Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Калоты Хазби
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Калоты Хазби 

(1921-1943) 

 

 
Калоты Хазбийы цард зарæгау уыд цыбыр, фæлæ рæсугъд æмæ мидисджын. Райгуырд Байыкомы(Захъа). Цард Къостайы хъæуы. Ахуыр кодта пединституты филологон факультеты (1938-1941). 1941-42 азты йæхи хæстмæ цæттæ кодта Камышины танкисты скъолайы, уырдыгæй йæ фæндаг цыд хæцæг æфсадмæ. Хъæбатырæй хæцыд æппæты карздæр хæстыты. Фæмард 1943 азы Курскы къæлæты. Ныгæд æрцыд уыцы сыгъд зæххыл, хъæу Красная Полянайы. 

Хазби хайджын уыд нæртон æхсар æмæ хъомысджын сфæлдыстадон курдиатæй. Йæ иу æмдзæвгæйы загъта: «Æз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл». Æмæ радта йæ цард Фыдыбæстæ, Сæрибар æмæ Поэзийæн. 

30-æм азты кæрон Хазбийы поэзии уыд ахсджиаг фæзынд. Уый уыд ног йæ мидисæй дæ рæмæ йæ аивадæй дæр. Æрыгон поэт хъоды бакодта ихсыд темæтыл, хус риторикæ æмæ стауæн ныхæстыл. Уый нывгæнæджы цæстæй акаст æрдзмæ, æппæт дунемæ, адæймаджы цардмæ æмæ сæ æвдыста хуызджын поэтикон нывтæ. Уый царды æддаг æууæлтыл дзурынæй рахызт адæймаджы хъысмæт фæлгъауынмæ, уды цард иртасынмæ, уыдон нывæфтыд кæнынмæ. Уыйадыл йæ поэзи фæлыст у ирд ахорæнтæй, ныфсхаст æмæ хигъæдон фæлгонцтæй. 

Хазби уыд уалдзæг æмæ хуры зарæггæнæг. «Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй Мæ зæрдæ цины арт суагъта»,-зæгъы поэт. Уымæн уалдзæг у царды поэтикон фæлгонц, сæрибар æмæ æвзонгады символ. Йæ лирикæйы уалдзæджы нывтæ зынынц бирæ хуызты, ивынц кæрæдзи, иу дзы æххæст кæны иннæйы, афтæмæй сæ æвзæры цины поэзии. 

Уалдзæг æмдзу кæны хуримæ. Хурæн ис арты æрдз, - иумæ сты фарны символ. Хазбийы рæнхъыты тæмæнтæ калынц хуры тынтæ, судзынц, арт уадзынц, - уыдон сты рухсы гуырæнтæ.  

Хазби уыд цард æмæ уарзты поэт. Уый афтæ цардмондаг у, æмæ йын бафсис нæй дунейы фидауцæй, зæххы сойæ, уарзондзинадæй. Хазби у ног дуджы рыцарь, табу кæны рæсугъддзинадæн, уарзт æмæ намысæн. Уый у сæрыстыр, нæртон, ныфсхаст. Йæ уарзт вæййы æрхæндæг, фæлæ рухс æмæ уæздан. Поэт царды уыны рæсугъддзинад, уый у гуманист, зынаргъ ын у адæймаг, уымæ гæсгæ йæ зæрдæмæ арф исы искæй рыст, хъыг кæны фидауцы сæфтыл, тыхсы адæймаджы хъысмæтыл. «Цард у мæлæтæн æвгъау» - уыцы хъуыды у Хазбийы этикæйы бындур. Фæлæ мæлæт æрдзон фæзынд у, нæй дзы ирвæзæн, æмæ поэт уыны трагедитæ, уыдонæй рисы йæ уд æмæ сæ фæстиуæг вæййы арф психологон уавæр: «Мæ зæрдæ сау дзæнгæрæг цагъта». Ацы æрвон загъды зыны бæрзонд уды хъыг, уый нын æвдисы поэзийы æрдз дæр нывæфтыд символæй. 

Цардæн аргъ кæнын чи зоны, йæ сæраппонд тох дæр уый кæны. Хазби уыди поэт æмæ хæстон. Уый йæ граждайнаг, патриотон æмæ гуманистон хæс æххæст кæнынмæ цыдис сæрыстыр æмæ разæнгардæй. «Æз, ныфсхаст цæргæс, мæ базыртæ ысцагътон Æмæ тымыгътæм æнхъæлмæгæс лæууын». Фæстæдæр уыцы хъуыды уыдзæн бæлвырддæр: «Æз фæцæуын уæ сæрвæлтау, адæм». 

Хазбийы лирикæ улæфы патриотизмы пафосæй. Фæлæ дзы нæй нæдæр патетикæ, нæдæр одæйы æууæлтæ. Лирикон герой у хъайтар, фæлæ йæ лæгдзинад æвдыст цæуы лиризмы дунейы. Æгæрон у «зæххы зæрдæйы маст», поэт æй æнкъары æмæ йæ хæссы йæхи зæрдæйы. Хазби лирикон нывæн хатгай ратты космосон тыгъдад. «Æз кæуын…Æрзоныг кодтон зæххыл æмæ йын йæ риуæн пъа кæнын. Ма хъæрз, зæхх, мæ уд фæрыст дæ мастæй…». Поэт йæ уарзт æмæ йæ зондæй удджын кæны Зæхх,Зæххы æмсæр кæны адæймаджы дæр. Ам бердзенаг мифау зыны зæхх æмæ адæймаджы хæстæгдзинад, скæнæг æмæ сфæлдисоны бастдзинад. Уыцы иудзинад поэт æмæ хæстонæн деты ныфс æмæ тых – уыдоны фæрцы сæ бон у ныййарæг зæхх хъахъхъæнын, цард аразын, уарзт æмæ сæрибарыл зарын.  

 

"Романтики Победы" Выпуск №1 - Калоев Хазби (Осетинская версия) 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ