Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Лæскдзæрæн
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Хетæгкаты Къоста 

 

ЛÆСКЪДЗÆРÆН 

Аргъау 

 

 

 

 

Раджы уæйыгмæ (1) лæскъдзæрæн(2) 

Иу мæгуыр лæг цард.  

Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн, 

Удхарæй йæм мард. 

 

Адæммæ кæм нæу фыд-зæрдæ 

Иуцæстон сæтой! –  

Хоры къутуйау – йæ тæнтæ (3), 

Бинаг был – кæфой (4). 

 

Фос цæуæт кæнын нæ уагъта, –  

Алы бон хæргæ!  

– Цæй-ма, – лæг ын иу хатт загъта, – 

Ахицæн мæ кæ! 

 

– Хорз, мæ хур, кæд дæ нæ фæнды, – 

Цу! Дæ фæндаг раст!..  

Лæскъдзæрæг дæр ма кæм уæнды,  

Уромы йæ маст. 

 

Кусы та... Хуыцау æй зоны, 

Цас ма йæм фæци...  

Атъæпп уа, цы фыййау хоны 

Амондджын йæхи! 

 

Махон дзы йæ сæфт ыссардта, 

Байсысти йæ туг!  

Иу бон хизæнæй æртардта 

Йе 'фсæст фосы дзуг. 

 

Уæйыг дæр кæцæйдæр ссыди, –  

Артау сыгъд йæ сæр,  

Къæхтыл ма тыххæй хæцыди, –  

Банызта кæмдæр! 

 

Дзурын ма зынæй фæразы... 

Бухъхъытæ кæнгæ,  

Загъдæмхæст фыййауæй хъазы… 

– Хорз лæг дæ, бæргæ, –  

 

Дзуры йæм, – фæлæ кæд уарæм, 

Уæд дзæбæх, нывыл.  

Туг кæрæдзийæ нæ дарæм, 

Байхъус мæм чысыл! 

 

 

Алырдæм дæр æй куы барай, 

Ай нæ хуыздæр хос:  

Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ ссарай, –  

Дæу фæуæд мæ фос! 

 

Науæд фосæй дæр æнæ хай,  

Хизгæ дæр лæвар... 

– Хорз, – зæгъы, – уæдæ цы зæгъай! 

Хорз, фæуæд дæ бар! 

 

Уæйыг бахудти фырцинæй... 

– Иу, уæдæ, мæ хур! 

– Иу – Хуыцау! Хуыцауы динæй 

Арвмæ хауы дур. 

 

– Кæд дыууæ, дыууæ та? – загъта. 

– Сау дыууæ цæстæй 

Хорз фыййау дзæгъæл нæ уагъта 

Иу дæ нæл фыстæй. 

 

– Кæд æртæ, æртæ цы давы? 

– Фынг – æртæкъахыг, 

Уазæгæн йæ фæллад сафы, 

Зианджынæн – йæ хъыг. 

 

– Уæд цыппар та дын цы сидынц? 

– Кæд цыппар фырты 

Афæдзæн йæ куыст æрвитынц, –  

Базон-ма сæ ды! (5)  

 

– Фондзæн та дæм дзуапп бæргæ нæй! 

– Фондз фырты мæн дæр 

Хизынц хин æмæ кæлæнæй, –  

Чи сæ у хуыздæр? (6)  

 

– Кæд æхсæз – сæ сæр мæ дзырдтæн? 

– Æз æхсæз хатты 

Фос байуарынмæ бæллыдтæн,  

Не сразы дæ ды! 

 

– Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы,  

Авдæн исты зæгъ! 

– Авд сæры уæйыгыл зайы, 

Зондæй та – къæдзæх! 

 

– Цæй-ма, цæй, уæдæ мын астæн 

Исты дзуапп æссар! 

– Аст азы дæ фосмæ кастæн, 

Айс сæ ныр, – хæлар!.. 

 

 

– Барæй дæм лæмæгъ лæууыдтæн, –  

Фараст та цы уыд? 

– Фарæстæмы ам нæ уыдтæн, 

Ахæтын мæ хъуыд... 

 

– Ох-хай! Демæ æз нæ фæдæн, 

Радзур-ма лæгау!.. 

– Терк-Турчы бæстæ (7) – мæ хæтæн, 

Ме 'ртæлæт (8) – рæгъау. 

 

– Денджыз дæр ма лæг кæм ласы! 

Цавæр уыд дæ бæх? 

– Мæн къуылых дзынга фæразы, 

Гъе-ри-гъа, дзæбæх! 

 

– Хорз бæх уыд, кæд байсыст сæрды 

Денджызæн йæ дон! 

– Цæргæсæн нæ уыд йæ сæрты 

Атæхын йæ бон. 

 

– Иуæй-иу лæппын цæргæсы 

Карчы цъиу бырсы... 

– Карчы цъиу бæргæ нæ хæссы 

Галы мард пыхсы! 

 

– Ма кæ, ма, мысты йас рæуæд 

Афтæ уæззау нæу! 

– Мысты уæныл-ма æрлæууæд 

Даредзанты хъæу (9)! 

 

– Иу кæркдон хъæуыл нымайы 

Къулыбадæг ус!.. (10) 

– Ау, кæркдоныл ма фæллайы 

Иу зылдæн тæрхъус?! 

 

– Ох-хай, гъе! Тæрхъус-лæппыныл 

Афтæ ма бахуд! 

– Уастæн, баззайой йæ быныл 

Даргъ кæрц æмæ худ, 

 

Уастæн, ма стæфса сæ хъармæй 

Гас нæртон зымæг,  

Чи сæ сарæзта йæ цармæй, – 

Нарты Уырызмæг! 

 

– Нартæ се 'мгæрон куыд уадзынц 

Ахæм къаннæджы? 

– Раст йæ уæлфадæй куы уасынц 

Фараст уасæджы, 

 

Уый сын уæд сæ хъæр нæ хъусы,  

Ахæм къаннæг у! 

– Ау! æмæ цы диссаг у, цы, 

Кæд къуырма лæг у?! 

 

– Авд хохы фæстæ мæгатæ (11) 

Хос куы фæкæрдынц,  

Авд дæлзæххы бын дзынгатæ  

Снæр куы фæцæгъдынц, 

 

Адæмæн сæ уæд фæдзуры  

Уыцы лæг ныр дæр!.. 

Кæд мæнгæй зæгъын, – мæ цуры  

Цавддур фест ды дæр! 

 

Йе 'лгъыст уæйыгыл æрцыди, – 

Раст йæ хуызæн дур 

Комхæлиуæй хъен лæууыди 

Лæскъдзæрæджы цур. 

 

Фервæзт лæг... Йæ фос æртардта… 

Ис æм ныр йæ фаг...  

Абон дзы мæнæн дæр радта 

Иу нард кусæрттаг. 

 

Уымæй æз куыд дæн æнæ хай, 

Афтæ мын ды дæр  

Адæмы хæрзтæй хуыздæрæй 

Се 'рцыдмæ фæцæр!.. 

 

 

 

ФИППИНÆГТÆ 

 

1. Уæйыг – ирон мифологийы сæйраг персонажтæй иу (уырыс. «великан», «циклоп»). Таурæгъмæ гæсгæ, Хуыцау уæйгуыты сфæлдыста Нарты размæ, цардысты хæхбæсты. Уыдысты дынджыр, тыхджын, фæлæ зондæй хъуаг; уый аххосæй æдзух зайынц састы бынаты. Адæмон сфæлдыстады æмбæлæм æртæсæрон, авд-аст-фарастсæрон уæйгуытыл, вæййынц ма иуцæстон, сохъыр, хъулонзачъе, æфсæрон æмæ а.д. 

2. Лæскъдзæрæн – лыстæг фос хизынмæ-иу цы фыййауы баххуырстой, уый. Йæ мызд – фосы цоты бæрæг хай – лæскъ.  

3. Хоры къутуйау йæ тæнтæ – ома дынджыр. Къуту – хор æфснайæн бынат (уырыс. «амбар»). Уыди алыхуызон, куыд асæй, афтæ кондæй дæр. Быдтой йæ æхсæр, бæрз кæнæ цъуйы лыстæг уистæй, йæ бын æмæ йæ сæр уыдысты фæйнæгæй. 

4. Кæфой – уистæй быд мигæнæн хор æвгæнынæн кæнæ дымгæмæ дарынæн (уырыс. «совок из прутьев»). 

5. Ныхас цæуы афæдзы цыппар афоныл. 

6. Ныхас цæуы адæймаджы фондз æнкъарæныл: цæстырухс, хъусын, уырзæй сгарынад, æмбудæн æмæ адæнкъарæныл (уырыс. «зрение, слух, осязание, обоняние и вкус»). 

7. Терк-Турчы бæстæ – Нарты кадджыты æнæхæрд, фосæй хъæздыг бæстæ.  

8. Тæлæт – искæй фос байсын, атæрын (уырыс. «насильственный угон скота»). 

9. Даредзанты хъæу – Даредзанты цæрæн бынат. Даредзантæ уыдысты хъæбатыр адæм, цардысты цуанæй. Сæ цот бон уыдисн рæзыдысты, æхсæв – уылынг. Бынсæфт фесты авдсæрон уæйыджы æлгъыстæй. Нарты кадджытау Даредзанты таурæгътæ дæр зындгонд сты ирон адæмæн. Сæ сæйраг хъайтартæ: Амыран, Мысырби, Бадри, Домбай æмæ иннæтæ. 

10. Къулыбадæг ус (къулбадæг ус) – адæмон сфæлдыстады арæх чи æмбæлы, ахæм фæлгонц. Аргъæутты фылдæр хатт у фыдæхтауæг ус, кæлæнгæнæг. Фæлæ йæ ‘ххуыс, йæ зонд арæх бахъæуынц сæйраг хъайтарты. Цæры иунæгæй, йæ мæгуыр къæс ис хъæугæрон. Аргъæутты сæйраг хъайтар, æнæзонгæ хъæумæ бахаугæйæ, бафысым кæны къулбадæг усы хæдзары, уый йын баххуыс кæны, цы хъуыддаджы фæдыл æрбафтыд, уый саразын. Ирон къулбадæг ус хæстæг лæууы уырыссаг аргъæутты Баба-Ягамæ, ис ын бирæ аналогтæ дунеон фольклоры.  

11. Мæга – маргъы мыггаг (уырыс. «бекас», цъæх мæга – «коростель», хъæды мæга – «вальдшнеп»). 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ