Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Куырттатаг гæды лæг
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Гæдиаты Секъа 

КУЫРТТАТАГ ГÆДЫ ЛÆГ 

 

Раст Куырттаты Уæлæсыхы1 цард æртæ ‘фсымæры. Сæ фыды бынтæ байуæрстой, бахордтой æмæ ма се 'хсæны иу тымбыл фынг уаринаг уыд. Фынгæн йе 'ртæ къахæй æртæ æфсымæры фæйнæ къахы айстой, йæ тъæпæн та йын се 'хсæны ныууагътой. 

Иу бон хистæр æфсымæрæн йæ ус афтæ зæгъы: 

– Дæ фынджы къах ма ахæсс дæлæ Хæдзарты сахармæ2 æмæ дзы балхæн хæринаг – сыдæй куы мæлæм! 

Дыккаг бон хистæр æфсымæр йæ фынджы къах уæймæ ахаста Хæдзарты сахармæ. Сахары кæрон ыл иу æлдар сæмбæлд æмæ йæ бафарста: 

– Цас кæныс дæ фынджы къах? 

– Фондз сомы, – загъта мæгуыр лæг. Æлдар йæ рихи аздыхта æмæ афтæ зæгъы: 

– Фондз сомтæ-йедтæн нæ зонын, фæлæ мæ кæд гæды дзырдтæй бафынæй кæнай, уæд дын дæ фынджы къахæн – фондз туманы. Кæд мæ нæ бафынæй кæнай, уæд дын де 'рагъæй æртæ гæрзы3 ракæндзынæн. Дæ фынджы къах дæр мæн, æмæ дæ хæдзармæ цæугæ! 

– Хорз, – загъта мæгуыр лæг. Сразы. 

Бацыдысты æлдары хæдзармæ. Æлдар хæрд, нуæзт æрхаста: ронг4 дыдзы уагъд5, цæхджын куыры6 фыд. Мæгуыр лæгæн хорз бануазын кодта, йæхæдæг æрхуыссыд æмæ афтæ зæгъы: 

– Цæй, ныр мæ гæды дзырдтæй бафынæй кæн.  

Мæгуыр лæг расыгæй цыдæртæ адзырдта æмæ раздæр афынæй. 

Æлдар мæгуыр лæгæн йæ рагъæй гæрзытæ рауагъта, йæ фынджы къах дæр ын байста æмæ йæ афтидæй рарвыста. Гуыбыр-гуыбыр сцæйцыд мæгуыр лæг Куырттаты Уæлæсыхмæ. 

Уæд астæуккаг æфсымæрæн йæ ус афтæ зæгъы: 

– Акæс-ма, æвзæр, дæлæ де 'фсымæр цы æргъом схæссы! Ахæсс ды дæр дæ фынджы къах æмæ йæ ауæй кæн. 

Астæуккаг æфсымæр дæр ахаста йæ фынджы къах, æмæ та йæ æлдар уыцы æгъдауæй фæсайдта, йе рагъæй та йын гæрзытæ рауагъта, йæ фынджы къах дæр ын байста, æмæ та уый дæр гуыбыр-гуыбыр йæ хæдзармæ ссыд. 

Кæстæр æфсымæр йæхи сцæттæ кодта: «Ме 'фсымæртæй мын чи фæхъазыд, уый куы нæ базонон, æндæр мадзал нæй», – загъта. Иу бон йæ фынджы къах райста æмæ Хæдзарты сахармæ æрцыд. Сахары кæрон ыл уыцы æлдар сæмбæлд æмæ йын афтæ зæгъы: 

– Цас кæныс, лæппу, дæ фынджы къах? 

– Фондзыссæдз туманы, – загъта мæгуыр лæг.  

Æлдар загъта: 

– Фондзыссæдз тумантæ-йедтæ ныууадз, фæлæ мæ кæд гæды дзырдтæй бафынæй кæнай, уæд дын хæрæгуаргъ сызгъæрин æхца. 

– Хорз, – загъта мæгуыр лæг, æмæ æлдары хæдзармæ бацыдысты. 

Æрæвæрдта та æлдар хæрд, нуæзт фыццæгтæй фылдæр æмæ афтæ: 

– Дæ ном уал мын зæгъ! 

– Мæ ном – Амæй-фыддæр, фæлæ дæ ном та цы хуыйны? – загъта мæгуыр лæг. 

– Мæ ном – æлдар, æндæр цы. Цæй, ныр нуазгæ, – æлдар загъта мæгуыр лæгæн. 

– Басид мæм, æлдар, æз фысымы разæй никуы бануæзтон. 

Æлдар сидгæ æмæ нуазгæ, мæгуыр лæг дæр афтæ; хорз минас фæкодтой, æмæ æлдар æрхуыссыд. 

– Цæй, ныр мæ гæды дзырдтæй бафынæй кæн, – загъта æлдар. 

– Хæрæг æмæ хæрæгуаргъ сызгъæрин æхца уал мын мæ цуры æрæвæр, æмæ уæд райдайдзынæн гæды дзырдтæ дзурын. 

Æлдар æрбакодта хæрæг, дыууæ голладжы дзаг сызгъæрин æхца æмæ йын сæ йæ цуры авæрдта æмæ æрхуыссыд. 

– Цæй, ныр хъус, æлдар! – загъта Амæй-фыддæр. – Авд фысы мæм уыд, стыр фосы дзуг. Сæрд-иу сæ Уæлхъæриу7 фæзы фæдардтон, Дæлхъæриумæ8 та мын цыхцыртæ, арæзтуыд. Дæлхъæриуы мæ мад æхсыр фæрсыгъта, чырвазы мидæг дзы гуымбылтæ9 ахста. Иу бон цыхцырты æхсыр рауагътон, афтæмæй бирæгъ æхсыры бахаудта, мæ мад æхсыр æрфæрсыгъта, æмæ бирæгъ сасиры хуынкъæй æруад, æмæ йæ гуымбылы бацахста; гуымбылæй мын хæбизджын скодта, хосгæрдæн уыд, æмæ мын æй Уæлхъæриумæ сæрвыста; хæбизджын æрсастон, æмæ бирæгъ уырдыгæй алиуырдта; цæвæг ыл фехстон, æмæ йæ дзыхы фæсагъд, халамæрзæн ыл фехстон, æмæ йæ синты фæсагъд; разæй кæрдгæ, фæстейы ссивгæ, æмæ фондзыссæдз мæкъуылы ацамадта. Иу хатт цæвæг дурыл сæмбæлд, зынг ацагъта, æмæ хостæ басыгъдысты; цæмæйдæрты ма хос скодтон. Уалынмæ зымæг æрцыд, бæстæ ныссалди, дон никуыуал уыд. Судзины бынæй акастæн, æмæ дæлæ Фыййагдон10 цъæх-цъæхид дары. «Цон, – загътон, – мæ дзугæн уым дон бадарон». Æрыскъæрдтон мæ дзуг, фæлæ Фыййагдон ныссалд, ихы бынæй ма хъуыр-хъуыр кодта. Мæ цонджы стæгæй сарт11 ацарæзтон, мæ сæры фахсæй – мысалгъ12, их ныггæрстон æмæ ме стыр дзуг – авд фысæн – уым дон бадардтон. 

Уырдыгæй раздæхтæн. Куырттаты цъыхырымæ13 куы æрбаздæхтæн, уæд æркастæн, æмæ мæ сæры фахс уым ферох. Фæстæмæ фездæхтæн, æмæ Фыййагдоны былыл мæ сæры фахсы уæрцц14 дыууадæс айчы афтыдта. «Хуыцау дын авæра, гъе!» – загътон. Æйчытæй хъайла акодтон, минас фæкодтон æмæ фæстæмæ раздæхтæн. 

Цалынмæ фæстæмæ цыдтæн, уалынмæ мæ дзуг Куырттаты цъыхырыйы ныххæлиу сты. Агурын сæ байдыдтон. Иу ран мæ бæхы къæдзил цæуылдæр фæхæцыд. Фæстæмæ фæкастæн – стыр хæрис бæлас, йæ сæр арвыл банцад. Мæ бæхы къæдзил уый уæлæ фæтыхст. 

Хуыцаумæ мæ цæуын хъуыд – топп лæвар мын загъта. «Цон, – загътон, – амæй хуыздæр фæндаг ма кæм ссардзынæн». Мæ бæх уым фæуагътон, мæхæдæг хæрис бæласыл Хуыцаумæ сфардæг дæн. «Дæ бонтæ хорз, – загътон, – Хуыцау! Топп лæвар мын куы загътай». Хуыцау мын хорз хъыримаг топп ралæвар кодта. Цыдæр ныстуантæ дæр ма мын загъта. 

Рацыдтæн, æмæ бæлас уым нал – мæлдзыджытæ йын йæ уидаг ахордтой æмæ ракалд. Фæстæмæ та Хуыцаумæ балæууыдтæн. «Дæ хорзæхæй, – загътон, – Хуыцау, мæ бæлас акалд, фæндаг нал арын, исты хос мын скæн». Хуыцау йе 'ххуырстытыл фæхъæр кодта, æмæ зыгуымы15 лыстæгæй бæндæн ауагътой арвæй зæхмæ. Бæндæныл æрбырыдтæн, æмбисвæндагмæ куы æрхæццæ дæн, уæд сихæн дæн, арт акодтон, мæхи атавон, зæгъгæ. Арт бæндæныл сирвæзт, бæндæн асыгъд, æмæ рахаудтæн, мæ фæрсчытæй дыууадæс ныссаст; райхъал дæн, бакастæн, æмæ уæртæ къутæры бын уæрцц бады. Хуыцау мын цы топп ралæвар кодта, уымæй йæ багæрах кодтон, æмæ уæрцц фæтымбыл; ракъæртт æй кодтон æмæ дзы дыууадæс æмыр тæсчъы16 фиу райстон. «Ме 'рчъитæ17 ныхъхъæбæр сты, уыдон дзы куы айсæрдин», – загътон; иу æрчъи дзы байсæрстон, иннæйы фаг нал сси; æрчъи фæтæргай, кæдæмдæр алыгъд. «Гъе, фыдæбон дæ хай фæуа», – загътон. Агурын æй байдыдтон, бакастæн – æмæ уæртæ Бæлтайы18 Слонатæн най кæны. Гъе гауыр,19 ме 'рчъи, – загътон, – гауыры цармæй конд!» Йæ рахиз æхсæрфарс ын ныццавтон, æмæ дзы еууы20 мæрт21 акалд, йæ галиу æхсæрфарс ын ныццавтон, æмæ дзы цæххы мæрт акалд. Ме 'ккойы сæ акодтон æмæ Уæлхъæриуы балæууыдтæн. 

– Хъусыс мæм, æлдар? – мæгуыр лæг загъта.  

Æлдар бафынæй, хуыр-хуырæй хуыссыд. Амæй-фыддæр æлдарæн хъулæттæ-мулæттæ йæ сæр адаста, йе 'хцатæ хæрæгыл авæрдта æмæ Хъобангомы22 бафардæг. Зæбиагъы нарæджы23, фæсвæд хъæдæрдузы йæ хæрæг суагъта, йæхæдæг фæндагыл сбадти. 

Уалынмæ æлдар дæр сыхъал, æмæ йæ фæдис расырдта. Зæбиагъмæ куы бахæццæ, уæд йæ разы фæндаггæрон Амæй-фыддæр бадт. 

– Дæ фæндаг раст, – æлдар загъта. – Ам хæрæгджын бæлццон цæугæ нæ федтай? 

– Диссаг нæ дæ, – сдзырдта Амæй-Фыддæр, – Дæргъæфс24 иууылдæр хæрæгджынтæ! 

– Нæ, нæ, йæ ном Амæй-фыддæр хуыйны, ме 'хца мын рахаста æмæ уый сурын. 

– Æз дæуæй фыддæр никуы федтон, дæ сæр хъулæттæ-мулæттæ даст. 

– Мауал мæ хъаз, – æлдар загъта, – мæстджын дæн. Иу хæрæгуаргъ мæ сызгъæринтæ рахаста иу гæды лæг æмæ уый сурын. 

– О... о... Уый мæнæ фæцæуы, фæлæ дын Иувæрсоны25 бæхыл бацæуæн нæй. Дæ бæх мæ цуры уадз æмæ йæ фистæгæй ныртæккæ баййафдзынæ. 

Æлдар йæ бæх Куырттаты гæды лæджы цур ныууагъта æмæ фистæгæй Хъобангомы Амæй-фыддæры асырдта. Амæй-фыддæр æлдары бæхы йæ хæрæджы цурмæ скодта æмæ йæ бæласыл бабаста. Бæхæн йæ къæдзил ралыг кодта æмæ йæ фæндагыл мысты хуынчъы ныффидар кодта. Уалынмæ æлдар фæстæмæ раздæхт æмæ йæм куы разынд, уæд æм гæды лæг хъæр кæны: 

– Размæл, дæ бæх мын мыстытæ фескъæфынц! Æлдар дæр æрхæццæ, æмæ дыууæйæ бæхы къæдзилыл схæцыдысты æмæ йæ фелвæстой. 

– Уа раст дæ хæдзар! Гъе ныр дын дæ бæх мыстытæ аскъæфтой, цы ма йын кæнæм? – гæды лæг загъта. 

Æлдар йæ бæхыл дæр фæхъыг кодта æмæ фистæгæй Хæдзарты сахармæ ныллæсыд. 

Амæй-фыддæр æлдары бæхыл хæрæгуаргъ æхцаимæ Куырттатæм бафардæг. 

 

 

ФИППАИНÆГТÆ: 

1. Уæлæсых (топоним) – хизæнуæттæ æмæ хуымгæндтытæ Куырттаты комы, Дæллагхъæуы сæрмæ, раздæр дзы царди адæм, нырттæккæ у хъæууат, ис ма дзы мæсыджы æмæ цæрæнуæтты хæлддзæгтæ.  

2. Хæдзарты сахар – гæнæн ис, æмæ ныхас цæуы хадзарты сахарыл. Хадзартæ уыдысты тюркаг адæмыхатт, VIII-æм æнусы райдиан сæ паддзахад – хадзайраг каганат – æрцахста Азовы былгæрæттæ, Хъырым æмæ Цæгат Кавказы территори. Базарадон бастдзинæдтæ сын уыди Скæсæн Европæйы, Астæуккаг Азийы æмæ Фæскавказы паддзæхæдтимæ. Чи зоны, аргъауы ныхас цæуы хадзайраг сæудæджергæнджыты сахарыл.  

3. Гæрз – цармы, сæракы уадздзаг. 

4. Ронг – рагон нæртон нуæзт. 

5. Дыдзыуагъд ронг – дыууæ хатты уагъд ронг, ома хъæддых ронг. Дзырд «дыдзы» арæхдæр æмбæлы ахæм хуызы: дыдзырухс – мынæг рухс, дыдзыхъарм – хъæрмуст; дыдзы хур – кадджыты, таурæгъты мæрдты хур; хур куы аныгуылы, уæд ма хæхты цъуппыл цы хуры тынтæ фæхъазы, уыдон.  

6. Куыр – гал (уырыс. «бык, бугай»). 

7. Уæлхъæриу (топоним) – Хъæриуы сæрмæ. Хъæриу – хох Цæгат Ирыстоны, Куырттаты комæй Уæлладжыры æхсæн. 

8. Дæлхъæриу (топоним) – Хъæриуы бынмæ (кæс: 7). 

9. Фыййагдон – цæугæдон Цæгат Ирыстоны. 

10. Гуымбыл – ногахст цыхт. 

11. Сарт – хъæдгуыстгæнæн дзаума (уырыс. «долото, стамеска»). 

12. Мысалгъ – дзæбуджы хуыз (уырыс. «обух, молот»). 

13. Цъыхыры – къутæр (уырыс. «кустарник»). 

14. Уæрцц – маргъы мыггаг (уырыс. «перепелка»). 

15. Зыгуым – хъæмпы фæлмæнтæ (уырыс. «солома», «мякина»). 

16. Тæскъ – уистæй быд егъау чыргъæд. 

17. Æрчъи – галдзармæй (æрчъиагæй) хуыд къахыдарæс. 

18. Бæлта (топоним) – хъæу Цæгат Ирыстоны, Дзæуджыхъæуы хуссарварс. 

19. Гауыр (джауыр) – æфхæрæн ныхас, йæ комкоммæ нысаниуæг – «æндæр диныл хæст адæймаг» (уырыс. «гяур, иноверец»). 

20. Еуу – хоры мыггаг (уырыс. «просо»). 

21. Мæрт – рагон уæзы бæрц, 4 килограммæ æввахс. 

22. Хъобангом (топоним) – ком Цæгат Ирыстоны. 

23. Зæбиагъы нарæг(топоним) – аргъауы текстмæ гæсгæ, ис Хъобангомы. 

24. Дæргъæфс (топоним) – ком Цæгат Ирыстоны. 

25. Иувæрсон (топоним) – æбæрæг топоним, аргъауы текст 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ