Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Царддæттæг æнгуз æмæ иннæ аргъæуттæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Хъазиты Мелитон (Роксалан) (1948) райгуырд Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы районы, Ног хъæуы, зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Райдайæн скъола каст фæци Ксуисы хъæуы 1966 азы. Йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон-фæсарæйнаг æвзæгты хайады æмæ йæ каст фæци 1971 азы. Куыста газет «Советон Ирыстон»-ы корректорæй, фæстæдæр та – сæйраг редакторæй. 1976 азы сси Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг, стæй – фысджыты цæдисты Дунеон æмхæларады уæнг. 1990 азæй у Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар. 1995-1996 азты уыдис паддзахадон телеуынынады фыццаг директор, 1996-1999 азты та – республикæйы Парламенты сæрдары хæдивæг, культурон, дзыллон информацийы фæрæзтæ æмæ дины комитеты сæрдар. Фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ акодта скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Кусы поэзи, прозæ æмæ драматургийы жанрты. Хицæн чингуытæй рауагъта: «Зæлы зарæг» (1971), «Уарзтмонц зæрдæты кадæг» (1976), «Æнæ фæхудгæ, æнæ фæкæугæ» (1979), «Алмас» (1982), «Чызджы зæрдæ» (1989), «Хæстарыд Ирыстон» (1995), «Алдымбыд» (2000) æмæ æнд. Кæны зонадон куыст: «Ир æмæ ирон кадæг» (2006), «Поэты дуне» (2008) æмæ æнд. Сæрмагондæй фыссы сабитæн дæр: «Рувийы балц» (1983), «Дзыхыкъæбæл» (1987), «Дæ сау чызг» (1988), «Гæдыла-паддзах» (1990) æмæ æнд.  

 

 

 

ЦАРДДÆТТÆГ ÆНГУЗ 

Хъазиты Мелитон 

 

Гыццыл мысты хæрз гыццыл чызг Мыстæхан тынг тæригъæдгæнаг у. Хуры сыгъзæриндзыкку чызджы хурхортæ куыд аскъæфтой, уый аргъау ын дзур, зæгъгæ, уæддæр фыр хæкъуырццæй йæ уд сцæйхауы. 

Иу уазал æхсæв гыццыл Мыстæханы мад хæринаг хæссынмæ куы уыд, уæд ыл тæрккъæвда æрцыд. Мæгуыр, тыххæй-амæлттæй ма æрбаирвæзт йæ хæдзармæ, æмæ, бецау1, гыццыл Мыстæханы тæригъæд чи нæ федта, уый ма æндæр цæмæ бакастаид! Йæ цæссыгтæ уадысты йæ даргъ цæсты хаутыл. Уысмæй-уысммæ йæ рынчын мады афæрс-афæрс кодта.  

Мад дзурынæн нæ уыд, фæлæ йæ зæрдæ фæрчытæ хаудта йæ гыццыл хъæбул Мыстæханы тæригъæдæй. 

– Ниц-ц-цы мын у. Адз-дз-дзæбæх уыдзынæн. 

Фæлæ гыццыл Мыстæхан уæддæр фæндагмæ йæхи срæвдз кодта. 

Ацæуæнтæ-æрбацæуæнтæ йын зындгонд нæма уыдысты... Æнæзонгæ фæндагыл та зын цæуæн у, æмæ гыццыл Мыстæхан цæуы, цæуы, цæуы, фæлæ кæдæм, уымæн йæхæдæг дæр ницы зоны. 

Бафæллад. Иу гыццыл аулæфон, зæгъгæ, къутæры бын аууоны батымбыл. Чысыл арæдзæ-мæдзæ кодта. Æваст йæ хъустæ ацахстой кæйдæр кæуын. 

«Цы фыд æрцыд?» – гыццыл Мыстæханы уарзæгой зæрдæ йæхи риуы къултыл бахоста. Фестад æмæ, кæуын кæцæй цыд, уырдæм йæхи аппæрста. Кæсы, æмæ мæнæ къутæры цонгыл батымбылтæ йæхи йас гыццыл æхсæрæг. Футт-футт кæны, йæ цæссыгæй йæхи æхсы, мæгуыр. 

– Цы кодтай, æхсæрæг? Цæмæн кæуыс? – гыццыл Мыстæханæн дæр суынгæг йæ гыццыл зæрдæ, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. 

– Мæ дзæбæх пухкъæдзил мад фесæфт, – ныккуыдта та гыццыл æхсæрæг. 

– Зæгъын-ма цы æрцыд, – фæхъæлдзæг Мыстæхан. – Мæнæн мæ рæсугъд сауцæст, сауæрфыг мад рынчын куы у, уæддæр куы нæ кæуын, – гыццыл æхсæрæг ма фæтæрса, зæгъгæ, йæхи хъæлдзæгæй æвдыста, – æмæ кæм фесæфт, кæ, дæ мад? 

– Нæ хæдзар... стыр тулдз хъæды ис, – йæ хæкъуырццæй нæма банцад гыццыл æхсæрæг. – Мæ мад кæдæмдæр ауад. Мæнæн бæргæ фæдзæхста, æддæмæ, дам-иу ма рацу, хъæрццыгъа дæ ахæсдзæни, зæгъгæ. Фæлæ йæм нæ байхъуыстон. Хъазгæ радзæгъæл дæн æмæ ныр, Стыр Хъæд кæм ис, уый нал зонын. 

– Æй, æхсæрæг, æхсæрæг! – ныццин кодта гыццыл Мыстæхан. – Уый та цы зонын хъæуы. Уартæ чысыл фалдæр куы ис. Уæлбылы аууон. Æз ууылты æрбацыдтæн. Цом-ма, дæ мады дын рацагурон. 

Æмæ йæ йемæ акодта. Мыстæхан згъоры, гыццыл æхсæрæг фыр цинæй къутæрæй-къутæрмæ гæпп кæны. 

Ахызтысты пыхсбынæй. Бауадысты лыстæг бæлæсты аууæтты, æмæ разындис Стыр Хъæд. Бæрзонд, ставдзæнг бæлæстæ ныззылдысты дардыл. Сæ фидар цæнгтæй æрхæцыдысты кæрæдзийы уæхсчытыл. 

– Бæлæстæ, бæлæстæ, гыццыл æхсæрæджы пухкъæдзил мады уæ ничи федта? – дзуры Мыстæхан бæлæстæм. 

Бахудтысты бæлæстæ: 

– Федтам. Ныртæккæам йæ рустæ тыдта йæ къæбæда фыртыл. Кæд, дам ын афонмæ хъæрццыгъа йæ фæлмæн къæдзилæй ахстон аразы. Ам фалæмæ фæуайы, хъарæггæнгæ. 

Æмæ гыццыл Мыстæхан æмæ гыццыл æхсæрæг размæ ныййарц сты. 

– У-у-у! 

– Гыцци!  

Мад-æхсæрæг сæ фехъуыста. Бæласæй бæласмæ – гæпп, тæррæст... Сæ уæлхъус февзæрд. Йæ хъæбулыл ныттыхсы, ныпъпъатæ йын кæны. Фыр цинæй сæ дыууæ дæр нал уромынц сæ цæссыг. 

Гыццыл Мыстæханæн дæр йæ уадултыл æртылд цины дыууæ цæссыджы. 

Мад-æхсæрæг æм æрæджиау фæкомкоммæ. 

– Уый та дын чи у? – афарста йæ хъæбулы. Æмæ йын фырт хабар радзырдта. 

Мад-æхсæрæг йæ уазæгыл ныттыхст. Фæфарста йæ, кæм цæры, кæдæм цæуы, æмæ суынгæг гыццыл Мыстæханы тæригъæдгæнаг зæрдæ: 

– Мæ мад рынчын у. Хосагурæг цæуын. 

Гыццыл Мыстæханы мадæн цы хуыздæр фæхос уыдзæнис, мад-æхсæрæг ууыл бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодта, стæй загъта: 

– Æнгузтæ. Æнгузы сойы хуызæн ын ницы феххуыс уыдзæн. 

Фæлæ æнгузафон нæма уыд. Æхсæрæгæн йæ зымæгон æвæрæнтæ раджы фесты. Æнгузтæ кæм ссара, уымæн ницы зыдта. 

Æмæ гыццыл Мыстæхан араст æнгуз агурæг. 

Цæуы, цæуы, цæуы... Кæуыл æмбæлы, уыдон бафæрсы, йæ рæсугъд, йæ сауцæст, сауæрфыг гыццийæн æнгуз кæм ссара, уымæй, фæлæ йын сæ иу дæр зæрдæвæндон дзуапп нæ ратты. 

Хъæндил ын афтæ: 

– Æнгуз? Хъусгæ дæр æй никуы фæкодтон, – æмæ фаджысæй джыджыйы æнгæс цы къуыбар сарæзта, ууыл анцад. Сæхимæ йæ фæтулы. 

Хæфс ыл худæгæй бакъæцæл: 

– Цæмæн дæ хъ-хъæуы æнгуз? Мæнæ мæ фарсмæ цъыфдзасты æрæмбæхс. Дзынга куы рацæйтæха, уæд æм фæхæпп кæн, ацахс æй. Ацы дунейыл уый хуызæн хæлцæн дæр æмæ хосæн дæр нæй. 

Ставдцонг æмæ лыстæгастæу мæлддзыг йе стыр уаргъ æрæвæрдта, байхъуыста гыццыл Мыстаханмæ, стæй йæ сæр банкъуыста: 

– О-о-о, æнгузæй хуыздæр та цы ис! Фæлæ йæ кæм ссардзынæ? Куы йæ ссарай, уæддæр йæ хæссын… О-о-о, чи дын æй фæхæсдзæнис?! 

Гыццыл Мыстахан никæмæ байхъуыста. Йæ гыццийы рынчын-иу йæ цæстытыл куы ауад, уæд та-иу ын уый йæ тых фæдывæр кодта. Æмæ цыд размæ, мæгуыр. Кæуыл æмбæлд, уыдон фарста. Фæндаджы был баййæфта иу роды. Хуыссыд, йæ цæстæй йæ цæссыг уад. 

– Цы кодтай, гыццыл род? Ц-цæмæн кæуыс? – бауынгæг та тæригъæдгæнаг гыццыл Мыстæханы зæрдæ. 

– Цы ма кæнон? Мæ сыкъатæ ратонынмæ хъавынц æмæ мæ хæрынц. Хъæугæрон сæ цъынайыл хафтон, æмæ мæ цæсты цыдæр бахауд. Мæ уд дзы схауы. О-о-офф! – ныууынæргъыдта род. 

– Зæгъын ма цы уыдис, – сулæфыд гыццыл Мыстæхан. Афтæмæй тынг фæтарст, мæгуыр, кæд мæ рынчын гыццийæ исты фехъуыста, зæгъгæ. – Базыхъхъыр-ма кæн дæ цæст, æз æм бакæсон. 

Род йæ цæст базыхъхъыр кодта. 

– Ноджы ма гыццыл, гыц-ц-ыл, – дзуры Мыстæхан. Стæй февнæлдта роды цæстмæ æмæ дзы хъæмпы хал фелвæста. – Гъеныр сæрибар дæ.  

– О-о-оф-оф! Сулæфыд род. Афтæ тагъд? Уый æнхъæл нæ уыдтæн. Мæ амондæн дæ ардæм цы хур, цы къæвда æрбахаста, гыццыл мыст? 

Мыстæханæн та уыцы фарстмæ йæ уадултыл йæ цæссыгтæ æруадысты: 

– Мæ рæсугъд сауцæст, сауæрфыг мад тынг рынчын у. Æнгуз ын бæргæ феххуыс уыдаид, фæлæ никуы арын. 

Род ныхъхъуыды кодта, стæй афтæ: 

– Мæнæ ацы фæндагыл фæсхъæумæ ахиз. Уым стыр цъынайы фарсмæ ис стыр æнгуз бæлас. Лæппутæ йыл æгæр фæтыгуыртæ кæнынц. Чи зоны, бæззы. 

Æмæ гыццыл Мыстæхан хæдзæртты аууæтты, кауы бынты – дугъ, дугъ, дугъ... 

Рог дымгæ улæфыд фæсхъæуы ‘рдыгæй æмæ йемæ хаста хус хъæмпы тæф. Уый базыртæ сагъта гыццыл Мыстæханыл. 

Фæлæ уый цы у? Цæй уынæргъын у, цæй тæригъæддаг пæр-пæр? 

Гыццыл Мыстæхан кæрты фæмидæг, фæдисы згъорд акодта иуырдæм, ауад иннæрдæм. 

Кæрты иу къуымы зæххæй хæрдмæ йæхи фехсы иу хъулонцъиу2, æрхауы, йæ тъæпп зæххыл фæцæуы. 

Стæй та ногæй... 

Стæй та ногæй... 

– Ц-ц-цы кодтай, рæсугъд хъулонцъиу? – гыццыл Мыстæхан удаистæй балæууыд йæ уæлхъус. 

– Мæ къона хæлы... – рæсугъд хъулонцъиуæн йæ улæфæнтæ ахгæдтой, йæ цæссыг калд, афтæмæй радзырдта Мыстæханæн. Цæвиттон, хæдзары тынг фыдуаг лæппу цæры. Лыстæг босæй йын цъиуахсæн къæппæг сарæзта. Ныр æм тагъд зындзæн æмæ йын йæ удæй хъаздзæнис. 

– Мæ гыццыл бурбырынкъ лæппынтæ сидзæрæй зайдзысты! – ныхъхъарæг та кодта рæсугъд хъулонцъиу. 

– Ма тæрс, рæсугъд хъулонцъиу! Æз дæ ац-цы тæккæ... – æмæ Мыстæхан фæзылд, йæ дыууæ гыццыл цыргъ дæндагæй къæппæджы бос – хыртт-хыртт, мыртт-мыртт... 

Къæбæда лæппу сæм æрбацæйзгъордта. Рæсугъд хъулонцъиу ныппæррæст кодта. Мыстæхан кауы бын фæмидæг æмæ та уайы, уайы... 

Æнгуз бæлас куы суыдта, уæд фыр цинæй йæ цæссыгтæ æруадысты. 

Куы иуырдæм ауайы, куы – иннæрдæм. Агуры. Зилы. Нæй. Æнгуз нæ ары. 

Æнгуз бæласы цъæх-цъæхид æнгузтæм кæсгæйæ, гыццыл Мыстæханы цæссыгтæ гæр-гæрæй æруадысты. 

Раст уыцы рæстæджы йæ сæрты æрбацæйтахт, мæлæтæй цы рæсугъд хъулонцъиуы фервæзын кодта, уый. 

– Цы кодтай, гыццыл Мыстæхан? – абадт йæ цуры. Йæ базыры кæронæй йын йæ цæссыгтæ асæрфта. 

– Цы ма кæнон... – æмæ йын Мыстæхан йæ хабар радзырдта. – Ныр æнгуз ссардтон, фæлæ дзы куыд æртонон, уый нæ зонын, – æмæ та ныккуыдта. 

– Зæгъын-ма цы уыд, – рæсугъд хъулонцъиу ын къæппæджы бахауынæй фæтарст. – Æнгузтæ дæ уыйбæрц дæр куы хъæуид. 

Æмæ хъулонцъиу ныппæррæст кодта. Иу æнгуз дæр ын æнæ сгæрст нал баззад. 

Æмæ нынкъард, нырхæндæг. Æрбадт бæласы цонгыл. Йæ базыртæ æруагъта. Æнгузтæй иу дæр цæттæ нæма уыд. Цы кæна? Йе 'взаг нæ тасыд гыццыл Мыстæханæн ахæм уац фехъусын кæнынмæ. 

– Ц-цы кодтай? Ц-цæуылнæ æрæппарыс æнгуз? – стыхстис Мыстæхан. 

Хур, зæрин Хур бон-сауизæрмæ йæ хъус дардта тæригъæдгæнаг, хæларзæрдæ Мыстæханмæ. Уыдта, йæ мадыл куыд тад æмæ руад, йæхæдæг – æнæвдæлон, уæддæр æхсæрæджы гыццыл лæппыны куыд сæмбæлын кодта йа мадыл, роды йæ низæй куыд фервæзын кодта, хъулонцъиуы та – мæлæтæй. Хуры цæстæй ницы ирвæзы. 

Æнгуз бæласыл иунæг æнгуз дæр цæттæ нæ разынд, æмæ фæтæригъæд кодта гыццыл Мыстæханæн. Тынг ын фæтæригъæд кодта, йæ рынчын мадмæ йæ афтидармæй, цæссыгкалгæ здæхын кæй бахъæудзæн, уый тыххæй. 

Хур йæ тынты хъарм æрбамбырд кодта æмæ сæ сарæзта иу æнгузмæ. 

Хуры та дын цы бафæнда æмæ цы нæ бауыдзæн йæ бон! 

Æнгузы буары къуыриваг хъарм куы ахъардта, уæд банæрст. Ныкъкъæрцц кодта йæ царм... 

Къæрцмæ хъулонцъиу йæ хъустæ фæхъил кодта æмæ фыр цинæй ныззарыд. Цалдæр хатты, пæр-пæргæнгæ, æнгузы алыварс æрзылд. Ныкъкъуырцц æй кодта йæ бырынкъæй. 

Бынæй гыццыл Мыстæхан рæвдз лæууыд. Ацахста йæ. Ныттыхстис фыр цинæй æнгуз бæласы зæнгыл, фæарфæтæ кодта хъулонцъиуæн. Æнгуз фелвæста æмæ йæ сауцæст, сауæрфыг рынчын мадмæ – дугъ, дугъ, дугъ... 

Фæндагыл æй æрæййæфта тæрккъæвда, фæлæ йæ ахæмтæ урæдтой! Залмысыфæй йæхицæн къæвдауромæн ацарæзта æмæ йæ рынчын мады уæлхъус балæууыд. 

Мад лæууыд ингæны къахыл. Ноджы гыццыл Мыстæхан дæр ныххуылыдз. Тынг суазал, æмæ йын мад фæтарстис – уый дæр ма куы æруатон уа, зæгъгæ. 

Фæлæ ма тæрсын цæмæй хъуыд? Сæ хос сæ къухы уыдис. Сæ гыццыл хатæны æнгузы хъæбæр цъарыл цыд сæ гыццыл цыргъ дæндæгты хъыр-р-рыст, хъыр-р-рыст!... 

 

ФИППАИНÆГТÆ: 

1. Бецау – мæгуырæг. 

2. Хъулонцъиу – маргъы мыггаг (уырыс. «пестрогрудка»). 

 

 

 

МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ СОЛÆМАН-ПАДДЗАХЫ АРГЪАУ 

 

Раджыма-раджы дын цардысты æмæ уыдысты мæгуыр лæг æмæ мæгуыр ус. Уыдонæн уыдис иу лæппу æмæ дыууæ чызджы. Фæлæ афтæ мæгуыр уыдысты, афтæ мæгуыр, æмæ сын сæ уæлæ скæнинаг нæ, бахæринаг дæр ницы уыди. Мæгуыр лæг сфæлмæцыд ахæм цардæй æмæ загъта, мæнæн ацы цардæй мæ бон цæрын нал у, хъуамæ искуы мæ сæр фесафон. Æмæ бавдæлди, цы иунæг хъæбæр кæрдзын сæм уыдис, уымæн йе ’рдæг расаста, нывæрдта йæ йæ дзыппы æмæ араст ис йæ фæндагыл йæхи сафынмæ. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ байдыдта... Æмæ цъус фæцыд æви бирæ, уый та иунæг Хуыцау æмæ Уастырджийæ дарддæр чи зоны, фæлæ куы бафтид зондджын Солæман-паддзахы галуанмæ.  

Мæгуыр лæг куыннæ сдойны, куыннæ сыстонг уыдаид æмæ бацыди галуанмæ, уæ Хуыцауы тыххæй, дам, мын дон бадарут, къæбæр мын авæрут, стонг æмæ, дам, дойныйæ мæ уд схауы.  

Паддзах уый куы фехъуыста, уæд æй бахуыдта мидæмæ, нуазгæ дæр, дам бакæн, кæрдзын дæр, дам, бахæр. Стонг бæлццонæн, дам, къæбæр куынæ бахæрын кæнон, уæд, ма, дам,ма мæ ис, мæ бон æндæр цæмæн хъæуынц.  

Лæг дæр сбадтис, кæрдзын бахордта, паддзахы нозтæй банызта, стæй бафарста паддзахы, æххуырст нæ айсдзынæ, зæгъгæ.  

Солæман-паддзах æм бакæстытæ кодта æмæ йын афтæ, ау, куыннæ, дам, айсдзынæн, айæппæт адæм, дам, мæм æххуырсты не сты.  

Æмæ йæм мæгуыр лæг дæр, иу аз иу туман мыздыл, ныллæууыдис æххуырсты.  

Куыста, фыдæбæттæ кодта мæгуыр лæг, йæ зæрдæ æхсайдта йæ бинонтæм, фæлæ сæм афтидармæй куыд æрцыдаид æмæ æнхъæлмæ кастис азы фæудмæ. Уалынмæ, кæддæр куы уыдис, уæд фæцис аз дæр, æмæ йæм фæдзырдта зондджын Солæман-паддзах. Йæ разы йын фынгыл æрæвæрдта иу туман — йæ афæдзы куысты мызд æмæ йын афтæ, кæд, дам, дæ фæнды ацы туман сис, кæннæуæдæ та, дам, дын иу зондджын хъуыды бацамондзынæн.  

Лæг ахъуыды кодта: «Мæ сывæллæттæ стонг сты æмæ сисон туман», — фæлæ йæ зæрдæ æхсайдта, уæд та йын цы хорз фæнд бацамыдта зондджын Солæман-паддзах æмæ ауыгъта йæ къух — бацамон мын уыцы зондджын хъуыды, зæгъгæ.  

Уæд ын Солæман-паддзах афтæ: «Дæ цæрæнбонты æвзæрæй æвзæр макуы зæгъ, хорзæй дарддæр». — Стæй систа туман æмæ йæ нывæрдта йæ дзыппы.  

Мæгуыр лæг катæйтты бахаудта, ау, æнæхъæн афæдз, дам, ууыл куыстон, фæлæ ма йын цы гæнæн уыд, æмæ та йæм дыккаг аз дæр ныллæууыдис æххуырсты — ныр та дыууæ туманыл.  

Куыннæ куыстаид, куыннæ та фыдæбæттæ кодтаид мæгуыр лæг, йæ мæгуыр бинонтæ дæр та куыннæ лæууыдысты йæ зæрдыл, фæлæ сæм афтидармæй куыд æрыздæхтаид æмæ æнхъæлмæ кастис азы фæудмæ. Уалынмæ аз дæр фæцис, æмæ та йæм зондджын Солæман-паддзах басидт йæхимæ, йæ разы йын фынгыл æрæвæрдта дыууæ туманы æмæ йын афтæ: «Кæд дæ фæнды, уæд ацы æхцатæ сис, кæннæуæд та дын æхцаты хыгъдмæ иу зондджын хъуыды зæгъон».  

Лæг та хъуыдытыл фæцис: райса æхцатæ æви нæ? Йæ бинонтæ стонгæй мæлынц — дыууæ туманæй сын, чи зоны, сæ гуыбын бафсадид, фæлæ йын Солæман-паддзах уæд та цы зондджын хъуыды зæгъынмæ хъавы. Æмæ та ауыгъта йæ къух — цы уа, уый уæд, сразы зондджын хъуыды райсыныл.  

Уæд ын Солæман-паддзах афтæ: «Дæ къух кæдæм æххæсса, уымæй дарддæр макуы авнал». — Æмæ систа дыууæ туманы фæстæмæ, нывæрдта сæ йæ дзыппы.  

Лæг та фæсмон кæнын байдыдта, мæ бинонты, дам, стонгæй мæлгæ ныууагътон, афтæмæй иу хуымæтæджы ныхасыл дыууæ туманы æхца фесаф. Фæлæ ма йын цы гæнæн уыдис æмæ та йæм æртыккаг аз дæр ныллæууыд æххуырсты — ныр та æртæ туманыл.  

Райдыдта та кусын, райдыдта та фыдæбон кæнын мæгуыр лæг. Йæ зæрдæ ныр тынгдæр райдыдта æхсайын йæ мæгуыр бинонтæм, фæлæ сæм афтидармæй куыд фæцыдаид, æмæ быхста, фæрæзта. Уалынмæ бонтæ дæр куыннæ цæуынц, фæлæ уыдой мæгуыр лæгыл куыд ныддаргъ сты! Бонгай, къуыригай сæ нымадта, йе ’ртæ туманы, цыма ныридæгæн йæ къухы уыдысты, алырдæм рабар-бабар кодта — цы лæвæрттæ дзы хъуамæ балхæна йæ сывæллæттæн, йе ’мкъайæн, цас ма дзы хъуамæ ныууадза хæлцæн, афтæмæй та йыл аивгъуыдта æртыккаг аз дæр.  

Зондджын Солæман-паддзах та йæм басидт йæхимæ, æрбадын та йæ кодта æмæ йын йæ разы фынгыл æрæвæрдта æртæ туманы — йæ афæдзы æххуырсты мызд æмæ та йын афтæ: «Кæд дæ фæнды, уæд æхцатæ айс, кæннæуæдæ та дын ацы æхца раттыны бæсты зæгъдзынæн иу зондджын хъуыды».  

А лæг та райдыдта рахъуыды-бахъуыды кæнын, куыд бакæна, райса æхца æви нæ? Йæ бинонтæ стонгæй мæлынц, æртæ туманы сын исты ахъаз фæуыдзысты, бамбæрздзысты сын сæ хъæнтæ, фæлæ йын уæд та цы хорз фæнд бацамыдта Солæман-паддзах?  

Афтæ та иудзæвгар фæхъуыды кодта, фæхъуыды кодта, стæй — цы, дам, уа, уый уæд, æхца, дам, бахардз уыдзысты æмæ та, дам, мæгуырæй баззайдзыстæм, фæлæ мын зондджын хъуыды та чи хъуамæ байса, зæгъгæ, бавдæлд æмæ зæгъы паддзахæн:  

— Де ’хца дæхи уæд, зондджын Солæман-паддзах, фæлæ мын де стыр зондæй иу тæпп ма бахæлæг кæн.  

Уæд ын Солæман-паддзах афтæ зæгъы: «Ацу, æмæ дæхи цæстæй цы фенай, æндæр мацæуыл баууæнд».  

Лæг уый куы фехъуыста, уæд райдыдта оффытæ æмæ аххытæ кæнын, райдыдта рафт-бафт кæнын, ай, дам, ме ’ртæ азы куыст доны цæмæн бакалдтон, ай, дам, мæ мæгуыр хæдзары фаг фæллой мæхæдæг цæмæн фесæфтон.  

Уæд æм Солæман-паддзах баздæхт æмæ йын афтæ, тæрсгæ, дам, ма кæн, фæлæ, дам, цом мемæ.  

Мæгуыр лæгæн дæр ма цы фадат уыдис, уæддæр сæфт æмæ сæфт æмæ араст йæ фæдыл.  

Бирæ фæцыдысты, цъус фæцыдысты, — бакодта йæ паддзах, æртæ фæндаджы кæм иу кодтой, уырдæм æмæ йын бацамыдта рахизфарсы фæндагмæ: мæнæ ууыл цу æмæ цу, æрмæст, дам, дæ макуы ферох уæнт ме ’ртæ зондамынды.  

Мæгуыр лæг дæр та уыцы фæндагыл байдыдта цæуын, байдыдта цæуын æмæ бахæццæ иу галуанмæ.  

Бæлццон лæг стонггæнаг, дойныгæнаг у — сыстонг, сдойны æмæ бацыди галуанмæ:  

— Уæ Хуыцауы хатыр бакæнут, фæллад бæлццонæн дон, къæбæр ма бахæлæг кæнут.  

— Мидæмæ нæм рахиз, кæрдзын дæр бахæр, дон дæр баназ, фæллад дæр суадз, — мидæмæ йæ бакодта мæликк, йæ разы йын æрæвæрдта алы хæрд, алы нуæзт, фæлæ фынгыл бады иу хæфс æмæ та мæликк дзуры мæгуыр лæгмæ: — æнæбауæндгæ ма фæу, цыма дæхи хæдзары дæ, афтæ хат дæхи, æрмæст, дæ хорзæхæй, а фынгыл цы бады, уый мын хъуамæ зæгъай, — амоны йын хæфсмæ.  

Лæг ахъуыды кодта æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыди зондджын Солæманы-паддзах зондамынд: «Æвзæрæй æвзæр макуы зæгъ, хорзæй дарддæр», æмæ бакаст мæликмæ:  

— Гъе, дæ азарæй сыгъд фæуон, мæ кадджын фысым, уый стыр хорз цыдæр у, æндæра дæ фынгыл цы ми кæны.  

Гъе, уый загъта, цы, хæфс йæ царм аппæрста, агæпп дзы кодта диссаджы рæсугъд чызг æмæ райдыдта мæгуыр лæгыл цинтæ æмæ диссæгтæ, хъæбыстæ кæнын. Стæй йын радта дывæлдах дарæс алы зынаргъ хъуымæцтæй, стæй лæг куы цыд, уæд ын, фондз æмæ ссæдз хæрæджы æвзист æмæ сызгъæринæй цы фæрæзтой, уый акодта йæ разæй, æмæ йæ арвыстой афтæмæй.  

Лæг куыннæ цин кодтаид, куыннæ радаид, æмæ араст сæхимæ, фæлæ иудзæвгар куы фæцыд, уæд йæхæдæг дæр ныффæллад, ныффæлладысты хæрджытæ дæр æмæ æрлæууыд иу стыр сывылдз бæласы бын. Уым æй æрбаййæфта иу сæудæджер. Уымæ дæр æвзист æмæ сызгъæрин фондз æмæ ссæдз хæрæгуаргъы. Кæрæдзийæн салам радтой, йæ фарсмæ æрбадти сæудæджер дæр æмæ фæкастысты æмæ мæнæ бæласы бинаг цонгыл æркув-æркув кæны иу цъиу.  

— Схæснаг кæнæм, ацы цъиуы кæд æрцахсай, уæд дын мæ хæзнатæ дæттын, кæннæуæдæ мын сæ ды ратт, — цъиу ауынгæйæ фæкодта сæудæджер.  

Мæгуыр лæг ахъуыды кодта, куы йæ æрцахсин, зæгъгæ, уæд айæппæт хæзнатæ мæнæ не сты, фæлæ та йæ зæрдыл æрбалæууыди зондджын Солæман-падзахы зондамынд, зæгъгæ, дæ къух кæдæм æххæсса, уымæй дарддæр ма æвнал, æмæ фæхъуыды кодта, ай цалынмæ стгæ кæнон, цалынмæ йæм хъуызгæ кæнон, уæд цъиу тæхгæ куы кæны æмæ куы ныппæррæст кæна, уæд æз кæм агурдзынæн, цæмæн сафын мæ лæвар хæзна?  

Æмæ не сразы мæгуыр лæг.  

Уæд сæудæджер фæгæпп кодта æмæ афтæ:  

— Кæд æй æз æрцахсон, уæд дæ хæзнатæ мæн, кæннæуæдæ дын æз дæттын мæхиуæтты.  

Сразы лæг дæр æмæ схæснаг кодтой. Сæудæджер фелвæста йæ худ æмæ фæхъуызы цъиумæ. Цъиу фынæй нæ уыд, æркув-æркув кодта æмæ куы ауыдта, сæудæджер æм фæхъуызы, уæд стахт, уæлдæр цы къалиу уыд, уымæ, æмæ та уым æркув-æркув кæны. Сæудæджер дæр сбырыд бæласыл, æмæ йæм февналы, хъуамæ йæ ацахса, фæлæ та йæ ауыдта цъиу æмæ та стахт чысыл уæлдæр. Сæудæджер дæр та сбырыд йæ фæдыл... Афтæмæй цъиу схæццæ бæласы цъупмæ æмæ атахт, мæ фыдфынтæ ахаста йемæ.  

Сæудæджер мæстæй куыннæ фæцæймард, фæлæ дзырд дзырд у, цы гæнæн ма йын уыд æмæ йæ фондз æмæ ссæдз хæрæгуаргъ æвзист æмæ сызгъæрин скодта мæгуыр лæджы разæй.  

Уый дæр та цæуы, цæуы, цæуы æмæ ма йæ чысыл хъуыди сæхимæ, афтæ фембæлд иу йæ дыккаг хæдзарыл. Куыдтæ сты, зæгъгæ, уым махуæттæ, æрфæрстытæ йæ кодта йæ бинонтæй, æмæ лæг йæ сæр æркодта фыдохы уагъд, дæ бинонтæ, дам, раджы куы аскъуыдысты.  

Лæг уый куы фехъуыста, уæд ныккуыдта, нырдиаг кодта, ныр ма, дам, куыд кæндзынæн, ныр ма, дам, цы кæндзынæн, куыд цæрдзынæн æнæ уыдон æмæ кæугæ аздæхти фæстæмæ, фæлæ фæлмаст лæг цас хъуамæ фæцыдаид æмæ, кæугæ иу дуры сæр куыд æрбадт, афтæ йæ сæры февзæрд зондджын Солæман-паддзахы зондамынд: «Дæхи цæстæй цы фенай, æндæр мацæуыл баууæнд», æмæ фестад уайтагъд, йæ хæрджытыл ахъæр кодта æмæ балæууыд сæ хæдзары дуармæ. Бакодта дуар, кæсы æмæ уæртæ йе ’мкъай æмæ йе ’ртæ сывæллоны бадынц фынджы алыварс, сæ разы — иухатты хъæбæр кæрдзыны æрдæг. Тæрхæттæ йыл кæнынц, абон æй бахæрæм æмæ ма уæд сом та цы хæрдзыстæм, зæгъгæ. Сæ хæдзары хицауы паддзахы арæзтæй куы ауыдтой, уæд ныддис кодтой, зæгъгæ, ай чи у, стæй йæ базыдтой æмæ кæрæдзийæн райдыдтой цинтæ æмæ хъæбыстæ кæнын. Æмæ ма абон дæр не ’фсæдынц кæрæдзиуыл цинæй.  

Низтæ уым баззайæнт, хæрзæбонтæ ардæм æрцæуæнт.  

 

 

Радзырдта йæ 1974 азы 25 ноябры Цхинвалы районы Ногхъæуы цæрæг 92-аздзыд Хъазиты Алыксандр.  

 

 

УАСТЫРДЖИ ÆМÆ ÆРТÆ ÆФСЫМÆРЫ АРГЪАУ 

 

Иу хатт æртæ æфсымæрæн амардысты сæ мад æмæ сæ фыд. Баззадысты лæппутæ сидзæрæй, фæлæ цуан кæныныл фæцалх сты æмæ сæхицæн царды амæлттæ кодтой.  

Уæд та дын иу бон куы уыд, уæд цуаны ацыдысты, амардтой саг, бастыгътой йæ, суæнгтæ йæ кодтой, æмæ сæ иу бакатай кодта:  

— Гъе, дедасса, ныр ма нæ зынг куы уаид, уæд физонджытæ нæ фæкæниккам?  

Уалынмæ, дзырд дардыл у, фæлæ фæкастысты æмæ хъæдрæбынæй кæлы рухс. Æй, Хуыцау, дам, нæ куыд сарæзта, — ныццин кодтой æфсымæртæ, æмæ хистæр фæцæуæг зынггур. Бацыд артмæ, кæсы æмæ уæртæ йæ цуры бады иу зæронд лæг. Кæрæдзийæн арфæ ракодтой, стæй лæппу дзуры зæронд лæгмæ, уæртæ, дам, уым æртæ æфсымæрæй саг амардтам, зынг ахæссæм, ды дæр нæм саккаг кæн æмæ, дам, физонджытæ скæнæм.  

Зæронд лæг æм скаст æмæ йын, æрбад уал, дам, дæ уæрджытæ аулæфын кæн — æхсæв даргъ у, физонджыты рæстæг дæр ма нын аззайдзæни.  

Лæппу дæр æрбадт арты фарсмæ, æмæ та йæм дзуры зæронд лæг:  

— Дæ Хуыцауы тыххæй, æз цæстæй хорз нал дæн, фæлæ ма уæлæ уыцы мæймæ скæс: къæвдайы мæй у æви хуры?  

Лæппу дæр скасти мæймæ æмæ ныццагъта йе ’рмттæ:  

— Гъе, ацы мæйæн къæвдаджынæй тас нæу!  

Уæд æй зæронд лæг нымæтын ехсæй æркъуырдта, æмæ лæппу хæрæг фестади. Лæг æй бæндæнæй бабаста бæласыл.  

Лæппу æрæгмæ куы здæхт, уæд дыууæ кæстæр æфсымæры батыхстысты, не ’фсымæр нырмæ кæм ис, зæгъгæ, æмæ йæм астæуккаг ауад агурынмæ. Уый дæр та бахæстæг артмæ, кæсы, уæртæ арты фарсмæ бады иу зæронд лæг, йæ фарсмæ хæрæг баст.  

Уыдон дæр та кæрæдзийæн раарфæ кодтой, æмæ йæ афарста лæппу, зæгъгæ, ам дæм мæ размæ ничи æрбацыди.  

— Ничи, — сабыргай бакодта лæг.  

Нæ хистæр æфсымæр, дам, зынггур рацыд æмæ йæхæдæг дæр нал зыны, фæлæ уал мах цом зынг ахæссæм, уæртæ саг амардтам æмæ дзы физонджытæ скæнæм, зæгъгæ.  

— Абад уал, дæ уæрджытæ аулæфын кæн. Цы тагъд кæныс, æхсæв даргъ у, уæдмæ кæд де ’фсымæр дæр зынид, — загъта йын зæронд лæг. Æмæ арты фарсмæ æрбадти лæппу дæр.  

Уæд та уымæн дæр зæронд лæг афтæ:  

— Уæлæ ма уыцы мæймæ скæс, æз цæстæй хорз нал дæн — хуры мæй у æви къæвдайы?  

Лæппу мæймæ скæстытæ кодта æмæ ныццагъта йе ’рмттæ, ацы мæй, дам, схур кæнынæй тас нæу — къæвдайы мæй, дам, у.  

Уæд та зæронд лæг уый дæр нымæтын ехсæй æркъуырдта. Лæппу хæрæг фестад, æмæ йæ лæг бабаста йе ’фсымæрхæрæджы фарсмæ. Йе ’фсымæртæ куынæ зындысты, уæд бакатай кæстæр æфсымæр дæр æмæ сæм агурæг араст йæхæдæг. Бацыд артмæ, кæсы: мæнæ арты фарсмæ бады зæронд лæг, йæ цуры бæласыл — дыууæ хæрæджы бастæй.  

Лæгæн «де ’хсæв хорз» загъта, уый дæр ын арфæ ракодта. Æмæ йæ афарста, ам, дам, дæм зынггур ничи æрбацыд, мæ хистæр æфсымæртæ, дам, дæм зынгмæ рацыдысты æмæ сæхæдæг дæр нал зынынц.  

— Ничи, — загъта зæронд лæг.  

Мæнæ уал, дам, дæ уæрджытæ аулæфын кæн, æхсæв даргъ у, уæдмæ, дам, уыдон дæр зындзысты. Æмæ арты фарсмæ æрбадт кæстæр æфсымæр дæр.  

— Дæ Хуыцауы тыххæй, æз цæстæй хорз нал дæн, фæлæ ма уæлæ уыцы мæймæ скæс: къæвдайы мæй у æви хуры?  

Лæппу йæ мидбылты бахудт æмæ бакасти зæронд лæгмæ:  

— Дæ хорзæхæй, ацы хорз лæг, хынджылæг мæ кæныс, æви?.. Уалæ арвыл мæй ис, æз ам зæххыл дæн æмæ йын цы зонын, хуры мæй у æви къæвдайы? Фæлтау мæнæ зынг ахæссæм, ме ’фсымæртимæ саг амардтам æмæ дзы физонджытæ скæнæм.  

Зæронд лæг дæр ницыуал сдзырдта, сыстад æмæ йын — ныр, дам, мæнæ уæддæр бон кæны, чи зоны, де ’фсымæртæ дæр хæдзармæ ацыдысты, мах дæр, дам, саджы мард мæнæ хæрджытыл ныххæссæм хæдзармæ æмæ уым физонджытæ кæндзыстæм иумæ.  

Лæппу дæр ма цы загътаид, сразы æмæ саджы мард хæрджытыл ныххастой хæдзармæ.  

— Ме ’фсымæртæ ардæм не ’рцыдысты, — кæстæр æфсымæр афарста йæ чындзыты, æмæ йын бадиссæгтæ кодтой демæ, дам, дæуæн уыдысты, фæрсгæ та, дам, сæ махæй кæныс. Лæппу дæр ницыуал сдзырдта, уазæджы хæрджыты абаста скъæты, йæхæдæг саджы фыдæй физонджытæ ацарæзта æмæ æрбадтысты къæбæр хæрыныл.  

Уалынмæ чындзытæ райдыдтой сыллынчытæ кæнын æмæ фæмидæг сты скъæты. Уырдæм сæм фæкуыси сты сæ хæзгултæ æмæ... Цы ми кодтой, уый сæхæдæг зонынц, фæлæ сæ хæрджытæ кæм уагътой, ралæууыдысты сыл зæвæтдзæгъдæнæй. Уæд устытæ фаджысæйдзаг цъылынтæ фелвæстой æмæ сыл уыдонæй дзæбæх æрцыдысты, сæхæдæг та дарддæр кодтой сæ хъуыддаг.  

Зæронд лæг дæр фестад, арфæ сын ракодта сæ лæггады тыххæй, ныфсытæ сын авæрдта, лæппутæм, дам, уæ зæрдæ ма ’хсайæд, зындзысты, дам, йæхæдæг ахæцыд хæрджытыл æмæ ацыди. Хъæуæй куы фæаууон, уæд æрлæууыди, хæрджыты ехсæй æрцъыччытæ кодта æмæ фестадысты дыууæ æфсымæры.  

— Куыд у, исты федтат? — афарста лæппуты, æмæ уыдон дæр нынкъуыстой сæ сæртæ, кæд ма, дам, искуы æууæнк ис, уæд бирæ цыдæртæ федтам, фæлæ сæ фæлтау куынæ федтаиккам.  

— Гъе, æмæ кæсут, уæ цæстыты раз уæ устытæ цахæм уыдысты, уый нæ зыдтат, æмæ арвыл мæй хуры мæй у æви къæвдайы, уымæн уæхи уынаффæгæнæг цæмæн кодтат? — загъта ма сын зæронд лæг — уый та Уастырджи уыдис — æмæ афардæг йæ фæндагыл.  

 

 

1974 азы 25 ноябры йæ радзырдта Цхинвалы районы Ногхъæуы цæрæг 74-аздзыд зæронд лæг Хъазиты Рутен.  

 

СИДЗÆР ЛÆППУЙЫ АРГЪАУ 

 

Иу мæгуыр лæг æмæ усæн сæ амæлæты фæстæ баззадис иу гыццыл лæппу. Лæппу бырын зыдта æмæ куы сыстонг, уæд æддæмæ рабырыд, уынгты адзæгъæл, афтæмæй-иу ын чи къафет авæрдта, чи — къæбæр, чи — дыргъ, æмæ быргæ-быргæ бахæццæ иу калак-хъæумæ.  

Уыцы калак-хъæуы паддзахы чызг хорз æмæ сæрбæрзонд куыннæ уыдаид! Йæ мад æмæ-иу ын йæ фыдæй исчи йæ къусы куы бахордта, уæд-иу уыцы къусы бахæрын йæ сæрмæ нал хаста, ахæм уыдис.  

Иу райсом кæсы æмæ сæ галуаны кæрты рыджы хъазы иу гыццыл лæппу, чъизитæ, скъуыдтæ дарæсы, фаджысы æвдылдтытæй. Чызг ын фæтæригъæд кодта, йæ къусы йын хæринаг æркодта, бассæста йын дзы æмæ йæ лæггадгæнæгæн нырвыста гыццыл сидзæр лæппуйæн.  

Уыцы рæстæджы паддзах кæцæйдæр æрбацæйцыд æмæ уыцы чъиллæттæ сывæллоны куы федта йæ чызджы къусы хæргæ, уæд фырмæстæй рафыхт æмæ чызгмæ басидтис йæхимæ. Мах, дам, дæ мад æмæ дæ фыд стæм æмæ, дам, дын дæ къусæй куы бахæрæм, уæд ыл куынæуал барвæссыс, уæд, дам, далæ уый цы у. Чызджы мадарды бæгънæг скодта. Райдыдта йæ нæмынтæ, райдыдта йæ нæмынтæ æмæ йæ атардта галуанæй.  

Чызг агæпп кодта, фæлæ сывæллоны фелвæста æмæ йæ аскъæфта йемæ. Калак-хъæуы кæрон иу зæронд хæрæндон уыдис æмæ уым смидæг.  

Паддзах йæ адæмæн бардзырд радта:  

— Адонæн хæринаг чи радта, йе сын дарæс чи бахæсса, уый дзырддаг мемæ уыдзæнис.  

Адæм дæр паддзахæй куыннæ тарстысты, фæлæ-иу сусæгæй хæринаг дæр хастой, дарæсы зæрæдтæ дæр хастой æмæ-иу сæ хæрæндонмæ хæстæг бынæтты аппæрстой.  

Чызг йæ хъус дары, бахæссы сæ хæрæндонмæ, афтæмæй æрвиты йæ бонтæ. Йæхæдæг дæр уынгты цæуы, къуымбилы, бæмбæджы муртæ уидзы æмæ йын куы батымбыл сты, уæд сæ чысыл цъындатæ скодта, куырдмæ сæ бахаста, радта йын сæ агмæ йæ чысыл лæппуйæн иу цъалды саразын кодта.  

Уæдмæ лæппу дæр фæхъомыл, æмæ йæм чызг дзуры:  

— Гъа, мæнæ дын цъалды, уæлæ хъæдмæ ссу, кæд дæ бон бауа, уæд иу фондз къонайы дзы ракæн, стæй сæ æз æрхæсдзынæн.  

Лæппу цъалды райста, хъæдмæ ссыдис фондз къонайы бабаста, кæрæдзийы сæрыл сæ æрцамадта æмæ фæстæмæ æрыздæхти.  

— Куыд у, исты баци дæ бон? — дзуры та йæм чызг.  

— Иу фондз къонайы бабастон, кæрæдзийыл сæ æрцамадтон, æндæр нæ баци мæ бон.  

Иу æртæ боны куы рацыдис, уæд та йæм чызг дзуры:  

— Цу-ма, дæ къонатæ абæрæг кæн, кæд ма уым сты, уæд сæ æрдавон.  

Лæппу араст йæ къонатæ бæрæггæнæг. Кæсы æмæ ма сæ бынаты ис æрмæст се ’ртхутæг. Фæстæмæ æнкъардæй æрыздæхтис, æмæ та йæ чызг фæрсы:  

— Куыд у, уым нал сты?  

— Чидæр сæ басыгъта, сæ фæныкæй дарддæр дзы ницыуал ис.  

— Суай-ма сæм, фæнык азмæнт, чи зоны, истытæ ма дзы аззадис, уæд-иу сæ рахæсс, — арвыста та йæ фæстæмæ.  

Лæппу та сæм араст, фæнык азмæста æмæ дзы иу чъизи пурти ратылди. Лæппу йæ йемæ рахаста, æндæр дзы ницы уыди, зæгъгæ. Чызг пурти куы федта, уæд æй асæрфтытæ кодта æмæ йæ бафснайдта. Раст уыцы рæстæджы базаргæнджытæ цыдысты Ионбайы калак-хъæумæ базар кæнынмæ æмæ чызгмæ бахатыдысты, дæ лæппуйы немæ рауадз æмæ дын æй базар кæныныл фæцахуыр кæнæм, зæгъгæ. Чызг дæр бацин кодта æмæ йæ ауагъта. Уыдон та-иу алы хатт дæр æнахъом сабийы кодтой семæ. Æрдæгвæндагыл-иу æй цъаймæ ныххизын кодтой, дон, дам, нын сдæтт. Цъайы уæйыг бадтис, æмæ-иу лæппу дон куы слæвæрдта, уæд-иу æй уæйыг бахордта.  

Цъаймæ куы бахæццæ сты, уæд та сдойны сты базаргæнджытæ æмæ сидзæр лæппумæ дзурынц:  

— Ацы цъаймæ нын ныххиз, æртæ къæртайы нын дон сдæтт æмæ дын æртæ хæрæджы æд уæргътæ дæттæм æвзист æмæ сызгъæрин.  

Лæппу дæр бацин кодта æмæ цъаймæ ныххызти, фæлæ уæйыджы куы ауыдта бадгæ, уæд барызти: хъуынджын риу, йæ цæстытæ сыхырнайы чъилы йæстæ. Дзуры йæм уæйыг:  

— Тæрсгæ ма кæн, сдæтт дон. — Æмæ сын уый дæр иу къæрта дон слæвæрдта. — Дыккаг дæр сын сдæтт, стæй æртыккагыл фидар ныххæц, æмæ дын дæхи дæр куы сласой, уæд-иу дæ хæрæгуæргътæ байс. Фæрсдзысты дæ: «Ницы дзы федтай?» Фæлæ-иу сын мацæуыл басæтт. Ницы дзы федтон-иу сын зæгъ.  

Лæппу дæр афтæ бакодта, æртыккаг къæртайыл фидар ныххæцыд æмæ йæ базаргæнджытæ донимæ сластой. Фарстой йæ: ницы дзы федтай? Ницы, дам, дзы федтон. Æмæ сæ байста йе ’ртæ хæрæджы æвзист æмæ сызгъæрины уæргътимæ.  

Цæуынц дарддæр, фæлæ базаргæнджытæ мæстæй тъæпп хауынц сæ хæрæгуæргътыл.  

Кæддæр куы уыдис, уæд æрулæфыдысты æртæ фæндаджы астæу.  

Лæппу бафæллад æмæ уайтагъд афынæй. Базаргæнджытæ йæ æд хæрджытæ ныууагътой иунæгæй, сæхæдæг ахъуызыдысты.  

Лæппу куы райхъал, уæд кæуынтæ райдыдта, кæуынтæ райдыдта, фæлæ куы бафæллад, уæд йæ хæрджыты суагъта. Хъуамæ иннæ базаргæнджыты аййафа, фæлæ кæцы фæндагыл ацыдысты, уымæн ницы зоны æмæ кадзиты калак-хъæуы фæндагыл лæуд куы фæуаид. Йæ амонд уыдис æмæ ма рухсæй бахæццæ. Уынгты змæлæг нæй, æрмæст дзы иу зæронд лæг æмæ зæронд ус сæхи раппар-баппар кæнынц дыууæрдæм æмæ кæуынц.  

— Цы кæнут? Цæуыл кæут? — фæрсы сæ лæппу.  

Уыдон дæр ын рахабар кодтой сæ хъуыддаг:  

— Базæронд стæм, куыстæн нал бæззæм, æмæ нæ дуармæ раппæрстой. Куыддæр хур нынныгуыла, афтæ сæхæдæг бирæгътæ фестдзысты, рацæудзысты æддæмæ æмæ нæ бахæрдзысты. Махæн бар нал и, фæлæ ды цæугæ, уартæ кæронæй цы хæдзар ис, уый баххуырс, дæ хæрджытæ æмæ дæхиуыл дуæрттæ фидар сæхгæн. Бацæудзысты дæм, лæгъзтæ дын кæндзысты, дуар бакæн, зæгъгæ, иумæ фæбадæм, фæныхас кæнæм, фæлæ-иу ма сразы у, дуар-иу ма бакæн.  

Лæппуйæн зæронд лæг æмæ зæронд ус куыд бацамыдтой, афтæ хæдзар баххуырста, йæхиуыл æмæ йæ хæрджытыл дуæрттæ сæхгæдта фидар.  

Уалынмæ хур нынныгуылд, кадзиты бирæгътæ фестадысты æмæ æддæмæ рагæппытæ кодтой. Зæронд лæг æмæ зæронд усы куыннæ аскъуыдтæ кодтой, куыннæ сæ ахордтой, фæлæ ноджы фæтугдзых сты æмæ уынгты зилæнтæ систой. Лæппумæ бацыдысты, мидæмæ йæм дзурынц:  

— Дуар бакæн, æхсæв даргъ у, фæбадæм, фæныхæстæ кæнæм.  

Фæлæ лæппу дæр фæдзæхст кæм уыдис, уым сын дзуапп нæ лæвæрдта, æмæ сæ дæндæгтæ дуртыл хырхтой.  

Кæддæр куы уыдис, уæд сбон, хур скаст, æмæ та кадзитæ фæстæмæ адæм фестадысты, алчи сæ йæ куысты сæр æрлæууыди. Сидзæр лæппу дæр сыстад æмæ калак-хъæуы уынгты разылд.  

Иу ран бады гæрзытæ аразæг æмæ гæрзытæ адау-адау кæны.  

— Ацы хорз лæппу, дæ голджытæй мын иу ратт æмæ дын дыууæ гæрзы ратдзынæн, — дзуры лæппумæ.  

— Мæ голджытæй дын куыд хъуамæ раттон, мæнæн сæ æвзист æмæ сызгъæрин ис æмæ дæ гæрзытæ та цы сты? — бадис лæппу.  

— Цæй æвзист æмæ сызгъæрины кой кæныс, æвзалы дын куы сты, фенæм-ма сæ. Лæппу йæ голджытæй иумæ ныккаст æмæ æцæг — æвзалы.  

Уый дæр схæцыд æмæ йын æй дыууæ гæрзыл радта; йæхæдæг фæцæуы.  

— Дæ гæрзытæ нæ хæссыс? — дзуры йæм гæрз аразæг.  

— Нæ, уадз уал сæ. Куы цæуон, уæд сæ ахæсдзынæн.  

Лæппу калак-хъæуы уынгты зилы дарддæр. Иу ран бады иу лæг æмæ аразы сæнæфсиры нæмгуытæ. Лæппу йæм куы бахæццæ, уæд æм дзуры:  

— Ацы хорз лæппу, дæ голджытæй мын иу радт æмæ дын дыууæ сæнæфсиры нæмыджы ратдзынæн.  

— Мæ голджытæй дын куыд хъуамæ радтон, мæнæн сæ ’взист æмæ сызгъæрин ис, дæ сæнæфсиры нæмгуытæ та цы сты? — бадис та лæппу.  

— Цæй æвзист æмæ цæй сызгъæрины кой кæныс, æвзалы дын дзы куы ис. Фен-ма сæ.  

Лæппу та йæ голджытæй иуы ком бакодта æмæ æцæг — æвзалы. Уый дæр та йыл схæцыд æмæ йæ дыууæ сæнæфсиры нæмыгыл радта, йæхæдæг дарддæр фæцæуы.  

— Дæ сæнæфсиры нæмгуытæ нæма хæссыс? — дзуры йæм лæг фæсте.  

— Нæ, уадз уал сæ. Куы цæуон, уæд сæ ахæсдзынæн.  

Лæппу та калак-хъæуы уынгты зилы дарддæр.  

Иу ран æрмадзы бады иу лæг æмæ аразы фысы сæртæ. Лæппу йæм куы бахæццæ, уæд æм дзуры:  

— Ацы хорз лæппу, дæ голлаг мын радт æмæ дын дыууæ фысы сæры ратдзынæн.  

— Мæ голлаг дын куыд хъуамæ радтон, мæнæн дзы æвзист æмæ сызгъæрин ис, дæ фысы сæртæ та цы сты? — бадис та лæппу.  

— Цæй æвзист æмæ цæй сызгъæрины кой кæныс, фен-ма, кæддæра дзы æвзалы нæй.  

Уый дæр та йын сæ æвзалы фестын кодта Лæппу ныккастис æвзалыйы голлагмæ, радта йын æй æмæ фæстæмæ фездæхы.  

— Дæ фысы сæртæ нæ хæссыс? — йæ фæстæ рауад лæг, фæлæ йæм лæппу дзуры, уадз уал, дам, сæ. Куы цæуон, уæд дам, сæ ахæсдзынæн.  

Бацыди та йæ хæдзармæ, дуæрттæ та йæхиуыл фидар сæхгæдта, фæлæ та куыддæр хур нынныгуылд, афтæ та кадзитæ бирæгътæ фестадысты, лæппумæ та дзурынц:  

— Дуар бакæн, æхсæв даргъ у, фæбадæм, фæныхас кæнæм.  

Фæлæ та сын лæппу дуар нæ бакодта, æмæ та сæ дæндæгтæ дуртыл хафтой.  

Бон дзир-дзур кæнын райдыдта, афтæ йæм уæйыг фæмидæг хæдзармæ æмæ йæ афарста, куыд у, базаргæнджытæй де ’ртæ уаргъы сызгъæрин байстай, зæгъгæ.  

Лæппу йын рахабар кодта, ома уыдонæй сæ бæргæ байстон, фæлæ мæ афтæ æмæ афтæ, ныууагътой фæндагыл, афтæ æмæ афтæ ацы калак-хъæумæ æрбафтыдтæн, мæ сызгъæрин æвзалы фестад æмæ, дам, сæ афтæ æмæ афтæ ауæй кодтон.  

Уæйыг ын загъта, тæрсгæ, дам, ма кæн, куыддæр, дам, хур скæса, афтæ уæлæ хъæуы сæрмæ цы бæлас ис, уымæ ссу, йæ мæрайы, дам, ныббыр, ацы калак-хъæуæн, дам, æз дæн йæ паддзах, ацы райсом уым баддзынæн, æмæ сæ чи цы фæпайда кæна, уый, дам, мын хъуамæ дзура æмæ, дам иу дердæм кæй зæгъон, уый ма ныууадз.  

Хур куыддæр скаст, афтæ лæппу бæласмæ ссыд æмæ мæрайы ныббырыди. Уалынмæ уæйыг æрбаздæхт, йæ базыртæ бæласыл баппæрста æмæ мæрайы аууон сызгъæрин къæлæтджыныл æрбадти, лæппу куыннæ зына, афтæ. Йæ адæм æм цæуын райдыдтой æмæ йын дзырдтой, чи сæ цы фæпайда кодта, уый.  

Гæрзытæ аразæг фæзынди цингæнгæ:  

— Дæ азарæй сыгъд фæуон, нæ цытджын паддзах, æз ныры хуызæн никуыма фæпайда кодтон, дыууæ гæрзы иу хæрæгуаргъ æвзист æмæ сызгъæринмæ ауæй кодтон!  

— Ахаста сæ?  

— Нырма нæ, фæлæ хæрæгуаргъ мæхимæ ис.  

— Уæдæ хорз куы фæпайда кодтай! Уый дæ хуымæтæджы гæрзытæ нæ балхæдта, нæ. Йæ хæрæгуаргъыл ма йын иу хæрæгуаргъ æвзист æмæ сызгъæрин куынæ бакæнай, уæд дын иу гæрз дæхи рагъæй рауадздзæнис, иу та дæ усы рагъæй, æмæ сæ сæхимæ цæмæ ауæй кæндзæн, уый зоныс? — дзуры йæм уæйыг æмæ лæг фæстæмæ сæркъулæй аздæхти.  

Сидзæр лæппу хъусы мæрайæ.  

Сæнæфсиры нæмгуытæ аразæг дæр та фæзындис цингæнгæ:  

— Дæ азарæй сыгъд фæуон, нæ цытджын паддзах. Айбæрц кусын, фæлæ ныры хуызæн никуыма фæпайда кодтон: дыууæ сæнæфсиры нæмыджы иу хæрæгуаргъ сызгъæрин æмæ æвзистмæ ауæй кодтон.  

— Ахаста сæ?  

— Нæма, фæлæ хæрæгуаргъ мæхимæ ис.  

— Уæдæ хорз куы фæпайда кодтай! Уый дæ хуымæтæджы сæнæфсиры нæмгуытæ нæ балхæдта, нæ. Йæ хæрæгуаргъыл ма йын иу хæрæгуаргъ æвзист æмæ сызгъæрин куынæ бакæнай, Уæд дын иу дæ рахиз цæст акъахдзæнис, иннæ дæ усы æмæ сæ сагхи бæсты цæмæ ауæй кæндзæнис, уый зоныс?  

Уæйыджы ныхæстæм та сæнæфсиры нæмгуытæ аразæг дæр æрхæндæгæй аздæхти фæстæмæ.  

Сидзæр лæппу хъусы бæласы мæрайæ.  

Фысы сæртæ аразæг дæр фæзынди цингæнгæ:  

— Дæ азарæй сыгъд фæуон, нæ паддзах, стыр пайдайы фæдæн. Дыууæ фысы сæр иу хæрæгуаргъ æвзист æмæ сызгъæринмæ ауæй кодтон!  

— Ахаста сæ?  

— Нæма. Фæлæ хæрæгуаргъ мæхимæ ис.  

— Уæдæ хорз куы фæпайда дæ! Уый хуымæтæджы сæртæ нæ балхæдта, нæ. Йæ хæрæгуаргъыл ма йын иу хæрæгуаргъ æвзист æмæ сызгъæрин куынæ бакæнай, уæд дын дæ сæр æмæ дæ усы сæр хъуамæ слыг кæна æмæ сæ сæхи бæсты цæмæ ауæй кæндзæн, уый зоныс?  

Уый дæр та æнкъардæй аздæхт фæстæмæ.  

Лæппу сæм фæхъуыста æмæ куы фесты, уæд ын уæйыг куыд бацамыдта, афтæ дыккаг райсом разылд йæ балхæнæггæгтыл. Гæрзытæ аразæг æй куы ауыдта, уæд адæудтытæ кодта гæрзытæ.  

— О, фæзындтæ! Кæсыс, куыд хорз гæрзытæ дын сарæзтон?  

— Уыдон та цы сты? — бадис кодта лæппу. — Нæ мæ ’вдæлы, тагъд дæ усмæ фæдзур. Иу гæрз хъуамæ уый рагъæй рауадзон, иннæ — дæхи.  

Лæг фæтарст æмæ ма йын цы гæнæн уыди — лæппуйæн ма йæ хæрæгуаргъыл иу хæрæгуаргъ бакодта æвзист æмæ сызгъæрин, афтæмæй йæ рарвыста.  

Бахæццæ лæппу сæнæфсиры нæмгуытæ аразæгмæ, æмæ уый дæр йæ сæнæфсиры нæмгуытæ сæрфтытæ кæны.  

— О! Фæзындтæ? Кæсыс, цы рæсугъд сæнæфсиры нæмгуытæ дын сарæзтон?  

— Уыдон та цы сты? — бадис кодта лæппу. — Нæ мæ ’вдæлы, тагъд дæ усмæ фæдзур. Иу дæ рахиз цæст хъуамæ раппарон, иннæ — дæ усы.  

Уый дæр та фæтарст æмæ та йын йæ хæрæгуаргъыл ноджы иу хæрæгуаргъ æвзист æмæ сызгъæрин бакодта, афтæмæй йæ рарвыста.  

Фысы сæртæ аразæджы дæр та фæтæрсын кодта, ома дын дæ сæр æмæ дæ усы сæр ракæнон, афтæмæй та йын уый дæр йæ хæрæгуаргъ сызгъæриныл ноджы иу хæрæгуаргъ бакодта.  

Уый уал дын æхсæз хæрæгуаргъы æвзист æмæ сызгъæрин. Сидзæр лæппу хæрджыты æд уæргътæ ныххал кодта, афтæмæй рацæуы. Кадзитæ дæр йæ фæстæ цæуынц. Сæ дæндæгты къæс-къæс цæуы: хур кæд аныгуылдзæн æмæ йæ кæд аскъуыдтæ кæндзысты.  

Лæппу дæр тагъд кæны, тæры хæрджыты. А-дæ-дæ-дæ, гыццыл ма йæ хъуыди, гыццыл, аирвæзт арæнæй, хур дæр нынныгуылди. Кадзитæ дæр мæстæйдзагæй аздæхтысты фæстæмæ.  

Сидзæр лæппу та йе ’мбæлттимæ фембæлд æртæ фæндаджы цур, æмæ уыдон дисы бафтыдысты, айбæрц сызгъæрин ын кæм уыди, зæгъгæ.  

Уалынмæ та цъаймæ бахæццæ сты.  

— Цæй, ацы хатт ма йæ ныххизын кæнæм донмæ, æвæццæгæн, уæд уæйыг уым нæ уыди? — дзурынц базаргæнджытæ кæрæдзийæн, — стæй йе ’хсæз хæрæгуаргъы дæр махæн нæ зайынц. — Æмæ та лæппуйæн загътой: — Ацы хатт ма нын сдæтт æртæ къæртайы дон æмæ та дын æртæ хæрæгуаргъы æвзист æмæ сызгъæрин дæттæм.  

Лæппу дæр та ныххызти цъаймæ, æмæ та кæсы æмæ уæртæ мидæгæй уæйыг бады.  

— Байстай дæ хæрæгуæргьтæ? — бадзырдта та йæм йæхимæ.  

— Байстон сæ, — дзуапп радта лæппу.  

— Дæ къонаты фæныкæй пурти дæр систай?  

— Систон.  

— Уый дæр дын æз нывæрдтон, — загъта йын уæйыг. — Ныр ацу æмæ та æртыккаг къæртайыл фидар хæц, йемæ дæ куыд сласой. Цы хæрæгуæргътæ дын загътой, уыдон дæр та сæ байс. Куы дæ фæрсой, ницы дзы федтай, зæгъгæ, уæд-иу зæгъ,ницы федтон. Æмæ йын радта, йæ цъыхырыйы къонаты фæнычы цы пурти ссардта, ахæм.  

Лæппу дæр та сын дыууæ къæртайы дон слæвæрдта. Æртыккаг къæртайыл фидар ныххæцыд æмæ йæ сластой.  

Базаргæнджытæ та йæ фæрсынц:  

— Ницы дзы федтай?  

— Ницы дзы федтон, æрисут мын, фидыд цы хæрæгуæргътыл уыдыстæм, уыдон.  

Цы гæнæн та ма уыдис уыдонæн дæр? Радтой та йын æртæ хæрæг уаргъы æвзист æмæ сызгъæрин.  

Уый дын фæраст æвзист æмæ сызгъæринæй дзаг хæрæгуæргътимæ æмæ уæйыджы лæвар пуртиимæ.  

Иннæ базаргæнджытæн æм сæ цæстытæ бæргæ хаудтой, ай, дам, мах иумæ цы хæссæм, уымæй фылдæр фæллой фæхæссы. Фæлæ йын цы сæ бон уыди?  

Куы æрхæццæ сты, уæд сæ зæронд хæрæгдоны фарсмæ стыр ног бæстыхай арæзт.  

Лæппу йæ иувæрсты йæ хæрджыты халгондæй йæ фæстæ фæласы хæрæгдонмæ.  

— Ацырдæм, ацырдæм, кæдæм цæуыс? — уæле йæм рудзынгæй дзуры чызг.  

Лæппу бадис кодта, ай кæй хæдзæрттæй кæсы, зæгъгæ.  

— Адон, дæ цъыхырыты къонаты бын цы пурти ссардтай, уымæй иу гыццыл ралыг кодтон æмæ уымæй саразын кодтон, — загъта чызг.  

Уалынмæ сфæнд кодтой чындзæхсæв кæнын, æмæ чызг йæ мад æмæ йæ фыдмæ арвыста хонæг, иу сидзæр чызг, дам, чындзæхсæв кæны æмæ уæ хоны, зæгъгæ.  

Паддзах сæ ницæмæ æрдардта.  

Чызг та йæм ногæй арвыста хонæг.  

Дыккаг хатт дæр та сæ не схаста йæ сæрмæ. Æртыккаг хатт нал фæлæууыд æмæ йæ усмæ дзуры:  

— Цом-ма, æхсин, афтæ зæрдиагæй нæ чи хоны, фенæм æй.  

Куы бацыдысты, уæд дисы бафтыдысты, ома ацы галуантæ чи сарæзта, махуæттæй сын куы фæхуыздæр сты.  

Паддзах æмæ йе ’хсины æрбадын кодтой фынджы сæр. Чызг æртæ нуазæны ракуырдта æмæ дзы фæйнæ йæ мад æмæ йæ фыдмæ арвыста, иннæ йæхæдæг систа æмæ сæм дзуры:  

— Ракæсут-ма, мæ мад æмæ мæ фыд, ацы лæппу, кæй тыххæй мæ фæнадтат æмæ расырдтат, уый у, гъе æмæ ныр нæ фидауæм?  

Лæппу æмæ чызг æцæгдæр, дыууæ дидинæджы хуызæн фидыдтой фынгыл, æмæ паддзахæн дæр æхсызгон куыннæ уыди, сæ амондæн сын ракуывта, афтæмæй паддзахы чызг æмæ мæгуыр лæг æмæ усы сидзæр лæппуйы чындзæхсæв иу абонæй иннæ абонмæ ахаста.  

Низтæ уым баззайæнт, хæрзæбонтæ ардæм æрцæуæнт.  

 

 

Радзырдта йæ Арцеуы хъæусоветы Ногхъæуы цæрæг 90-аздзыд зæронд лæг Хъазиты Алыксандр  

1972 азы 19 мартъийы.  

 

 

АЛИХАН 

 

Иу лæг æмæ иу усæн зæнæджы хъуыддагæй уыди æрмæст иунæг чызг, йæ ном — Алихан, фæлæ йæм искæй цур нæ дзырдтой йæ номæй. Йæ чындзы цæуыны рæстæг куы æрхæццæ, уæд чызгмæ алы бæстæтæй алы адæмтæ райдыдтой курæг цæуын. Фысымты бæхбæттæн усгурты бæхтæй нал цух кодта, фæлæ сын фыд æмæ мад лæвæрдтой иухуызон дзуапп:  

— Нæ чызгæн йæ ном чи базона, уымæй дарддæр æй моймæ никæмæн ратдзыстæм.  

Усгуртæ-иу райдыдтой алы нæмттæ нымайын, фæлæ сæ йæ амонд никæмæ худтис æмæ та-иу фæстæмæ аздæхтысты сæркъулæй. Иу бон куы уыдис, уæд сæм уæйыг дæр фæзындис усгур. Мад æмæ йын фыд загътой, ома, нæ чызджы, йæ ном ын чи базона, уымæй дарддæр моймæ никæмæн дæттæм. Уæйыг, цыдæриддæр сылгоймаджы нæмттæ зыдта, иууылдæр сæ срæтыхтытæ кодта, фæлæ йын дзы никæцы фæраст, æмæ фæстæмæ афтидармæй аздæхт.  

«Уæдæ ма цы хуындзæни?» — бирæ фæхъуыдытæ кодта йæхицæн, стæй хæйрæгмæ басидтис æмæ йæ баххуырста, уыцы æмæ мын уыцы чызджы номæй бæлвырд-бæрæг куыд базонай, зæгъгæ.  

Хæйрæг бахъузон кодта æмæ, чи зоны, цас фæбадти, фæлæ кæддæр куы уыд, уæд мад чызгмæ срæдыд йæ номæй:  

— Алихан, дон ма мын авæр.  

Уæд хæйрæг уæйыгмæ хæрзæггурæггаг фæцис, йæ ном Алихан хуыйны, зæгъгæ. Уæйыг дæр та йæм усгур рараст и. Мад æмæ та йын фыд дæр загътой, йæ ном ын чи базона, уымæй дарддæр æй кæй никæмæн дæттынц, æмæ уæйыг фæцæттæ:  

— Æмæ уый цы зын базонæн у? Йæ ном — Алихан.  

Уæд ма дзырд æххæст кæнгæйæ уыд æмæ ма цы гæнæн уыди лæг æмæ усæн дæр, хъуамæ йæм сæ чызджы моймæ арвыстаиккой.  

Лæгæн уыдис хорз бæх, йæ ном Сауцъиу, дыууадæс дуары æхгæд ыл уыди, фæлæ лæг базæронд, йæ бон ницыуал уыд æмæ йæм чызг зылди. Хæргæ та æфсæйнагæй дарддæр ницы кодта.  

Чызг æм бацыд, æфсæйнæгтæ йын ныккалдта йæ разы, йæ бынтæ йын сæрфта. Бæх хæринагмæ нæ фæцагайдта, фæлæ чызгмæ дзуры:  

— О, чызгай, райгонд уай дæ мой скондæй!  

Чызг æм ницы сдзырдта, æмæ та йæм бæх дзуры:  

— Фæлæ цæй мой... Уый ды нæ, дæ уд хъæуы. Амардзæни дæ æмæ дын хъуамæ дæ уд ахæсса йемæ.  

Чызг уый куы фехъуыста, уæд сбадт æмæ кæуынтæ райдыдта. Йæ цæссыгæй йæхи æхсадта.  

— Кæуынæй дын нал у, — дзуры та йæм бæх, фæлæ мæ дзæбæх æрсæрф, саргъ мыл сæвæр, ме ’хтæнгтæ мын, куыд æмбæлы, афтæ сæлхъив æмæ, цалынмæ нæ байрæджы, уæдмæ цæугæ.  

Чызг æй дзæбæх ныссæрфта, саргъ ыл сæвæрдта, йе ’хтæнгтæ йын, куыд хъуыд, афтæ сæлхъывта æмæ йыл сбадти. Бæх æй скъæфынтæ райдыдта, скъæфынтæ райдыдта, бирæ фæлыгъд, цъус фæлыгъд, уæддæр бафæллад æмæ æрлæууыди.  

— Мæ бон нал у, æрхиз, æз иу цъус аулæфон, — æрхизын кодта чызджы. — Афынæй уыдзынæн, фæлæ ды хурныгуылæны ’рдæм кæс æмæ дзы исты змæлæг куы фæзына, уæд-иу мæ райхъал кæн.  

Бæх фæлладæй уайтагъд афынæй, фæлæ чызг хурныгуылæны ’рдæм кæсы. Уалынмæ дзы ауыдта иу мигъы къуымбил уыдонырдæм тæхгæ æмæ бæхы фехъал кодта. Бæхæн цы базонын хъуыдис, уый сæ уæйыг кæй расуры фæсте, æмæ та чызджы абадын кодта. Райдыдта та йæ скъæфын, æмæ иу тыгъд быдырмæ ахаудтой. Цæрæг никуыцæй зыны, æрмæст иучысыл тæппæй калди фæздæг. Се ’хсæв уырдæм бахастой. Æмæ дзы цардис иу мæликк.  

Чызг йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йын куы фехъусын кодта, цæмæй сæ æхсæвы бавæрдтаид, уæд сын дыууæ нал загъта. Йæ лæггадгæнджытæн радта бардзырд, цæмæй йын радтой хорз хæдзар, йæ бæхæн цы æрфæрса, уый йын куыннæ бахæлæг кæной.  

Чызджы куы бафарстой, ома дæ бæхæн дын цы нывæрæм холлаг, уæд сын дзуапп радта: кæд уæм искуы æфсæйнæгтæ, рельсыты цъæлтæ-йедтæ ис, уæд ын уыдонæй йæ раз байдзаг кæнут.  

Лæггадгæнджытæ мæликмæ дисгæнгæ фæлыгъдысты:  

— Дæ фыдæхæй сыгъд фæуæм, йæ бæхæн хæринагæн куры æфсæйнæгтæ, рельсыты цъæлтæ-йедтæ.  

— Нывæрут ын, цыдæриддæр уын загъта, уый! — бардзырд радта мæликк, æмæ бæхы раз алы æфсæйнаг æмæ рельсыты сæстытæй байдзаг кодтой.  

Бæх-иу сæм куы февнæлдта, уæд-иу скъæты къуымтæ цæхæрæй айдзаг сты. Къыбар-къыбур сæ кæны сæкæры къæрттытау.  

Лæггадгæнджытæ та хъуыддаг мæликмæ баскъæрдтой, æмæ уый дæр чызгмæ басидти, чи дæ, цы дæ, зæгъгæ. Чызг дæр ын йæ хъуыддæгтæ рахабар кодта, æмæ йæ уый дæр нал ауагъта йæхицæй.  

— Мæ цуанонты цур ардæм уæйыг нæ, хæйрæг дæр не ’рбахъуыздзæни, — суадзын кодта егарты.  

Чызг мæличчы лæппуйы зæрдæмæ дæр фæцыд æмæ йæ баус кодта, фæлæ дард балцы кæдæмдæр цыд æмæ иу райсом чызгæн афтæ зæгъы:  

— Дæ бæх мын нæ авæрдзынæ?  

— Кæд мæхæдæг дæу дæн, уæд мæ бæх дæу нæу? — бадис кодта чызг æмæ йын йæ бæхы радта.  

Бæх уый куы базыдта, æндæр бæстæмæ цæугæйæ мын у, уæд чызгмæ бацыд æмæ йын афтæ:  

— Мæнæ мын мæ къæдзилæй æртæ æрдуйы атон, искуы дæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд сæ аиваз, æмæ дæ цуры февзæрдзынæн.  

Чызг бæхы къæдзилæй æртæ æрдуйы ратыдта æмæ сæ йæ кæлмæрзæны кæрон абаста, бæхыл та мæличчы фырт афардæг йæ балцы. Иудзæвгар куы рауад, уæд чызгæн райгуырди сызгъæрин коцораджын лæппу.  

Мæличчы цинæн ма кæрон кæм уыдис æмæ йæ фыртмæ хæрзæггурæггаг арвыста.  

Уæйыгæн йæ бон нæ уыдис, æви цы, фæндаджы былыл дукани авæрдта æмæ хæрзæггурæгмæ дзуры:  

— Рауай, чысыл аулæф, аныхæстæ кæнæм, кæдæм тагъд кæныс?  

Уый дæр æм фездæхтис æмæ йын дзуапп радта:  

— Мæличчы фыртæн сызгъæрин коцораджын лæппу райгуырдис, æмæ уымæ хæрзæггурæггаг цæуын.  

— Æмæ дын гæххæтт нæ рарвыстой?  

— Куыннæ.  

— Алæ-ма, фенон æй, — райста йын йæ гæххæтт, æмæ дзы фыст уыдис.  

Афтæ æмæ, дам, дын афтæ, сызгъæрин коцораджын лæппу райгуырдис.  

Уæйыгæн йæхимæ цæттæ уыдис æндæр гæххæтт æмæ йæм уый авæрдта. Уым та фыст уыди, дæ усæн куыдзы хъæвдын райгуырди, зæгъгæ, æмæ йын куыд бакæнæм?  

Хæрзæггурæг фæстæмæ куы раздæхтис, уæд та йæм уæйыг дзуры:  

— Куыд у, хæрзæггурæггаг дын ницы радта?  

— Хæрзæггурæггаг мын бæргæ радта, — дзуры йæм лæг, — фæлæ йын хъуыддаг цыма уадиссаг æхсызгон нæ уыди.  

— Гæххæтт дын нæ рарвыста?  

— Куыннæ.  

— Агъæца, фенон æй, — уæйыг та йын райста йæ гæххæтт æмæ дзы бакаст: «Куыдзы хъæвдын у, цы у, мæ ныццыдмæ сæ дзæбæх куыд бавæрат, афтæ бакæнут».  

Уæйыгмæ та æндæр гæххæтт уыди цæттæ æмæ та йæ уымæй фæивта. Уым та фыст уыди: «Сызгъæрин коцораджын лæппу йын ис, æви йын цы ис, иу абонæй иннæ абонмæ чъырсудзæн фæтæвд кæнут æмæ сæ уым ныппарут, æндæра куы ныццæуон, уæд мын додой уæ сæртæ кæнынц!»  

Мад æмæ фыдмæ уыцы хабар куы ’рцыди, уæд æрдиаг кæнын райдыдтой, зæгъгæ, ай цы хабар у, фæлæ сын æндæр гæнæн нæ уыд æмæ иу абонæй иннæ абонмæ чъырсудзæн фæтæвд кæнын кодтой æмæ дзы хъуамæ чызджы æд сывæллон ныппарой.  

Чызг æрдæгвæндагыл бæхы къæдзилы хъистæ фæхъуыды кодта, айхæлдта сæ йæ кæлмæрзæны кæронæй æмæ сæ аивæзта:— Мæ бон ныккалд, Сауцъиу, цы фæдæ!  

Бæх февзæрд йæ уæлхъус. Чъырсудзæны алыварс уæйыг æмæ хæйрæджытæ хъазт сарæзтой æмæ кафынц, хъуамæ чызг æмæ йæ лæппуйы удтæ аскъæфой. Бæх сæм дæндагæй бавнæлдта, зæвæтдзæгъдæн сыл аздæхта æмæ сын чъырсудзæны сæхи ныккалдта. Йæхæдæг чызджы æд сывæллон фелвæста æмæ йæ скъæфын райдыдта, скъæфын райдыдта...  

Иу тыгъд быдыры сыл æризæр æмæ бæх дæр чызгмæ дзуры:  

— Æрхиз, Алихан, мæ бон нал у. Мæлгæ кæнын.  

Чызг æрхызти, фæлæ кæуынтæ байдыдта, æдзæрæг быдыры ме ’нахъом сабиимæ æвæгæсæгæй куыд хъуамæ кæнæм, зæгъгæ.  

— Кæуынæй дын нал у, — дзуры та йæм бæх, — фæлæ куы амæлон, уæд-иу мæ бастигъ, мæ рахиз фарсæй мын иу фæрск слыг кæн, дæ алыварс дзы дардыл æрхахх кæн, стæй йын фæрск йæ тæккæ астæу нытътъысс, мæ сæр дæр-иу ын йæ цуры æрæвæр. Мæхи мын скæн цыппар къабазы æмæ, цы хахх æркæнай, уый цыппар кæроны сæ æрæвæр. Мæ хуылфыдзаума-иу мын дæ быны бакæн, мæ уæцъæф — дæ нывæрзæн. Дæ сывæллоны-иу батух дæ хъæбысы æмæ мын мæ царм уæ уæлæ бамбæрзут хъуыны ’рдæм. Туджы ’рдæм-иу æй ма бамбæрз, стуг уыдзыстут. Тæрсгæ-иу ма кæнут, уыцы хаххæй мидæмæ уæм ницы æрбацæудзæни.  

Бæх ма уыцы ныхæстæ загъта æмæ амард.  

Чызг æй кæугæ-тъизгæйæ бастыгъта. Йæ рахиз фарсæй йын иу фæрск слыг кодта, йæ алыварс дзы дардыл æрхахх кодта, ныссагъта йæ астæуæй æмæ йын бæхы сæр æрæвæрдта йæ фарсмæ. Цыппар къабазы йын йæ цыппар кæрон æрæвæрдта, стæй схуыссыдысты, бæх ын куыд бацамыдта, афтæ: хуылфыдзаума сæ быны, уæцъæф — нывæрзæнæн, царм хъуынты ’рдæм сæ уæлæ, æмæ фырадæргæй уайтагъд афынæй сты.  

Райсомæй райхъал æмæ хъусы сабыр ныхас:  

— Æхсин нæма райхъал?  

— Нæма, нæма, йæ сыстадмæ йын цай рахсидут.  

«Ай, кæм дæн?» — хъуыдыты фæци чызг. Йæ уæлæ — зæлдагцъар хъæццул, йæ быны — зæлдагцъар гобан. Сусæгæй ракаст, æмæ лæггадгæнджытæ рауай-бауай кæнынц сæ къахы æлгътыл.  

Уалынмæ æхсæвы кæуылты æрхахх кодта, ууылты галуан куы федта, уæд ма йын цы базонын хъуыди хъуыддаг. Астæуæй хæрдмæ фæцыдис галуаны сæр, йæ цыппар фисыны — хæцæн фидæрттæ.  

Кæддæр куы уыд, уæд лæг дæр æрцыдис йæ балцæй, æмæ йын хъуыддаг куы радзырдтой, уæд хорзау нал фæци, стæй йæ мадæн афтæ зæгъы:  

— Æфсæнбын лæдзджытæ айсæм, æфсæнбын дзабыртæ скæнæм, æмæ йæ йæ бæх кæцырдæм аскъæфта, уырдæм æм фæцæуæм агурæг.  

Æцæгдæр, æфсæнбын дзабыртæ скодтой, æфсæнбын лæдзджытæ айстой сæ къухты æмæ сæм агурæг ацыдысты.  

Бирæ фæцыдысты, цъус фæцыдысты, уæддæр иу галуанмæ бахаудтой. Уарыны пырх рацыд, æмæ йæ дæлбазыр балæууыдысты.  

Чысыл, сызгъæрин коцораджын лæппу хъазгæ рацыди тыргъы, æмæ йæ зæронд ус куы ауыдта, уæд æркуыдта.  

Лæггадгæнджытæ æхсинмæ бауадысты, зæгъгæ, уым ахæм æмæ ахæм адæм, зæронд ус дæ лæппуйы куы федта, уæд æркуыдта.  

— Ацæут æмæ кæд рæстаг адæм сты, уæд сæ мидæмæ æрбакæнут, — арвыста сæм æхсин, æмæ рæстаг куы разындысты, уæд сæ бакæнын кодта йæхимæ.  

Зæронд ус ын фæдзырдта, фæхъæстытæ кодта йæ хабæрттæ, стæй Алихан бацыди, ныххæцыд йæ лæппуйы къухыл æмæ йæ йæ фыдмæ бакодта.  

— Мæнæ уый у дæ лæппу, æз та — дæ бинойнаг, — æмæ сын уый дæр ракодта йæ хабæрттæ.  

Сеппæтæн дæр æхсызгон куыннæ уыдаид хъуыддаг æмæ цины куывдтæ фæкодтой иу абонæй иннæ абонмæ. Чызг æмæ ма лæппу та абон дæр цæрынц уыцы галуаны.  

 

Радзырдта йæ Цхинвалы районы ногхъæуккаг 90-аздзыд зæронд лæг Хъазиты Алыксандр 1972 азы 19 мартъийы.



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ