Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хъороты Дауыт
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Хъороты Дауыт 

(1890-1924) 

Поэт, драматург, æхсæнадон кусæг 

 

Дауыт райгуырд 1890 азы Астæуккаг Ерманы хъæуы Хуссар Ирыстоны. Йæ фыд Гиго æмæ йæ мад Берозты Магда сфæлмæцыдысты сæ тыхст, сæ мæгуырæй æмæ цардагур алыгъдысты Алагирмæ. Уым чысыл Дауыты йæ фыды ‘фсымæр Габо бакодта йæ дуканимæ цумайы лæппуйæ. 

Габойы фæндыд Дауытæй йæхицæн нымайæг скæнын æмæ йæ уыйадыл ахуыр кæнынмæ радта бынæттон ахуыргæнæг Дзасохты Алыксимæ 1903 азы. Дауыт ахуыр кæнынмæ разынд тынг зæрдæргъæвд лæппу. Иу афæдзмæ каст фæци райдиан скъола æмæ 1904 азы фæлварæнтæ радта Дзæуджыхъæуы горæты ахуыргæнæндоны 4-æм хаймæ. Ам йæ ахуыр куы ахицæн кодта, уæд та Калачы бацыд бухгалтеры курсытæм æмæ та уыдон дæр иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци 1909 азы майы 20 бон. 

Дауытæн дарддæр ахуыр кæныны фадат нал фæци, кæд æй тынг фæндыди, уæддæр. Цыбыркъух бинонтæ æххуысмæ æнхъæлмæ кастысты, æмæ уый дæр райдыдта кусын. Зæрдиагæй архайдта рухстауæг æхсæнадты дæр. Уæлдайдæр та «Хохаг адæмы ‘хсæн ахуырдзинад æмæ техникон зонæнтæ рапарахат кæныны æхсæнад»-ы, чиныгуадзæг æхсæнад «Ир»-ы æмæ «Ирон литературон æхсæнад»-ы.  

1923 азы Дауыт нысан æрцыд Хæххон Республикæйы Рухсады адæмон комиссариаты бæрнон кусæгæй Цæгат Кавказы адæмты æвзæгтыл ахуыргæнæн чингуытæ æмæ аив литературæ уадзыны фæдыл. Уый ацы хъуыддаджы сæрыл бирæ тыхтæ æмæ рæстæг бахардз кодта, бирæ фæндиæгтæ уыд йæ сыгъдæг зæрдæйы æмæ тырныдта национ æвзæгтыл чингуытæ уадзынмæ, фæлæ йын æнтысгæ бирæ нæ бакодта. 1924 азы декабры 4 бон Дауыт æнæнхъæлæджы амард. 

Дауыты литературон бынтæ, йæ царды бонтау, чысыл сты нымæцæй. Æдæппæт æртæ пьесæйы: «Уарзæттæ», «Дæсны» æмæ «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди», хъæлдзæг ныхæсты чысыл æмбырдгонд «Арвистон» æмæ цалдæр æмдзæвгæйы. 

Дауытæн йæ уацмысты хуыздæр у комеди «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди» 

Дауыты фæндыдис ирон дзыллæйы дины мæнгуырнындзинæдтæй фервæзын кæнын æмæ хурмæ рахаста дæсныты сайæн митæ йæ драмæ «Дæсны»-йы. 

Дауыты фæндыдис, ирон фæсивæды ‘хсæн фидар куы уаид рæсугъд æгъдау, рæсугъд ахастытæ сын куы амониккой нысан сæ зæрдæты фæндиæгтæн. Æмæ уый тыххæй ныффыста драмæ «Уарзæттæ». 

«Адæмыл сагъæс кæнын», «искæй хъыг, мæгуырдзинад зæрдæмæ хæссын» - афтæ схонæн ис Дауытæн йæ ‘мдзæвгæты æмæ йе ‘ртыккаг пьесæйы иумæйаг мидисæн дæр. 

Дауыты поэзи рæзти Къоста æмæ Секъайы фæндыры цагъдмæ. 

Ницæйаг сты се ‘ппæт дæр – зондæй дæр, удæй дæр сæ фæндиæгтæ. Химан-хъæуыхицау бæллы адæмы ехсæй нæмыны бармæ. 

Пъисыр Николай Петрич ахæмтæм нæ бæллы, уый фæнды æрмæст иу хъуыддаг: Химаны бæсты гæртæмтты фылдæр уый куы исид æмæ йæм сыбыртт куы ничи уæндид. 

Къулер Сахълæуы та фæнды, «гуыбырнатъор» куы суид, йæ риуыл «æрхуы гæппæлы бæсты сыгъзæрин медалтæ æмæ крестытæ куы æрыфтауид, йæ уæхсчытыл та цупалхауджын пъалеттæ куы æрхуыйын кæнид», стæй Химан «йæ разы йæ зонгуытыл куы лæууид», æмæ, сæйраджы та – «Адæмимæ куыд цæрын хъæуы, уый базониккам, бæргæ, сæ удтæй сын, гæды мыстæй куыд хъазы, афтæ схъазиккам». 

Къулер Калман дæр афтæ: «Фæныккуызаты Калман, æрæджы къулер чи сси, уымæн булкъоны цин радтой, зæгъгæ, адæмы æмбисондæн баззаид…» Ницæйæг сты, бæргæ, фæлæ – «паддзахы хицæуттæ!» 

Хъæуыхицау æмæ писыр кæрæдзимæ куы фесты, уæд цы гæртæмттæ фæхордтой, уыдон рахъæр сты. Кæрæдзимæ цы ‘взагæй дзурынц, кæрæдзи куыдхистæрæй кæй нæмынц, уымæй та рабæрæг сæ удты гуымирыдзинад æмæ сæ зонды фæстæзаддзинад. Искæй æфхæрынæй дарддæр ницы дæр зонгæ кæнынц, ницæмæ дæр бæлгæ кæнынц. Чи кæуыл тых кæны, чи куыд уæлдæр хицау у, афтæ иннæйы æфхæры. Ницы сты къулертæ Сахълæу æмæ Калман, цумагæнæнтæ, фæлæ уыдон дæр ахст лæджы æфхæрынмæ цæттæйæ лæууынц – ууыл сæ бар цæуы! – æмæ адæмæй хынджылæг кæнынмæ та бæлгæ кæнынц. 

Темырболат чысыл бынат ахсы пьесæйы, фæлæ уый æвдисы авторы хъуыды. Революцийы агъоммæ ахæм уæндон ныхас æнæмæнг уыд ныфсы хос мæгуыр æфхæрд адæмæн. Уымæй тыхджындæр ныфс та йын уыдис худт, адæм авторимæ йæ фыдызнæгтыл кæй худтис, йæ тугцъир «къуыдыркæлмыты» хынджылæггагæй кæй уыдта сценæйыл, уый. 

Комедийы сæйраг быцæу ис Химан æмæ Николай Петричы ‘хсæн. Гæртамыл! Дыууæ хицауы хыл кæнынц, гæртамæй сæ кæй фылдæр хъуамæ фæуа, ууыл. Æмæ мах худæм ацы ницæйаг быцæу æмæ чъизи адæймæгтыл. 

Дауыт кæд бирæ нæ ныффыста, уæддæр чиныгкæсджыты зæрдæтæм фæндаг ссардта.  

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ