Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ЦЪÆХБИРÆГЪ-ЦЫРГЪДÆНДАДЖЫ МÆЛÆТ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Саламты Алихан 

 

ЦЪÆХБИРÆГЪ-ЦЫРГЪДÆНДАДЖЫ МÆЛÆТ 

 

Нæ зынаргъ сабитæ! Байхъусут-ма, æз уын Куырттаты комы тыххæй иу таурæгъ ракæнон. 

Рæсугъд у Куырттаты ком. Никæй зæрдæ бакомдзæн фæрæт сисын йæ арвæмбæрзонд тар хъæдтæм; никæй зæрдæ бакомдзæн йæ цæвæг ауадзын уый алыхуызон дидинджытæй фæлыст цъæх уыгæрдæнтыл. Кæнæ йæхи кæцы дон абардзæн, комы астæуты иудадзыг йæ хъæлдзæг зарджытæгæнгæ чи згъоры, уыцы æвзистбарц Фиййагдонимæ? Къаннæг кæмттæй йæм алырдыгæй уырдыгмæ згъорынц æвзист æвæрд ронау нарæг хæххон сахадæттæ фынккалгæ, æхсæрдзæнтæ уафгæ. 

Комы фæцæйцу, уæд кæм къудзийы бынæй хъилхъус тæрхъус рагæпп кæны æмæ фæцæйлидзы, йæ фæстаг къæхтæ бæрзонд æппаргæ, кæм урс-сау хъулон гæркъæраг дæ сæрты кæл-кæлæй худгæ атæхдзæн, кæм иу нæзыйы къалиуæй иннæмæ æхсæрсæттæг тæхæгау фæцæйгæпп кæндзæн... Уæлдæфы та иудадзыг зыланг кæны цъиуты рæсугъд зард. Æниу ма скæс уæлæ хъæды сæрмæ уыцы бæрзонд цъæх хохмæ: тигъыл хъалагъурау лæууы дынджыр, здыхстсыкъа дзæбидыр. Уый фыдбылызæй хъахъхъæны, йæ фале уæлхох уыгæрдæны цы дзæбидырты дзуг хизы, уыдоны. Уым фалдæр бацу, уæд дзы фендзынæ уæздан сагты дзугтæ дæр. 

Æмæ цы нæ фос, цы нæ сырд, цы нæ маргъ ис ацы алæмæты райдзаст æмæ хъæздыг комы! Адæймагæй дæр уыйас нал тæрсынц, уымæн æмæ сыл ам цуан ничиуал кæны. 

Фæлæ кæддæр ардæм, Куырттаты коммæ, кæцæйдæр æрбафтыд иу æвирхъауы фыдуаг æмæ æнæфсис бирæгъ. Цæуыл хæст кодта сырдæй, фосæй, маргъæй – се 'пæтты дæр æргæвста æмæ хордта. 

Никæй бон ницы уыд æнæфсис тугдзых сырдæн, æмæ кæмæн куыд амал уыд, афтæ сæхи алырдæмты истой цыппæркъахыг цæрджытæ. Дзæбидыртæ, сагтæ, хъæддаг галтæ сæхи айстой фæсхохмæ æмæ уым гæмæх лæгъзыты æууылдтой æхсæлыйы1 къалиутæ, уæлхох зайæг кæрдæджы хæлттæ, сæ дойны уагътой мит æмæ цъити стæрынæй. Алырдæм фæлыгъдысты тæрхъустæ æмæ зæххыл хизæг хъæддаг мæргътæ – хуыргæрчытæ2, зымтæ3, хъæддаг кæрчытæ4, дудахъхъытæ5... 

Æрæнкъард ис кæддæры хъæлдзæг ком. Нал хъуысти гæркъæрæгты6 худын, хъæддаг уасджыты7 цъæхснаг уаст. Суанг ма Фиййагдоны раздæры хъæлдзæг зард дæр ныр уыди сæйæг сырды улæфтау. Уæлдай æнкъард та ныйисты цъиахтæ8. Уыдон арæх мысыдысты, раздæр-иу хуссарвæрсты хъæддаг галты æмæ хъæууон хъуццыты рæгътыл куыд бадтысты æмæ сын сæ джыбытæ9 куыд сыгъдæг кодтой, уый. Ныр та? Сæхи ма кæм аирхæфсой? 

Хъыг кодтой, чи фæлыгъд, уыцы сырдтæ дæр. Чи-иу дзы æрбаздæхт, уыдонæн-иу сæ фылдæр баисты Цъæхбирæгъ-Цыргъдæндаджы амæттаг. 

Гъемæ иухатт мæргътæ æрæмбырд сты æмæ тæрхон кодтой, куыд фервæзæм фыдсырдæй, зæгъгæ. 

– Оууа! Оууа! – йæхи нал баурæдта зæронд Халон. – Исты æрхъуыды кæнын хъæуы ацы бирæгъæн. 

– Гæр-гæр-гæр! Ницы хос ын ис? – йæ хъæлæсы дзаг ныкъкъæр-къæр кодта Гæркъæраг. 

– Сдæттут, сдæттут мæ кард, мæ топп! – бæрзонд бæласы цъуппæй райхъуыст Гакк-гуччы ныхас. – Мæ бар ма йæ бауадзут! 

– Ха-ха-ха! – кæл-кæлæй йыл ныххудтысты Гæркъæраг æмæ Халон. – Мæлæты хъæбатыр! Уари10 куы феныс, уæд дзы арвы талынгты куы æмбæхсыс! 

– Хъусут-ма, хъусут! – йæ сызгъæрин сæрвасæн райтынг кæнгæйæ, йæ ныхас баппæрста Гугук-гæнаг. – Уыцы бирæгъæн зæронд Цæргæсы йеддæмæ никæй бон ницы суыдзæн. Цомут æмæ уымæн балæгъстæ кæнæм. 

Иууылдæр сразы сты Гугукгæнаджы фæндоныл æмæ араст сты зæронд Цæргæсмæ. Ссардтой йæ бæрзонд айнæгыл, калм хæргæ. 

– Бæргæ йын скъахин йæ цæстытæ, бæргæ йæ акæнин маргæ дæр, лæгъз быдыры йыл куы æрхæст уаин, уæд, – райдыдта зæронд Цæргæс, мæргъты курдиатмæ байхъусгæйæ. – Фæлæ фæлтæрдджын сырд у æмæ йыл мæхи куы раскъæрын, уæд хъæдмæ лидзы кæнæ хохы цъассытæм, мæнæн мæ базыртæн парахат тæхæн кæм нæй, ахæм рæттæм. 

Æнкъардæй раздæхтысты мæргътæ, уæдæ цы уыдаид. Алчи дæр сæ хъуыды кодта знагæй фервæзыныл. 

– Гу-гу-гу! – Хъу-хъу-сут: фæтæрсын æй кæнæм! – къæзгæ та дзуры йе 'мбæлттæм Гугукгæнаг. – Æз адæммæ иу аз къалатийы фæцардтæн æмæ базыдтон иу хъуыддаг: сæ зæронд ус судзины бын куы нал уыдта, уæд ын æрбахастой кæсæнцæстытæ. Уыдон цæстытыл куы бакодта, уæд æм судзины бын разынд мæ цæсты йасæй... 

– Хъуа-а, хъуа-а, хъуа-а! Æмæ уый цы диссаг у? – йæ ныхас ын фæлыг кодта Халон. – Æз иухатт горæты федтон диссагдæр: адæм Мæймæ кастысты иу даргъ згъæр хæтæлæй, æмæ сæм уый зындис мæнæ ацы зæронд тулдз бæласæй стырдæрæй. Фæлæ уый бирæгъы фæтæрсын кæнынæн цы ахъаз у? 

– У-у-у! У-у-у! – фидарæй загъта Гугукгæнаг: Йæ цæстытыл ын бакæнæм, алцы бирæ стырдæрæй чи æвдиса, ахæм æвгтæ. Уæд æм гæды дæр домбайæ егъаудæр зындзæн, æмæ дзы фæтæрсдзæн... 

Мæргътæм хорз фæкаст Гугуччы фæндон. Фæлæ куыд? Кæм ссардæуа ахæм æвгтæ æмæ йыл сæ чи бакæндзæн? Куыд? 

Фæстагмæ æрцыдысты иу фæндонмæ: мыдгæсмæ фæцæуын. Æмæ сын æцæг мыдгæс горæты ссардта, цæстытæ кæмæй риссынц, ахæм хостæ, балхæдта сын, чи сæ хъæуы, ахæм кæсæнцæстытæ дæр. Æмæ райдыдтой архайын. 

Бирæгъ-иу йæ хуыккомæй куы рацыд балцы, уæд-иу ын дзы йе 'рбацыдмæ хос бакалдтой. Иу хатт, дыккаг хатт, æртыккаг хатт... 

Цыргъдæндаджы цæстытæ афтæ риссын райдыдтой, æмæ сæ хорз нал уыдта. Цæстытæ хæрæгау кодтой, æмæ сæ иудадзыг æууæрста. Уымæ гæсгæ сæ туг ныббадти. Бирæгъæн цуаны цæуын йæ бон нал уыд æмæ ниудта. Уæд æм иу бон Гæркъæраг бæласæй бынмæ хъæр кæны: 

– Уæ Цъæхбирæгъ-Цыргъдæндаг! 

Цæуыл у, цæ, уый де 'рдиаг? 

– Мæ сæфтыхъæр – мæ низыл: 

Мæ цæстытæ тынг риссынц. 

Мæ развæндаг нæ уынын, 

Ныттæбæкк ис мæ гуыбын. 

– Кæнын дын тынг тæригъæд. 

Дæ хос мæнмæ, Цъæхбирæгъ! 

– Цы хос мын ис, зæгъ-ма мын! 

Зæрдæбынæй дæм хатын. 

– Зæххыл нæй хорз дæу хуызæн! 

– Дæ хорздзинад фыст уыдзæн. 

– Гъе уæдæ афтæ: æз зонын иу æмбисонды цæстыты дохтыр. Уымæ дæ фæхондзынæн, æмæ дын уый схос кæндзæн. Æцæг уыцы дохтыр у Род, æмæ дзырд ратт, кæй нæ йæм фæлæбурдзынæ, уый тыххæй. 

– Дзырд дын дæттын! Баууæнд мыл, мæ зынаргъ Гæркъæраг: ницы йæм бавналдзынæн! 

– Нæ, сымах мыггаг æнæуæздан, зыд æмæ кæрæф сты. Ныр ын куы ницы кæнай, уæддæр æм уыйфæстæ искуы балæбурдзынæ. Фæлтау дæ сæрыл залмысыф12 æркæн, кæдæм цæудзынæ, уый куыд нæ уынай, афтæ. 

Æххормаг бирæгъæн род йæ цæстытыл ауад æмæ йæ комыдæттæ æруадысты. Фæлæ уæддæр хинымæр загъта: «Цæй, сразы уал уон, кæннод ам æххормагæй уæддæр ныхъхъæмп уыдзынæн. Мæ цæстытæй куы ракæсон, уæд та æнæ уыцы род дæр æфсæст уыдзынæн. Род дæр мын нæ аирвæздзæн...» 

– Омæ цæстæхгæдæй куыд цæудзынæн? – бафарста ма маргъы. 

– Уый зын нæу: æз хуымæллæджы даргъ хилæг æрбахæсдзынæн. Уымæн йæ иу кæроныл æз хæцдзынæн, иннæуыл та – ды, æмæ дæ афтæмæй хондзынæн размæ. Æз – тæхгæ, ды – цæугæ. Райсом раджы араст уыдзыстæм. 

Бирæгъы хуыккоммæ та æхсæвы Уызын цæстриссæн хос бахаста. Сырд æхсæв-бонмæ йæ цæстытæ феууæрста. Райсомæй хур фæсхохæй йæ был куы сдардта, уыцы афон Цъæхбирæгъы хъустыл ауад Гæркъæраджы хъæр: 

– Уæ Цъæхбирæгъ-Цыргъдæндаг! 

Цæй, адарæм нæ фæндаг. 

Сырд тыххæйты рабырыд йæ хуыккомæй. Талынджы фæстæ хуры рухсмæ йæ цæстытæй бынтон ницыуал уыдта æмæ та сæ æууæрдынмæ фæци. Гæркъæраг æм бæласы къалиуæй даргъ хуымæллæгбос æруагъта, æмæ, куыд баныхас кодтой, афтæ араст сты сæ фæндагыл. Хъæдæй куыддæр рахызтысты, афтæ Æхсæрæг бæласæй æрдзырдта лыстæг хъæлæсæй: 

– Уæ Цъæхбирæгъ-Цыргъдæндаг! 

Кæдæм дарыс дæ фæндаг? 

Бирæгъ фыр мæстæй фестъæлфыди, фæлæ йæхи баурæдта æмæ йæм дзуры: 

– Цæсты дæсны Рæуæдмæ. 

Цом, Гæркъæраг, рæуæгдæр. 

– Фи-фи-фи! – лыстæг хъæлæсæй ныххудтис Æхсæрæг æмæ хъæды арфы æрбайсæфт. 

«Фæлæуу, фæрдыгцæст, æрбаздæхон, æз дæ æд хъил къæдзил удæгасæй куы нæ аныхъуырон!» – хинымæр æм бартхъирæн кодта бирæгъ. 

Сæ фæндаг дарддæр дарынц Гæркъæраг æмæ Цъæхбирæгъ. Иу ран бирæгъ дзуры йæ хонæгмæ: 

– Мæ цæстытæ куы аууæрдин: тынг мæ хæрынц. 

– Фæлæуу, уæртæ уыцы бæласмæ бахæццæ уæм: æз къалиуыл æрбаддзынæн, цалынмæ ды дæ цæстытæ æууæрдай, уæдмæ. 

Дарддæр дæр афтæ баныхас кодтой: бирæгъ-иу йæ цæстытæ æууæрддзæн, фæндагыл цы бæласмæ бахæццæ уой, уый бын. 

Иу ран та бирæгъы хъустыл ауад: 

– Уæ Цъæхбирæгъ-Цыргъдæндаг! 

Кæдæм дарыс дæ фæндаг? 

– Чи фæрсы уый? – сырд дзуры Гæркъæрагмæ. 

– Уæртæ Тæрхъус 

– Тагъддæр цом, дæ хорзæхæй, Гæркъæраг! Кæннод æрмæст мæ койæ дæр арвыталынгты чи æмбæхсти фыр тæссæй, уыдон дæр ныр сæ цæсгом суагътой. Куыд мæм бауæндыд сдзурын уыцы зылындзаст тæппуд та! 

«Фæлæуу, дæндаг асхъауынæн мын сбæздзынæ иу ахæмы!» – бартхъирæн кодта хинымæр уымæ дæр. 

Сæ цыд фæтагъддæр кодтой, æмæ хур арвы астæумæ куы ссыд, уæд бахæццæ сты цæстыты дохтырмæ. 

– Цъæхбирæгъ, дæхи дар, куыд бадзырдтам, афтæ! – Гæркъæраг та фæдзæхста сырдæн. 

Æххормаг Цъæхбирæгъы комыдæттæ цыхцырæг фестадысты Роды тæфмæ, æмæ йæхиуыл йæ зæрдæ нал дардта, фæлæ уал йæхи ныхъхъæддых кодта. Уæвгæ, родтæн фыдæлтæй фæдзæхст уыд, бирæгъыл макуы баууæндут, зæгъгæ. Æмæ Цъæхбирæгъы æрбацыдмæ йæхицæн сарæзта агъуыст. Уым йæхиуыл дуар сæхгæдта, сырдæн та ныууагъта, йæ сæр кæм æрбацыдаид, æрмæст ахæм рудзынг. 

Бирæгъ йæ сæр уыцы рудзынгæй куы бадардта, уæд та ногæй йæ комыдæттæ фемæхстысты, къубал тынгдæр баивæзта, фæлæ Родмæ не 'ххæссыд. 

Род йæ урс халаты бадти къаннæг стъолы раз. Йæ цуры уыдысты, Цъæхбирæгъæн кæй сцæттæ кодтой уыцы кæсæнцæстытæ. Кæсæнцæстытæй алцы дæр зынди фондзыссæдз хатты стырдæр, сæ хъусæфтауæн кæрæттыл та конд уыди, цавæрфæнды уынæр дæр фондзыссæдз хатты тыхджындæр чи кодта, ахæм фæрæзтæ (хъæргæнæнтæ). Зæгъæм, уыдоны фæрцы мысты хыртт-хыртт хъуысти æрвнæрды хуызæн хъæрæй. 

Род бирæгъы сæрæй залмысыф нæма систа, афтæмæй йын загъта: 

– Дæ цæстытæ бацъынд кæн æмæ дын цалынмæ æз зæгъон, уæдмæ сæ ма ракæс, кæннод дын мæ хос ницы фæахъаз уыдзæн. 

Бирæгъ йæ цæстытæ бацъынд кодта. Уæд ын Род загъта: 

– Рагацау дын зæгъын: ды æрбафтыдтæ Уæйгуыты13 бæстæмæ. Фæстæмæ цæудзынæ тæссаг фæндагыл: Гæркъæраг дæ мæнмæ æрбахуыдта Уæйгуыты фæндагыл. Ныр кæд Гæркъæраг атахт, уæд дæ размæ алы рæтты лæудзысты Уæйыгуасæг, Уæйыгхъаз, Уæйыгтæрхъус, Уæйыгхæрæг... Дæ бон цас уа, уымæй-иу тагъддæр лидз æмæ кæд аирвæзис. 

Бирæгъ ниуæгау бахудт æмæ загъта: 

– У-у-у, уыдонæй мын бæргæ ницы тас у. Уыдонæй мæ гуыбыны цас ацыд, уал хорзы дæ куы уаид! 

– Афтæ ма зæгъ, Цъæхбирæгъ! Уæйыгуасæг уыйас у, æмæ дын мæймæ дæр хæрд нæ фæуид. Йæхæдæг та бирæгъты мыстыты хæрд кæны. Æнæууылдæй сæ аныхъуыры. Уæйыгхъаз та бирæгъты кæны къабускайы сыфты карст, æмæ йын бирæгъы фыдæй бафсис нæй. Уæдæ Уæйыггæдыйæ домбай дæр арвыталынгты лидзы. Бирæгъы куы æрцахсы, уæд дзы раздæр мыстæй хъазæгау фæхъазы, стæй йын, æфсæст куы уа, уæд йæ сæр бахæры æмæ йæ ныууадзы; æххормаг куы уа, уæд та йæ уыциу къæмс акæны. А Уæйыгхæрæг та се 'ппæтæй æмбисонддæр у. Бирæгъы йæ бæрзæйæ ацахсы, зæххыл æй тынг ныццæвы, æмæ сырд куы бауадзыг вæййы, уæд ын раздæр йæ хъуын ныттоны, стæй йæ амары æмæ йæ халæттæн аппары. Йæхæдæг сæ нæ хæры. Фæлæ йæм бирæгъ æрцахсын æмæ йын ахæм митæ бакæнынæй хуыздæр ницы кæсы. Ме 'ммыггаг къаннæг хæрджыты маст, дам, сæ исын. Уæйыгтæрхъус та бирæгъы куы амары, уæд æй хурмæ бахус кæны, стæй йæ уыйфæстæ гыццылгай æхсынын райдайы кæрдæгæфсæстæй. 

 
 

Цъæхбирæгъ йæхинымæр бакатай кодта æмæ нынниудта: 

– Мæ и-и-ирвæзынгæнæг Гæркъæраг, цы фæдæ? 

– Ха-ха-ха-ха! Ма тæрс, ам дæн! Мемæ дын ницы тас у, – æрбайхъуыст æм йæ хонæджы хъæлæс. – Уæвгæ, цæй, раййаф-иу мæ, æз фæтæхын, мæ лæппынтæ мæм æнхъæлмæ кæсынц, – зæгъгæ, ссыди Гæркъæраджы базырты сыф-сыф. 

– Цæй, тагъддæр, дæ хорзæхæй, Род! – скатай ис Цъæх-бирæгъ. 

Род ма йын иу хатт загъта, мама ракæс, зæгъгæ, систа йын йæ сæрæй дынджыр залмысыф æмæ йын йæ цæстытыл бафидар кодта æмбисонды кæсæнцæстытæ. 

– Ныр дæ сæр æддæмæ айс æмæ-иу дæ цæстытæй ракæс. 

Цъæхбирæгъ æдде йæ цæстытæй куы ракаст, уæд фæйнæрдæм афæлгæсыд æмæ фыр дисæй йæ хъуын арц сбадти: Роды хæдзар æм разынд æнæкæрон стыр галуанæй. Йæ цуры цы диссаджы дынджыр æхсынæн бæлас уыд, уымæ æрбацæйтахт цæргæсы йас мыдыбындз, цыма мин хæдтæхæджы иумæ æрбацæйтахтысты, афтæ тыхджын гуыв-гуывгæнгæ. «Ай æцæг куы бафтыдтæн Уæйгуыты бæстæмæ!13» – загъта йæхинымæр, фæйнæрдæм ахъахъхъæдта æмæ фæндагыл азгъордта. Згъоры, згъоры æмæ фæндагæй иуварс ауыдта хæдзары йас урс дур. Кæсы, æмæ дын дурæй хæрдмæ æваст сивæзт бæрз бæласы йас сырхбырынкъ къубал. 

– Цъæхбирæгъ! Рæвдздæр, рæвдздæр ардæм, ахæрон дæ, дынджыр сырх дзых фæхæлиу кæнгæйæ, афтæ тынг ныхъхъæр кодта уыцы æнахуыр цæрæгой, æмæ бирæгъы хъустæ амыр сты. «Уæйыгхъаз!» – загъта Цъæхбирæгъ йæхинымæр, æмæ йæ зæрдæ фыр тæссæй сгуыпп-гуыпп кодта. Æмæ фæндагыл ныййарц ис. Згъоры, згъоры, æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ. Йæ разæй дардмæ ауыдта хосы цъынайы хуызæн цыдæр, фæлæ йе згъорд нæ фæсабырдæр кодта, кæд мæ Уæйыгхъаз фæсте суры, зæгъгæ. Куы йæм бахæстæг ис, уæд та кæсы æмæ «цъына» сыстад, йæ къæдзил фесхъæл кодта, сæр хæрдмæ систа, йæ базыртæ сцагъта æмæ ныууасыд: 

 

– Хъи-хъыры-хъу-хъуу!  

Цъæхбирæгъ мæн у-у!  

Бирæгъы дзидза-а  

Куры мæ гуцъа! 

 

Æмæ разгъордта сырды размæ. 

Цъæхбирæгъ фæндагæй иуварс агæпп ласта æмæ кæрдæджы ныййарц и. Йæ зæрдæйы цæлхъ æм хъуысы куырдты дзæбугты хостау. Тыххæйты ма згъоры. Фæлæ та мæнæ ног бæллæх: пылыйас Тæрхъус йæ фæстæгтыл бады æмæ раззаг къæхтæй æмдзæгъд кæны. Йæ дзых фæхæлиу æмæ дзы разынд æнахуыр дынджыр дæндæгтæ. 

 

– Разгъор тагъддæр, мæ хъазæн мыст, Цъæхбирæгъ, – йæ къах æм батылдта Тæрхъус. – Ахъазон дæ, стæй дæ хурмæ байтындзон хус кæнынмæ! 

Бирæгъ та фæстæмæ фæндаджы ‘рдæм ныййарц ис. Фыр фæлладæй йе 'взаг раласта æмæ ма, тыхулæфтгæнгæ, згъоры. Цас фезгъордта – чи зоны. Æмæ дын уалынмæ йæ размæ ауыдта æнахуыр стыр цæрæгой. Уый афтæ тыхджын ныууасыд, æмæ йын цыма мин домбайы йæ хъусы уыциу уаст ныккодтой, уыйау æм фæкаст. «Уæйыгхæрæг!» – базыдта йæ бирæгъ æмæ ма чердæм згъордтаид, уый нал зыдта. Азгъордта ма иуцасдæр, стæй æваст йæ тъæпп зæххыл фæцыд – атыдта йæ зæрдæ. Уæйыггæдымæ дæр нал бахæццæ. Гæркъæраг уайтагъд æгас Куырттаты комыл айхъуысын кодта Цъæхбирæгъ-Цыргъдæндаджы мæлæты хабар. Æмæ та мæргътæ, сырдтæ, хъæддаг фос æдас, æнæмæтæй цæрынц сæ уарзон, сæ рæсугъд комы. Ничиуал сын халы сæ сабыр цард. 

 

[I]ФИППИНÆГТÆ 

1. Æхсæлы – къутæрджын зайæгой (уырыс. «можжевельник»). 

2. Хуыргарк – маргъы мыггаг (уырыс. «куропатка»). 

3. Зым – маргъы мыггаг (уырыс. «горная индейка»). 

4. Хъæддаг карк – маргъы мыггаг, хонынц ма йæ саугарк (уырыс. «тетерев»). 

5. Дудахъхъ – маргъы мыггаг (уырыс. «дудак», «дрофа»). 

6. Гæркъæраг – маргъы мыггаг (уырыс. «сорока»). 

7. Хъæддаг уасæг – маргъы мыггаг, хонынц ма йæ сындзыуасæг дæр (уырыс. «фазан»). 

8. Цъиах – маргъы мыггаг (уырыс. «галка»).  

9. Джыбы – уырынгоны хуыз (уырыс. «клещ»). 

10. Уари – маргъы мыггаг (уырыс. «сокол»). 

11. Гугукгæнæг – хъæддаг маргъ, гакк-гукк (уырыс. «кукушка»). 

12. Залмысыф – зайæгой (уырыс. «лопух»)  

13. Уæйыг – ирон мифологийы сæйраг персонажтæй иу (уырыс. «великан», «циклоп»). 

 

 

 

ХÆФСЫТÆ УАЦАРÆЙ КУЫД ФЕРВÆЗТЫСТЫ 

 

Раджы кæддæр иу хъæугæрон, зæронд цъаймæ æввахс дæлвæзы царди хæфсытæ. Нæ сæм фос цыдысты, нæ сæ адæм хъыгдардтой, æмæ сæхицæн æнцад цардысты. Бон-иу сæ цотмæ зылдысты, сæхицæн хæринаг амал кодтой, изæрты та-иу дардмæ хъуыстысты сæ иудадзыгон зарджытæ, уæлдайдæр та – хъарм, мæйрухс æхсæвты. 

 
Афтæ азтæ згъордтой кæрæдзийы фæдыл. Хъæуы цы иунæг цъай уыд, уырдыгæй адæм дон истой. Алы истæн дæр донæй иучысыл калди зæхмæ. Уыцы дон лæдæрсгæ цыди хæфсыты бадæнмæ æмæ уыдон донхъуаг не 'ййæфтой, се 'знæгтæй та сæ хъахъхъæдтой хъамыл1 æмæ дзалагæрдæг2. 

Фæлæ иу аз тынг хус сæрд скодта. Арвыл мигъ нал бадт, хус дымгæ рыг хаста, кæрдæг сыгъди. Куыдфæстæмæ гыццыл цæугæдæттæ дæр бахус сты. Уалынмæ бахуыскъ хъæугæроны цъай дæр. 

Кæцæй ма калдаид дон хæфсыты цъыфдзастмæ дæр! Æмæ хус кæнын райдыдта. Хæфсытæ скатай сты, мæты бацыдысты, цы фæуæм, зæгъгæ. Æмæ иугай-дыгай æхсæвыгæтты цыдысты хуыздæр бынат агурæг. 

Рагацау искуыдæм сæхи бæргæ айстаиккой мадæл хæфс Хъывва æмæ лæппынты фыд Мурри дæр, фæлæ сæ лæппынтæ нырма хæрз чысыл уыдысты. Уымæ гæсгæ ма æрмæст уыдон баззадысты бынаты. 

 

– Нæ лæппынтæ сæфынц æнæ донæй, – загъта иу æхсæв Хъывва Муррийæн. – Нæхæдæг дæр бирæ хуыздæр ран не 'стæм. Цом, нæхи айсæм искуыдæм: ам фæстиатгæнæн нал ис. 

– Омæ кæдæм, кæдæм, нæ æнахъом лæппынтимæ? – скатай ис Мурри. 

– Хъывва-хъывва! – арф ныуулæфыд мадæл хæфс – Мæ фыды фыд-иу арæх иу диссаджы цады кой кодта. Ардæм, дам, дард нæу. Йæ иу был, дам, ис æнæкæрон стыр цъымара, – дзырдта Хъывва. – Мах дæр, дам, уырдыгæй æрбафтыдыстæм ардæм. 

– Мурр! Мурр-ри-хъывва! Куыд æгъдауæй? – дисгæнгæ афарста фыд. 

– Куыд куы зæгъай, – уæд, дам, Кæсаглас хæфс æрцахста æмæ йæ йæ лæппынтæн фæцæйхаста. Цæргæс æй бафиппайдта æмæ йыл йæхи раскъæрдта, æрцахсон æй мæхицæн сихорæн, зæгъгæ. Кæсаглас фæтарст, хæфс йæ дзыхæй æрхауд æмæ уæлæ уыцы цъайы йæ цæлхъ фæцыд. Уырдыгæй йæ адæм донимæ систой æмæ йæ аппæрстой. Афтæмæй, дам, фæзындыстæм мах ацы ран. 

– Мурри-хъывви-хъывви! Диссæгтæ! Цом уыцы цад – нæ раздæры райгуырæн цъымара агурæг! – фидарæй загъта уæд фыд. 

– Æмæ чердæм цæуæм? – катайы бацыд лæппынты мад. Уыцы сахат цъымарайы сæрмæ фæзынд Зæрватыкк йæ лæппынтæн къогъотæ ахсынмæ. 

«Зæрватыкк æнæ зонгæ нæ уыдзæн, цад кæцырдыгæй ис, уый», – хинымæр загъта Мурри æмæ йæ афарста: 

– Иудадзыгдæр цæут цæгатырдæм æмæ йæм бахæццæ уыдзыстут. Тынг дард нæу, – загъта сын Зæрватыкк. 

Уыйадыл Хъывва æмæ Мурри фæйнæ лæппыны се 'ккæйтты акодтой æмæ æмбисæхсæвтыл араст сты сæ балцы. 

Талынджы, æвæд фæндæгтыл цыдысты, къуыбæртты сæрты – гæппытæ, дзыхъхъыты сæрты – сæррæттытæгæнгæ. Æрбабон сыл ис фæндагыл. Иу ран Хъывва æваст фæлæууыд сагъдау. 

– Цæмæн ныллæууыдтæ? – афарста йæ Мурри.  

– Хъывва-хъывва! Калм! – ризгæ хъæлæсæй сдзырдта мадæл хæфс. 

– Мурри-хъви-хъви! Ма йæм кæс, кæннод дæ йе 'нгасæй андзыг кæндзæн æмæ сæфыс! Цъындæй йæ иувæрсты лидзгæ! – фæдзырдта йæм йе 'мбал. 

 

Фæлæ та уыцы сахат Калмы тæккæ сæрмæ «тли-тли!» фæцыд: сæ зонгæ Зæрватыкк Калмы æргом йæхимæ аздæхта æмæ афтæмæй хæфсыты фервæзын кодта. 

Бæлццæттæ Зæрватыккæн арфæйагæй лыгъдысты дарддæр. 

Бирæ зынтæн бафæрæзтой фæндагыл Мурри æмæ Хъывва. Сæ сæрты-иу кæсаглас куы фацæйтахт, кæнæ-иу дардæй бабызы уасын куы айхъуыстой, уæд-иу сæхи зæхмæ нылхъывтой, улæфгæ дæр-иу нал кодтой.  

Афтæмæй цас фæцыдысты – чи зоны. Уалынмæ иу афон сæ хъустыл ауад доны уылæнты цæллахъ. Хæфсытæн фыр цинæй сæ фæллад дæр æрбайсæфт æмæ уайтагъд бахæццæ сты, уыйбæрц зынтæ кæй агургæйæ бавзæрстой, уыцы цадмæ! Дынджыр цад. Йæ иу былгæронæй йе 'ннæ былгæрон нæ зынди. 

Хæфсытæ фæйнæрдæм акастысты. Цъымара дзы никуыцæй зынди. Фæлæ сын доны фенд афтæ æхсызгон уыдис, æмæ сæ лæппынтæ се 'ккæйтты, афтæмæй бæрзонд былæй сæхи фехстой цадмæ. Сæ цинæн кæрон нал уыд. Сæхæдæг дæр, сæ лæппынтæ дæр куы иуырдæм аленк кæнынц, куы иннæрдæм, куы та доны бынмæ арф ныцъцъыввытт ласынц. Сæ мондæгтæ уадзынц донæй, цады сæрмæ цы алыхуызон сасктæ тæхы, уыдон ахсынц æмæ хæрынц. 

Хæфс иудадзыг доны цæрын нæ фæразы æмæ сæм иу афон былмæ рахизыны фæнд æрцыд. Фæлæ куыд? Цады был уыдис бæрзонд æмæ къардиугонд къулы хуызæн. Уымæ гæсгæ йыл схизыны амал нæ уыд, уæлдайдæр та лæппынтæн. Æмæ хæфсытæ аленк кодтой былгæрæтты, кæд схизæн бынат ссариккам, зæгъгæ. Иуцасдæр рацыд, афтæ сæ размæ фæци дыууæ Бирæгъдзых кæфы3. Хæфсыты куы ауыдтой, уæд сæ кæфойыйас4 дзыхтæ фегом кодтой æмæ уырдыгæй рарттывтой хырхы хуызæн цыргъ дæндæгтæ. 

 

– Æ уæртæ хъоппæгцæст къогъохортæ! Мах уæ рагæй куы агуырдтам, æмæ нæм уæхæдæг хæстæгмæ куы æрбацыдыстут, – йæ цæстытæ сæм фæдзагъул кодта дынджырдæр Бирæгъдзых кæф. – Æз дæн а цады цæрджыты паддзах. Амæй фæстæмæ сымах уыдзыстут мæ цагъайрæгтæ. Цомут немæ нæ галуантæм! 

Хæфсытæ фыр тæссæй барызтысты, уæлдайдæр цагъары коймæ. Хъыввайæн йæ бон сдзурын дæр нал уыд, фæлæ лæппынты фыд æваст йæхи фæхъæбатыр кодта, цъус хæстæгдæр бацыд Бирæгъдзых кæфмæ, æмæ йæ цæстытæ ноджы фæхъоппæгдæр сты, афтæмæй йæм ныфсджын хъæлæсæй бадзырдта: 

– Мурри-хъывви-хъывви! Мах мыггаг цагъар сæ сæрмæ никуы æрхастой. Æмæ мах дæр нæ фыдæлты æгъдау нæ фехалдзыстæм. Цагъары бæсты мæлæт! Хъывва, лидзæм! – Æмæ сæ лæппынтимæ фæстæмæ лидзæг фесты. 

 

Хæфс æм афтæ бауæнддзæн, цады паддзах уый æнхъæл нæ уыд, æмæ дыууæ кæфы дæр исдугмæ сагъдауæй аззадысты. Стæй сæ уæд фæсте асырдтой. Цы баййафын сын хъуыд хæфсыты! Æмæ сæ уайтагъд сæ фæстаг къæхтæй ацахстой. Бæстæ «мурри-хъывва» æмæ «хъывви-хъихъи» сси, фæлæ ма Бирæгъдзых кæфты къæпсыртæй кæм уыди хи атонæн! Лæппынтæн дæр гæнæн нал уыд, æмæ сæ фæдыл ленк кодтой. 

Цады бынмæ сæ бирæ цæуын нæ бахъуыд. Уайтагъд сæм æрбазынд паддзахы галуан. Уый уыди диссаджы рæсугъд. Æдде йæ къултæ астæрд уыдысты, кæй фæхордтой, уыцы алымыггаг кæсæгты цæппæртæй… Иу фæлтæр – урс, иннæ – тарцъæх, стæй – сырх цæппæрты фæлтæр... Æмæ дзы цы нæ хуызон фæлтæр уыд! Æппæты бынæй æмæ æппæты уæле та галуаны къултыл рæнхъ-рæнхъ сагъд уыди алымыггаг кæсæгты æмæ цады иннæ цæрæгойты цæстытæ. Уыдон æй хъахъхъæдтой фыдбылызхæсджытæй. Галуаны тæккæ цъуппыл та дардмæ хурау æрттывта цыкурайы фæрдыг5. 

Хæфсыты мидæмæ куы бакодтой, уæд сæ галуаны рæсугъд фæлгонцæй исдугмæ айрох, цагъары бахаудысты, уый дæр. Йæ къултæ мидæгæй дæр уыдысты кæсаджы цæппæртæй астæрд, фæлæ агъуысты цы удæгас цырæгътæ уыдис, уыдоны рухсмæ ахæм алыхуызон рæсугъд тæмæнтæ калдтой, æмæ сæм цæстытæ нæ, лæууыдысты. 

Кæфтæ хæфсыты бахуыдтой иу уатмæ. Уым, уыди бирæ лæппын кæсæгтæ. Кæд ма гыццылтæ уыдысты, уæддæр уындæй, кондæй цæрмыстыгъд бакодтой Бирæгъдзых кæфты. 

 

– Хъусут, – хæфсытæм æртхъирæнгæнæгау бадзырдта цады паддзах, – адон сты нæ буц цот. Мах суанг нæ фыдæлты таурæгътæй зонæм, хæфсытæ цот хъомыл кæнынмæ дæсны кæй сты, уый. Уымæ гæсгæ уын уæ бæрны кæнæм адонмæ зилын. Æнæзылд, æххормагæй сæ макуы ныууадзут. Галуаны фæскъул нæ лæппынтæн ис æхсыры кæсæгты фермæ. Уырдыгæй сын сахатæй сахатмæ æхсыр хæсдзыстут æмæ сын дардзыстут мæнæ ацы сывæдæгтæй, – зæгъгæ, кæф хæфсытæн бацамыдта иу къусчы æвæрд чысыл кæсæгты тъупгæнæнтæм. Амонут сын ленк кæнын дæр... 

– Æхсырмæ-иу куы цæуат, уæд нæ цотмæ сæ цæст дардзысты уæ лæппынтæ, – паддзахы ныхас айста иннæ мадæл кæф. Уый, æвæццæгæн, лæппын кæсæгты мад уыд. – Аузæнт-иу сæ, авдæны зарджытæгæнгæ. Амы цæрджытæй сымах йеддæмæ зарын ничи зоны. Сыгъдæг сæ дарут æхсæв дæр, бон дæр. Бафынæйæ уæ Хуыцау бахизæд! Лидзынвæнд уæ чи скæна, уымæн йæ тæрхон цæттæ у: ауындзæн. Уæртæ галуанмæ хæстæг федтат дыууæ ауыгъд Сардзаны? Уыдон дысон алидзынмæ хъавыдысты! Бирæ æндæр куыстæгтæ дæр ма фæдзæхст æрцыд ацы дыууæ ног уацайрагæн. Хæрынмæ дæр сæ нал æвдæлд куыстытæй. 

Кæфты лæппынтæн сæ хъомылдæртæ хæфсыты къæхтыл æвзæрстой сæ дæндæгты фидардзинад.
 
Иу хатт та дзы иу Хъыввайы фæстаг къахыл афтæ тынг фæхæцыд, æмæ хæфс йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта. Кæфы лæппын фыццаг хатт фехъуыста ахæм тыхджын хъæр æмæ фыр тарстæй фæсур. Кæф уый куы ауыдта, уæд йæ домбай къæдзилæй Хъыввайыл ралæууыд. Хæфс фыр надæй изæрмæ йæ къæхтыл слæууынхъом нал уыд. 

 

Уыцы æхсæв галуаны цæрджытæ иууылдæр куы бафынæй сты, уæд хæфсытæ сфæнд кодтой алидзын. Цагъары цард у æгад æмæ сындæггай мæлын, загътой уыдон. Фæлтау æваст амæлын хуыздæр. Бафæлварæм нæ амонд. 

Сæ лæппынтимæ галуанæй рахъуызыдысты. Се 'ргом' сарæзтой, дымгæ доны уылæнтæ кæдæм сырдта, уыцырдæм. 

Иу афон цады паддзах райхъал. Кæсы, æмæ къулы цæстытæ, фæцъынд-фæцъынд кæнынц. Бирæгъдзых кæф-паддзах йæ хъарм, фæлмæн хуыссæнæй фестад, удæгас цырæгътæй галуан ныррухс. 

Кæсы, æмæ хæфсытæ уым нал. Кæфы цæстытæ фыр мæстæй ссудзæгау кодтой, дæндæгтæ кæрæдзийыл андæгъдысты, йæ ленкгæнæн базыртæ фæпака сты, æмæ, йæ цыргъ фындзæй донгæрдгæ, фæдисы фæцагайдта хæфсыты фæстæ. Боныцъæхтыл сæ баййæфта иу къæдзæх былгæрон. Тынг фæтарстысты уацайрæгтæ, ай-гъай. 

Кæд ма мад йæ лæппынтимæ уæддæр аирвæзид, зæгъгæ, Мурри йæхирдæм сайдта кæфы. Йæ сæры февзæрд иу ныфсхаст æмæ хин хъуыды: йæхи байста былгæронмæ æмæ худæгау ныууасыд: 

 

– Мурри-хъи-хъи! Æрцахс ма мæ! Нæ дæ тæрсын! 

Бирæгъдзых кæф ыл фыр мæстæй, дзыххæлиуæй, фатау йæхи баскъæрдта. Куыддæр æм фæцæйлæбурдта, афтæ хæфс йæхи уæлдæфмæ фехста æмæ йæ сæрты агæпп ласта, кæф йæхи нал баурæдта, æмæ йæ сæр хъæбæр хохкъулыл сцавта, бауадзыг ис æмæ уæлгоммæ фæфæлдæхт. 

 

Мурри ма йæм фæстæмæ иу каст фæкодта æмæ, цингæнгæйæ, йе 'мбæлтты баййæфта. 

Лыгъдысты дарддæр. Иу ран сæ размæ фæцис иу тъепа, бацамыдта сын, цъымара кæм ис, уый. 

Æмæ мæнæ дыууæ хæфсы, бирæ тухитæ бавзарыны фæстæ æрбахæццæ сты, уыйбæрц кæмæ фæбæллыдысты, сæ уыцы райгуырæн цъымарамæ. Фыр цинæй æмуаст скодтой: «Мурри-хъуи-хъуи! Хъывва-хъывви!!» Æнæкæрон егъау цъымарайы кæрæттæй сæ размæ ракалдысты бынæттон хæфсытæ – зæрондæй, æвзонгæй, лæппынæй. Фыр цинæй бæстæ «хъывва-хъывви-хъи!» сси. Ног бинонтæ сæ цæст ахастой сæ бæллиц, сæ ног бæстæйыл, – цæст ыл не 'ххæссы! Хъамыл, дзала, алымыггаг цъымарайы халгæрдæг, урс дидинджытæ, цъæх хъуына, къогъотæ, алы лыстæг цæрæгойтæ. Хур дæ куы хъæуа, уæд дын гом къуыбыртæ. Уæдæ кæсагласæй хъамылы дæхи амбæхс, æнæ хъамылæй дæр кæрдæгхуыз хæфсытæ кæрдæгæй зын иртасæн сты. Бирæгъдзых кæфы ардæм тыххæй дæр ничи æрбасайдзæн: уымæн ленк кæнынæн арф æмæ сыгъдæг мал хъæуы. Иу дзырдæй, æрдз цъымаратæ æрмæст хæфсытæн радта. Æндæр сын цæрыны амал никуы ис. 

Иннæ хæфсытимæ. Мурри æмæ Хъывва дæр сæ зæрдæйы дзæбæхæн цæрынц сæ ног бынаты. Нал тæрсынц хус рæстæг скæнынæй дæр. Ахсынц къогъотæ, хъомыл кæнынц сæ лæппынты. Изæрты та сæ иудадзыгон зард райдайынц, æмæ сæм хъæуты адæм фæхъусынц, авдæны зарæгмæ хъусæгау. 

Хæфсыты уасын, дам, сабырдзинады нысан у. 

Гъемæ зарæнт, цæрæнт! 

 

 

 

ФИППИНÆГТÆ: 

1. Хъамыл – кæрдæджы мыггаг, зайы цъымарайы (уырыс. «камыш»). 

2. Дзалагæрдæг – кæрдæджы мыггаг, зайы цъымарайы (уырыс. «осока»). 

3. Бирæгъдзых кæф – тугдзых кæсаг (уырыс. «щука»). 

1. Кæфойы йас – ома дынджыр. Кæфой – уистæй быд мигæнæн хор æвгæнынæн кæнæ дымгæмæ дарынæн (уырыс. «совок из прутьев»). 

4. Цыкурайы фæрдыг – арæх æмбæлы адæмон сфæлдыстады. Кæй къухы-иу бафтыд, уымæн уыд амонды, бæркады хос; хæдзарæн уыд ахсджиаг хæзна, хъахъхъæдтой йæ, куывтой йæм. Аргъæутты дзæбæх кæны мæлæтдзаг цæфтæ, удæгас кæны мæрдты. 

 

Цыбырæй авторы тыххæй: 

Саламты Алихан (1910-1977) райгуырд Цæгат Ирыстоны, Æрыдоны. Ахуыр кодта Мæскуыйы Советон Цæдисы адæмты æвзаг æмæ хъуыдыкæнынады институты. Фæсахуыр æй арвыстой æрцыд Германмæ, горæт Веймармæ, куыста газеты редакцийы. Ирыстонмæ сыздæхыны фæстæ къорд азы дæргъы фæллой кодта газеттæ «Социалистическая Осетия» æмæ «Æрыгон коммунист»-ы. Алихан фыста сывæллæттæн, уыд курдиатджын тæлмацгæнæг. Йæ уацмыстимæ ирон чиныгкæсæг базонгæ журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фидиуæг»-ы фæрстыл. Йæ аргъæутты чиныг «Хæфсытæ кæфæй куыд фервæзтысты» мыхуыры рацыд 1966 азы.



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ