Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Æгъуызаты Иуане
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Æгъуызаты Иуане 

(1775-1830) 

Фыссæг, рухстауæг 

 

Æгъуызаты Гиуæргийы фырт Иуане (йе ‘цæг мыггаг уыд Гæбæратæй, фæлæ цæмæй уæзданыл нымад уыдаид, уый тыххæй йæхи фыста рагон ирон паддзæхты мыггæгтæй иуыл –Æгъуызатыл) райгуырд 1775 азы Хуссар Ирыстоны, Залдайы хъæуы.  

Йæхæдæг йæ цардафысты куыд зæгъы, уымæ гæсгæ чысыл лæппуйæ Калакмæ афтыд, æмæ йæ уым Гуырдзыстоны номдзыд паддзах Иракъли ахуыр кæнынмæ радта иу ахуыргонд дингæнæг Иоанн Карумидземæ. 

Фынддæс азы фæцахуыр кодта Иуане æмæ уый фæстæ, 1798 азы, ахуыргæнæгæй нысан æрцыд Душетмæ.Уым ахуыр кодта хуымæтæг зæхкусæг адæмы сабиты кæсын æмæ фыссын. Се ‘хсæн уыдис ирæттæ дæр. 

Ахуыргæнæгæй фæкуыста æртæ азы, стæй уæд 1802 азы кусын райдыдта Уырысы паддзахæн Гуырдзыстоны цы хицæуттæ уыд, уыдонмæ тæлмацгæнæгæй. Иуане хорз зыдта æртæ æвзаджы: ирон, гуырдзиаг æмæ уырыссаг. 

1815 азы Æгъуызарты Иуане кусын райдыдта тæлмацгæнæгæй Тифлисы (Калачы) ирыл динтауæг къамисы. Фæкуыста дзы цыппар азы бæрц, стæй 1820 азы райдианы æрвыст æрцыд ахуыргæнæгæй Калачы дины семинармæ. 

Æртæ азы бакуыста Иуане семинары, стæй 1822 азы ныууагъта йæ куыст, йе ‘нæниздзинад лæмæгъ кæй уыд, уый аххосæй. Фæлæ, цалынмæ уым уыдис, уæдмæ архайдта ирон сабиты семинармæ исын æмæ ахуыр кæныныл. Уыдонæн-иу Иуанейы хæдзары дыуæрттæ æдзухдæр уыдысты гом. Документтæй куыд зыны, афтæмæй йæм цардысты æмæ ахуыр кодтой Балаты Иуане, Гуыбаты Гаврил æмæ Черменты Гай. Ахуыры фæстæ ма сæ кусынмæ дæр арвитын кодта Нармæ, Нузалмæ æмæ Джинатмæ. 

1822 азæй фæстæмæ Æгъуызаты Иуане кусынмæ нал бацыд, рынчынтæгæнæг кæй уыд, уый аххосæй. Йæ тых æмæ йæ рæстæг хардз кодта ирон æвзагмæ дины чингуытæ тæлмац кæныныл. Афтæмæй ма фæцард аст азы. 

1830 азы 5 августы Æгъуызарты Иуане амард халерæй. Ныгæд æрцыд Калачы. Баззад ын дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг, фæлæ цы баисты уый бæрæг нæй. 

Иуане йæ мæлæты онг йæ царды бæрзонд æмæ рæсугъд нысаныл нымадта йе ‘мирон дзыллæмæ хæхты цъассытæм ахъуырдзинады цырагъ бахæссын. Уыцы цырагъ та, йæ раст хъуыдымæ гæсгæ, уыдис чиныг. Куыд загътам, афтæмæй уый сарæзта алфавит æмæ тæлмац кодта дины чингуытæ. Сарæзта ноджыдæр райдиан скъолатæн абеты чиныг – дамгъуат. Калачы скъолайы ахуыр кодта ирон сабиты. Саразын ма кодта иу скъола Чеселтгомы. Æппæт уыцы хабæрттæ дзурæг сты ууыл, æмæ Иуане, йæ хъуыды æмæ йæ хъуыддæгтæм гæсгæ, рухстауæг кæй уыд.  

Иуане йæ адæмы бирæ кæй уарзта, уый бæрæг у, æлдæртты æмæ зæхкусæг адæмы ‘хсæн быцæуты хуымæтæг дзыллæйы фарс кæй хæцыд, уымæй дæр. Хуссар Иры фæллойгæнджытæ хъазуатæй тох кодтой Мацабел æмæ Ерыстау æлдæртты ныхмæ. Уырысы хицæутты-иу арæх бахъуыд уыцы карз быцæутæ ‘взарын, Иуане та сын тæлмацгæнæг æмæ æхсæны лæг уыд.  

Æгъуызаты Иуане ма ныууагъта махæн аивадон уацмыс дæр – хъайтарон кадæг «Алгъузиани», гуырдзийаг æвзагыл фыст. Ирон æвзагмæ йæ 1962 азы ратæлмац кодта Бестауты Гиуæрги. «Алгъуызы кадæджы» - йæ номыл дæр бæрæг у – сæйраг нысан у Ир æмæ кæсæджы паддзах Алгъуызы хъæбатыр фæлгонц сныв кæнын. Уый сгуыхтдзинæдтæ, йæ рæстдзинад, йæ хæрзвæндон æмæ хæрзæгъдауæн кад скæнын. Алгъуыз та æвдыст у хъæбатыр адæмы хъæбатыр фæтæгæй. 

Афтæмæй фыссæджы хъуыды цæуы иу хатдзæгмæ: кæддæр иры дзыллæйы фыдæлтæ уыдысты тыхджын, уыдис сын хъæбатыр фæтæгтæ, рæстдзинадыл, хорз зонд æмæ хорз æгъдауыл хæст паддзæхтæ.  

Ирон аив литературæйы равзæрыны заманы ирон æвзагыл аив уацмыстæ фыст не ‘рцыд. Фæлæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ уыцы заманмæ хауы, ирон лæг гуырдзиаг æвзагыл кæй ныффыста, ахæм уацмыс - «Алгъуызы кадæг» ( гуырдзиагау «Алгъузиани» ). 

Гуырдзыйы ахуыр адæм ацы кадæгæй бæлвырдæй загътой: у ирон лæджы фыст, ирон адæмæн кад скæныны оххыл, уыдон ивгъуыд заманты куыд хъæбатыр, куыд бирæ æмæ размæдзыд адæм уыдысты, уый оххыл фыст уацмыс. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ