Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Чеджемты Геор
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
Чеджемты Геор райгуырд 1940 азы Цæгат Ирыстоны, Заманхъулы. 1959 азы, скъола фæуыны фæстæ, ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы педагогон училищейы аивадон хайадмæ. Фæстæдæр каст фæци Мæскуыйы полиграфион институт. 1980-1985 азты куыста журнал «Ногдзау»-ы аивадон редакторæй. У Нывгæнджыты цæдисы, стæй Фысджыты цæдисы уæнг. Фылдæр фыссы рæзгæ фæлтæрæн: «Дзывылдар-æнгуырдар» (1964), «Хазби кафын зоны» (1965), «Чичи æмæ Бечи» ( 1966), «Æрдæгфыст писмо» (1968), «Бубу мигъагур куыд ацыд» (1970), «Тæнæгбазыр, авдхуызон» (1972), «Зæринæг» (1978) æмæ æнд.  

Хистæртæн фыст æмдзæвгæтæ йын мыхуыры рацыдысты чиныг «Арвы бæлæстæ»-йы (1987). Ирон театрдзаутæй абон дæр нæ рох кæнынц Георы пьесæтæм гæсгæ æвæрд спектакльтæ «Цола» æмæ «Цолайы чындзæхсæв». Уымæй уæлдай ма Геор у курдиатджын нывгæнæг – йæ чингуытæн дæр нывтæ скодта йæхæдæг, къорд хаты архайдта аивадон равдыстыты Дзæуджыхъæу æмæ Мæскуыйы. 

 

 

 

ЧЕДЖЕМТЫ ГЕОРЫ АИВАДОН ДУНЕ 

 

Статья посвящена творчеству известного осетинского поэта, писателя Геора Чеджемова, который внес неоценимый вклад в развитие осетинской детской литературы. Художественный мир автора рассматривается в различных аспектах: система образов, стилистические особенности, авторская позиция.  

The article is on the work of the famous Ossetian poet and writer Geor Chedzhemov, who made an invaluable contribution to the development of Ossetian children's literature. The author’s artistic world is considered in various aspects: images system, stylistic features, and author's position. 

Ключевые слова: осетинская детская литература, литературная сказка, фольклорная традиция, система образов, художественный мир. 

Keywords: Ossetic children's literature, literary fairy tale, folklore tradition, images system, artistic world. 

 

Чеджемты Георы сфæлдыстад ирон сывæллæтты литературæйы хæссы йæхи гакк. Йæ уацмыстæ йын иу хатт чи бакæса, уый сæ нал фæхæццæ кæндзæн æндæр фыссæджы æрмдзæфимæ. Геор фылдæр йе ‘ргом здахы кæтæр кары сабитæм. Ацы хъуыддаг уый нæ амоны, æмæ йæ уацмыстæ хистæртæн цымыдисаг не сты. Йе ‘мдзæвгæтæ, йæ радзырдтæ, йæ аргъæуттæ стыр æхсызгондзинад хæссынц канд рæзгæ фæлтæрæн нæ, фæлæ-ма суанг ас адæймагæн дæр. Уæрæх у Георы уацмысты тематикæ. Йæ уацмыстæ йын адихгæнæн ис бæлвырд цалдæр тематикон къордыл: сабиты цард, сæ миниуджтæ («Богал», «Куыстуарзаг», «Тæргайгопп», «Тæхудиаг» æмæ а.д.), æрдзы нывтæ («Сæрдыгон къæвда», «Уалдзæг», «Зымæджы фæстаг бонтæ», «Фæззæг», «Хъæууон изæр» æмæ æнд.), цæрæгойты æмæ мæръты цард («Сауцъиуы маст», «Дзывыллдар», «Гæлæбу», «Сыкъафындз», «Сæныччы фыццаг балц хъæдмæ», «Цæф дзывылдары зарæг» æ а.д.) 

Чеджемты Георы сфæлдыстады фæды йæ рæстæджы Бесаты Тазе афтæ загъта: «Геор хорз зоны сывæллæтты психологи, зоны сын се ‘взаджы фæзилæнтæ, хуымæтæг, æнцон æмбарæн, цыргъ æмæ аив, æнæуæлдай ныхас, хорз сæ райдайы æмæ сæ афойнадыл балхынцъ кæны» [1, 85]. Поэтæн йæ рæнхъ у æлвæст, ныхасы нывæзт – хъæздыг, аивадон фæрæзтæй – æххæст. Уыимæ чиныгкæсæгмæ ахæм æнкъарæн сæвзæры, цыма ахæм «хуымæтæг» æмдзæвгæтæ йæхæдæг дæр ныффыстаид:Цуангæнджытæ, цуанæттæ, 

 

Акæнут мæ тар хъæдтæм. 

Æз уæ разæй уайдзынæн, –  

Фæстейы нæ зайдзынæн!.. 

Тæрхъусты нæ мардзыстæм, 

Саг-сæгуыттæн бардзыстæм, 

Бирæгъты ыссардзыстæм, 

Топпытæ сæм дардзыстæм [2, 27]. 

 

Кæнæ: 

 

Зæлдаг къоппа, 

Хъырмыз боцъо, 

Пыхцыл къæдзил, 

Кæронæг. 

Æндæрæбон  

Кæмæ уадтæ 

Дæлæсыхмæ, 

Кæй хонæг? [3, 14] 

 

Æнæмæнг, уый у авторы егъау æнтыст. Георы æмзæвгæтæ рæзгæ фæлтæры зæрдæтæ æлхæнынц се’рдзон уагæй, сæ æнцонæмбарæн, хуымæтæг æвзагæй: 

 

Уарын, уарын, 

Цæй, ныллæуу! 

Науæд хъазын  

Мах бон нæу [3, 13] æмæ а.д. 

 

Георы поэтикон лексикæйы бындур у адæмон æвзаг. Æркæсæм-ма йын йе ‘мзæвгæты дзырдуатмæ: кæрконæг, хъæдхойæг, кæркæ-мæркæ, тæргайгопп; гæккытæ, гуыппа, дзибатæ, гудзи (сывæллæтты лексикæ). Фыссæг арæх пайда кæны дывæргонд дзырдтæй: расмуд-басмуд, расур-басур, дзыкъы-мыкъы, раппар-баппар, хъулон-мулон, цъынды-мынды. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон иууылдæр дзурæг сты фыссæджы æвзаджы адæмондзинадыл. 

Сæ формæ æмæ мидисæй – тыхджын, динамикæйæ – æххæст, – ахæм сты Георы æмдзæвгæтæ. Сæ ритмикæ у рог, хорз фидауы сæ мидисимæ, сабитæм сиды змæлынмæ, ахуыр сæ кæны тагъд æмæ раст дзурыныл: 

 

Нана хъуылæг 

Цагъта 

Дада хуымзæхх 

Къахта, 

Таму сугтæ 

Саста, 

Фари гуымбыл 

Ахста. [3, 3] 

Кæнæ: 

Расыг лæгау – 

Рахау-бахау, 

Тыппыр гуцъа  

Раппар-баппар. [3, 12] 

 

Ацы æмдзæвгæйы ритм ахæм у, æмæ цæстытыл ауайы бабыз узгæ-узгæ куыд фæцæуы, уый. Афтæмæй поэты къухы бафтыд канд мидисы руаджы нæ, фæлæ-ма ритмы фæрцы дæр сабийы раз ирд, цæстуынгæ ныв æрæвæрын. Ахæм рауад поэтæн йе ‘ннæ ‘мзæвгæ, «Бындз», зæгъгæ, уый дæр: 

 

Уазал рудзынгыл  

Фæхилы бындз, 

Раззаг къæхтæй  

Асæрфы йæ фындз. 

 

Æз-з-з куыд кæнон? 

Æз-з-з цы кæнон? 

Дз-дз-дзабыртæн  

Амал цы скæнон? [2, 17] 

 

Æмзæвгæйы мыртæ «з» æмæ «дз» арæх кæй æмбæлынц, уымæй-ма сæ поэт æртывæрæй кæй пайда кæны, уый фæрцы чиныгкæсæджы цæстытыл æнцонæй ауайы, куыд уазал у бындзæн, куыд баргъæвст рудзынгыл, уый.  

Чеджемты Геор арф ныккастис сабиты миддунемæ, у дæсны психолог, хорз арæхсы сывæллæты чысыл зæрдæтæм дырыс дæгъæлтæ ссарынмæ. Йе ‘мзæвгæтæ кæстæр кары сабитæн фыст кæй сты, уымæ гæсгæ агургæ æмæ æнæссаргæ æрмæг сты сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæ æмæ кæстæр кълæсты ахуыргæнджытæн. Ис сæ сывæллæттæн характерон, арф æмæ æнæлаз æнкъарæнтæ,хъæздыгдæр сын кæнынц се ‘взаг, сæ миддуне, ис сын егъау этикон æмæ эстетикон нысаниуæг. Зæгъæм, кæстæр кары сывæллæтты хъомылады хъуыддажы стыр ахадындзинад ис ахæм æмзæвгæтæн: «Цæф зывылдары зарæг», «Сырх дидинæг», «Куыстуарзаг», «Гæдыйы лæппын æмæ хæрзæмбæлæг», «Гыццыл цуанон» æмæ иннæтæн. Уыдон рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнынц фæллой уарзыныл, хистæрæн аргъ кæныныл, нæ алфамблай дуне, æрдз хъахъхъæныныл. 

Геор иттæг хорз арæхсы æрдзы нывтæ, æрдзы гармони равдисынмæ дæр: 

 

Уæлæ рагъæй 

Хъæумæ ракаст, 

Хъæумæ ракаст 

Бур куырæтджын, 

Бур раздарæн –  

Й’ астæуыл. 

Раздарæнæй 

Хурмæ худынц 

Бур кæрдотæ, 

Бур фæткъуытæ, 

Карст уыгæрдæн, 

Бур мæкъул [2, 7] 

 

Кæнæ:  

Хъал зымæг æд урс кæрц 

Уæлæ разынд тигътæй. 

Зилгæдымгæ сыстад, 

Арвыл хъазы мигътæй. 

<…> 

Фехъуыстон, кæны, дам, 

Галæгон цъындатæ 

Æмæ мигъ-къуымбилæй 

Самадта цъынатæ [3, 25]. 

 

Фæззæг æмæ Зымæджы удгоймагон миниуджытæй схайджын кæнгæйæ, автор сарæзта ирд, хуызджын фæлгонцтæ: фæззæг æмæ зымæг сабиты цæстытыл ауайдзысты сæ рæвдауæг, рæдау, хæларзæрдæ нанатæ æмæ дадаты хуызы. Зын бамбарæн у æрмæст дымгæйы бардуаг Галæгоны фæлгонц – ам автор ахызт традицийы сæрты. Георы æмдзæвгæйы Галæгон чингкæсæджы цæстытыл ауайдзæн зæронд нанайау, цъындагæнгæйæ, ирон адæмон сфæлдыстады та Галæгон кæддæриддæр æмбæлы нæлгоймаджы хуызы. 

Георы æмзæвгæтæ кæсгæйæ рахатæн ис ахæм миниуæг: арæх нæ пайда кæны миногонтæй, эпитеттæ йæм стæм хатт æмбæлынц. Фылдæр йе ‘ргом здахы мивдисджытæм. Уымæ гæсгæ йе ‘мзæвгæтæ сты динамикон, цард сæ тæлфы. 

Фæлæ хатт афтæ дæр рауайы, æмæ æмдзæвгæйы бирæ вæййы архайд æвдисæг мивдисджытæ, фæлæ дзы динамикæйæн йæ кой дæр нæ вæййы. Зæгъæм: 

 

Хур æрныгуылди, фæлæ-ма 

Судзынц рæгътæ. 

Хизæнуатæй згъорынц-уайынц 

Фыстæ, сæгътæ. 

 

Фосы фæстæ бурхъус куыйтæ –  

Сыллынк-сыллынк. 

Фыййауы хъæбысы уасы-кæуы  

Ногзад сæныкк. [3, 27] 

 

Ацы æмдзæвгæйы ныхас цæуы царды тыгъдыл, йæ эпикон-æнæтындзгæ уагыл. 

Чеджемы-фырты поэтикон уацмыстæн хуымæтæг æвзаг кæй ис, æнцонæмбарæн уæвгæйæ, сæ аив фæлгонцтæ æмæ нывæфтыд ахорæнтæй сабиты зæрдæтæм раст фæндæгтæ кæй ссарынц, уый фæрцы сæ тагъд бахъуыды кæныныц чысыл чиныгкæсджытæ. Йæ уацмыстæ æнгом баст сты сывæллæтты зондахастимæ æмæ стыр ахъаз сты рæзгæ фæлтæры æвзаджы, хъуыдыкæнынады рæзтæн. 

 

* * *  

Геор иухуызон хорз арæхсы куыд поэтикон, афтæ прозаикон уацмыстæ фыссынмæ дæр. Йæ бирæ аргъæуттæ æмæ радзырдтæй барухс кодта йæ кæстæрты зæрдæтæ, ссис сын уарзон æмæ хион. 

Чи сты йæ прозаикон уацмысты хъайтартæ та? Сырддонцъиу Чичи æмæ фыссæг йæхæдæг, зæронд лæг Бечи æмæ зæрватыччытæ, Нартхоры Гага Урсдæндаг, зондджын Уызын æмæ хиппæлой Тæрхъус, фæлмæнзæрдæ Хæфс æмæ Тулдз тала, хъулон-мулон Уæртджынхæфс æмæ Рох Къахвæндаг, стæй-ма, кæй зæгъын æй хъæуы, сабитæ сæхæдæг. Поэт æмрæнхъ равæрдта зайæгойты, цæрæгойты, сабиты, суанг-ма къахвæндаджы дæр. Георы радзырдтæ æмæ аргъæуттæ бакæсгæйæ, сывæллæттæ базондзысты бирæ диссаджы хабæрттæ: цас цæрынц уæртджынхæфс æмæ пыл; мыст рихитæ кæй рауагъта, уый гæдыйæн цæмæн фæхъыг; зæронд уызын тæрхъусы лæппын Хъилхъусыл хинæй куыд рацыд, суанг – цы у амонд, æмæ йæ чи куыд æмбары; хорз сыхагæн аргъ кæй нæй, ныййарджытæм куы нæ хъусай, уæд адæймаг фæсмонгонд кæй вæййы… 

Георы сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсынц «æрдззонæн аргъæуттæ» схонæн кæмæн ис, уыдон. Авторы къухы бафты сабитæн равдисын, нæ алфамблай дене алы диссæгтæй дзаг кæй у, æрмæстдæр сæ фиппайын кæй хъæуы. «Тот не писатель, кто не прибавил к зрению человека хоть немного зоркости», – фыста К.Г. Паустовский [4, 492]. 

Æнтыстджынæй æххæст кæны уыцы фæдзæхст Чеджемы-фырт. Уый ахуыр кæны рæзгæ фæлтæры чысыл цаутæм дæр хъус дарын, цырддзаст уæвыныл. Уыимæ, сабиты цæрæгойтимæ, зайæгойтимæ зонгæ кæнгæйæ, авторæй нæ рох кæны, сывæллæтты фыссæгыл-ма хъомылгæнæджы хæстæ æвæрд дæр кæй ис. Афтæ, аргъау «Уæртджынхæфс æмæ йæ сыхæгтæ» [5, 14] бакæсгæйæ, саби бамбардзæн, сыхæгтимæ хорз цæрын кæй хъæуы, æнæмæнг сын салам дæттын кæй хъæуы, уый. 

Фондзыссæдз азы бæрц фæцард змисджын быдыры чысыл Уæртджынхæфс. Йæ зæрдæ никуы ницæмæй барухс ис. Йæ алыварс цы бирæ алыхуызон цæрæгойтæ цард, уыдон æм дзыхæй нæ дзырдтой. «Ничи дзы æппæлæн ныхас зæгъы. Ничи йæм хæлæг бакæны. Суанг-ма йæм фыдуынд Теуа дæр æнæрвæссон хуызæй æркæсы» [5, 14]. Ууыл æнкъард кæны Уæртджынхæфс, ууыл разилы йæ цæстытæ доны æмæ йæ сæр йæ уарты бын амбæхсы. Афтæ, æрхæндæгæй æрвыста йæ бонтæ, цалынмæ йæм æрттиваг хъæндил нæ фæкомкоммæ ис, уæдмæ. Уый йын бацамыдта, уæдæ-ма бафæлвар нырæй фæстæмæ, æмæ дæ сыхæгтæй кæуыл æмбæлай, уыдонæн дзур: «Уæ бон хорз, мæ дзæбæх сыхæгтæ». Æмæ мæнæ диссаг! Бацин ыл кодтой иууылдæр. Уыдон та йæ нывæфтыд дур æнхъæлдтой. Уæдæй фæстæмæ схæлар ис Уæртджынхæфс йæ сыхæгтимæ. 

Ацы темæйыл фыст ис дзæвгар психологон иртасæн куысты, æнæхъæн трактаттæ. Зындгонд психологтæ амонынц, зæгъгæ, дæ алыварс дуне, адæмы аивын адæймаджы бон нæ бауыдзæн, фæлæ хъæуы аивын дæхи ахаст дунемæ, адæммæ, æмæ уæд цард бынтон æндæр ахорæнтæй сæрттивдзæн, цæрын фенцондæр уыдзæн. Уыдон сты егъау куыстытæ, Георы къухы та бафтыд хæрз чысыл уацмысы сывæллæттæн æнцонæбарæн, фæлгонцджын æвзагæй ахæм вазыгджын æмæ ахсджиаг хъуддæгтæ бамбарын кæнын.  

Дзесты Куыдзæджы сфæлдыстад иртасæг Мамиаты И. фыссы: «Куыдзæджы аргъауимæ базонгæйæ, саби æмных кæны, чиныджы цы бакаст æмæ йæ алыварс цы уыны, уыдæттæ æмæ хатдзæгтæ кæныныл фæцалх вæййы. Уый иу. Сæйраджы та йын аргъауы фæрцы раргомгæнæн ис, зондамонæнтæй куы не схъыг уа, ахæм хуызы иу цалдæр хуымæтæг æмæ бæрзонд æцæгдзинады» [6, 125]. Ацы ныхæстæ комкоммæ ахæссæн ис Чеджемы-фырты уацмыстæм дæр. 

Вазыгджын проблемæ æрæвæрдта сабиты раз Геор йæ аргъау «Стыр амонд»-ы дæр [5, 19]. Цы у амонд? Лæппын тæрхъус фыццаг хатт баззад иунæгæй, æнæ йæ мад, æнæ йæ хотæ. Хъæддзау лæппу йæ къутæры бынæй систа, асæрфтытæ йæ кодта, стæй йæ къахвæндагыл æрæвæрдта æмæ, хистæрты фæзмгæйæ, загъта: «Амонд дæ хъахъхъæнæг», зæгъгæ. Нæ зоны лæппын тæрхъус уыцы арфæйы мидис æмæ, фæндагыл кæуыл æмбæлы, се ‘ппæты дæр фæрсы, цы у амонд. Чи йын цы дзуапп дæтты, чи цы… Уызын амонд хоны бирæ зокъотæ, хъæддаг фæткъуытæ æмæ кæрдотæ, Æхсæрсæттæг – гуыркъотæ, æхсæртæ, Рувасмæ гæсгæ та амонд у кæрчытæ æмæ бабызтæ куы радзæгъæл вæййынц, уый. Арсмæ дæр ис йæхи хъуыды: «Амонд у... цыбырæй йæ куы зæгъæм, уæд... мæрайы мыдыбындзыты гуыв-гуыв». Ницы сын бамбæрста тæрхъус. Æхсæвы йæ мады хъæбысы куы фæцæйфынæй кодта, уæд уый дæр бафарста, æмæ райста ахæм дзуапп: 

«Амонд у… ды дзæбæхæй кæй баззадтæ абон æмæ мæнæ дæ мад стæй дæ фæлмæнзæрдæ хоты астæу кæй хуыссыс… Мæргътæ æмæ сырдтæ иу хъæды хæларæй-уарзонæй куы фæцæрынц, уæд уый дæр амонд у, стыр амонд» [5, 20].  

Ам зæрдыл æрбалæууынц зындгонд классикты ныхæстæ. Н.Г. Чернышевский фыста: «Детям очень многое можно объяснить очень легко, лишь бы только объясняющий сам понимал ясно предмет, о котором взялся говорить с детьми и умел говорить человеческим языком» [7, 625]. Фæстæдæр ацы хъуыдаджы фæдыл йæ хъуыдытæ загъта зындгонд уырыссаг педагог æмæ фыссæг А.С.Макаренко дæр: «Нет такой (даже самой сложной и глубокой!) проблемы, нет такого события, которые могли бы быть непонятны ребенку. Но вот найти ту особую форму повествования, которая сделала бы эти большие проблемы и события понятными маленькому (в смысле возраста!) человеку, – задача нелегкая. Владение такой формой и есть талант детского писателя» [8, 97]. 

Уыцы курдиатæй хайджын у Геор. Цал æмæ цал æмдзæвгæйы, радзырды, уацауы, романы фыст æрцыд, цæмæй ссардæуа дзуапп ацы вазыгджын философон фарстæн: «Цы у амонд?» Георы бон баци сабитæм фæхæццæ кæнын, сырдтæ (уыдоны хуызы кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы æвдисы) амонд алыхуызон кæй æмбарынц. Чи æрмæст йæхи гуыбыны кой кæны, йæхи гуылы бын æндзары, чи та бæллы æппæт адæмы хорздзинадмæ. 

Георы иннæ аргъæуттæй-ма сабитæ базондзысты, куыд бирæ уарзы тулдз тала йæ райгуырæн бæстæ [5, 18], фæлмæнзæрдæ Рох Къахвæндаг куыд баххуыс кодта йæ хæлар Тæрхъусæн, фыдгæнæг йæхæдæг дæр фыд кæй ссары [5,13], хистæрæн аргъ кæны хъæуы уый куыд бамбарын кодта хиппæлой тæрхъусæн зæронд уызын [5, 14] æ.а.д.  

Чеджемы-фырты сфæлдыстады сæ бынат ссардтой цыбыр аргъæуттæ-диалогтæ. Уыдоны нысан у, куыд гæнæн ис, афтæ фæхæстæгдæр кæнын цæрæгойты, мæргъты адæймаджы дунемæ. Абон сын саби сæ царды уавæртæ, сæ миниуджытæ дзæбæх куы базона, куы бамбара, сæ зындзинæдтæ сын хæстæг йæ зæрдæмæ куы айса, уæд райсом йæ бон бауыдзæн æрдз хъахъхъæныны хъуыддагмæ йе ‘ххуыссы хай бахæссын. Хæрз цыбыр диалогты руаджы Геор ахуыр кæны рæзгæ фæлтæры райгуырæн бæстæ уарзыныл («Æнкъард Маймули»); уæрæхдæр сын кæны сæ зонындзинæдтæ: сабитæ базондзысты тæрхъус «тæрхъус» цæмæ хуыйны, хæргæфс та – «хæргæфс», уыг æдзух кæугæ цæмæн кæны, тæрхъус зымæгмæ йæ кæрц цæмæн ивы æмæ а.д.[10]. 

Сæрмагонд ныхасы аккаг у Георы аргъау «Зæрин-дзывылдар» [5, 3]. Аргъауы ис æртæ сæйраг хъуыдыйы: Райгуырæн бæстæ уарзын, хистæры ныхасмæ хъусын, хæлардзинадæн аргъ кæнын. Рæсугъд Зæрин-Дывылдар йæхиуыл фервæссыд, нал хъуыста йæ мады коммæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæй хорзæй ницы рауад. Хивæнд дзывылдар нæ атахт хъарм бæстæмæ дæр, схæлар Дыгоппонимæ æмæ хъазгæ-худгæйæ æрвыстой сæ бонтæ. Фæлæ мæнæ ралæууыд æрæгвæззæг. Бæргæ-ма æрфæсмон кодта Зæринæг йæ фыдуаг митыл. Йе ‘мбал Дыгоппоны руаджы аирвæзт æмæ уалдзæджы сæмбæлд йæ мадимæ. 

Аргъау фыст у аив, хъæздыг æвзагæй. Нывæфтыд, цыбыр хъуыдыйæдтæ музыкæйы зæлтау сæ фæдыл сайынц чиныгкæсæджы аргъауы дунемæ. Уым саби базонгæ уыдзæн алыхуызон мæргътимæ: бурдæллагхъуыр, хурæнгæс Зæрин-Дзывылдар, уæздан Дыгоппонцъиу, колибр-цъиу, арвæрдынау рæсугъд мæлхъ; цин кæндзæн Зæринæгимæ, маст кæндзæн Мадæл Дзывылдаримæ. 

Уацмыс хъæздыг у хуызджын абарстытæ, метафорæтæй: «хурæнгæс Зæрин-Дзывылдар»; «Арыхъхъы рагъ фисткалд бур рувасау зынын байдыдта дардмæ»; «стахтис бæлццон дзывылдæртты бал æмæ бурдзалыгджын фæззыгон быдырты сæрты цъæх мигъау аленк кодта хъарм бæстæм», «галдзармы йас гæрæм Цæргæс» æмæ а.д. 

Уацмысы архайдимæ иумæ рæзы Зæринæджы миддуне дæр. Аргъауы райдиан мах базонгæ вæййæм хъал, æгоммæгæс, къулбадæг дзывылдары лæппынимæ. Куыд фæстагмæ, дзывылдар бамбары, цард æдзух бæрæгбон кæй нæу, мадæй зынаргъдæр кæй нæй зæххыл… 

Авторы къухы æнтыстджынæй бафты уыцы иумæ цалдæр хæсы сæххæст кæнын: фыццаджыдæр, хъомыладон, дыккаджы – æххуыс кæны сабиты эстетикон адæнкъарæнтæ райрæзынæн, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, аргъауæн ис егъау базонадон нысаниуæг дæр. Георы аивадон дуне хъæздыг у цымыдисаг зонадон æрмæгæй, уыимæ у аивадон æъдауæй дзæбæх фæлыст. Æрдзы цардæй хæрз хуымæтæг цаутæ æвдисгæйæ, автор йæ чиныгкæсæджы æргом здахы этикон, моралон фарстатæм. 

 

 

Примечания: 

 

1. Бесаты Т. Дыууæ дзæбæх чиныджы // Мах дуг. 1965. №2. Ф. 85-87. 

2. Чеджемты Г. Зæххы зарæг: Æмдзæвгæтæ сывæллæттæн. Орджоникидзе: Ир, 1974. 

3. Чеджемты Г. Дзывылдар-æнгуырдар: Æмдзæвгæтæ сывæллæттæн. Орджоникидзе: Цæг. Ир. Чинг. рауагъдад, 1964 

4. Паустовский К. Золотая роза. В кн.: К. Паустовский Северная повесть. М.: Правда, 1989. 

5. Чеджемты Г. Зæринæг: Аргъæуттæ. Орджоникидзе: Ир, 1978. 

6. Мамиаты И. Курдиат рæстæджы тыхæвзарæнты: Монографи. Дзæуджыхъæу: Ир, 2007. 

7. Чернышевский Н.Г. Полн. собр. соч. Т.3. М.: ГИХЛ, 1947. 

8. Макаренко А.С. Избранные педагогические сочинения. – М., 1949. 

9. Чеджемты Г. Чичи æмæ Бечи: : Аргъæуттæ æмæ радзырдтæ. Орджоникидзе: Цæг. Ир. Чинг. рауагъдад, 1966. 

10. Чеджемты Г. Тæнæгбазыр-авдхуызон: Аргъæуттæ. Орджоникидзе: Ир, 1972. 

11. Чеджемты Г. Чичи зарджытæ куыд фыста: Аргъау. Орджоникидзе: Ир, 1972. 

12. Сладков Н.И. О чем пишут «природники»? // О литературе для детей. Вып. 26. Л.: Детская литература, 1983. С.23-27. 

 

 

 

Брытъиаты А.Б., Цæгат Ирыстоны гумантарон æмæ социалон иртæстыты институты хистæр зонадон кусæг, филологон наукæты кандидат



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ