Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Боциты Барон
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

БОЦИТЫ БАРОН 

(1901-1944) 

 

Зынгæ ирон фыссæг, поэт æмæ æхсæнадон архайæг Боциты Барон райгуырд 1901 азы 13 сентябры Цæгат Ирыстоны, Тибы хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары, йæ сабибонтæй фæстæмæ бавзæрста бирæ фыдæбæттæ. 1913 азы Барон каст фæци Тибы аргъуаны скъола æмæ ацыд Дзуджыхъæумæ йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ, фæлæ уыцы хъуыддаг йæ къухы нæ бафтыд. Кæд нырма æвзонг лæппу уыди, уæддæр æй бахъуыд кусын, уымæн æмæ æххуыс кодта йæ бинонтæн. Йæ фыды мæлæты фæстæ бынтон фæзын ис лæппуйы цард. Фæстæмæ хъæумæ æрыздæхт æмæ та хъæууон куыстыты уæззау уаргъ йе уæхсчыты æрæнцад.  

1922 азы Боциты бинонтæ ралыгъдысты хохæй быдырмæ æмæ æрцардысты Къостайыхъæуы. 1923 азы та Барон Дзæуджыхъæумæ сыздæхт ахуыр кæнынмæ. Суинаг фыссæг бацыд фæскомцæдисмæ, 1926 азы та сси Коммунистон партийы уæнг. 1930 азы каст фæци Мæскуыйы Хурскæсæн кусæг адæмы коммунистон университет, 1935 азы та – Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæн институты аспирантурæйы ирон филологийы хайад.Сфæлдыстадон куыстимæ иумæ Барон кодта æхсæнадон куыст дæр: уыд Æрыдоны районы ахуырады хайады сæргълæууæг, журнал «Мах дуджы» редактор, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар, ирон литературæйы музейы директор. Куыста Цæгат Ирыстоны педагогон институты литературæйы ахуыргæнæгæй, Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институты директорæй, Цæгат Ирыстоны Министрты Советы мидæг Аивады комитеты сæрдарæй. 

 

Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ Барон ныффыста 1925 азы. 30-æм азты Боцийы-фырты сфæлдыстад бацыд йæ тæккæ тæмæны. Уыцы азты фыст уацмыстæн уыд агитацион ахаст. Йе мдзæвгæты равдыста мæгуыр хохаг зæхкусæджы зын цард революцийы агъоммæ. Дзæвгар уацмысты равдыста коллективизацийы срæстæг. Йе ‘мдзæвгæтæй бирæтæ систы зарджытæ. Сæ сæйраг темæ у куысты темæ («Колхозон чызг», «Орденджын Сафирæтмæ», «Хæххон чызгмæ», «Республикæ» æмæ æнд.), Фыдыбæстæм уарзондзинады темæ поэтмæ æнгом баст у йæ бахъахъхъæныны темæимæ («Хурæмдых фæлтæр», «Тохы зарæг» æмæ æнд.). Зынгæ бынат Бароны сфæлдыстады ссардта адæмты хæлардзинады темæ дæр («Фæндагыл», поэмæ «Фæндаггæрон» æмæ æнд.). Джыккайты Шамил ирон лирикæйы æнтыстытæй иу рахуыдта Бароны æмдзæвгæ «Цъæйы комы» (1934). 

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты Боцийы-фырты сфæлдыстады сæйраг темæ сси Фыдыбæстæ хъахъхъæныны темæ («Мæлæт фашисттæн», «Плиты Иссæйы зарæг» æмæ æнд.) 

 

1936 азы Барон ныффыста 30-æм азты ирон литературæйы зынгæ фæзынд чи сси, уыцы роман – «Саст рæхыс». Романы архайд цæуы империалистон æмæ граждайнаг хæсты азты. Æвдыст дзы цæуы сæйраг хъайтар Цæлыччы цардвæндаг, йæ миддунейы рæзт, хъæууон цард, йæ уавæртæ. «Саст рæхыс» критиктæ рахуыдтой «ирон реалистон романы фыццаг къапхæн» . 

Барон ма у цалдæр пьесæйы автор дæр. Йæ одноактон пьесæ «Чи кæй фæсайдта»-йы (1942) худы магусатæ æмæ цæстфæлдахджытыл. «Нарты фæткъуы» (1942) фыст у нарты эпосы бындурыл. Плиты Грисимæ иумæ ныффыста пьесæтæ: «Æлдар æмæ Зондаби» (1937), «Цардмæ» (1938), «Уырытæ» («1938»). Фыссæджы пьесæтæ иууылдæр æвæрд æрцыдысты ирон театры сценæйыл. 

Боциты Барон ахицæн йæ цардæй 1944 азы 20 июлы.  



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ