Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Аргъæуттæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Чеджемты Геор 

 

ХЪИЛХЪУС ÆМÆ КЪАРМÆГОН 

 

Арыхъхъы рагъыл уагъылы къутæры бын цæры зæронд тæрхъус Къармæгон. Цал сæрды æмæ зымæджы арвыста ацы ран! Цал хатты йæ æрæййæфта тæрккъæвда ацы цъæх къуыбырты астæу! Цал хатты йæ фæдыл бафтыд Рувас! Фæлæ кæсут – цæры ма абон дæр Къармæгон. Дард рæттæм нал афты хизагур. Æниу æй фæстаг рæстæг æвдæлгæ дæр нал кæны – йæ лæппыны лæппынæн райгуырд уды гагайы хуызæн хъилхъус тæрхъус. Къармæгон æй хонгæ дæр афтæ кæны – Хъилхъус! 

Хъилхъус тынг буц ахуыр рахаста. 

Райсомæй йæ Къармæгон куы райхъал кæны, уæд Хъилхъус хъуыр-хъуыр кæнын байдайы: 

– Цæмæн мæ райхъал кодтай? Хуры тын мæ цæмæй райхъал кодтаид, мæн уый фæндыд. И-и-и!.. 

Ахæм рæстæг ын Къармæгон бауайдзæф кæны: 

– Худинаг, худинаг, Хъилхъус? Дæлæ Уæрццы лæппынтæ боныцъæхтыл рабадтысты æмæ ма зæрæстон хуымы еууы гагатæ дæр æруыгътой. 

Бынтон æгоммæгæс та Хъилхъус йæхи æхсгæйæ у. Хъæр-хъыллист байдайы: 

– Суадоны донæй мæ ма цæхс, Къармæг! И-и-и!.. 

– Уæдæ дæ цавæр донæй цæхсон, Хъилхъус?! Мæнæ цы диссæгтæ уынын Арыхъхъы рагъыл2, мæнæ! – рафæлмæцы Къармæгон. 

– Суадоны донæй мæ ма цæхс – уый уазал у. Уæртæ зыр-зыраг дидинджыты къусджытæй дон рауадз... 

...Арыхъхъы рагъыл хур раджы аныгуылы. Къутæрбынтæй Талынг рахъуызы. Стæй Рувас. Стæй Бирæгъ. У-у-у! Тынг тæссаг у! Уый хорз æмбары Къармæгон æмæ Хъилхъусы сæ райгуырæн уагъылы къутæры бынæй иуварс нал фæуадзы: 

– Бафынæй у. С-с-с! Уæрццы лæппынтæ дæр бафынæй сты. 

– Хъазын ма мæ фæнды, Къармæг, уæ Къармæгон! 

– Бафынæй кæ! Æз кæмæ дзурын? Талынгмæ адзурон? Уый дæм ныртæккæ Рувасы æрбарвитдзæн. 

Къармæгон Рувасы кой куы скæны, уæд йæхæдæг тынгдæр фæтæрсы æмæ та йæхи Хъилхъусы хъарм фарсмæ нылвасы. 

...Иу изæр та Хъилхъус нал æмæ нал фынæй кодта. Къармæгон æй тæрсын кодта Рувасæй, Бирæгъæй, суанг ма йын Арсы кой дæр скодта. Фæлæ Хъилхъус Къармæгоны цур ницавæр рувас æмæ бирæгъæй фæтарстаид æмæ къутæры бын рагæпп-багæпп кодта. 

Къармæгонатæн сæ тæккæ сыхаг уыди Уызын. Тынг зæронд, стæй тынг зондджын Уызын. Уызынмæ зондæй фæрсынмæ цыдысты сырдтæ æмæ мæргътæ суанг Бруйы рагъæй дæр. Гъемæ Уызын Хъилхъусы митæ куы федта, уæд загъта: 

– Хъилхъус, мæ хур! Къармæгон зæронд у æмæ йæ бафынæй кæн. Стæй уый фæстæ, цас дæ бафæнда, уыйбæрц хъаздзынæ. 

Хъилхъусы зæрдæмæ тынг фæцыдысты Уызыны ныхæстæ æмæ Къармæгонæн загъта: 

– Уызын тынг раст зæгъы. Стæ-ма, æз дæ афынæй кæнон. Хъилхъус æрхуыссыд Къармæгоны фарсмæ æмæ зарыныл афæлвæрдта: 

«Афынæй у, Къармæгон, 

Ма ку, ма ку, Къармæгон. 

Дæ цæстытææ’рцъынд кæн,  

Фен-иу ахсæв хæрзфынтæ. 

Афынæй у... Къармæг...» 

Хъилхъусæн йæ цæсты хаутæ кæрæдзиуыл андзæвыдысты. Къармæгон йæ мидбыл бахудт. Уызынæн хæрзæхсæв загъта, стæй уый дæр йæ цæстытæ æрæхгæдта. 

Дыккаг бон Къармæгон Хъилхъусы куы райхъал кодта, уæд Хъилхъус æнæ хъуыр-хъуырæй йæхи ахсадта суадоны донæй, стæй загъта: 

– Ахсæв дæр та дæ, Къармæгон, бафынæй кæндзынæн, нæ ? 

– Уæдæ, уæдæ! Дысоны хуызæн хорз никуы фæфынæй кодтон, – загъта Къармæгон дæр, æмæ Хъилхъусимæ рагæппытæ кодтой хурварсмæ сæ уарзон уагъылы къутæры бынæй. 

 

ФИППИНÆГТÆ 

 

1. Къармæгон – ам: зæронд тæрхъусы ном. Ацы номыл ма æмбæлæм Нарты кадджыты: Къармæгон уыд нæртон куырыхон сылгоймаг. Нарт æм цыдысты зондагур («Уырызмæг æмæ сохъхъыр уæйыг», «Нартæ сæ хуыздæрты куыд æвзæрстой»). Уымæ гæсгæ рахуыдта, æвæццæгæн, автор йæ зæронд куырыхон уызыны Къармæгон. 

2. Арыхъхъ – æрх, адаг. Арыхъхъытæ – хизæнуæттæ-æрхытæ Заманхъулмæ æввахс (уырыс. «лощина», «долина»). 

 

 

 

СТЫР АМОНД 

 

Хур тагъд скæсдзæн. Æмæ цин кæндзысты мæргътæ. Æмæ цин кæндзысты сырдтæ. Фæлæ Лæппын Тæрхъус ныр дæр нæма райхъал. Фыццаг хатт баззад æхсæвыгон иунæгæй. Æнæ йæ мад, æнæ йæ хотæ. Раздæр-иу æй йæ мад хъал кодта. Фæлæ ныр æнцад-æнцойæ хуыссы. 

 
Хуры тынтæ сæмбæлдысты уагъылыйы къутæрты цъуппыл. Æртæхдзыд уагъылытæ сырх арт суагътой. Хъæддзауы лæппу дзы иу ратыдта. Стæй æрæвнæлдта къутæры бынмæ. Йæ хъæбысмæ систа фæныкхуыз Лæппын Тæрхъусы. Тæрхъус нырма ныр райхъал. Йæ мады фæлмæн дæллагхъуыр, йæ хоты астæу нæ хуыссы, уый куы федта, уæд скатай. Хатгай фестъæлфы. Йæ даргъ хъустæ бацæгъды. Стæй та æрсабыр вæййы. Цыма йе 'дых бамбары. 

Лæппу йæ æрæвæрдта къахвæндагыл. Æмæ лæгтæ куыд фæзæгъынц, афтæ сдзырдта: 

– Амонд – дæ хъахъхъæнæг!  

Тæрхъусы йæ сæрибардзинад нæма уырныдта æмæ змæлгæ дæр не скодта. Стæй æвиппайды – гæпп-гæпп-гæпп! Æмæ цъæх къуыбыры аууæтты хъæды ‘рдæм ныййарц и. 

Йæ размæ фæци зæронд Уызын, йæ судзинтæ къозотæ æмæ хъæддаг фæткъуытæ хæссынæй бынтондæр кæмæн баихсыдысты, ахæм уызын. 

Тæрхъус йе 'муд куы 'рцыд бынтондæр, уæд афтæ зæгъы: 

– Уызын, цæмæй дæ бафæрсон, уый мын зæгъдзынæ? 

– Зæгъдзынæн, зæгъдзынæн, Лæппын Тæрхъус. 

– Амонд – дæ хъахъхъæнæг...Амонд... Амонд циу? Дæу куы фæрсын, Уызын! 

Уызын арф ныхъхъуыды кодта, стæй загъта: 

– Амонд... Уый у.. Бирæ, тынг бирæ къозотæ. Уымæй фылдæр – хъæддаг фæткъуытæ. Уымæй фылдæр – хъæддаг кæрдотæ. Кæд дæ нæ уырны, уæд уæлæ Æхсæрсæттæджы бафæрс. 

Тæрхъус бæласы цонгмæ скасти. 

– Уæ, уæлæ Æхсæрсæттæг! Иу цæмæйдæр дæ куы бафæрсон, уæд дын хъыг нæ уыдзæн? 

– Бафæрс, бафæрс, Тæрхъус. 

– Циу амонд, Æхсæрсæттæг?  

Æхсæрсæттæг хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй загъта: 

– Мæрайы дзаг гуыркъотæ, дыууæ мæрайы дзаг æхсæртæ. Кæд дæ нæ уырны, уæд уартæ Рувасы афæрс. Æцæг æм хæстæг ма бацу. 

Тæрхъус цъæх къуыбырмæ сызгъордта æмæ уырдыгæй Рувасмæ дзуры: 

– Рувас, уæ Рувас! Æцæгæй, Амонд æхсæртæ æмæ гуыркъотæ сты? 

Рувас йæ пух къæдзил йæ хъусрæбынты æрбайста, стæй афтæ зæ гъы: 

– Амонд æхсæртæ, стæй гуыркъотæ не сты. Амонд у, кæрчытæ æмæ бабызтæ куы радзæгъæл вæййынц æрхы былмæ. Амонд у... куы фæхизынц хъæдрæбын гогызтæ æмæ хъазтæ. 

Тæрхъус ницы бамбæрста Рувасы ныхæстæн æмæ, Бирæгъыл куы амбæлд, уæд афарста уый дæр: 

– Бирæгъ, амонд циу?  

Бирæгъмæ фыццаг диссаг фæкаст, Тæрхъус æм афтæ хæстæг кæй æрбауæндыд, уый. Стæй хъырнæгау афтæ зæгъы: 

– Æз дыл кæй сæмбæлдтæн, уый дæ амонд нæу! 

Æмæ йе стыр дзых фæхæлиу кодта. 

Тæрхъус та – гæпп-гæпп-гæпп! Æмæ йæ ных сарæзта рæгътæм. 

Бирæгъ æй хæстæгдæр къуыбыры онг фæсырдта, фæлæ йæ хæрды нæ баййафдзæн, уый куы бамбæрста, уæд раздæхт. Тæрхъус ма уæддæр лыгъди æмæ лыгъди. Иу пыхсбын йæхи скъуырдта Арсыл. 

– Ма смæсты у, Арс. Барæй дæ не скъуырдтон. 

Фæлæ уæддæр Арс тынг смæсты. Йæ хъæлæс айзæлыд хъæды: 

– Омæ, афтæ тагъд кæдæм згъорыс, Тæрхъус?! 

– Би... Бирæгъ мæ расырдта. Ницы йын кодтон... Бафарстон æй, амонд циу, зæгъгæ. Æндæр ын ницы загътон, уырыдзыйардыстæн! 

Арсæн йæ хъæлæс фæфæлмæндæр: 

– Амонд? Амонд циу, фæрсыс? Æз дын æй радзурдзынæн. Уымæн Бирæгъ цы зоны?! 

Арс арф ныуулæфыд. 

– Амонд у... цыбырæй йæ куы зæгъæм, уæд... мæрайы мыдыбындзыты гуыв-гуыв. 

Хурныгуылдыл Лæппын Тæрхъус куы 'рбæздæхт йæ мад æмæ йæ хотæм, уæд сæ цæссыгкалгæ æрбаййæфта: 

– Мах та афтæ банхъæлдтам, Цъæх Бирæгъ дæ æрцахста. Æмæ тынг фæтарстыстæм. Æмæ тынг бирæ фæкуыдтам. 

Æхсæвы та Лæппын Тæрхъус йæхи балвæста йæ мады хъарм дæллагхъуыртæм, стæй афтæ зæгъы: 

– Кæд, мыййаг, зоныс... амонд циу?  

Цæмæй Лæппын Тæрхъусы хотæ ма райхъал уой, уый тыххæй мадæл Тæрхъус загъта сындæггай: 

– Амонд у... ды дзæбæхæй кæй баззадтæ абон æмæ мæнæ дæ мад, стæй дæ фæлмæнзæрдæ хоты астæу кæй хуыссыс... Мæргътæ æмæ сырдтæ иу хъæды хæларæй-уарзонæй куы фæцæрынц, уæд уый дæр амонд у, стыр амонд. 

 

 

МОРÆДЗЫГ 

 

Тæргайдоны был цардысты æмæ уыдысты æртæ фондзыссæдз сау мæлдзыджы, стæй иу морæ мæлдзыг. Морæ мæлдзыгæн йæ ном хуынди Морæдзыг. Тынг хъæлдзæг æмæ уæздан уыди. Стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, куыстуарзаг. Уæхæдæг ма ахъуыды кæнут – махмæ, адæммæ, арæх афтæ фæзæгъынц:
 
«Цæмæн кусыс, дæ фæллад уал цæуылнæ суадзыс?». «Цæуылнæ кусыс? Æнцад цæмæн бадыс?!» Морæдзыгæн та йæ зонгæтæ æдзух афтæ дзырдтой. Ахæм рæстæг-иу Морæдзыг ноджы цæрдæгдæрæй февнæлдта йæ кусинагмæ æмæ-иу загъта:  

«Кусын зæрдæйы рухс у, мæ хæдзæрттæ, зæрдæйы рухс». Тынг амондджынæй цардысты иу æмæ æртиссæдз мæлдзыджы Тæргайдоны был, иу къуырф уирагдуры2 бын. «Цу-ма» кæрæдзийæн никуы загътой, афтæмæй сæ куыст æрдæгыл никуы баззад. Хуры 'рбацыдæй Хуры ацыдмæ сæ разгъор-базгъор, сæ кусынæй никуы банцадысты. Гъе, афтæ цардысты. Æмæ ма абон дæр цæриккой Тæргайдоны былы къуырф уирагдуры бын, фæлæ... Фæлæ иууылдæр Тотайы аххостæ уыдысты. Дзуарыхъæуккаг Тотайæ зæгъын. Ау, Тотайы нæ зонут? Мæнæ балтæ сырх кæнын куы байдыдтой, уæд авд азы кæуыл сæххæст, уыцы Тотайы! 

Иу бон Тота дуртæ æхста Тæргайдоны сæрты. Чи дзы донмæ хауд, чи та – доны фаллаг фарсмæ. Дур-иу доны фале куы 'рхауд, уæд-иу Тота бацин кодта. Раст уыцы рæстæг морæ мæлдзыг Морæдзыг æрбацæйхаста къогъойы базыр. Йæ мады мад Мæлдзыгойы уаты рудзынгæн æмбæрзæн нæ уыд, æмæ йын абон райсом къогъойы базыр хæссынмæ рацыд. Тотайы куы ауыдта дуртæ уидзгæ, дуртæ 'хсгæ, уæд йæ къогъойы базыр æрыскъæфы сырх æндахы æнцой авæрдта æмæ сæхимæ ныййарц. Къуырф уирагдуры цурмæ куы бахæццæ, уæд ныхъхъæр кодта: 

– Æфсымæртæ-мæлдзыджытæ! Фыдбылызæй хызт ут – фыдуаг лæппу æрбацæуы дуртæ уидзгæ, дуртæ фæлдахгæ. Къуыртт æмæ лæппынты зæххы бын лæгæттæм хæссут! Æз цæуын йæ размæ, села дурмæ3 схиздзынæн æмæ йæм мæ цæст дардзынæн. 

Сау мæлдзыджытæ къуыртт æмæ лæппынты уайтагъд зæххы бын лæгæтты бамидæг кодтой. Иу цалдæрæй дзы фæдисы рацыдысты, Морæдзыг цы бацис, стæй фыдуаг лæппу чердæм цæуы, уый базоныны тыххæй. Уирагдуры сæрмæ куы схæццæ сты, уæд федтой: фыдуаг лæппу селадур систа, Морæдзыг йæ уæлæ, афтæмæй, æмæ йæ... фехста Тæргайдоны сæрты. Сау мæлдзыджытæн фыр хъыг æмæ фыр мæстæй сæ цæстытæ атартæ сты, стæй бынтон æрæджиау æнкъардæй раздæхтысты. 

Морæдзыгæн мад æмæ фыд нал уыдис. Иу уаргæ бон сæ доны уылæн æрбаййæфта æмæ сæ ахаста. Уæдæй фæстæмæ цардис йæ мады мад Мæлдзыгоимæ иу уаты. Ныр сау мæлдзыджытæ-фæдисæттæ æрлæууыдысты Мæлдзыгойы цур уæнтæхъилæй, сæрныллæгæй. 

– Бирæ зындзинæдтæ федтай, Мæлдзыго, – райдыдта дзурын сау мæлдзыджыты хистæр, – фæлæ сын бафæрæзтай. Бафæраз ныр дæр. Дæ зæронд зæрдæ ныффидар кæн – Морæдзыг нал ис. Фæмард фыдуаг лæппуйы къухæй нæ фидауц, нæ уæздан Морæдзыг. 

Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы Мæлдзыгойы зæронд цæстытæ сæ уарынæй нæ банцадысты – ставд цæссыг фезгъæлдтой. Боныцъæхтыл-иу Морæдзыджы сынтæгыл ныддæлгом Мæлдзыго æмæ-иу дзырдта, кæугæйæ: 

– Уæ, мæ уарзон Морæдзыг, кæмæн мæ ныууагътай зæрондæй? Æз мæхи Хурæн нал фенын кæндзынæн. Æз – æнамонд сау мæлдзыг, сау цæссыг фестдзынæн. 

Хур фехъуыста Мæлдзыгойы хъарджытæ, йæ зæрдæ суынгæг æмæ йæ цæссыг урс æврагъæй асæрфта, стæй йæ зæрин тынæн бафæдзæхста: 

– Цу, тæхгæ æмæ зæгъ Мæлдзыгойæн: «Æгас у дæ уарзон Морæдзыг. Цæры фурды фале». 

Æмæ æцæгдæр! Морæдзыг нæ фæмард. Села дурыл атахт Тæргайдоны сæрты, былгæрон хæлуарæджы тыны скъуыды фæфидар, дур та иу цъæх хæфсы фарсмæ цъыфдзасты ныссагъд. 

Хуры аныгуылынмæ бирæ нал уыд. Æвæллад мæлдзыг цæсты фæныкъуылдмæ халгæрдæгыл цас сбыра, уыйбæрц ма йæ хъуыд цъæх къуыбырмæ. Раст уыцы афон залмысыфы4 бынæй рабырыд тымбылгуыбын дзыгъуыр хæлуарæг æмæ тынг æнкъардæй загъта: 

– Дæлæ хорз мæлдзыг, мæ тын мын цæмæн ныппырх кодтай? Мæнæй ма æнамонддæр исчи уыдзæн цымæ ацы арвы бын?! 

– Æз дæуæй æнамонддæр, хорз хæлуарæг, – дзуапп радта Морæдзыг æмæ йæ лыстæг астæуæй хæлуарæджы тын райхæлдта. 

Стæй радзырдта дзыгъуыр хæлуарæгæн, села дурыл куыд бадти, æмæ йæ иу фыдуаг лæппу фурды сæрты куыд фехста, уый. Æмæ ныр кæй никуыуал фендзæн йæ зæронд мады мад Мæлдзыгойы, йæ иузæрдион æмбæлтты. 

– Ныр дæ бауырныдта, æвæццæгæн, æз дæуæй бирæ æнамонддæр кæй дæн, – арф ныуулæфгæйæ загъта Морæдзыг. 

Дзыгъуыр хæлуарæг тынг фæтæригъæд кодта Морæдзыгæн, залмысыфыл æрæнцой кодта æмæ хурныгуылдмæ фæхъуыды кодта. Стæй загъта: 

– Хорз мæлдзыг – Морæдзыг! Тыхсгæ ма кæн – иу бон, иу дымгæ бон фурды фале балæудзыстæм. Дæ уарзон мады мад Мæлдзыгойы уаты дуар бахойдзыстæм, æмæ ды кæнгæ хъæлæсæй зæгъдзынæ: «Уазæг нæ уадзут?» Ах-ах-ах! – куыд цин кæндзæн Мæлдзыго! 

Морæдзыгæн йæ зæрдæ суынгæг, йæхи ныффидар кодта, фæлæ уæддæр йæ цæссыг урс гагайæ æртылди йæ хурсыгъд морæ русыл. Цалдæр хатты йæ сдзурын фæндыд, фæлæ та-иу йæ хъуыр ахгæдта. Æрæджиау тынг æнкъардæй загъта: 

– Æз – æнамонд фалдойнаг морæ мæлдзыг. Мæ райгуырæн бæстæм никуыуал бафтдзынæн... Уæд мыл цæмæн худыс? 

Дзыгъуыр хæлуарæг та загъта: 

– Ма тыхс, ма тыхс, Морæдзыг. Æз дæ бахæццæ кæндзынæн дæ райгуырæн бæстæм... Ныр та изæр у, æмæ уал ардæм рацу – фысым дын уыдзынæн. 

... Стъалытæ разындысты арвы тар цъæхыл. Мæнтæджы пæлæхсар сыфы аууонæй скасти мæй йæ цалхыдзагæй. Рог уддзæф5 хатгай æрбауылæн кæны, æмæ, Морæдзыг, стæй хæлуарæг цы залмысыфыл бадынц, уый куы иуырдæм, куы иннæрдæм аленк кæны. 

Бирæ фæныхæстæ кодтой, бирæ хабæрттæ фæдзырдтой кæрæдзийæн Морæдзыг æмæ дзыгъуыр хæлуарæг уыцы мæйрухс æхсæв. Фæстагмæ Морæдзыджы хуыссæг ахсын байдыдта, фæлæ йæ уæддæр бафарста: 

– Йарæби, Дзыгъуыри, базыртæ дын куынæ ис, уæд мæ цыхуызы ахæссинаг дæ фурды сæрты? 

Дзыгъуыр хæлуарæг йæ мидбыл бахудт: 

– Мæнæ дымгæ ракæна, стæй йæ дæхæдæг фендзынæ. Ныр та уал фынæй акæн – хуыссæг дæ куы ‘рцахста. 

– Æмæ ды та, Дзыгъуыри? – йæ хъоппæг цæстытæ аууæрдгæйæ, афарста Морæдзыг. 

– Мæн ахсæв не 'вдæлы. Райсом мын хæлуарджытæй мæ тын æдзæллаг æмæ скъуыдтæй чи фена, уый цы зæгъдзæн?! Худинаг у, тынг худинаг, зивæггæнаг махмæ, хæлуарджытæм. 

– Омæ райсом... бон нал... кæны, – йæ мидфынæйæ ма сдзырдта Морæдзыг, æмæ йæ сабыр сым-сым райхъуыст. 

Хæлуарæг йæ мидбыл бахудт, залмысыфы бынæй тæнæг хъуына хъæццул рахаста æмæ йæ Морæдзыгыл æрæмбæрзта, стæй тынг сабырæй загъта: 

– Хæрзфынтæ фен... 

...Æхсæв-бонмæ стъалытæ æмбæхсгуытæй фæхъазыдысты. Боныцъæхтыл сæм сæ мад бадзырдта. Бонвæрноны6 ма хъазын фæндыди æмæ арвгæрон иу чысыл афæстиат, стæй уый дæр афардæг и. 

Арв сафтид. Хуры хъæстæ фæци. Зæхх дæр райхъал. Дидинджыты къусджыты, сыфтæрты дæллагхъуырты 'мæ уæллагхъуырты фæрдыг цырæгътæ ссыгъдысты: чи дзы æрттивы æвзистау, чи та зæрин цæхæр калы. Тымбыл сызгъæрин цырагъ ссыгъди раст Морæдзыджы хæдсæрмæ халгæрдæджы даргъ сыфы кæрон. Морæдзыг аууæрста йæ цæстытæ. Ракасти æмæ федта диссаг – йæ ракомкоммæ дзыгъуыр хæлуарæг йæ тын уæфт фæци æмæ, мидбылхудгæ, нымайы йæ рæсугъд тыны сызгъæрин цырæгътæ. 

Дзыгъуыри-хæлуарæг æнæзивæг æмæ кусаг кæй разынд, уый уæлдай æхсызгондæр у Морæдзыгæн. Йæ зæрдæ дзы барухс æмæ йæм æрдзырдта: 

– Дæ райсом хорз, Дзыгъуыри-хæлуарæг, æмæ дæ зæрдæ райæд дæ куыстæй. 

Хæлуарæджы ракæсынмæ нæ равдæлди, цырæгътæ нымайгæйæ, фæлæ уæддæр загъта: 

– Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд. Тагъд рæстæг дæ райгуырæн зæххыл куыд сæмбæлай, дæ уарзон мады мад Мæлдзыгойы куыд фенай. 

Иу райсом, иу цъæх райсом Дымгæйы фырт Рог Уддзæф хæрзæггурæггаг фæци Морæдзыг æмæ Дзыгъуыри-хæлуарæгмæ: «Дада æрбацæуы!». Уыцы ныхас фехъуыстой кæрдæгбæстæйы цæрджытæй алчи дæр – хилæгæй, згъорæгæй се 'ппæт дæр æмæ уайтагъд фесты сæ сæртæ æфснайынмæ, æрмæст Морæдзыг æмæ Дзыгъуыри-хæлуарæгæй фæстæмæ. Уыдон Тæргайдоны тæккæ былгæрон сызгъордтой Бурдзалыджы7 зæнгыл æмæ Дымгæйы æрбахæццæмæ йæ бур цъуппыл балæууыдысты. 

Дымгæйы парахат улæфтæй фæцуды кæрдæг, æрхуыссы 'мæ фесты. Бæрзонд Бурдзалыг дæр йæ бур сæр ныууигъы, Тæргайдоны пырхæнтæй ныххуылыдз йæ цъæх фæдджи. 

Морæдзыг ахæм бæрзонд, ахæм тæссаг ран никуыма уыд. Дымгæбон-иу йæ мады мад Мæлдзыгойы фарсмæ бадти хъармы, уирагдуры бын, æмæ-иу хъуыста Дымгæйы зарджытæм. Морæдзыгæн йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ ивгъуыд бонтæ. Суанг ма дзы йæ тæссаг уавæр дæр æрбайрох, æмæ гыццыл ма бахъæуа, Дымгæ йæ ма аскъæфа! 

– Чысыл ма бафæраз, – дзуры йæм хæлуарæг, – æз ме 'ндах æрбæттон. 

Дзыгъуыри-хæлуарæг Бурдзалыджы бæрзондыл фидар ныббаста йæ тынуафæн æндахы кæрон æмæ дзуры Морæдзыгмæ хъæлдзæгæй: 

– Гъеныр æрбахиз ме рагъмæ. Дурыл куыд тахтæ, уымæй сындæгдæр тæхдзыстæм, фæлæ-иу ма тæрс. 

Морæдзыг йе 'хсæз къахæй дæр фидар æрхæцыд Дзыгъуыри-хæлуарæджы рагъыл. Хæлуарæг ма чысыл банхъæлмæ каст Дымгæйы ног æрбаулæфтмæ, стæй Бурдзалыджы бур дидинæгæй ратахт, йæ фæстæ тынуафæн æвзист æндах уадзгæйæ. Уайтагъд фурды фале æрыскъæфы урс дидинæгыл æрбадтысты. Хæлуарæг йæ тынуафæн æндахы кæрон æрыскъæфы сыфтæрыл абаста æмæ загъта: 

– Мæ хæлар Морæдзыг, ацы æвзист æндах нын уыдзæн фурды сæрты уæлдæфон фæндаг. Æмæ кæдфæнды дæр цæудзыстæм уазæгуаты кæрæдзимæ. 

Дзыгъуыри-хæлуарæг хъавыди фæстæмæ аздæхынмæ, фæлæ йæ Морæдзыг нæ ауагъта, æмæ æрыскъæфы дидинæгæй æрхызтысты зæхмæ. 

– Мæнæ диссаг! – Цины хъæр фæкодта Морæдзыг, – цалдæр боны размæ рудзынгæмбæрзæнæн цы къогъойы базыр хастон, уый мæ размæ фæци! 

Дыууæ хæлары, Морæдзыг æмæ Дзыгъуыри-хæлуарæг къогъойы базыр сæ сæрмæ бæрзонд систой æмæ сыфтæрбынты хъазгæ-згъоргæ бахæццæ сты уирагдурмæ – мæлдзгуыты хæдзармæ. Хæдзары дуармæ лæууыдысты дыууæ сау мæлдзыджы – дыууæ хъахъхъæнæджы æмæ мидæмæ бацæуын нæ уагътой нæдæр Морæдзыджы, нæдæр Хæлуарæджы. 

– Æз Морæдзыг дæн – нал мæ зонут æви цы?! – йæхи сын амыдта Морæдзыг. 

– Морæдзыг раджы фæмард, фæлæ нæ йæ рухс номæй кæй сайыс, уый дын хорз нæ рауайдзæн, – загътой сау мæлдзыджытæ тынг мæстыйæ æмæ фæдисмæ сидæн тымбыл кафт æркодтой. Уирагдуры бынæй уайтагъд разгъордтой сау мæлдзыджытæ – фæдисонтæ. Æппæты разæй згъордта зæронд Мæлдзыго. Морæдзыгмæ куы бахæццæ, уæд джихæй аззад, стæй йæ йæ хъæбысы ныккодта. 

Цалынмæ Морæдзыг йæ хабæрттæ дзырдта, уæдмæ мæлдзыг-фæсивæд фынгтæ равæрдтой дугъысыфыл. Æмæ цы хæрд, цы минас нæ уыди уым! Уый дын цæхæраджынтæ, дзындзалæгджынтæ, æрыскъæфы кæрстытæ, ноджыдæр цъырцъыраджы къах физонæггондæй. Æмæ се 'ппæт нымад чи фæуыдзæн! 

Æз дæр сæмбæлдтæн уыцы куывды. 

 

ФИППИНÆГТÆ 

1. Тæргайдон – цæугæдон Цæгат Ирыстоны. 

2. Уирагдур – стыр дур (уырыс. «камень-валун; булыжник»). 

3. Селадур – тымбыл тъæпæн дур. 

4. Залмысыф – зайæгой (уырыс. «лопух») 

5. Уддзæф – рог дымгæ. 

6. Бонвæрнон – райсомы стъалы, планетæ Венера, хонынц ма йæ Боброн дæр. 

7. Бурдзалыг – зайæгойы мыггаг.  

 

 

 

УÆРТДЖЫН ХÆФС ÆМÆ ЙÆ СЫХÆГТÆ 

 

Змисджын быдыры иу гыццыл Уæртджын хæфс ныр фондзыссæдз азы цæры. Йæ зæрдæ рухс кæны змисы æхсызгон хъармæй, рог уддзæфы баныдзæвдæй. Никуы ницæмæй батыхст цæргæ-цæрæнбонты. 

Фондзыссæдз азы дæргъы бирæ цæрæгойтыл сæмбæлд, бирæ мæргътæ федта, гъе фæлæ йæм сæ иу дæр никуы сдзырдта. 

Йæ сыхаг цицыртæ йæ рæзты куы 'рбасирынц, халгæрдджытæ уидзгæ, уæддæр æм никуы сдзурынц. Фæныкхуыз гæккуыритæ йæ разы куыд æнæнхъæлæджы февзæрынц, афтæ æнæнхъæлæджы æрбайсæфынц цъыхырыджын змисы. 

Ничи дзы æппæлæн ныхас зæгъы. Ничи йæм хæлæг бакæны. Суанг ма йæм фыдуынд Теуа дæр æнæрвæссон хуызæй æркæсы. Йæ сæр дызæрдыггæнæджы тылд бакæны, фæлæ ницы фæзæгъы. Æрмæст йæхинымæр цыдæртæ фæхъуыр-хъуыр кæны, стæй сындз къутæрмæ баздæхы. 

Æмæ та Уæртджын хæфс дæр нынкъард вæййы. Йæ саунæмыг цæстытæ доны разилы æмæ йæ сæр йæ уарты бын бамбæхсы. Уадз æмæ йын мачи фена йæ цæссыгтæ. Уадз æмæ йыл ма худа фыдуынд Теуа. Уадз æмæ йыл ма чыр-чыр кæной сырхкъубал сау цицыртæ. Уадз нывæфтыд гæккуыритæ мацы зоной. 

Иу бон йæ рæзты æрбахылд дæрдбæлццон æрттиваг Хъæндил. Уæртджын хæфс та йæ сæр йæ уарты бын бакодта æмæ йæ хъарм цæссыгтæ ныхъуырдта. Хъæндил ын бамбæрста йе стыр хъыг æмæ афтæ зæгъы: 

– Æз зонын – ды тыхсыс, æмбæлттæ дын кæй нæй, уый тыххæй. Нырæй фæстæмæ кæуыл æмбæлай цæрæгойтæй, уыдонæн дзур: «Уæ бонтæ хорз, мæ дзæбæх сыхæгтæ». 

Уæртджын хæфс æгас æхсæв сындæг-сындæг цыбыр къахдзæфтæй фæцыди, фæлæ дардмæ нæ фæхæццæ. Боны цъæхæй змисджын быдыр куы 'рбарухс, уæд йæ фæйнæ фарс федта Теуа, Гæккуыри æмæ цицырты. 

– Уæ бонтæ хорз, мæ дзæбæх сыхæгтæ, – сдзырдта Уæртджын хæфс æмæ йæ ныхæстæй фæтарст. Йæ сæр та йæ уарты бын амбæхсынмæ хъавыд, фæлæ йæ сыхæгты фæлмæн цæстæнгасæй фæныфсджын. Хæстæгдæр сæм бацыд: 

– Уæ бонтæ хорз, мæ дзæбæх сыхæгтæ! 

Теуа йæ хъуынджын даргъ къубал бауыгъта, стæй афтæ зæгъы: 

– Бауырнæд дæ, Уæртджын хæфс, æз дæ нывæфтыд дур æнхъæлдтон. 

– Æз дæр, – загъта фæныкхуыз Гæккури. 

– Мах та дæ уынгæ дæр никуы фæкодтам, – дисгæнгæ загътой цицыртæ æмæ ма сæ ныхæстыл бафтыдтой: Æвæццæгæн, змисы хуызæн кæй дæ, уый тыххæй. 

– Теуа йæ сæрæй кувæгау адзедзырой кодта æмæ та сдзырдта: 

– Мæнæн тынг æхсызгон у, змисджын быдыры та мын ног зонгæ кæй ис, уый. 

– Мæнæн дæр, – загъта Гæккуыри æмæ Уæртджын хæфсы алыварс æрзылди. 

– Махæн дæр, – загътой цицыртæ æмæ сæ ног зонгæйы раз фæйнæ халгæрдæджы æрæвæрдтой. 

Уæртджын хæфс йæ цин æмбæхсын нæ бафæрæзта. Йæ зæрдæ суынгæг æмæ та йæ саунæмыг цæстытæ доны разылдта. Æцæг ацы хатт йæ сæр йæ уарты бын нал бамбæхста. 

 

ФИППИНÆГТÆ 

1. Уддзæф – рог дымгæ. 

2. Цицыр – маргъы мыггаг (уырыс. «цесарка»). 

 

 

 

ЗÆРИН-ДЗЫВЫЛДАР 

 

Æгас Арыхъхъы рагъыл1 Зæрин-Дзывылдары хуызæн иунæг дæр нæ уыди. Сау гага цæстытæ. Бур дæллагхъуыр, хурæнгæс. Зæрин-Дзывлдар дæр æй уымæн хуыдтой. Йæ сау лыстæг къæдзил дæлæмæ-уæлæмæ кæнынæй никуы бафæллад. Æмбисонд – йæ зарджытæ! Йæ алыварс-иу æрæмбырд сты саууадул цъæх дзывылдæрттæ æмæ йыл цин кодтой. Ахæм рæстæг-иу Зæрин-Дзывылдары мад æрбатахт æмæ-иу мæсты цъыбар-цъыбур райдыдта: 

– Фæц-ц-цæстдзыд уыдзæн мæ дзæбæх дзывылдар! 

Мадæл Дзывылдар цæмæй тарсти, уый æрцыд. Коммæ нал касти Зæрин-Дзывылдар. Куы-иу сикъо2 галы рагъыл абадт, куы та – бæхы саргъы гоппыл. Адæмæй та æппын нал тарсти. Иу хатт та, хосдзаутæн дурыны къуымæл чи хаста, ахæм лæппуйы уæхскыл фæцæйбадти. «Хорз æмæ йæ æз ауыдтон æмæ йыл сцъыбар-цъыбур кодтон, – дзуры йæхинымæр мадæл Дзывылдар, – æндæра мæ хурæнгæс Зæрин-Дзывылдар афонмæ...» 

Мадæл Дзывылдар дарддæр сдзурын ницыуал бафæрæзта – йæ зæрдæ бауынгæг, æмæ йæ сау гага цæстытæ райсомы æртæхау сæрттывтой. 

Ралæууыд фæззæг. Арыхъхъы рагъ, фисткалд бур рувасау, зынын байдыдта дардмæ. Хърихъуппытæ атахтысты хъарм бæстæм. Зæрватыччытæ дæр атахтысты. Райсоммæ цæттæ кæнынц сæхи дзывылдæрттæ дæр. Сæ базыры систæ æхсæдынц. Фæндаджы рыгты ма сæ иутæ фæстаг бæгъдулæг кæнынц. Зæрин-Дзывылдары мад тулдзкъутæры цъуппыл бады æмæ фыр катайæ фестъæлф-фестъæлф кæны: «Уæ, мæ Зæрин-Дзывылдар! Кæм та кæныс фæстиат?!» 

Бæлццон дзывылдæрттæ йын ныфсытæ æвæрынц: «Ма мæт кæн, Дзывылдар. Фæзындзæни дæ хурæнгæс Зæрин-Дзывылдар. Райсом сæуæхсидыл тæхæм...» 

Зæрин-Дзывылдар æртахтис изæрдалынгты. Йемæ уыдис замманай зараг дыгоппон цъиу3. Мадæл Дзывылдары зæрдæ куы фæфидар, йæ цины цæссыгтæ куы аныхъуырдта уæд йæ лæппыныл сцъыбар-цъыбур кодта: «Ам дæ ныууадзын хъуыди æмæ хъарм бæстæм атæхын хъуыдис! Уæд æй федтаис!» 

Зæрин-Дзывылдар хæстæг-хæстæг балæууыд уæздан дыгоппон цъиумæ æмæ йæ мадæн афтæ зæгъы: «Мах, мæнæ Дыгоппонимæ, æнæуи дæр никæдæм тæхæм. Ам райгуырдыстæм, ам цæрдзыстæм». 

Уыцы цъыбар-цъыбурмæ бæлццон дзывылдæрттæ се 'ппæт дæр æрбамбырд сты. Мадæл Дзывылдары дзыхы цъыбар-цъыбур рæстмæ дæр нал бадти, афтæмæй куыдта – уасыд: «Мæнæ мын цы хивæнд лæппын ис!.. Мах, дзывылдар-мыггагæн зымæг ам цæрæн куы нæ ис!..» 

– Ацы аз хъарм зымæг уыдзæни, – загъта тынг зондджынхуызæй уæздан Дыгоппон. Бæлццон дзывылдæрттæ йыл сцъыбар-цъыбур кодтой: 

– Фесæф ардыгæй, Дыгоппон! Ды самидин кодтай Зæрин-Дзывылдары зымæг ам баззайыныл. 

Дзывылдæрттæ Дыгоппоны сæрты, йæ алывæрсты пæррæстытæ куы систой, уæд Дыгоппон йæхицæн старст. Рагацау йæхи райста стыр фæндагмæ æмæ, рыгыл къæдз-мæдзы фæдтæ уадзгæ, хъæуырдæм рафардæг. Хъæдгæсы мусонгмæ куы 'рхæццæ, уæд та дзывылдæртты ‘рдæм фездæхт æмæ ныцъцъыбар-цъыбур кодта: 

– Ацы аз тынг хъарм зымæг уыдзæн!!. 

Ацы аз тынг хъарм зымæг уыдзæн!.. 

Æхсæв-бонмæ нæ бафынæй Зæрин-Дзывылдар. Нæ йæ фæндыд йæ райгуырæн къуыбыртæ ныууадзын æмæ æнæзонгæ Хъарм Бæстæм фæтæхын. Фæлæ йæ цавæрдæр уадтымыгътæ æмæ митфæлдзæгъдæн тасы æфтыдтой... Арыхъхъы рагъ, дам, æрыскъæфы дидинæгау урс-урсид адардзæн... Гæлæбуйы базыры бæрц, дам, зæххæй нал зындзæн... 

...Арвгæрон сырхытæ-буртæ адардта. Арыхъхъы рагъыл дзывылдæртты цъыбар-цъыбур зæлгæ цыдис комæй-коммæ, къохæй-къохмæ. Уый хæрзбон дзырдтой сæ райгуырæн, сæ уарзон Арыхъхъы рагъæн мингай саууадул цъæх дзывылдæрттæ æмæ саунæмыгдзæст хурæнгæс Зæрин-Дзывылдар. 

Стахтис бæлццон дзывылдæртты бал æмæ бурдзалыгджын фæззыгон быдырты сæрты цъæх мигъау аленк кодта Хъарм Бæстæм. Зæрин-Дзывылдар ма иу каст фæкодта фæстæмæ – йæ уарзон, йæ райгуырæн къуыбыртæм æмæ ауыдта йæ иузæрдион Дыгоппоны сæ фæдыл тæхгæ: 

– Мæ зынаргъ Зæрин-Дзывылдар, – цъыбар-цъыбур кодта Дыгоппон. – Æз дæ уазал хæхты онг уæддæр ахæццæ кæнон. 

– Бузныг, бузныг, Дыгоппон, – цингæнгæ дзырдта Зæрин-Дзывылдар. 

Стыр фæссихæрттæм бахæццæ сты сатæг хæхтæм. Бафæлладысты. Æрбадынвæнд куыд скодтой, афтæ сыл йæхи раскъæрдта галдзармыйас гæрæм Цæргæс. Дзывылдæртты бал рыджы къуыбарау атад – алчи сæ йæ сæр æфснайынмæ фæци. 

Зæрин-Дзывылдар æмæ Дыгоппон иу дуры бын хус дзалагæрдæджы4 амбæхстысты... 

Хæхты хур тагъд аныгуылы. Дыууæ хæларæн – Зæринæг æмæ Дыгоппонæн цалынмæ сæ тарст æрцыд, уæдмæ æризæр. 

– Афонмæ Гыцци цы фæци? – зæрдæуынгæгæй цъыбар-цъыбур кодта Зæрин-Дзывылдар. 

– Ма тыхс, Зæринæг, райсом æй ссардзыстæм хурыскастыл, – зæрдæтæ йын æвæрдта Дыгоппон. 

Фæлæ... Зæрин-Дзывылдар нал федта йæ мады. 

...Ралæууыд æрæгвæззæг. Уазал сæлфынæг хатгай расайы миты гæлæбу. Дзывылдары гыццыл зæрдæйы стыр тас бацыд – уазалтæн, мыййаг, куы нæ бафæраза. «Фæлтау куы хъуыстаин мæ зæрдæхæлар мадмæ, йæ фарсмæ куы тахтаин, – зæрдæуынгæгæй цъипп-цъипп кæны Зæрин-Дзывылдар уазал хус къалиуыл. – Уæд афонмæ мæ цæссыг не згъæлид мæ зæрин рустыл бур фæсалгæрдæгмæ, афонмæ цъыбар-цъыбур кæнин Хъарм Бæстæйы, искуы змисджын донбыл». 

Дыгоппон цъиу ын тынг фæтæригъæд кодта æмæ йын зæрдæтæ бавæрдта, искуыдтæ цæрдзыстæм, тыхсгæ ма кæн, Зæрин-Дзывылдар, зæгъгæ. Æмбалы зæрдиаг ныхас ныфсы хос у – фæхъæлдзæг зæринуадул, фæрдыгдзæст Дзывылдар. 

Фæззæгæй зымæджы астæу Дыгоппон æмæ Дзывылдары амондæн диссаджы бонтæ скодта. Цыма сæрдæй исты ферох æмæ фæстæмæ раздæхт – хур зæххыл атылд. Дзывылдарæн йæ зæрды кæрон дæр никуыуал æрлæууыд Хъарм Бæстæ. Дондзæстыты сæрмæ лыстæг бындзытæ фæстæмæ сарæх сты æмæ бон-изæрмæ дзыгъуыри Дыгоппон æмæ Зæрин-Дзывылдар цуан кодтой. Сæ зæрдæтæ рухс кодтой хуры хъарм æмæ фæззыгон æрдзы фæлмæндзинадæй. Фæлæ иу бон... Кæцæйдæр фæзынди иухатты гæрæм цæргæс. Йæхи сыл раскъæрдта. Дыгоппон фæсалгæрдæджы амбæхст æмæ – цъиу кæм ис, кæрдæг кæм ис – зынгæ дæр нал ракодта. Зæрин-Дзывылдар хъамылгæрæтты ныттахти, æхсæр къутæрты 'хсæнты батахт, цæхгæр фæзылди фæдфæливынæн уагъылыйы пыхсмæ, фæлæ хус къалиуыл йæхи акъуырдта æмæ ницыуал бамбæрста... 

Хуры аныгуылынмæ бирæ нал баззад. Куыддæр Урс хохы аууон фæуа, афтæ кæмттæ баталынг уыдзысты. Уый хорз æмбæрста дыгоппон цъиу æмæ уасгæ, йе 'мбалмæ сидгæ иуырдæм, иннæрдæм тахт. Басгæрста дондзасты хъамыл, фæлæ уым нæ разынд Зæрин-Дзывылдар. Фæтахт æхсæрджын къохмæ, фæлæ уым дæр нæ разынд йæ уарзон, йæ цæдисæмбал Зæрин-Дзывылдар. Урс хохы цъити цъуппыл æрæндзæвыд хурзæрин, афтæ дыгоппон цъиу æрбатахт уагъылыйы пыхсмæ. Уасгæ-тæхгæ иуырдæм, цъиу-цъиугæнгæ – иннæрдæм. Уалынмæ дондзасты кæрон ламийæ хуры цæст ферттывта. Фæлæ уый хуры цæст нæ уыдис, уый Зæрин-Дзывылдары зæрин дæллагхъуыр рухсмæ ферттывта. Дыгоппон йæ сæрты ратæх-батæх систа, фæлæ йын цы акæна – Дзывылдарæн йæ гуыр, йæ базыртæ лами-цьыфы ныффидар сты, æрмæст ма йæ зæрин дæллагхъуыр хуры цæстау ферттивы. 

Змæлгæ дæр нал кæны Зæрин-Дзывылдар. Йæ чысыл бырынкъ ма хатгай фегом кæны æмæ дзы изæры сатæг уæлдæф зыдæй сулæфы. Йæ хæлар Дыгоппон йæ цуры хъамылы саст зæнгыл абадт, цъыбар-цъыбур æм кæны, уынгæгзæрдæ цъипп-цъиппæй йæм сиды, фæлæ Зæрин-Дзывылдар йæ цæстытæ нал гом кæны. 

Дзыгъуыр Дыгоппон, йæ цæдисæмбалы мæгуырдзинад уынгæйæ, мæт æмæ сагъæсæй фæцæймард, фæлæ уалынмæ Æхсæр къохы фæндагæй уæззау уæрдоны цæлхыты уынæр райхъуысти. Стæй зæронд лæджы дзурын: «Хазби, мæ хур, гал фæндагыл раст араз, кæннод цалх дурыл асæттын дæр зоны». 

Хъæддзæутты ауынгæйæ Дыгоппоны сæры февзæрд диссаджы хинæйдзаг хъуыды. 

Хъамылзæнгæй ныппæррæст кодта æмæ рыгвæндагыд хъæддзæутты разæй чиугæ-згъоргæ фæраст. Лæппу фыццаг фæджих, стæй гал фæуырæдта æмæ Дыгоппоны фæдыл хъавгæ-хъуызгæ фæуайы. Зæронд лæг йæ фæдыл адзырдта: «Куыннæ стæй! Æрцахсдзынæ йæ ныртæккæ!» 

Хазби цъиумæ куыд февнæлдта, афтæ Дыгоппон фæндаггæронмæ апæррæст кодта. Фæлæбурдта ногæй – Дыгоппоны къæдзилы систæй иу йæ къухы аззад æмæ сцин кодта: «Дада, Дада! Кæс-ма, йæ дзыгъуыр бумбули мæ къухы аззад!» 

Хазби та фæуайы Дыгоппоны фæдыл. 

Цудгæ-чиугæ Дыгоппон бахæццæ дондзасты ламимæ. Хазби дæр уым балæууыд йæ фæдыл. Дыгоппон стахт æмæ та хъамылы саст зæнгыл абадт. 

Хазби ауыдта Зæрин-Дзывылдары æмæ тынг фæдис кодта. Æмæ йын тынг фæтæригъæд кодта. 

Фæндагæй æрбайхъуыст Дадайы дзурын: «Лæппу, цы фæдæ?! Хур фæныгуылы æмæ рухсæй ныххæццæ уæм!» 

Хазби куы никуыцæй зынди, уæд Дада дæр баздæхти уагъылыйы пыхсмæ. Уый дæр тынг фæдис кодта æмæ загъта: «Ныр бамбæрстай, Хазби, мæ хур, Дыгоппон дæ йæ фæдыл цæмæн сайдта, уый? Йе 'мбал дзывылдары фервæзын кæныны тыххæй». 

Хазби ныххæцыд Дадайы къухыл æмæ йæхи баивæзта Дзывылдармæ. Зæрин-Дзывылдары, йæ цыргъ базыртæй цъыфдон тæдзгæ, Хазби ахаста хохаг гыццыл донмæ. Хъавгæ йæ цæхсадта, доны 'ртах ын ауагъта йæ хъуыры. Уыцы рæстæг дыгоппон цъиу ратæх-батæх кодта сæ сæрты, куы-иу донбыл дурыл абадт, куы та – фæсалгæрдæджы. 

Хазби Дзывылдары хъæумæ рахæссынвæнд скодта, фæлæ йын æй Дада нæ рауагъта: «Уæддæр амæлдзæн, цæмæ ма йæ хæссыс! Стæй уæртæ, нæ кæсыс, йе 'мбал тæригъæд у...» 

Хазби фæсалгæрдæг æртыдта, иу хъарм цъæх дуры рæбын дзы æфтуангонд акодта æмæ Зæрин-Дзывылдары уыцы ран бавæрдта... 

Дыккаг бон Хазби хурыскастыл араст и хохы фахсмæ Зæрин-Дзывылдары бæрæггæнæг. Фæлæ цъæх дуры рæбын фæсалгæрдæджы зæрин бумбулийы иу пакъуы йеддæмæ ницы разынд. Æмæ Хазби æрæнкъард: «Кæд ыл, мыййаг, Рувас æрбамбæлд? Кæд æй, мыййаг, Цæргæс ахаста, уыцы рæсугъд зæрингуыр Дзывылдары?..» 

Хъарм Бæстæйы иу цæугæдоны был æнкъардæй бады саууадул цъæх Дзывылдар. Хурæндæвд дзыгъуыр дуры дæлбазырæй цалдæр боны нæ рацыд. Хатгай бæрзонд арвыл Цæргæс кæнæ Цъиусур куы 'рбатæхы, уæд сæм зивæггæнгæ скæсы, стæй та нынкъард вæййы. 

Иу райсом æм галбындзыйас Колибыр-цъиу æрбатахт æмæ йын тынг фæтæригъæд кодта. Бафарста йæ: 

– Цы кодтай, Дзывылдар? Фæлæ Дзывылдар ницы загъта. 

– Кæд дæ Цъиусур фæтæрсын кодта? Кæд дæ Цæргæс йæ базырæй бакъуырдта? 

Ацы хатт дæр ницы загъта Дзывылдар. Æрмæст йæ сатæг сау цæстытæ доны разылдта. 

Колибыр-цъиу атахт, æмæ маргъы мыггагæй кæуылдæриддæр æмбæлди, уыдонæн дзырдта: 

«Дзывылдар тынг æнкъард у». 

Хъарм Бæстæйы алыхуызон мæргътæ: цыллæпакъуы, сызгъæринсис цъиутæ æрбатахтысты Дзывылдармæ рынчынфæрсæг. Суанг ма йæм арвæрдынау рæсугъд Мæлхъ дæр æрбацыд узгæ-узгæ уæздан цыдæй. 

– Цæмæн афтæ æнкъард дæ, Дзывылдар? – бафарстой йæ.– Цы дæ риссы? Кæнæ дæ чи бафхæрдта? 

– Мæн ничи бафхæрдта. Стæй мæ ницы риссы, – дзуапп радта Дзывылдар. 

Уæд Мæлхъ тынг ныддис кодта: 

– Уæдæ æнкъард цæмæн дæ, Дзывылдар? 

Дзывылдар иу цасдæр ницы сдзырдта, стæй загъта: 

– Цалдæр боны размæ сфæнд кодтон мæ райгуырæн быдыртæм фæтæхын, Цæгаты фæтæнтæм. Хæхтæм куы бахæццæ дæн, уæд мит уарын байдыдта, кæркусæг дидинæджы йас уыди йæ гæлæбу. Æмæ фæстæмæ раздæхтæн. 

– Ууыл та цы мæт кæныс, Дзывылдар? – цингæнгæ загъта Мæлхъ, – фæстæдæр атæхдзынæ. 

Колибыр-цъиу дæр загъта: 

– Афтæ раджы цæмæн тæхыс, Дзывылдар?! Мæнæ зæрватыччытимæ атæхдзынæ, хæхты фæрстыл миттæ куы 'ртайой, уæд. 

Дзывылдар йæ мидбынаты базмæлыд, йæ базыртæ бацагъта, стæй, сагъæсгæнгæйæ, сдзырдта: 

– Нæ, мæ хæлæрттæ, мæнæн æнæтæхгæ нæй – дзыллæ мæм æнхъæлмæ кæсы. Ныр афон у хуым кæнынæн. Дзывыр дарын афон у мæ райгуырæн быдырты... 

Дзывылдары ацы ныхæстæн мур дæр ницы бамбæрстой Хъарм Бæстæйы мæргътæ. Кæд хуым кæнын афон у, уæд хуым кæнæнт – чи сæ нæ уадзы? Стæй сын Дзывылдар цы 'ххуыс у – галты сæрбосыл нæ ахæцдзæн, мыййаг, – хъуыды кодтой мæргътæ сæхинымæр. Дзывылдар ма иу хатт йæ базыртæ бацагъта æмæ стахти.  

– Хæрзбонтæ ут! Фæстиатгæнæн мын нал ис – дзыллæ мæм æнхъæлмæ кæсы, – хъуысти ма арвы цъæхæй Дзывылдары уасын.  

Уыцы ныхæстæм мæргътæ бахъæлдзæг сты. Мæлхъ ма иу хатт акаст дзвылдары фæстæ æмæ загъта: «Йæхицæй тынг раппæлыд уæ Дзывылдар». «Йæ зонд фæцыди Дзывылдарæн райгуырæн быдыртæм фыр уарзтæй, искуы фæндагыл фесæфдзæн», – ахъуыды кодта гыццыл Колибыр-цъиу æмæ Дзывылдары фæстæ æнкъардæй касти. Фæлæ Дзывылдар нæ фесæфт. Йæ фæндаг ын æхгæдтой дымгæтæ, миты гæлæбутæ тадысты йæ хъарм рустыл, фæлæ уæддæр æрбахæццæ йæ райгуырæн быдыртæм, Иры дзыхъмæ. Фæллад, фæлмæст æмæ зæрдæрухсæй. Адæм кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг уадысты: «Дзывылдар æртахти! Дзывылдар æртахти! Тæккæ райсом хуым кæнын райдайæм...»  

…Даргъ хæмпус ауæдзтæ5 кæрæдзийы фарсмæ æрхуыссынц, ставд урс гагатæ сæ хъарм хъæбысы бануæрдынц, афтæмæй. Дзывылдар цины пæррæстытæ кæны: куы сау сыджыты къуыбарыл абады, куы галы урс сыкъайыл. Иу рæстæг йæ сæрты, цины цъыбар-цъыбургæнгæ, æрбатахт дыгоппон цъиу. Дзывылдар æм хæрдмæ фæкаст, æмæ йæ гыццыл зæрдæ мæстæй адымсти, чысыл ма бахъæуа, галы урс сыкъайæ сау ауæдзмæ ма 'рхауа. Уый уымæн афтæ фæцис Дзывылдар, æмæ базыдта йæ Уарзон лæппын, йæ сæфт Зæрин-Дзывылддры цæдисæмбал Дыгоппоны. Дыгоппон цъиу дæр æй базыдта, фæлæ фæстæмæ нал раздæхт. Урссыкъаджын гæрæм гал ма дыууæ ауæдзы скодта, афтæ йæ гутондар баурæдта, дæ фæллад суадз, зæгъгæ. 

Раст уыцы рæстæг сæ сæрмæ февзæрдысты дзыгъуыр дыгоппон цъиу æмæ... Зæрин-Дзывылдар. Кæрæдзийы куы ауыдтой Зæрин-Дзывылдар æмæ йæ мад, йæ саууадул цъæх Дзывылдар, уæд сæ цин æмæ сæ цъыбар-цъыбурæн кæрон дæр нал уыд. Ауæдзы кæронмæ атахтысты æмæ йæ хабæрттæ фæдзырдта Зæрин-Дзывылдар. Гæрæм Цæргæс æй куыд расырдта. Лами-цъыфы куыд ныххауд. Гыццыл лæппу йæ куыд фервæзын кодта. Дыгоппонимæ хохы фахсыл тæвд суадон куыд ссардтой æмæ зымæг-зымæджы дæргъы йæ цъæхгæрдæг былгæрæттыл куыд фæцардысты. Тымыгъ бон-иу куы скодта, мит-иу фæйлауæнтæ куы хаста, уæд-иу æй йæ цæдисæмбал дзыгъуыр Дыгоппон йæ хъарм базыры бын куыд бакодта... Мадæл цъæх Дзывылдар, йæ цины цæссыг нæ уромгæйæ, хъуыста æмæ хъуыста. Цины цæссыг сау зæххы цы ранмæ æрхауди, уым та сæвзæрди рæсугъд зырзыраг дидинæг æмæ хуры цæстау зæрин цæхæр калдта. 

 

ФИППИНÆГТÆ 

1. Арыхъхъ – æрх, адаг. Арыхъхъытæ – хизæнуæттæ-æрхытæ Заманхъулмæ æввахс (уырыс. «лощина», «долина»). 

2. Сикъо гал – иу сыкъа кæмæн ис, ахæм гал.  

3. Дыгоппон цъиу – маргъы мыггаг, хонынц ма йæ гоппой дæр, стæй бубупгæнаг цъиу (уырыс. «удод»). 

4. Дзалагæрдæг, дзала – зайæгой (уырыс. «осока»). 

5. Ауæдз – гутонвæд, арæнхахх хуымгонд зæххыл (уырыс. «межа, борозда»). 

 

 

 

ДЗЫКЪЫ ÆХХОРМАГ У, КÆНÆ БУБУ КÆРДÆГ КУЫД ÆРЗАЙЫН КОДТА 

 

Кæрты къуымы гыццыл цъæх сæныкк уасы æмæ уасы. Фондзаздзыд Бубу йæм афтæ дзуры: 

– Дзыкъы, мыкъы,  

Мæхи дзыкъы,  

Цæмæн уасыс,  

Цы кодтай?  

Кæд дын, мыййаг,  

Æххормаг у,  

Æнæхъæн бон  

Нæ хордтай... 

 

Фæлæ сæныкк Бубуйы хъуыды дæр нæ кæны. Уасы, уасы, уасы. Уæд та йын Бубу афтæ зæгъы: 

– Ныртæккæ дæм  

Дæхи Дзегæ  

Цъæх сæрвæтæй  

Æрцæудзæн.  

Хъæрмуст гуыппа  

Йæ дзыкъыйæн  

Йæ гуымайы  

Æрхæсдзæн... 

 

Хур æрныгуылд. Гыццыл сæныччы мад, дыууæгуыбынон Дзегæ, каудуар йæ сыкъатæй æрбайгом кодта. 

– Ме-е-е, Дзе-е-егæ æрхæццæ, ныртæккæ мын гуыппа ратдзæн, – сцин кодта сæныкк. 

– Мæ дзæбæх дзыкъы, – æнкъардæй сдзырдта Дзегæ, – сæрвæты кæрдæг бахус, хорз нæ фæхызтæн, æмæ Бубуйы фаг йеддæмæ мæ гуымайы гуыппа нæй. 

Гыццыл цъæх сæныкк скуыдта: 

– Дзе-е-егæ, Дзегыдæ, гуыппа мæ къæуы. Æххормаг дæн. 

Бубу æцæг лæджы лæуд æркодта сæгъы размæ. 

– Дзегæ, уæ Дзегæ! Гуыппа ратт Дзыкъыйæн. Æз ахсæв цыхт æмæ кæрдзын бахæрдзынæн, Дзегæ. 

Бубуйы мад Хадзыгуассæ куы ауыдта иумæ Дзегæ æмæ сæныччы, уæд сæрдиаг кодта: 

– Лæппу, лæппу! Сæныкк бададта, æмæ ма дын ахсæв гуыппа кæм уыдзæн? Фæхицæн сæ кæн! Æз кæмæ дзурын?! 

Уæд ын Бубу афтæ зæгъы: 

– Гуассæ, уæ Гуассæ. Дзыкъы æххормаг у. Бубу та æххормаг нæу... 

... Дыккаг бон сæумæраджы Бубу араст сæрвæтмæ. Хус быдыртыл йæ цæст ахаста æмæ хъæрæй афтæ дзуры: 

– Кæрдæг, кæрдæг! Тагъддæр райрæз. Дзегæ хорз фæхиза æмæ Дзыкъы, стæй Бубуйы фаг хъарм гуыппа æрхæсса. 

Кæрдæджы хус хæлттæ, зивæггæнгæ, базмæлыдысты: 

– Зæхх нын сой куы нæ дæтты, гыццыл лæппу, уæд куыд райрæзæм, гыццыл лæппу? 

– Зæхх, о зæхх! Ратт кæрдæгæн сой. Кæрдæг тагъддæр райрæза. Дзегæ хорз фæхиза æмæ Дзыкъы, стæй Бубуйы фаг хъарм гуыппа æрхæсса. 

– Мигътæ уарыны ‘ртах куынæ дæттынц, гыццыл лæппу. Уæд кæрдæгæн сой кæм ссарон, гыццыл лæппу? Мæ фæрстæ дойныйæ куы атъæппытæ сты, гыццыл лæппу. 

Бубу араст мигъты агурынмæ. Ахызт авд хохы сæрты. Бахæццæ Сычъиты коммæ. Къухаууонæй акаст æмæ айнæг къæдзæхæй Чызджыты хохы астæу федта мигъты. 

– Мигътæ, мигътæ! Тыхджын къæвда рауадзут сæрвæтмæ. Сæрвæты зæхх кæрдæгæн сой радта. Кæрдæг тагъддæр райрæза. Дзегæ хорз фæхиза æмæ Дзыкъы, стæй Бубуйы фаг хъарм гуыппа æрхæсса. 

– Дымгæ нæ сæрвæты сæрмæ куынæ хæссы, гыццыл лæппу. Уæд тыхджын къæвда куыд ауадзæм сæрвæтмæ, гыццыл лæппу? 

Бубу схызт хохы сæрмæ. 

– Дымгæ, дымгæ! Ам, хохы сæр, хъазыны бæсты, мигъты ахæсс сæрвæты сæрмæ. Мигътæ тыхджын къæвда рауадзой зæхмæ. Зæхх кæрдæгæн сой ратта. Кæрдæг тагъддæр райрæза, Дзегæ хорз фæхиза æмæ Дзыкъы, стæй Бубуйы фаг хъарм гуыппа æрхæсса. 

Дымгæ байхъуыста лæппумæ. Мигъты ахаста сæрвæты сæрмæ. Рацыд тыхджын къæвда. Зæхх сой радта кæрдæгæн. Кæрдæг уайтагъд райрæзти. Дзегæ суанг изæрмæ хорз фæхызти цъæх сæрвæты. Ныддымстысты йæ дыууæ гуыбыны дæр. Йæ фæздон æхсырæй ныттыппыр æмæ хъæлдзæгæй, йæ цъæх боцъо тилгæ, хъæумæ рафардæг. 

Уым æм æнхъæлмæ кастысты Дзыкъы, стæй Бубу. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ