Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Брытьиаты Созырыхъо
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

БРЫТЪИАТЫ СОЗЫРЫХЪО 

(1892-1961) 

 

Зын ссарæн у Ирыстоны ахæм адæймаг Брытъиаты Созырыхъойы аргъæуттæ чи нæ каст. Созырыхъо райгуырд 28 декабры 1892 азы Дæллагхъæуы. Йæ фыд Ауызби уыди цъыбыркъух зæхкусæг. Иу аз сахуыр кота хъæуккаг скъолайы, стæй йæ йæ хистæр æфсымæр Солтан акодта йæхимæ, Налцыкмæ, æмæ йæ радта реалон училищемæ. Æртæ азы дзы куы ацахуыр кодта, уæд æфсымæр бинонты хъуыддаг бакодта æхцайæ нал æххæссыдысты. Уый аххосæй Созырыхъо ссыд Дзæуджыхъæумæ, ам дæр та ахуырмæ бацыд реалон училищемæ. Тыхцæрдтытæ кæнгæйæ æрвыста йæ бонтæ, фæлæ уæддæр йæ ахуырыл йæ зæрдæ никуы сивта. Уыцы рæстæгмæ хауынц йæ фыццаг сфæлдыстадон фæлварæнтæ дæр. 1916-1917 азты газет «Терек»-ы фæрстыл арæх мыхуыргонд цыдысты йæ уацхъуыдтæ. Сæ быны-иу сын бафыста кæм йæхи мыггаг æмæ ном, кæм та йæ фæсномыгтæ: Артур, С-б, Созырыхъо-бей, Бей, Сирота æмæ афтæ дарддæр. 1917 азы Февралы революции куы райдыдта, уæд кусынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ, фæлæ уайтæккæ йæхæдæг дæр тифæй фæрынчын, æмæ йæ йе ‘фсымæр Дзиццыр (Тасолтан) Дæллагхъæумæ аласта. 1919 азы сæ бинонтæ ралыгъдысты Суадагмæ. Уæдмæ Созырыхъо дæр фæци бинонтæн æххуысхъом.  

1924 азы кусын райдыдта газет «Рæстдзинады» уацхæссæгæй, фыста уацхъуыдтæ, фæцалх тæлмацгæнæджы куыстыл. Æртæ азы фæстæ кусын райдыдта газеты бæрнон секретарæй, фæстæдæр та сси редакцийы сæргълæууæг. 

1930-1932 азты йæ раивтой чингуыты рауагъдадмæ сæргълæууæгæй. Созырыхъойы фæндыд дарддæр ахуыр кæнын æмæ бацыд Ленинграды æвзагзонынады институтмæ. Уыцы рæстæг ратæлмац кодта ирон æвзагмæ А Пушкины «Капитанская дочка», Л. Толстойы «После бала», Дж. Свифты «Путешествие Гулливера» æмæ æндæр аивадон уацмыстæ. Мадæлон æвзагыл тынг иузæрдион кæй у, уый бафиппайгæйæ йын йæ ахуыргæнæг, академик Л.В. Щерба бахæс кодта ирон æвзаджы фонетикæйы фарстатæ раиртасын. Уæд йæ куыст баст æрцыд цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институты куыстимæ. Уыциу рæстæг институты разамынды курдиатмæ гæсгæ Ленинграды архивты æмбырд кодта Ирыстоны историимæ баст æрмæджытæ. Рох дзы нæ уыд адæмон сфæлдыстад дæр. Ирыстоны уæвгæйæ-иу æмбырд кодта зарджытæ, кадджытæ, аргъæуттæ. Бацæттæ кодта æмæ Ленинграды мыхуыры рауагъта аргъæутты æмбырдгонд «Осетинские сказки». Уыцы куысты йын тынг æххуыс бакодта зындгонд уырыссаг фыссæг С.Я. Маршак. Ирон аргъæуттæ мыхуыр кодта сывæллæтты журналты «Костер», «Чиж», «Пионер». 

1937 азы Созырыхъо йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта æмæ йæхи курдиатмæ гæсгæ æрвыст æрцыд Хуссар Ирыстоны наукон-иртасæн институтмæ. 1938 азы сси Фысджыты цæдисы уæнг. 

Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Йе ‘нæниздзинад йæ уагыл кæй нал уыд уый тыххæй йæ хæстмæ нæ акодтой, фæлæ уæддæр æнцад нæ бадт Созырыхъо, куыста газет «За Родину»-йы. Уыцы куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд майдан, арфæйы гæххæттытæ. Хæсты фæстæ хъахъхъæнынады комитет фысджыты, нывгæнджыты, хуызисджыты къордтæ æрвыста нымыцаг фашистты фыдракæндтæ фенын æмæ сæ хурмæ рахæссыны тыххæй. Созырыхъо дæр куыста уыцы къордимæ. Цы æрмæджытæ æрæмбырд кодта, уыдоны бындурыл ныффыста очерктæ, радзырдтæ æмæ сæ мыхуыры рауагъта.  

Нысангонд æрцыд Терминологон къамисы бæрнон секретарæй. Ам дæр йæ ахсджиаг æххуысы хай бакодта. Мыхуыры рауагъта «Ботаникæйы терминты уырыссаг-ирон дзырдуат». Созырыхъо ныффыста къорд уацы ирон фысджыты, ирон адæмон сфæлдыстады, сывæллæтты литературæйы тыххæй. 40-æм азты нæ республикæйы арæзт æрцыд сæрмагонд Паддзахадон Нарты Комитет æмæ та ацы ран дæр Созырыхъо разынд хъæугæ адæймаг, æвзæрст дзы æрцыд бæрнон секретарæй. Цал рауагъды уыд «Нарты кадджытæн» йæ рæстæджы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, се ‘ппæты дæр уыд редактортæй иу, фыста сын фиппаинæгтæ, арæзта дзырдуæттæ. Рох дзы нæ уыдысты рæзгæ фæлтæр дæр: æнцонæмбарæн æвзагыл сын рауагъта Нарты кадджытæ цалдæр. Созырыхъо бакуыста ирон фысджыты уацмысты антологийыл, Мæскуыйы ирон литературæйы къуыри бацæттæ кæныныл.  

Йæхи фыст аргъæуттæй уæлдай зындгонд сты «Дзеджы фырт Дзег», «Дзанати Дзамболат» æмæ ма бирæ æндæртæ. Созырыхъо стыр æвæрæн бахаста ирон адæмон сфæлдыстады къæбиц фæхъæздыгдæр кæныны хъуыддагмæ 

Бирæ хъару, зонд бахардз кодта Брытъиаты Ауызбийы фырт Созырыхъо ирон аив дзырдыл, адæмон сфæлдыстадыл, литературæйыл, рæзгæ фæлтæры хъомыладыл. Бирæ бынтæ йын баззад. Уыдон сты бабиноныг кæнинаг, абоны ног фæлтæртæм рахæссинаг. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ