Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Тлатты Хох
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 

ТЛАТТЫ ХОХ (ЕЛМÆРЗА) 

(1880 - 1932) 

 

Тлатты Хохы ном хорз зонынц ирон чиныгкæсджытæ. Кæд ын бирæ литературон бынтæ нæ баззад, уæддæр, цы ныффыста, уыдон сты ахадгæ, рæзгæ фæлтæры разæнгард кæнынц фидæны рухс идеалтыл æнувыд уæвынмæ. 

Тлатты Хох.... Уый у Тлатты Данелы фырт Елмæрзайы (Михаилы) фæсномыг - псевдоним. Фидæны фыссæг райгуырди 17 октябры 1880 азы Цæгат Ирыстоны, Æрыдоны. Йæ фыд кодта зæххы куыст, хорз арæхсти хъæдæрмæгæй алыхуызон хæдзары дзауматæ аразынмæ. 

Хох каст фæци Æрыдоны райдайæн скъола æмæ 1895 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Æрыдоны дины семинармæ. Ам бауарзта аивадон литературæ, каст уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фысджыты уацмыстæ, семинары хицауады сусæгæй каст философты, революцион демократтæ æмæ утопистты куыстытæ.. Хох зорз зыдта Къостайы, æмбæлдысты, ныхас кодтой литературæйыл æмæ цардыл. 1904 азы йæ каст фæци æмæ ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Зæронд Бæтæхъойыхъæуы. Ралæууыд фыццаг уырыссаг революцийы дуг. Иуахæмы Хох йе скъоладзаутæн францусаг революцион гимн «Марсельезæ» куыд амыдта, афтæ йæ æрбаййæфта скъолаты инспектор, æмæ Хохы йæ куыстæй систой.  

1906 азы Тлатты-фырт сси Дерпты университеты юридикон факультеты студент. Уыцы азты университеты ахуыр кодта зынгæ ирон поэт-революционер Гæдиаты Цомахъ дæр. Бирæ тухитæ бавзæрста Тлатты Хох студентæй: ничердыгæй йæм ницы æххуыс хаудта. Уымæ гæсгæ кусын райдыдта репетиторæй. 1910 азы тыхтæ-амæлттæй каст фæци университет. Лæппу æрыгонæй фæцалх революцион куыстыл. Уыцы хъуыддаджы йын æнувыд æмбал æмæ разæнгардгæнæг уыди Цомахъ. Цомахъ ахст æрцыди 1908 азы, 1910 азы та йæ Сыбырмæ ахастой. Тлатты Хох æрыздæхтис Ирыстонмæ, фæлæ уый дæр уайтагъд æрцахстой. Дзæуджыхъæуæй Æрыдонмæ цыдис, афтæмæй йæм ссардтой сæрибармæ сидæг гæххæттытæ. Ахастой йæ Сыбырмæ. Семипалатинскы горæты къорд азы фæкуыста æвдакатæй. 1918 азы урсзгвардионтæ горæт куы бацахстой, уæд Хохы æрцахстой æмæ йæ фараст мæйы фæдардтой ахæстоны. Ардасенты Хадзыбатыр æмæ Хæдарцаты Азæ куыд фыссынц, афтæмæй уыцы рæстæджы æрцыд æнамонд хабар: Хохы фатер басыгъд æд чингуытæ, æд къухфыстытæ. Уыйадыл йæ уацмыстæй уæды онг мыхуыры чи нæ рацыд, уыдон фесæфтысты. 

1926 азы Хох сыздæхт йæ райгуырæн Ирмæ. Алы рæтты фæрахау-бахауы фæстæ йæ æнæниздзинад фæцудыдта, рæуджыты низ ыл стыхджын. Уæддæр йæ куыст нæ уагъта: 1928 азы йæ равзæрстой облæсты æвдакатты коллегийы сæрдарæй.... Амарди 13 июлы 1932 азы рæуджыты низæй.  

Тлатты Хох уацмыстæй нæм æрхæццæ дыууæ: фантастикон радзырд «Фын» æмæ цыбыр радзырд «Кæмæ æнхъæлмæ касти Нæртон Рæсугъд». Фыццаг уацмыс хицæн чиныгæй рацыди 1911 азы Дзæуджыхъæуы, дыккаг та джиппы рауагъта Коцойты Арсен йæ журнал «Æфсир»-ы 1910 азы фыццæгæм номыры. Ноджы ма фыссæг аивадон уацмыстæ тæлмац кодта уырыссаг æвзагæй: раивта Андерсены аргъæуттæй иу, стæй Александр Дюмайы зындгонд роман «Æртæ мушкетеры». 

Тлатты Хохы уацмыстæн сæ сæйрагдæр у публицистон радзырд «Фын». Ахуыр æй кæнынц астæуккаг скъолайы, хорз зындгонд у рæзгæ фæлтæрæн. Уацмысы сæйраг архайæг у ирон студент, йæ райгуырæн бæстæй дард ранмæ чи афтыд æмæ бирæ хъизæмæрттæ чи æвзары, ахæм. Æвæццæгæн, ацы ран автор тынгдæр йæхи царды нывтæ æвдисы, ныхас дæр авторæн йæхи номæй цæуы. Радзырды райдианы ис ахæм эпигрæф: «Кæсын, Сæрæби, алырдæм дунемæ. Мæ бæстæй, мæ адæмæй мæ зæрдæ нæ кæны рухс: Цы цæрын, уый цæрын æрмæст мæ фыны, фæлæ фынтыл дæр æууæнк нæй – уайтагъд та фехъал вæййын». 

Реалон цард æмæ фыны хабæрттæ – уыцы дыууæ нывы бындурыл амад у радзырд. Æхсæнады галиу митæн фыссæг сæ ныхмæ æвæры фыны цард, адæм æмсæр-æмбар кæм сты, ахæм æхсæнад. Уым æппæтдæр арæзт у ахуыры бындурыл. Нæй дзы æнахуыргонд адæм, уымæн æмæ чиныджы чи нæ кæса, уый талынг у, нæй йын амондджын уæвæн. «Иу – æппæты тыххæй, æппæт – иуы тыххæй» – уыцы фæткыл лæууы Хохы идеалон дуне. Хъуамæ дзы адæймаг адæймагмæ кæса æфсымæры цæстæй, хъуамæ йын бахъуаджы сахат æххуыс уа, йæ циныл ын цин кæна, йæ хъыгыл хъыг. Уыцы дунейы нæй хæрам, хæлæг, тыхми, козбаудзинад æмæ æндæр ахæм фауинаг миниуджытæ. Ахуыр æмæ куыст адæмæн сты сæ амонды гуырæнтæ, сæ тырыса. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ