ «нæ-нæ» кодта, æфсæнттæ агуырдта. Фæлæ йын сырдтæ йæ митæ æрдумæ дæр не 'рдардтой11, æмæ уæд Рувас сæргуыбырæй загъта: 

– Ард хæрын мæ бинонты ахсджиагдæрæй – никуы бахъыгдардзынæн Тæрхъусы. 

– Цы хорз у! – фыр цинæй сгæпп ласта Тæрхъус. – Ныр æз дæр хæдзар сараздзынæн! Хъарм хуыссæны хуысдзынæн! Уазæгуаты мæм цæудзысты! 

– Афтæтæ, гъе, – бахудти Къæбыс. – Ныр æнæ мæтæй здæхын нæхимæ. 

Хæрзбон загъта сырдтæн æмæ фæраст и. Сырдты се 'гасы дæр уырныдта: уалдзæджы та æнæмæнг сæмбæлдзысты. 

 

Бицъоты Грисы тæлмац 

 

Фиппаинæгтæ: 

 

1. Скъæлдзой – кæрдæджы мыггаг (уырыс. «полынь»). 

2. Мамм – сывæллæтты æвзагыл цыдæр æбæрæг тæрсынгæнæн (уырыс. «чудище», «пугало», «бука»). 

3. Дыууадæстæнон – рагон музыкалон инструмент. Цы хуызы фæзынд ирон адæммæ, уый æвдыст цæуы Нарты кадджыты (кадæг «Дыууадæстæнон фæндыр куыд фæзындис»). 

4. Тохына – фæздæгдзæуæн. 

5. Уадынгарз – музыкалон инструмент (тæлмацгæнæджы фипп.) 

6. Тобæгонд хъæд – цуангæнæн кæм нæй, ахæм хъæд (уырыс. «заповедный лес»). 

7. Цъысым – къæппæг, тыхст уавæр (уырыс. «ловушка, западня»). 

8. Бонивайæнты – сæумæрайсом (уырыс. «на рассвете»). 

9. Рубæга – афтæ аргъæутты арæх фæхонынц рувасы. 

10. Йæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси – стыхст. 

11. Æрдумæ дæр не ‘рдардтой – ницæмæ æрдардтой.  

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ