Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Беджызаты Чермен
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Беджызаты Чермен 

(1898-1937)  

Фыссæг, паддзахадон æмæ æхсæнадон кусæг 

 

 

Хуссар Ир, Урстуалтæ – «Ирыстоны алæмæттаг къуымтæй иу». Мæсгуыты бæстæ. Фарны ран. Беджызаты Чермены райгуырæн бæстæ. 

Беджызаты Чермен райгуырд 1898 аз 23 декабры. У зындгонд ирон дзырддзæугæ æмæ номдзыд кадæггæнæг Беджызаты Леуаны бындар. 

Хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ Чермен ацыд Гуры дины ахуыргæнæндонмæ, фæстæдæр ахуыр кодта Калачы дины семинары. Хæрз æрыгонæй йæхи сбаста социал-революцион къордтимæ æмæ уымæй фæстæмæ суанг йæ фæстаг сулæфтмæ йæхицæн скарста… организатор æмæ хæстоны хъысмæт. Активонæй архайдта, Хуссар Ирыстоны цыдæриддæр цаутæ цыдис революции æмæ мидхæсты азты, уыдоны. 

Советон хицауад Хуссар Иры куы ‘рфидар, уæд Чермен куыста бира бæрнон бынæтты: уыд Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы президиумы секретар, газет «Хурзæрины»-ы редактор, зонадон-иртасæн институты директоры хæдивæг, журнал «Фидиуæджы» редактор…  

1926 аз Чермен ацыд ахуыр кæнынмæ Мæскуымæ журналистикæйы иститутмæ. Каст æй фæцис 1928 азы. Уыйимæ никуы ныууагъта йе сфæлдыстадон куыст. Йæ фыццаг чиныг «Кард æлвæстæй»-ы (1933) Чермен фыста: «Фыссын райдыдтон 1915 азы æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ». 

Æхсæрдгард æмæ фыссæн сис сысты уæдæй фæстæмæ Чермены царды сæйрагдæр нысан. Суанг «гуырдзыйы тугдзых «демоктрати» Хуссар Ир куы басыгътой, уæддæр йæ фыссын никуы ныууагъта. Йæ боныг «Ссыгъди цард» æмæ «Ахуыссыд цард»-ы (ацы жанр ирон советон литературæмæ фыццаг Чермен бахаста) сыфтæ «сырх хъулон сты сæрибар цард, сæрибар куысты сæрыл хæцæг нæ гæвзыкк дзыллæйы тугæй». 

«Сау бонтæ… Туджы зæйы бонтæ… Сау тарæй саудæр арв… сабиты, сылгоймæгты, зæрæдты тугæй… Уый Гуырдзыстоны тугдзых «демократи» скодта нæ мæгуыр гæвзыкк адæмыл йæ уæлахизы стыр бæрæгбон». Ацы рæнхъытæ канд фактты констатаци не сты. 

Зыны сыл канд лæмбынæг азфыссæджы æрмдзæф нæ, фæлæ «цаутæ æмæ фæндтæ чи иртасы æмæ сæ кæрæдзийыл чи бары, сыгъдæг æмæ уæлмонц зæрдæйæ сыл чи тыхсы æмæ сагъæс кæны», ахæм адæймаджы къухвæд. «Басуддзæн æлдарадон Хуссар Ирыстон, райгуырдзæн дзы Ног Ирыстон… Уый уыдзæн, куыд уыдысты, сты æмæ уыдзысты царды фæлтæртæ. Æмæ ды, Гуырдзыстоны мæнгард, фæлывд демократи, цъæл æрцæудзынæ… æмæ дын ницыуал баххуыс кæндзæн…» 

Фæлæ фæрæдыд дардмæ уынæг Чермен. Æвдай азы фæстæ историйы цалх ногæй æрзылд æмæ та гуырдзыйы «демократтæ» (ныр сæ хонынц экстремисттæ) Хуссар Иры туджы зæйтæ ауагътой. Æмæ кæд æй рæстæджы Чермен йæ боныджы хъæр кодта: «Кæм дæ, парти!», уæд абон, сæфты къахыл цы Хуссар Ирыстон ныллæууыд, уый цъæхахст арæх азæлы мæлæг уды хъæрау æдзæрæг бæсты. 

Чермен уыдис йæ рæстæджы иузæрдион хъæбул, алыварсон курдиæтты хицау. Фыста литературæйы алы жанырты. Зындгонд сты йæ драмон уацмыстæ «Чи кæй» æмæ «Октябры тырысайы бын» (1931 æмæ 1935 азты), уацаутæ «Бирæгътæ» æмæ «Мæсгуытæ дзурынц» (1934 æмæ 1935 азты), йæ радзырдтæ «Æртæ фæкасты» æмæ «Уад асаста гæды бæлас» (1935 ама 1936 азты), очерктæ (ацы жанр дæр ирон советон литературæмæ фыццаг хатт Чермен бахаста) «Колхæдзарад «Хурзæрин» æмæ Ихдзагъд» (1930-1936). Фыста æмдзæвгæтæ, публицистон уацтæ.  

Чермен уыдис Хетæгкаты Къостайы хуыздæр фæдонтæй иу. Йæ цард арæзт уыдис æнæхъæнæйдæр ирон æмбисонды – «Цы байтауай, уый æркæрддзынæ». Æмæ Чермен æлутоны хоры нæмгуытау тыдта йæ адæмы зæрдæты йæ зонд æмæ йæ хъару. 

Бирæ рухс фæндтæ уыдис Черменмæ. Фæлæ сын хъысмæты азарæй мах сæ фылдæр нæ зонæм, стæй сæ зонгæ дæр нал бакæндзыстæм. Уымæн æмæ 1937 азы удхæссæг йæ цыргъ цæвæгæй Чермены зад хуым ныккарста. Йæ ном бирæ рæстæджы дæргъы сси табу, йæ уацмыстæ – хъодыгонд. Æрмæст 1958 азы фыццаг хатт мыхуыры рацыдысты Чермены «Æмбырдгонд уацмыстæ». Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: «Фыд лæг æмæ, дам, фыд бон бирæ нæ хæссынц». 

 

 

Дзесты Куыдзæг 

БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН  

 

Беджызаты Дауиты фырт Чермен — зындгонд ирон фыссæг æмæ революционер — мæ хъæуккаг уыди, едысаг. Уыдаид мæ авд-аст азы хистæр. 1920 азы æмбисмæ цардыстæм иу хъæуы, æмбæлдыстæм кæрæдзийыл, иу хъæуккæгтæ куыд æмбæлынц, афтæ арæх, фæлæ диссаг куыд нæу адæймаг! Стæм хатт цы уыны æмæ кæуыл æмбæлы, уый йæ зæрдыл ирдæй бадары, фæлæ æрвылбон цæуыл æмæ кæуыл æмбæлы, уыдон бæстон нал фæхъуыды кæны. Фыццаджыдæр уал, Чермены хæдзар æмæ бинонты тыххæй. Черменæн йæ фыдыфыды фыд Пепе Донайы Хæсты урядник уыд (дæс лæджы хистæр). Æвæццæгæн, уыцы уавæр феххуыс Пепейæн йæ фыртыфырт Дауиты скъоламæ раттынæн æмæ афтæмæй уый — Чермены фыд Дауит — сси сауджын. Куыста нæхи хъæу Едысы, Урстуалты зылдæн цы аргъуан уыд, уым. Дауит сауджын кæй уыд, уый йын фадат радта йæ фыртты дины семинармæ айсын кæнынæн Гуры æмæ Калачы. Нæ хъæуы иннæ хæдзæртты ’хсæн Дауиты хæдзар бирæ цæмæйдæрты уыд æндæрхуызон.  

 

Цæвиттон, культурон царды минуджытæй нæ дæрддаг хæххон хъæумæ цы хæццæ кодта дард горæттæн æмæ быдырыбæстæй, уыдонæн сæ фылдæртæ цыдысты Дауиты хæдзарæй. Ирон чингуытæ-иу фыццаг хатт уыдон хæдзары фæзындысты, газеттæ æмæ журналтæ уыдон йедтæмæ ничи иста нæ хъæуы, граммофон дæр фыццаг хатт уыдонмæ фæзынд. Сæ хæдзары раз-иу æй «сифтыгътой», æмæ йæм æгас хъæубæстæ усæй, лæгæй æмбырдтæ кодтой, «адæймаджы æвзагæй чи дзуры, уыцы пæлæхсар хæтæлджын асыкмæ». Уæлдайдæр та мах, сывæллæттæ. Хъæды, халсар тонгæйæ кæнæ сæрвæты искуы хъазгæйæ-иу нæ хъустыл куы ауад граммофоны хъæр, уæд та-иу фæтъæбæртт кодтам хъæумæ. Стыр диссаг нæм касти граммофонæн йæ ифтындзын. Æмæ куыд нæ хæлæг кодтаиккам Черменмæ æмæ йæ хистæр æфсымæрмæ, граммофон-иу куы ифтыгътой, уæд. Культурон халсартæ кæнын æмæ садзын дæр нæ хъæу Чермены хæдзарæй базыдтой. Къабуска, уырыдзы, тымбылхъæдур æмæ æндæр ахæмтæ æппæты фыццаг уыдонмæ фæзындысты. Дыргъбæлæстæ æмæ мыды чыргъæдтæ дæр. Мæ карæн лæппутæ уæлыгæс цæуынхъом куы фесты, уыцы рæстæджы Чермен ахуыр кодта Калачы дины семинары, йæ кæстæр æфсымæртæ та — Гуры.  

Алы уалдзæг дæр-иу æнхъæлмæ кастыстæм се ’рбацыдмæ. Уыдон-иу семæ æрбахастой бирæ ног хабæрттæ, ног хъазтытæ, махмæ, хохы кæй нæ зыдтой, ахæмтæ. Уæвгæ нæм алцæмæй дæр цымыдисаг кастысты. Сæрæй къæхтæм сæ дарæс мах дарæсы хуызæн нæ уыд. Махæй алкæуыл дæр нæхимæконд фæсмын дзаума къахæй къухмæ, уыдоныл та — æнахуыр хъуымацæй хуыд, æрттивагцæппæрджын уæлæдарæс, æнæзæнгой уæрæхфадыг хæлæфтæ, стырæргъæвæгджын фæтæн рæттæ, тъæпæн худтæ æмæ бæзджынуафс дзабыртæ. Алцыдæр — мах кæй никуыма федтам, ахæмтæ.  

Беджызатæ цæргæ кодтой дыууæ раны: хъæуы астæу сæхи хæдзары æмæ доны фаллаг фарс, скъолайы цур, сауджынæн цы сæрмагонд хæдзар арæзт уыд, уым. Сæрдыгон-иу фылдæр уыцы дыккаг хæдзары цардысты. Йæ разы йын сарæзтой, лыстæг рæхыстæй ауыгъд æмæ фæйнæгбадæн кæм уыд, ахæм херы, æмæ ма Едысы сывæллæтты хъеллау кæнынæй чи æфсæста. Йæ фарсмæ та — турник. Æфсымæртæй æрмæст сæ иу йæ хистæр уыд Черменæн, иннæтæ йæ кæстæртæ уыдысты. Се ’хсæн Чермен бæрæг дардта уымæй, æмæ æппынæдзух дæр чиныгимæ цыдис, нæ хъæуы алыварс цы нæзы бæлæсты къохтæ ис, уырдæм, кæнæ та-иу Лыстæг æрдузтæм æмæ цады былтæм цуаны ацыд. 1917 азы Дзауы байгом, райдайæн скъолайæ чысыл уæлдæр чи уыд, ахæм скъола (Высшеначальное училище).  

Ме ’мбæлттæй чидæртæ бацыдысты уыцы скъоламæ. Дыккаг аз æз дæр сфæнд кодтон, фæлæ æдзæттæйæ мæ ныфс нæ хастон. Мæ мад баныхас кодта Черменимæ (уæд ма йæ бинонтæ дæр æмæ хъæу дæр Ефрем кæнæ Епрен хуыдтой) æмæ мæ уый иу-фондз къуырийы бæрц фæцæттæ кодта арифметикæ æмæ уырыссаг æвзагæй. Уыцы скъоламæ куы бахаудтæн, уæд æз дæр дыккаг аз «бахъуыдтæн» Чермены. Хистæр къласы чи ахуыр кодта Дзауы скъолайы, иу ахæм чызгмæ фыста писмотæ, чызг та Черменмæ, æмæ сын постхæссæг æз уыдтæн, æндæр постхæссæг кæй нæ уыд, уый тыххæй. Уæды рæстæджы цаутæй ма мæ зæрдыл лæууы иу хабар. Едысмæ æрбацыдысты дыууæ ахуыргонд уырыссаг сылгоймаджы. Цавæрдæр къæппæджытæ æвæрдтой хъæдты æмæ уыгæрдæнты, цæмæй, дам, сбæрæг кæной, цавæр мыстыты æмæ уырыты мыггаг ис Урстуалты зылды. Уазджытæ æрбынат кодтой скъолайы. Скъола та хъæуæй иппæрд ран уыд. Афтид скъолайы, дам, иунæгæй нæ уæндæм, зæгъгæ, бахатыдысты Черменмæ, æмæ уый дæр йæхимæ райста сæ бахъахъхъæныны хæс.  

 

Сылгоймæгтæ мидæггаг уаты хуыссыдысты, Чермен та æддаджы æрæвæрдта йæ рог сынтæг. Иу райсом уазджытæ раздæр райхъал сты æмæ Чермены тарфынæйæ куы федтой, уæд сынтæгыл схæцыдысты æмæ йæ рахастой уынгмæ, скъоламæ бахизæн асины бынмæ. Чермен нæ райхъал. Хъæууонтæй йæ чидæртæ федтой, фæлæ йæм ницы сдзырдтой, ома ахуыргонд адæм сты æмæ кæд барæй схуыссыд тæккæ фæндаггæрон. Хуры тынтæ йæ цæсгомыл куы сæмбæлдысты, уæд райхъал Чермен æмæ хорзау нал фæци. Фæлæ уазджытæн æмæ хъæубæстæн дæр худæджы хос фæцис уыцы хабар. 1917 азы Чермен каст фæцис семинар. Æрсидтысты йæм æфсадмæ æмæ бахаудта, Гуры цы ирон полкъ сырæзт, уымæ. Фæлæ полкъ тагъд фехæлд большевикты руаджы. Чермен æрбаздæхт Едысмæ. Ныр ыл семинары формæ ничиуал федтаид. Уæлдзарм худ, цъæх цухъхъа, сау бæрцытæ, сау хъама, местæ. Империалистон хæсты чи уыд нæ хъæуæй, уыдонæй ма удæгас чи баззад, ахæмтæ æмбырд кæнын байдыдтой сæ райгуырæн бæстæм. Чермен нал хицæн кодта Ныхасæй, адæм-иу æмбырд кæм уыдысты, уыцы рæттæй. Фæзындысты сæм æнæзонгæ уазджытæ, сæ цæнгтыл сырх хæцъилтæ баст æмæ уыдоныл сынкæй фыст: «РСФСР». Гуырдзыстоны меньшевикты хицауады рæстæджы Хуссар Ирыстоны большевикты сусæг организаци Рукъ æмæ Урстуалты хуызæн арф кæмтты æргомæй куыста. Хъуыды ма кæнын, фыццаг хатт Майы бæрæгбон Згъуыбиры куыд уыди, уый. Ме ’мбæлттæй кæмæндæрты бантыст уыцы, чи никуыма уыди, ахæм бæрæгбонмæ ныццæуын. Æрæмбырд æм сты, Уанелæй мидæмæ цы кæмттæ сты, уыдон иууылдæр. Дыккаг аз Майы бæрæгбон Урстуалтæн хицæнæй уыд, Едысы. Кобеты фæз кæм хуыдтам, уым. Бæрæгбоны разамонæг уыд Чермен. Куывды дæр иннæтау бадгæ не ’ркодта, лæггадгæнæг уыд кæрæй-кæронмæ. 1919 азы Беджызаты уазджытæ фæфылдæр сты. Уыцы рæстæджы ам, Цæгат Ирыстоны, урсгвардионтæ рæстæгмæ фæуæлахиз сты æмæ иукъорд революционеры сæхи айстой Хуссар Ирыстонмæ. Едысы Чермены уазджытæ баисты: Барахъты Гино, Гæдиаты Никъала, Беккуызарты Тасолтан æмæ Бугойты Дзыбыртт. Гино æмæ Никъала уайтагъд бахæлар сты адæмимæ, уæлдайдæр та фæсивæдимæ. Гино Тлаттаты Чермены зарæгæн цы ног мотив æрхъуыды кодта, уый айстой дзыхæй дзыхмæ æмæ йæ зарыдысты алы хъæуы дæр. Гуырдзыстоны меньшевикты хицауад сæ арæнтæ сæхгæдтой, Советон Уæрæсейырдыгæй чи уыд, уыдон, уæлдайдæр та Арвыкомы арæн, цæмæй сæм ма ’рбакæла Октябры революцийы цæхæр, фæлæ, Цæгат Ирæй Хуссар Иры ’хсæн цы арæн уыдис, уый сæхгæнын нæ бафæрæзтой æмæ Сыба, Рукъ, Магъ, Дзомагъ æмæ Зикъарайы æфцгуытыл хæццæ кодта Хуссар Ирмæ Мæскуы æмæ Ленины хъæлæс.  

1920 азы Цæгат Ирыстоны æрбæстон Советон хицауад. Хуссар Ирмæ хæццæ кæнын байдыдтой большевикон газеттæ. Уырыссаг газеттæн ницыма бæрæг æмбæрстам, фæлæ нын (ме ’мбал скъоладзаутæн) иухатт Чермен радта, уæды онг кæй нæма федтам, ахæм ирон газет «Кермæн». Уæды онг дæр нын-иу Чермен чысыл «цума»-тæ бафæдзæхста, фæлæ нын ныр куы загъта, ацы газет адæмæн кæсут, зæгъгæ, уæд мах дæр нæхицæй куыд нæ ныббузныг уыдаиккам! Цыма революцийы хъуыддаджы мах дæр цыдæр марæм, афтæ нæм касти æмæ кастыстæм æмæ кастыстæм газет ацæргæ адæмæн Ныхасы. Иугæр Цæгат Ирыстон советон куы сси, уæд нæ уазджытæ Гæдиаты Никъалайæ фæстæмæ рацыдысты Цæгатмæ. Хуссар Ир сыстадысты Гуырдзыстоны меньшевикты хицауады ныхмæ. Фæтардтой сæ бæстæй меньшевикты æфсады æмæ июны мæйы расидтысты Советон хицауад. Фæлæ сæ бон нæ бацис йæ бахъахъхъæнын æмæ меньшевикты æфсад фæуæлахиз. Хуссар Ир лидзæг фесты Цæгат Ирыстонмæ, Советон Уæрæсейы дæлбазырмæ. Сæ хъæутыл сын арт бафтыдтой меньшевиктæ. Едысы æппæты фыццаг басыгътой Черменты хæдзар, цалдæр боны фæстæ та хъæу æгасæйдæр. Чермен ма уæддæр Едысы уыд. Иубон бадтыстæм хъæуы уæлейы Уæлмæрдты къуыппыл æмæ мæм Чермен равдыста ног ирон газет «Ног цард» — Цæгат Ирæй Советон хицауадæй чи фæлыгъд æмæ хуссайраг ирон меньшевиктæ Калачы цы газет уагътой, уый. Газетæн йе ’мбис хъарджытæ уыдысты. Эмигранттæ æрдиаг кодтой, Ирыстонæн йе ’мбис кæй ахауд æмæ кæй нал уыдзæн (ома Хуссар Ирыстон), æмæ уый цыма большевикты æнæрхъуыды миты аххос у. Чермен тынг мæсты кодта газеты уацты автортæм æмæ мын бакаст иу æмдзæвгæ, уыцы æрдиаггæнджыты ныхмæ кæй ныффыста, ахæм. Хъæу куы басыгъд, уæд ма дзы цæй лæууæн уыд, æмæ йæ цæрджытæ раивылдысты Цæгат Ирыстонмæ. Куыд фехъуыстон, афтæмæй Чермен цыма æрфысым кодта Хъæдгæроны йе ’рвадæлтæм.  

1921 азы райдайæны та Сырх æфсад æмæ партизантимæ фæстæмæ аздæхт Хуссар Ирмæ æмæ уæдæй фæстæмæ куыста æмæ царди Чъребайы. Ссæдзæм азты ма иу хатт фембæлдыстæм Черменимæ Едысы. Æз Ногирæй ацыдтæн, Чермен та Чъребайæ æрбацыд. Дзырдта мын, махырдæм рацу, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ æз Ногиры æрбæстон дæн æмæ ма кæцæй ацыдаин! 1927 азы Чермен бацыд ахуыр кæнынмæ Мæскуыйы журналистты институтмæ. Иннæ студенттæй хъауджыдæр Чермены айстой комкоммæ дыккаг курсмæ, равзæрстой йæ æппæт инстктуты профкомæн сæрдарæй æмæ парторганизацийы бюройы уæнгæй. Уыцы рæстæджы æз дæр ахуыр кодтон уым, æмæ та ам æмбæлдыстæм кæрæдзийыл. Институт каст куы фæци Чермен, уæд та кусын райдыдта Цхинвалы. Уыцы азты иу хатт æви дыууæ хатты уыд иумæйæг съездтæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæн. Æвзæрстой дзы æвзаджы, чиныгуадзыны, аивады æмæ æндæр культурон фарстатæ.  

Хъуыды ма кæнын, иу ахæм съезды рæстæджы Чермен доклад кодта Цæгат Ирыстоны облæсты æххæстгæнæг комитеты Президиумы раз, ирон мыггæгтæ куыд фыстæуа, уый тыххæй. Ома ирон мыггæгтæ кæцыфæнды æвзагыл дæр сæхи хуызæн æмæ иухуызон куыд уой, уый тыххæй. Цæвиттон, уыцы фарст иуæй-иу адæймæгтæ лыг кæнын райдыдтой алчидæр йæхирдыгонау, æмæ Хуссар Иры делегаттæ та ахæм фæндон бахастой, цæмæй уыцы хъуыддагæн уа иу уынаффæ. Зæгъæм, чи фыссын райдыдта «он» (Фæрнион), чи «ти» (Косирати), чи та бынтон æндæрхуызон (зæгъæм, «Байзер», Биазырты бæсты). Чермен йæхæдæг дæр йæ мыггаг фыста «Бегизов» нал, фæлæ «Беджызати». Æххæсткомы президиум байхъуыста Чермены докладмæ, фæлæ уынаффæ нæ рахаста, хъуыддагмæ бæстон æркæсыны тыххæй йæ æндæр хатмæ аргъæвта. Чермен йе ’мделегаттæй иу-цалдæримæ нæхимæ уыдысты æмæ ма махмæ дæр уыцы хъуыддаджы фæдыл сæ дискусси нæ фæуд кодта. Черменæн йæхимæ дæр цыма «он» æмæ «ан» растдæр кастысты (Тыбылон, Цыбырон, Беджызиан, Томиан), фæлæ, дам, «он» æмæ «ан» сылгоймæгтæ байстой, æмæ уыцы кæрон нæлгоймæгтыл нал сфидаудзæн. Уæдæй фæстæмæ дæр ма фембæлдтæн Черменыл цалдæр хатты.  

Цæгат æмæ Хуссар Иры фысджыты фыццаг съезды рæстæджы 1930 азы кæрон æмæ ма фæстаг хатт 1935 азы. Едысæй Дзæуджыхъæумæ цæугæйæ мæ фæндаг ракодтон Цхинвалыл. Чермен æмæ йæ ус Варварæ Чередниченко мын нæртон хуынд сарæзтой, едысæгтæй Цхинвалы чи царди, уыдон дæр æрбахуыдта, афтæмæй. Уый уыд фæстаг фембæлд. Иу адæймаджы культы заманы Чермен дæр фæцис, æнæзакъон митæ чи кодта, уыдон амæттаг æмæ 1937 азы ахицæн цардæй. Чермены сфæлдыстадмæ лæмбынæг чи кæса æмæ йæ чи иртаса, уый æнæбафиппайгæ нæ фæуыдзæн, фыссæг йæ уацмысты фылдæр хай Урстуалты — Ручъы цæрæг адæмы царды бындурыл кæй амадта, уый. Фæлæ куыд арæхстджын æмæ куыд бæстонæй! Куыд нывæфтыдæй! Гъеуый тыххæй ма зæгъинаг дæн дыууæ ныхасы. Едысы хæд сæрмæ къæдзæхбын сæрвæты фахсыл сæдæ азты размæ куыд лæууыд, ныртæккæ дæр раст уыцы хуызы зыны хъæумæ иу къаннæг зæппадз. Йе ’ртæ къулы — къæйдурæй амад, йæ чъылдым къæдзæхæн йæхицæй, йæ цар — мидæгæй — дурæй астæрд, æддейы — цъæх нæуу, афтæмæй уыцы зæппадз абон дæр ма кæсы хъæумæ йæ иунæг цæстæй. Йæ бакомкоммæ, сæрвæты кæрон хуымзæххытæм кæм бахæццæ, уым та сты, раджы чи ныккалд, ахæм хæдзæрттæ, нырыккон цæрджытæ «Æлбегаты хæдзæрттæ» кæй хонынц, уыдон. Зæппадз дæр Æлбегаты зæппадз хонынц. Æнахъом ма куы уыдтæн, уæд фехъуыстон æлбегаты æвирхъау æмбисонд. Цавæрдæр низ сыл сыстад, æмæ æгас хæдзарвæндагæй: усæй, лæгæй, стырæй, чысылæй фæцагъд сты се ’ппæт дæр. Æрмæст ма сæ нæлгоймæгтæй иу баззад уæлæуыл, иннæтæ кæрæдзийы фæдыл баивылдысты зæппадзмæ. Лæппулæг уыд, æгас ма чи баззад, уый. Йæ бинонты фæстаг зиан куы бавæрдта зæппадзы, уæд йæхæдæг дæр бахызт уырдæм, къæйдур рахгæдта йæхиуыл æмæ афтæмæй цæрдудæй баныгæдта йæхи. Уыцы хабар хъæубæстæ куы базыдтой, уæд æм хатæг цыдысты, фыццаг йæхи карæнтæ, стæй та зæрæдтæ дæр, фæлæ никæмæн ракуымдта зæппадзæй рахизын, уæддæр мæ цард ницыуал у, зæгъгæ. Хъæу скатай сты. Худинаг сæм æркаст, се ’хсæн удæгас адæймаг йæхи кæй баныгæдта, уый. Гъе, фæлæ ма цы бакодтаиккой, уымæн ницы зыдтой. Иу ус сын бацамыдта æвæджиау фæнд. Æмæ куы ’рталынг, уæд зæппадзмæ ссыд, уыцы лæгæн а хъæуы цы уарзон сылгоймаг уыд, уый. Усы уайдзæфтæм, йæ «зæрдæхалæн» ныхæстæм лæджы зæрдæ нал фæлæууыд æмæ ма фæстаг хатт йæ лымæнæн хæрзбон зæгъыны тыххæй рахызт зæппадзæй. Хъæуы фæсивæдæй иукъорд цæттæйæ бадтысты зæппадзы фæстæ æмæ Æлбеджы-фырт куы рахызт, уæд æй ацахстой æмæ йæ æркодтой хъæумæ. Ахæм хуызы фехъуыстон æз уыцы хабар. Беджызаты Чермен дæр æй, æвæццæгæн, ахæм хуызы фехьуыстаид. Фæлæ ма йын æркæсæм «Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз» кæй схуыдта, уыцы радзырдмæ. Уый дæр уыны цауы фæдыл фыст у.  

Цыппæрдæс фарсы бацахста радзырд, фæлæ дзы цыма иунæг ныхас дæр уæлдай нæй, афтæ фæкæсдзæн кæмæдæриддæр. Чермен уыцы чысыл хабарæй ахæм уацмыс сарæзта æмæ чиныгкæсæджы цæстыты раз æрбалæууыд канд Æлбегаты хæдзарвæндаджы хъысмæт нæ, фæлæ уæды рæстæджы хæххон ирон адæмы царды уаг æппæтæй дæр, сæ зондахаст, се ’гъдæуттæ æмæ сæ миниуджытæ. Афтæ сты Черменæн йæ иннæ радзырдтæ дæр. «Мæсгуытæ дзурынц», зæгъгæ, кæй схуыдта, уыдон иууылдæр. Черменæн йæ фыдыфыд Леуан 1943 азы амард. Хъæубæсты хистæр Леуан, сæ чъирикувæг, дзырддзæугæ, таурæгъгæнæг лæг. Цæстæй хорз нал уыд, æндæр ницæмæй фæцух йæ амæлæты бонмæ. Диссаг уыд, рагон царды цаутæ æмæ таурæгътæ йæ зæрдыл куыд ирдæй æмæ бæстонæй дардта. Цал æмæ ма цал уацмысы ныффыстаид Чермен «Мæсгуытæ дзурынц»-ы хуызæттæ, фæлæ æмбискармæ дæр æххæст нæма бахæццæ, афтæ æрыгонæй, æнаххосæй аскъуыд йæ цард. 

 

Источник: http://reftrend.ru/545905.html



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ