Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Туаты Дауыт
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Туаты Дауыт 

(1903-1964) 

Зындгонд ирон драматург 

 

Туаты Афæхъойы фырт Дауыт райгуырдис 1903-æм азы Кæфты мæйы 15-æм бон Цæгат Ирыстоны Зæрæмæджы зылды Сататыхъæуы. Фыды ад дæр нæма базыдта, афтæмæй бинонты дарæгæй баззад. Сидзæрты хистæр – Дауытыл цыдис æрмæстдæр æртындæс азы. Йæ мад – Гыццийæн-ма уыдис ноджыдæр цыппар сабийы. Уыцы тухиты уынгæйæ, лæппуйы цæй ахуырмæ равдæлдаид, фæлæ йæ фыдыхотæ сæхимæ ахуыр кæнынмæ ракодтой. Уыдоны фæрцы каст фæцис райдиан скъола, 1923-æм азы Дзæуджыхъæуы рабфак, 1929-æм азы Новочеркасскы политехникон институт. 1934-æм азы онг бакуыста Ростовы инженерæй. Уый фæстæ уыдис Садоны æрзæткъахæнты сæйраг механик æмæ сæйраг энергетик. 1937-æм азы æрцард Дзæуджыхъæуы. Фыццаг куыста куыстадон иугæнг «Сельхозэлектро»-йы, уый фæстæ – горæты электростанцæйы сæйраг инженерæй (суанг цалдæр техникон ногдзинады автор дæр сси). 

Дауыт литературæмæ æрбацыд, йæ тæккæ лæджы кары куы бацыд, уæд. Йæ фыццаг драмæ (рæстæг куыд равдыста, афтæмæй йæ – хуыздæр) «Сидзæргæсы» - фыццаг вариант фыст фæци æрмæстдæр 1939-æм азмæ. Бакасти йæ ирон театры актертæн æмæ кæд литературон æгъдауæй бынтон рæвдз нæма уыдис, уæддæр дзы, автор цы курдиаты уддзæф баулæфыд, уый сæмбæлд театры кусджыты зæрдæтыл. Æмæ драматургæн æмзондæй загъд æрцыдис, йæ къухфыстæн фидæн кæй ис, уый тыххæй. Дауытæн уыцы разæнгардгæнæн ныхас æвдадзы хос фæцис æмæ йæ канд ногæй нæ рацарæзта, фæлæ ма хуыздæр пьесæ ныффыссыны тыххæй республикон конкурсы дыккаг бынат дæр æрцахста.  

Хæсты уæззау азтæ фæсте куы аззадысты, уæд «Сидзæргæсæн» фæндаг байгом ис ирон театры сценæмæ. Дауыт йæ боныджы фыста: «Ирон театр æвæры «Сидзæргæс», мæ фыццаг пьесæ, æз æй чернилæйæ нæ фыстон, фæлæ цæссыгтæй. Раздæрау æй мæхæдæг уарзын фыццаг хъæбулы хуызæн, уымæн æмæ пьесæйы темæ у мæ зынаргъ гыцци, фыст дæр уый номыл у. Мæ зынаргъ, æнæферохгæнгæ Гыццийæн!»Уыцы азты Дауыт кæронмæ бамбæрста, драмон аивады фæндагæй йын хизæн кæй нал ис, уый. Фæд фæдыл фыст æрцыдысты «Æрра фыййау», «Хистхортæ» (фæстæдæр æй автор рахуыдта «Мæрдтæйдзæуæг»), «Хæст», «Адæмы номæй» (кæнæ «Тæтæрхъаны бинонтæ»), «Нарты Сырдон» æмæ æндæртæ. Фæлæ драматургæн «Пæсæйы фæндонæй» фылдæр свæлдыстадон амонды уысмытæ никæцы пьесæ æрхаста. 500-хаттæй фылдæр æвæрд æрцыдис ирон театры сценæйыл. Дауыт дзы иунæг спектакль æнæ фенгæ нæ ныууагъта. Драматург 1951-æм азмæ цы 12 пьесæйы ныффыста, уыдонæй 9 æвæрд æрцыдысты сценæйыл. 

Дауыт стыр æнцондзинадимæ фыста сабитæн дæр. Адæмон сфæлдыстады мотивтæм гæсгæ сын ныффыста æртæ пьесæйы («Аргъау», «Ногдзауты аргъау», «Рувас æмæ хъыбылты аргъау»). Фæсивæд та æхсызгонæй сæмбæлдысты «Хæрзойты Фатимæтыл». Хорз техникон цæттæдзинад æм кæй уыдис, уый фадат радта зонадон кусджыты темæ райхæлынæн «Урс хохы бынмæ»-йы. Хистæр кары адæммæ здæхт уыдис йæ либретто «Æфсатийы чызг» (музыкæ йын ныффыста Хаханты Дудар). 

Къостайы 100 азы бæрæгбон куы æрцæй хæццæ кодта, уæд Дауыт ирон фысджытæ æмæ драматургæй бирæты (Дзанайты Иван, Епхиты Тæтæри, Хъуысаты Дмитрий æмæ иннæты) сразæнгард кодта Хетæджы-фырты фæлгонц сценæйæн саразыны тыххæй. Афтæ фæзынд йæхи пьесæ «Къоста» дæр.  

 

Йæ царды фæстаг драмон уацмыс та сси «Ног зонгæтæ» (1963 сценæйыл кæй сæвæрдтой, уыцы вариант хуындис «Дыууæ фырты»). Драматурджы æххæстдæр æмбырдгонд дыууæ томæй мыхуыры рацыд 1969-1970-æм азты. Туаты Дауыты хуыздæр пьесæтæ æвæрд æрцыдысты гуырдзиаг, тæтæйраг, кæсгон æмæ æндæр æвзæгтыл. Туаты Дауыт ирон аивады мидæг цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд республикæйы аивæдты сгуыхт архайæджы ном æмæ «Кады нысаны» орден. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ