Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Куысыфтæг æмæ дурын
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Коцойты Арсен 

КУЫСЫФТÆГ ÆМÆ ДУРЫН 

 

Раджыма-раджыма цардысты, уыдысты дыууæ хæлары – Куысыфтæг1 æмае Дурын. Иухатт Куысыфтæг бацыди Дурынмæ æмæ йын загъта: 

– Мæ хæлар Дурын, иу ран бадгæйæ схъуына уыдзыстæм, цом бæстæтыл ахæтæм. 

– Нæй гæнæн, Куысыфтæг, – нæ фæндагыл стыр цæугæдон ис, ноджы ныр йæ ивылыны рæстæг у, æмæ мæ дон йæ бынмæ куы аласа, уымæй тæрсын. 

– Ма тæрс, мæ хæлар, æз дын æххуыс кæндзынæн. 

Дурын фæныфсджын ис, æмæ дыууæ хæлары араст сты сæ фæндагыл. Цæуынц, цæуынц æмæ бахæццæ сты стыр цæугæдонмæ, – йæ фæйлауæнтæ кæрæдзи сæрты бырстой, йæ уынæрæй хъустæ къуырма кодтой. Дурын æм куы бакасти, уæд фыр тæссæй базырзыр кодта, – хорз æм касти балцы цæуын, фæлæ йæм мæлын хорз нæ касти æмæ фæстæмæ здæхыны фæнд скодта. Куысыфтæг куы бамбæрста Дурыны хъуыдытæ, уæд æм бауади æмæ йын загъта: 

– Æрбабад мæ рагъыл, æз дæ доны иннæ фарсмæ адавон. 

Дурын бабадти. Куысыфтæджы рагъыл, æмæ уайтагъд цæугæдоны иннæ фарс рахызтысты. 

Цæуынц дыууæ хæлары дарддæр, быдыртæ æмæ хъæдты уындæй сæ зæрдæ рухс кæны, мæргъты зард сын сæ хъустæ рæвдауы. 

Уалынмæ кæсынц, æмæ разæй цавæрдæр мигъ змæлы æмæ сæм хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. 

Æвиппайды Куысыфтæг фæхъæр кодта:  

– Мæ сæфт æрцыди, Дурын! – Уæртæ быдыры кæрдæг судзгæ æрбацæуы æмæ мын аирвæзæн нал ис – басудздзынæн.– Цыма йыл тæфсæг бахæцыди, уыйау тæссæй зыр-зыр кодта Куысыфтæг. 

– Ма тæрс, Куысыфтæг, – сабыр æй кæны Дурын. – Ницы дын уыдзæн, æз дæ фервæзын кæндзынæн. 

Цалынмæ уыдон ныхас кодтой, уалынмæ сыгъд сæ уæлхъус æрбалæууыди. 

Дурын Куысыфтæджы æрхуыссын кодта дзыхъхъы, йæхæдæг æй йæхицæй æрæмбæрзта. 

Цыбыр рæстæгмæ сыгъд иннæ фарс фæци æмæ уæртæ фæцæуы дарддæр. 

– Цы фæдæ, Куысыфтæг? Фесæфтæ? Басыгъдтæ, мыййаг? – бафарста Дурын. 

– Зонгæ дæр нæ бакодтон сыгъд, – дзуапп радта Куысыфтæг. 

Уæдæй фæстæмæ ноджы тынгдæр схæлар сты Куысыфтæг æмæ Дурын æмæ ма абон дæр æмзæрдæ, æмудæй цæрынц. 

 

 

ФИППАИНÆГТÆ: 

1 Куысыфтæг – насы мыггаг. Йæ хуылф-иу ын скъахтой, хусгондæй дзы пайда кодтой куыд мигæнæнæй.  

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ