Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хъуылаты Созырыхъо
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ХЪУЫЛАТЫ СОЗЫРЫХЪО 

(1900-19387) 

 

Ирон литературæ рæгъы кæй фæрцы рацыд, уыцы разагъды лæгтæй иу у Хъуылаты Созырыхъо (йæ фæсномыг – Сикъо). Уый 20-30-æм азты уыди зынгæ æмæ хъомысджын архайæг æхсæнадон æмæ культурон царды, уыди дæсны нывгæнæг æмæ литературæ цырынгæнæг. 

Хъуылаты Садуллæйы фырт Созырыхъо райгуырд 1900 азы январы Хуссар Ирыстоны Згъуыбиры хъæуы. Куыстуарзаг бинонтæ уыдысты бирæ æмæ æнгом. Мад æмæ фыд сæ зæнæджы хистæры бафтыдтой ахуыры фæндагыл. 1909 азы Садуллæ амарди. Бинонтæ баззадысты мады æвджид.Уыдысты цыбыркъух, фæлæ лæппуйы йæ ахуырæй нæ фæиппæрд кодтой. Созырыхъо каст фæци Уанелы хъæууон скъола. 1909 азы йæ радтой Гуры гимназмæ. Зæрдæргъæвд лæппу рæвдз уыди ахуырмæ, хорз зыдта нывтæ кæнын, гитпрæйæ цæгъдын. 

Цард ивта. Ралæууыд 1917 аз. Созырыхъо хъазуатонæй архайдта адæмы революцион змæлды, ирон фæсивды разæнгард кодта тохмæ. 

1920 аз Хуссар Ирыстонæн сси тугуарæн аз, арт ыл бафтыдтой Гуырдзыстоны нацисттæ. Цхинвалы йæхи кæрты æвирхъауæй фæмард Созырыхъойы мад Натъа йæ хæрæфыртимæ, фæмард сæ дарæг, Созырыхъойы фыды æфсымæр Алыксандр. УЫцы цаутæ фæстæдæр фыссæг равдыста йæ уацмыс «Тугæй æлхæд»-ы. 1921 азы Созырыхъо сыздæхт уæлахиздзаутимæ Бургъустаны хæстæй. Уæд райдыдта йæ царды ног фæлтæр. 

Созырыхъо 20–30-æм азты иудадзыг уыд æхсæнадон куыстæн йæ тæмæны. 1921-1923 азты куыста Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисы разамонæгæй. 1923-1928 азты ахуыр кодта Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууонхæдзарадон академийы. Райста экономисты дæсныйад, фæлæ фæстæдæр йæхæдæг фыста, зæгъгæ йæ зæрдæ фылдæр æхсайдта фыссыны ‘рдæм, литературæмæ. 

1928 азы сыздæхт Ирыстонмæ. Куыста журнал «Фидиуæджы» редакторæй. Архайдта мыхуыр æмæ культурæйы рæзтыл. 1930 азы октябры Цхинвалы уыдис дыууæ Ирыстоны фысджыты æрцыд (съезд). Сæйраг докладгæнæг уыд Созырыхъо. 1931 азы йæ Калачы куысты сæвæрдтой Гуырдзыстоны Компартийы ЦК-йы аппараты. 1935 азы йæ скодтой Хуссар Ирыстоны рухсады адæмон комиссар. Уыцы бынаты фæкуыста 1937 азмæ, йæ царды трагикон кæронмæ. 

Созырыхъойы сфæлдыстадон куыст райдыдта поэтикон фæлварæнтæй. Бирæ не сты Созырыхъойы æмдзæвгæтæ. Сæ мидис у хуымæтæг, ис сын иу сæйраг темæ – сæрибар уарзын. Ацы темæйæн йæ иннæ фарс у цагъардзинадыл хъоды кæнын («Ахæсты катай», «Баст цæргæс», «Æхсæв», «Гаджидау», «Тох æмæ фæллой»).  

Созырыхъо эпикæйы цы сфæлдыста, уый бæрæг нæу (37-æм аз куынæг кодта йæ амæттæгты фæллой). Йæ номыл баззад дыууæ кадæджы: «Тотырадзы зарæг» æмæ «Таймуразы зарæг». 

Созырыхъойы сфæлдыстадон тых ирддæрæй зыны йæ прозæйы. Созырыхъо Йæ радзырдтæ сты ирон новеллæйы бæрзонддæр æнтыстытæй. Йæ радзырдтæ мыхуыры цæуын райдыдтой 1927 азы. 1928 азы Цхинвалы рацыд йæ новеллæты æмбырдгонд «Таурæгътæ». Уыдыис дзы «Фыййауы катай», «Хохаджы хъæстытæ», «Номылус», «Æртындæсæй иумæ», «Иудзонгон», «Муссæйы скъола» æмæ «Ног фæндаг».1931 азы Дзæуджыхъæуы фыссæгæн рацыд ног æмбырдгонд «Уацмыстæ. 2-аг чиныг» («Æфсæн уæйыг», «Дзуддаг Осуахъ», «Мæрдты бирæгъ», «Музейы», мысинæгтæ «Тугæй æлхæд», пьесæ «Хъæу фенкъуыст», кадæг «Тотырадзы зарæг»). Уыдон сты йæ зындгонд уацмыстæ. Йæ фæстаг æхсæз азы цы фыста, уыдонæй ницы разынд, æвæццæгæн, сæфт æрцыдысты 1937 азы. 

Фыссæджы уацмысты æрдзон уагыл баиу сты романтизм æмæ реализмы фæрæзтæ.  

Уарзты æрхæндæг таурæгъ у «Фыййауы катай» (1927), радзырд «Хохаджы хъæстытæ» (1927) та амад æрцыди æнусон социалон быцæуыл амад. Дыууæ сыхаджы быцæу кæнынц зæххы фæдыл, хъаугъа цæуы ауæдзыл. Ауæдз халын намысон (моралон) хъуыддаг у, фæлæ йын ацы радзырды ис социалон здæхт. Радзырд «Номылус» æвдисы рагон фыдæгъдау. Радзырды мидис у, чи æрцыд, ахæм æмбисонды хабар. Йæ конфликтæн ис социалон бындур. Æвдыст дзы цæуы мæгуыр бинонты хъысмæт. 

Созырыхъо уыд мидхæсты архайæг. Федта стыр социалон æнкъуыстытæ, тох æмæ йæ фæстиуджытæ. Бавзæрста сæ йæхи удыл. Уыйадыл йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц мидхæсты цаутæ, тохы нывтæ æмæ трагикон хъысмæттæ. Уыдон æвдыст цæуынц бæрзонд аивады рауджы, реализмы фæрæзтæй («Тугæй æлхæд», «Æртындæсæй иумæ», «Музейы», «Иудзонгон»). 

Созырыхъойы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц советон царды æууæлтæ. Фыссæг лæмбынæг каст цардмæ, адæмы уагмæ, лыстæг сын æвзæрста сæ ивæнтæ, сæ рæзты здæхæнтæ («Муссæйы скъола», «Ног фæндаг», «Æфсæн уæйыг», «Дзуддаг Ошуахъ»). 

Хъæздыг у Хъуылайы фыртæн йæ аивадон æрмадз: ис дзы фаг ахорæнтæ æрхуым æмæ хъæлдзæг нывтæ æвдисынæн. Фыссæджы курдиат ифтонг у сатирæ æмæ юморы фæрæзтæй («Мæрдтыбирæгъ», «Дыууæ къæрныхы»). 

Созырыхъо ирон прозæйы уыди раздзæуæг, фæндагысгарæг, йæ радзырдтæ уыдысты фыццаг фæлварæнтæ ног цард æвдисынæн, хуымæтæджы йæ нæ хонынц «ирон советон литературæйы бындурæвæрджытæй иу» (Суменаты З.Н.) Йе сфæлдыстад æмткæй у ирон прозæйы зынгæ æнтыст, и сын ахъаззаг идейон æмæ аивадон ахадындзинад. 

 

Джыккайты Ш. Ирон литературæйы истори. Ф. 316-334. (Цыбыргондæй). 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ