Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хуытинаты Цыппу
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ХУЫТЪИНАТЫ ЦЫППУ 

(1910-1938) 

 

Хуытъинаты Налыхъы фырт Цыппу райгуырдис 1910 азы 21 майы Хъæдгæроны. Йæ ныййарджытæ уыдысты мæгуыр зæхкусæг адæм, уымæ гæсгæ лæппуйæн ахуыры фадат фæцис æрмæст фæсреволюци. Кæд скъоламæ 11-аздзыдæй бацыд, уæддæр йе ʼмцахъæнтæй фæстæдæр ницæмæй баззад. Æрдзæй йын лæвæрд уыд ахуырмæ зæрдæргъæвддзинад. Скъоламæ бацыуынæй фондз азы фæстæдæр Цыппу райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ. 1927 азы йæ кусынмæ айстой ногдзауты газет «Æвзонг тыхмæ». Фыццаг куыста нымæрдарæй, фæстæдæр та - редакторы хæдивæгæй. Уæд бамбæрста, мыхуыры хъуыддаг тынг бæрнон кæй у уый, зонындзинæдтæ æмæ цардæй фæлтæрд миниуджытæ кæй домы, уый, æмæ 1931 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты литературон факультетмæ. Фæлæ дзы сахуыр кодта æрмæст иу аз, – йе ʼнæниздзинад нывыл кæй нæ уыд, уымæ гæсгæйæ здæхын бахъуыд йæ райгуырæн хъæумæ. 

1933 азы Цыппуйы арвыстой Æрыдоны-Алагиры районы газет «Раздзогмæ», нысангонд æрцыд редакторы хæдивæгæй, фæстæдæр та бацахста газеты редакторы бынат. Ам чысыл йæхиуыл схæцыд, фæфидардæр йе ʼнæниздзинад æмæ та дыууæ азы фæстæ афæлвæрдта йæ ахуыр адарддæр кæныныл. Фæлæ йæ æгъатыр низ фæцух кодта æмгæртты æхсæнæй, ахуыры рухс фæндагæй. 1938 азы октябры мæйы Цыппуйæн фæстаг фæндараст загътой йæ уарзон хъæубæстæ. 

Йæ фыццаг æмдзæвгæ «Цæдис» Хуытъинайы-фырт ныммыхуыр кодта 1927 азы газет «Рæстдзинады». Уæдæй фæстæмæ хуыздæрæй цы ныффыста, уыцы поэтикон уацмыстæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1931 азы. (æмдзæвгæты æххæст æмбырдгонд ын уагъд æрцыд 1983 азы). 

Цыппуйы поэзийы æвдыст æрцыд адæмы цард, сæ сагъæстæ æмæ бæллицтæ. Поэт зарыд Цытджын Октябрыл, мæгуыр хæххон адæмы паддъахы дæлбардзинадæй чи фервæзын кодта, зæхх æмæ сын ног цард аразыны фадат чи радта, уыцы историон цауыл. Йе сфæлдыстады айдæнау разындысты колхозтæ аразыны дуг, культурон арæзтады фыццаг къахдзæфтæ (æмдзæвгæтæ «Хæрзбон», «Колхозмæ», «Колхозонты марш» æмæ æндæртæ). 

Поэт-фидиуæг уæлдай разæнгарддæрæй архайдта коллективизацийы рæстæг. Иумæйаг фæллойы фæндагыл æрлæууæг адæмæн амыдта колхозты ахадындзинад, комкоммæ сæм сидт, цæмæй æнæ дызæрдыгæй цæуой колхозтæм, цæмæй ма хъусой се знаг кулаччытæм (æмдзæвгæтæ «Колхозмæ», «Ныфс», «Мæ фыны дæр», «Къæрцхъус», «Хъомырын», «Фыййауы цин», «Цæргæсау») 

Æрыгон уæвгæйæ, поэт барста кæрæдзийыл Ирыстоны знон æмæ абон, ахста æмæ æнкъардта дуджы, адæмы зондахасты ивддзинæдтæ æмæ сæ æвдыста йе сфæлдыстады. Хуытъинайы-фырт фыста горæтаг цардыл дæр, фабрикты æмæ заводты фæллойгæнджытыл (æмдзæвгæтæ «Соцерысгæнджыты сидт» æмæ æндæртæ), æргом кодта зианхæссæг феодалон æгъдæуттæ, адæммæ сиды, цæмæй карздæрæй тох кæной мæнг уырнынады дæснытæм, нозт æмæ æгъдаухалджыты ныхмæ («Культурон балцы зарæг», «Дæсны сæфы», «Царды низтæ сафгæ цом» æмæ æндæртæ). Зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæй Цыппу ары ног царды сæрвæлтау фæллойгæнæг сылгоймаджы ном («Тынг дæ бауарзтон», «Сылгоймæгтæм», «Колхозон сылгоймагмæ»), уарзæгой зæрдæйæ фыссы Сырх Æфсады хъайтардзинадыл, сиды сæм къæрцхъус уæвынмæ (æмдзæвгæтæ «Сырх Æфсад», «Ныхас Ворошиловмæ», «Дымгæ фæсарæнтæй»). 

Фæлæ йæ поэтикон курдиат æххæстæй нæ райхæлд. Рæсугъддæр фæлгонцтæ йæм се ʼргом куы раздæхтой, дзырдаивады сусæгдзинæдтæ дзы куынæуал æмбæхстысты, уæд аскъуыд æрдæгыл йæ зарæг. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ