Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Гæдиаты Цомахъ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Гæдиаты Цомахъ  

(1882-1931) 

 

Гæдиаты Цомахъ – тох æмæ сæрибары зарæггæнæт. Йæ курдиат уыд æппæтвæрсыг. Йæ цард, йæ куыст, йæ зонд æнгом баст уыдысты Ирыстоны хъысмæтимæ, национ хæдбардзинадыл тохимæ. Адæмы фарны сæраппонд архайдта алы мадзæлттæй: аив дзырдай, рухсадон куыстæй, революцион тохæй. Хъаруджын адæймаг рацыд зын фæндагыл, фæлæ рыцарау йæ намысыл нæ бауагъта къæм абадын. 

Цомахъ у адæмон фыссæг Секъайы фырт. Райгуырд Ганисы хъæуы, Хъуды комы. Сæ бинонтæ сæ фыдцардæй ралыгъдысты Цæгат Ирмæ. Ахуыр кодта Джызæлы хъæууон скъолайы, стæй Дзæуджыхъæуы дины скъолайы (1892-1897), уый фæстæ бацыд Стъараполы семинармæ (1897-1903). 1903азы сси Тартуйы университеты студент. Ахуыр кодта истори æмæ филологи. Архайдта революцион змæлды. 

Фыццаг уырыссаг революцийы заман Цомахъы бахъуыд йæ ахуыр ныууадзын. Сыздæхт Ирыстонмæ.1906 азы æмбæлтты къордима уагътой «Ирон газет». Уæд Цомахъ фыста йа иу фыстæджы: «Ацы бонты мæ рæстæг æмæ мæ зæрдæ æгасай дæр дæттын ирон газетæн». Ам раргом Цомахъы публицистон курдиат. Йæ уац «Уæрæсейы цард»-ы æвдыста бæстæйы уавæр, адæмы зын цард æмæ фадæттæ, революцион змæлды аххосæгтæ. «Нал ис цæрæн, – зæгъынц адæм, – фыццаджы цардай. Нал фæразæм нæ тыхстæй, нæ тухитæй. Нæ маст нæ хъуырмæ схæццæ...Æнæвгъау нæ æфхæрдтой...Уæлæмæ скаст нæ нæ уагътой...Адæм бамбæрстой, хицаудзинад уæларвæй æрхаугæ кæй нæу, уый, æмæ райдыдтой хæцын... Хицæуттæ, æрмæст цас фылдæр ратоной, уый мæт йеддæмæ ницы кæнынц, адæмы цард нæ зонынц, адæмы маст сæ зæрдæмæ нæ исынц. Паддзахады тæрхондоны та хъуамæ уой адæмæн йæхи æвзаргæ, йахицай ист лæгтæ». 

Газеты ахæм революцион хъуыдытæ кæй уагътой, уый тыххæй уайтагъд æхгæд æрцыд. Уыцы азты Цомахъ ныффыста йа хуыздæр æмдзæвгæтæ «Тохы хъæр», «Фæдис», «Адæм». Мыхуыр æрцыдысты газет «Ног цард»-ы (1907). Уыдон сты тох æмæ сæрибары зарджытæ, дарддæр хæццæ кæнынц Къостайы «Додой» æмæ «Катайы» традицитæ. Уыдоны æвдыст цæуы адæм æмæ бæстæйы уавæр, тохы нысæнттæ, адæмы хъару. Цомахъы уырны фидарæй, адæмы бон æппæт дæр у, æмæ сын фæдзæхсы: «Æрмæст æхсарæй æвзæры амонды уидаг æнамонд фыд бæсты!». Тохы нысан сты «барджын æгъдæуттæ 'мæ барджын ныхæстæ». 

Революцион змæлд басабыр. Цомахъ аздæхт Тартумæ. Фæлæ 1908азы мартъийы ахст арцыд(уыд эсерты партийы). Дыууæ азы фæбадт ахæстоны. Ам дæр нæ басаст. Сфæлдыста æмбисонды мидисджын æмдзæвгæты цикл «Ахæстоны фыстытæй».Сæ иумæйаг идейон апп сын æвдисы сæ эпиграф: «Æрмæст ахæстоны чи фæвæййы, уый бамбары зæрдæбынай, куыд уарзон у Сæрибардзинад». Уыцы æмдзæвгæты зыны адæймаджы стырдзинад, йæ уды рæсугъд, йæ патриотизм. Поэт æвдисы ахæсты уæззау уавæртæ хуызджын реалистон нывты, йæ хъизæмар, йæ тохы бæрзонд нысан, йæ рухс бæллицтæ. Нæ разы сысты рæсугъд æмæ сæрыстырæй рæстдзинад агурæг, тохгæнæг Адæймаг. 

1910 азы Цомахъы ахастой Сыбырмæ цæрæнбонтæм. Бахауд æвирхъау зынты. Уый Наташæ Мусьпанмæ фыста: «Абон мæхи хуыздæр æнкъарын, фæлæ та райсом мæ хъæлæсæй туг куы скæла, бæлæстæ калгæйæ ме ‘нгуылдзтæ хырхы хъæдыл куы ныссæлой, уæд ахæм зæрдæбын ныхæстæ ныффыссын мæ бон нал бауыдзæн». Уæддар йæ зæрдæ не сивта йе 'хсæнадон æмæ этикон идеалтыл. Хаст æмæ бынæттон адæмы сывæллæттæн йæхи хъæппæрисæй сарæзта скъола: «Нæ ахуыргæнæг, нæ дохтыр, нæ зондамонæг» – афтæ йæ хуыдтой бынæттон цæрджытæ. Агуырдта мадзæлттæ кусынæн, адæммæ рухс хъуыдытæ хæссынæн, уыдон сæраппонд хицауадæн мысыд алы æфсæнттæ, зæгъæм, куадзæн кæныны æфсон арæзта æмбырдтæ, каст лекцитæ. 1912азы газет «Голос Сибири» рауагъта Цомахъы уац «Искандер Герцен». Уым бæстон фæлгъауы стыр демократы социалон, философон æмæ эстетикон хъуыдытæ, æвзары, адæймаджы хъуыды æмæ бархъомыс цы системæ ссæста, уый æууæлтæ. Сæрибар æмæ амондыл тох кæй хъæуы цыфæнды уавæрты дæр – уый у уацы сæйраг идейæ. 

1914азы Цомахъ арæзта юбилейон изæртæ М.Лермонтов æмæ Т.Шевченкойæн –хъазайраг цардæвæрды ныхмæ тохгæнджытæн. Фыста уырыссагау радзырдтæ, уацтæ. 

Поэт Ирыстонмæ сыздæхт 1917азы, февралы революцийы фæстæ. Райдыдта йе 'хсæнадон куыст æмæ сфæлдыстады ног фæлтæр. Йе ’мдзæвгæтæй хъуыст тохы хъæр. Мидхæсты заманы Цомахъ уыд æхсæнадон æмæ рухсадон уынаффæдонты æнувыд æмæ хъæппæрисджын архайд. 

20-æм азты дæр йæ хъару æнæвгъау лæвæрдта æхсæнадон-рухсадон куыстытæн,уыд газет«Рæстдзинад»-ы фыццаг редактор, пединституты разамонæг, зонад-иртасæн институты сæргълæууæг. Рæстæг ардта литературон сфæлдыстадæн дæр. 1925азы Берлины ирон типографийы рацыд йе ’мдзæгæты æмбырдгонд «Царды фæйлауæнтæ». Цомахъ ныффыста фыццаг бæстон очерктæ ирон классикты цард æмæ сфæлдыстадыл (Темырболат, Къоста, Секъа амæ æндæртыл). 

Бирæ фысджытау Цомахъ дæр цин кодта революцийы уæлахизыл. Ног цард ын уыд бæлиццаг уалдзæджы æрцыд («Æрцыд, ныллаууыд уадзæг»). Поэты æхсæнадон фæндиæгты нывæст у æмдзæвгæ «Фæнды мæ мæн». 

Æрдзы фидауц, царды змæлд æмæ цин поэт нывæфтыд кæны, «цъæйы комы фыстытæй»,зæгъга,уыцы гуппары. «Дæлдзæх фæуæнт уазал фыдихтæ, фыдрæстæг!Æгас нæм æрцæуæд Сæрибар-нæ дарæг!»-ацы патетикон ныхæсты ис æмдзæвгæты иумæйаг хъуыды. Цомахъы лирикæйы сæрмагонд бынат ахсы философон æмдзæвгæ «Æхсæрдзинад хъаст». Ам фæсномыгæй æвдыст цæуы удоймаг æмæ дунейы ахаст, чысыл адæмы хъысмæт стыр адæмты 'хсæн. Уый дзурæг у поэт-пехуымпары уынаг зондыл. Рæсугъддзинад æмæ царды нысан цы сты, хорз æмæ фыды 'хсæн цы тох цæуы, уыцы æнусон фарстытæн дзуапп дæттынц прозæйы фыст æмдзæвгæтæ «Дыууæ дидинæджы», «Хæлуарæг æмæ мыдыбындз». 

Бæрцæй чысыл,фæлæ мидисæй ахадгæ у Цомахъы прозæ. Мæгуыр кусæг лæджы трагикон хъысмæт, йæ бинонты тæригъæддаг уавæр нывæфтыд цæуынц радзырд «Царды уæз»-ы(1924). Цомахъ бæлвырд уыдта хъæууон царды ивæнтæ, уырныдта йæ, уыдон зæхкусæгæн царды фадæттæ кæй аразынц, уый, æмæ сæ æвдыста æхсызгонæй. Фыдæлты царды уаг куыд хæлд, ног æгъдæуттæ царды куыд фидаргонд цыдысты, уыцы æхсæнадон фæзындтæ уымæн «Фыдæлты намыс»-ы. Цомахъ уыд йæ рæстæджы хъæбул æмæ уыцы фæзындтæм каст йæ рæстаджы цæстæй,йæ уавæрты фæлгæттæй. 

Адæмы историон фæндаг фарнмæ, сæрибармæ, национ æндидзæн фæрæзтæм-уый уыд Цомахъы иугæндзон сагъæс. Уыцы сагъæсæй равзæрдысты поэтикон драмæтæ «Амондмæ цæуджытæ» æмæ «Ос-Бæгъатыр». Фыццаджы æвдист цæуынц мидхæсты цаутæ, мæгуыр хæххонты зын уавæртæ. Хуызджын сты уацмысы хицæн нывтæ æмæ сценæтæ, фæлæ дзы æмткæй нæй драмон архайд, нывыл композицион арæзт æмæ нæ сахадыдта ирон литературæйы. Уый хыгъд бæрзонд аивадон æууæлтæй хайджын у историон трагеди «Ос-Бæгъатыр». Фыццаджы æвдыст цæуынц мидхæсты цаутæ, мæгуыр хæххонты зын уавæртæ. Хуызджын сты уацмысы хицæн нывтæ æмæ сценæтæ, фæлæ дзы æмткæй нæй драмон архайд, нывыл композицион арæзт æмæ нæ сахадыдта ирон литературæйы. Уый хыгъд бæрзонд аивадон æууæлтæй хайджын у историон трагеди «Ос-Бæгъатыр». Архайд дзы цæуы ХIII–ХIV æнусты, йæ сæйраг мидис у ир æмæ гуырдзыйы æлдæртты тох. Автор нын æвдисы адæмы патриотизм, сæ тох сæрибар æмæ намысыл. Уацмысы астæумагъз у фæтæджы хъысмæт: Ос-Бæгъатыр адæмыл æнувыд у, æмæ йын нæй тыхгæнæг; адæмæй ахицæн, йæхи пайда йын ахсджиагдæр сси, æмæ хæлы йæ удыхъæд, ацæуы рæдыд фæндагыл æмæ ссары мæлæт. Ахæм у трагедийы сæйраг хъуыды. 

Бæзнаг у Цомахъы сфæлдыстады идейон-аивадон ахадындзинад. Поэт уыд йæ рæстæджы цауты архайæг, уыд адæмы фарныл тохгæнæг. Адæм уыцы историон заманы сæ бæллицтæ, сæ фæндиæгтæ бастой социалон революцийы уæлахизыл, æмæ Цомахъ дæр цыд цыд уыцы фæндагыл. 

 

 

Дзесты Куыдзæг 

ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ  

 

Иуæй-иу адæймæгтæн канд сæ уынд, сæ бакастæй нæ, фæлæ æрмæст сæ койæ, æрмæст сæ ном зæгъгæйæ дæр лæджы зæрдæ барухс вæййы, цавæрдæр æхсызгондзинад æмæ цины аныгъуылы. Ахæм адæймаг уыд номдзыд ирон фыссæг æмæ революционер Гæдиаты Секъайы фырт Цомахъ. Зынгæ æмæ хъуыстгонд лæгтæн дæр, иннæ адæмтау, сæ дзыллæйы æхсæн уæлдай бæрæг фæдарынц сæ удыхъæды иуæй-иу миниуджытæ: кæмæн йæ хæлар зæрдæ, кæмæн йæ бакаст, йæ мæлгъæвзаг, йæ зонд, фæлæ мæм Цомахъ ныртæккæ дæр афтæ кæсы, цыма æрдз адæймагæн цыдæриддæр æвæрццæг миниуджытæ радта, уыдонæн сæ фылдæр уый фесты. Бæрзонд, къæсхуыргомау, хъæстæлвæст, чысыл хæбуздзæсгом, æвæццæгæн, раджы кæддæр фæрынчын дзуарæй. Йæ дзыхы дзырд — фæлмæн, ивазгæ дзырдтæ, рæвдаугæ хъæлæсы уаг, худæнбыл æнгас. Цомахъæн йæ кой рагæй хъуыстон. Æмбæлгæ та йыл фæкодтон 1924 азы. Ирон фыццаг профессионалон актер Тотраты Бесæйæн аивады æмæ рухсады кусджытæ сарæзтой юбилей. Уæды рæстæджы ныры хуызæн парахат фадæттæ нæ уыд ахæмтæ аразынæн, фæлæ уæддæр обкомы хæдзары бын цы къаннæг клуб уыд, уый байдзаг адæмæй (ныртæккæ Бæстæзонæн музей кæм ис, уый — Сабырдзинады проспекты). Тотраты Бесæ кæм хъазыд, ахæм иуактон пьесæ равдысты фæстæ райдыдтой арфæйы ныхæстæ. Арфæгæнджытæй иу уыдис Цомахъ. Сценæйы дзургæйæ Цомахъ йе ’ргом аздæхта Бесæйырдæм, цыма сæ дыууæйы йедтæмæ залы ничи ис æмæ лæгæй-лæгмæ ныхас кæнынц, ахæм хуызы, æмæ загъта:  

— Бесæ! Аивадон æмæ драмон уацмыстæ бирæ ис чиныгдæтты. Уыцы уацмысты адæмы размæ рахæссынц актертæ, базонын сæ кæнынц дзыллæтæн. Уыцы актертæй, уыцы артисттæй дæ ды дæр... Уымæй дарддæр цы дзырдта Цомахъ, уыдон бæстон нал хъуыды кæнын, чи зоны, се ’ппæт æмбаргæ дæр нæ бакодтон, фæлæ ма абон дæр мæ цæстыты раз лæууы юбиляр Бесæйы цæсгом. Цомахъы зæрдæбын æмæ цæстуарзон ныхæстæй афтæ ныфсæрмы Бесæ, æмæ æппындæр нал арæхст дзуапп раттынмæ, зыр-зыр кодта, йе ’взаг йæ коммæ нал каст. Уыцы бонæй фæстæмæ, Цомахъ лекци кæсдзæн, зæгъгæ-иу куы фехъуыстон, уæд амал уæвгæйæ тырныдтон уырдæм бахауынмæ. Иуæй иронау кæй дзырдта, стæй рæсугъд æвзагæй, уый тыххæй, иннæмæй та мæхæдæг дæр цымыдис цæмæ уыдтæн, ахæм хъуыддæгтыл кæй дзырдта, уыйфæдыл. Уыцы клубы ма уыйфæстæ байхъуыстон Цомахъы лекцимæ æппæт дунейы уавæры тыххæй. Чысыл фæстæдæр ма уыцы клубы байхъуыстон Цомахъы лекцимæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны географийы тыххæй: бæстæйæн йе ’вæрд, арæнтæ, хæхтæ, дæттæ, æфцæджытæ, кæмттæ æмæ æндæрты тыххæй. Йæ лекцийы мæм диссаг фæкаст, дыууæ Ирыстоны дæр афтæ бæстон кæй зоны, уый, уæлдайдæр та, æфцæджытæй цы загъта, уый. Цæгат Ирыстонæй Хуссар Ирыстонмæ цы æфцæджытыл ахизынц, уыдонæн, дам, се ’вæрд афтæ у: цæгатырдыгæй, суанг рæбынæй æфцæджы сæрмæ схæссынц æдзæгвæз, фæлæ фæсæфцæг цæхгæр фæуырдыг вæййынц... Æз зыдтон уыцы æфцæджытæн сæ фылдæры: Бæрзæфцæг, Тырсыйы æфцæг, Сыбайы æфцæг, Ручъы æфцæг æмæ Дзомагъы æфцæг. Æцæг афтæ сты. Цæгатырдыгæй суанг комæй уæлæмæ æфцæджы сæрмæ 2—4 километры бæрц фæзау у фæндаг, фæлæ рагъæй фалæмæ цæхгæр фæуырдыг кæны. Уый зыдтон æз дæр, фæлæ мæ хъуыдыйы никуы ’рцыд, се ’ппæт дæр афтæ æмхуызон сты, уый. 1925 азы Цомахъ редактор уыд газет «Рæстдзинад»-æн. Æртыккаг аз цыдис газет «Рæстдзинад» æмæ уыцы рæстæгмæ йæ уацхæсджытæ дæр бабирæ сты. Цомахъ сфæнд кодта уацхæсджытæн съезд саразын. Уый уыд мартъийы мæйы Цæгат Ирыстоны Автономон республикæйы æххæстгæнæг комитеты хæдзары (ныртæккæ Мидхъуыддæгты Министрад кæм ис, уым — Бутырины уынг). Съездмæ æрцыд иу-дыууиссæдз адæймаджы бæрц. Ахаста дыууæ боны. Раныхæстæ дзы кодтой: редакцийы куысты тыххæй Цомахъ йæхæдæг, партийы обкомы номæй фыссæг Барахъты Гино, уацхæстджыты куысты тыххæй фыссæг Гулуты Æндри æмæ облæсты прокурор — Дыгуры Къоста. Съезд равзæрста уацхæсджыты бюро æртæ лæгæй æмæ ууыл ахицæн Цæгат Ирыстоны облæсты уацхæсджыты фыццаг съезд. Дзæуджыхъæуы уырыссаг драмон театр сфæнд кодта Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Амран» уырыссаг æвзагыл сæвæрын. Бацæттæ йæ кодтой. Театры иу лæг бынат дæр нал уыд афтид, суанг ма «галеркæ» кæй хуыдтой, уым дæр. Спектакль райдайыны агъоммæ сценæйы æмбæрзæны размæ ралæууыд Цомахъ æмæ райдыдта дзурын. Куы ма йæ загътон, иронау куыд дзуры, уый цалдæр хатты фехъуыстон, фæлæ йæ уырыссагау дзургæ никæд ма фехъуыстон. Дзургæ та афтæ сыгъдæг æнæ акцентæй æмæ æнæфæкъæзгæ кодта, æмæ дисы æфтыдта, чи йæм хъуыста, уыдоны — иронæй, уырыссагæй. Скъолайæ рацæугæйæ-иу арæх бауадтæн «Рæстдзинад»-ы редакцимæ. Иубон мæм Цомахъ фæсидт йæхимæ. Редакци уыд дыууæ къаннæг уаты. Цомахъ бадтис мидæггаджы. Мæн куы федта æддаг уатмæ æрбахизгæ, уæд радзырдта: — Куыдзæг, ардæм-ма рауай! Бацыдтæн æм. Фæфарста мæ: кæм ахуыр кæнын, кæцы къласы, кæм цæрын æмæ æндæр ахæмтæй. Стæй мын уыйфæстæ загъта редакцимæ кусынмæ æрбацæуыны тыххæй. Зæгъын, мæ ныфс нæ хæссын, никæдма куыстон ахæм ран, æмæ куы нæ сарæхсон...  

— Тæрсгæ ма кæ,— загъта Цомахъ,— райдайæны уал мæнæ фæкæсдзынæ газеттæ æрвитыны хъуыддагмæ, стæй сындæггай редакцийы куыстмæ бахиздзынæ... Гъемæ райдыдтон кусын. Уæды рæстæджы газеты тираж минтæй нымайгæ нæма уыд, фæлæ дзы уæддæр дзæвгар куыст уыд: алы экземпляр дæр бадыдæгътæ кæн, адрис ыл сасымæй баныхас, стæй сæ сбæтт æмæ сæ де ’ккой постмæ ныххæс. Уым посты кусæгæн йæ къух æрфыссын кæн, газеттæ кæй айста, уый тыххæй, æмæ ахицæн куыст дыууæ-æртæ боны (уыцы рæстæджы газет алы бон нæма цыд). Иубон типографийæ сдзырдтой: газет мыхуыргонд фæуыдзæн цалдæр минуты фæстæ æмæ йæ аласут. Æз нæма зыдтон, газет куыд фæласынц, уый æмæ бацыдтæн Цомахъмæ. Уый мын бацамыдта: проспекты цы афтид файтоныл фембæлай, уый акæн типографимæ, газеттæ дзы сæвæр æмæ сæ слас, æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта:  

— Гъеуый дын дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр... Ома, уырдæм дæр æмæ фæстæмæ дæр. Иннæ хатт та афтæ рауад. Типографийæ сдзырдтой, газет аласут, зæгъгæ, фæлæ æд файтон куы ныццыдтæн, уæд рабæрæг: газетæн йе ’мбис нæма у мыхуыргонд.  

— Уæдæ æгæр раджы цæмæн сдзырдтат? — фæрсын типографийы хицауы. — Афонмæ хъуамæ фæуыдаид мыхуыргонд, фæлæ машинæ фехæлд æмæ уый тыххæй бафæстиат стæм, сахаты æрдæгмæ фæуыдзæн мыхуыргонд. Файтоны хицауæн куы загътон, сахаты æрдæг фæлæуу, зæгъгæ, уæд мæ афарста:  

— Æмæ мын уыцы рæстæгæн æхца бафиддзынæ? Æз зонгæ дæр нæ кодтон, уыцы лæуды рæстæгæн дæр æхца фæфидынц, уый æмæ фæтыхстæн мæхимидæг. Бæхтæрæгимæ схъæлæба стæм. Афтæмæй нæ æрæййæфта Цомахъ. Æз æгæр æрæгмæ куы цыдтæн, уæд нал фæлæууыд æмæ æрцыд. Мæн афтæ тыхстæй куы федта, уæд бахудт æмæ фæрсы: — Сагъæсхуыз куы дæ, Куыдзæг. Радзырдтон ын хабар.  

— Æмæ ууыл та цы маст кæныс. Бафиддзыстæм бæхтæрæгæн иу-цалдæр капеччы уæлдай, æндæр цы, — стæй бæхтæрæгимæ дзурыныл фæци. Уыцы бонæй фæстæмæ, газет мыхуыргонд фæцис, уый-иу цалынмæ развæлгъау сбæлвырд кодтон, уæдмæ файтон не ’ххуырстон. Цомахъмæ дæр фæуæндондæр дæн. Иубон нæ дыууæ дæр типографимæ цæугæйæ фембæлдыстæм Гутнаты Гылцийыл. Гылци — типографийы кусæг, дамгъæвзарæг, уыцы куыст рагæй кодта, æндæр дзы ирон дамгъæвзарæг нæ уыд. йе ’фсымæр Елбыздыхъо революцийы агъоммæ немыцаг ус ракуырдта æмæ алыгъд Германмæ. Уым куыста типографийы, стæй йæхæдæг дæр сси типографийы хицау. Ссæдзæм азты йæ типографийы рауагъта цалдæр ирон чиныджы. Гылци сфæнд кодта йе ’фсымæры бабæрæг кæнын. Облæсты æххæстгæнæг комитетæй райста ацæуыны бар æмæ ма ныртæккæ зылди цавæрдæр гæххæттытæ бабæстон кæныныл. Цомахъимæ ныл амбæлди типографийы бакомкоммæ булвары. 

— Гылци, уæдæ цæуыс Берлинмæ? — фæдзырдта йæм Цомахъ.  

— Уæллæгъи, цæуын, Цомахъ, бирæ мæ нал хъæуы, фæрæвдз кæнын,— дзуапп радта Гылци, Цомахъæн йæ къух райста, афтæмæй.  

— Гъеуæдæ-иу уым Штреземанæн афтæ зæгъ, мах дæр, зæгъ, амæлттæ кæнæм...  

— Уый дын мæ быгъдуан, Цомахъ! — бахудт Гылци æмæ атындзыдта облæххæсткомырдæм. Уыцы чысыл хабар мæ зæрдыл уый тыххæй бадардтон, æмæ уæды онг никæдма федтон Цомахъы хъазæн ныхæстæгæнгæ. Зыдтон, Штреземан — уæды рæстæджы Германы паддзахады æддагон хъуыддæгты министр кæй у, уый æмæ цы бар дары махмæ? Кæнæ Гылцийы балцмæ? Газеты æрмæгæн йæ фылдæр æмбис Цомахъ йæхæдæг цæттæ кодта. Номыры разуац куы ныффыста, уæд-иу хаттæй-хатт фæдзырдта мæнмæ:  

— Куыдзæг, рауай-ма! Сбадын мæ-иу кодта йе стъолы раз.  

— Байхъус-ма! — æмæ-иу райдыдта йæ уац хъæрæй кæсын.  

— Гъы, куыд дæм кæсы? — бафарста-иу, каст-иу куы фæцис, уæд уыцы æцæгхуызæй. Æз æмбæрстон, Цомахъ йæ уац мæнæн нæ, фæлæ йæ йæхицæн кæй бакаст, уый.  

— Тынг хорз у, Цомахъ! — загътон-иу æз дæр æцæгхуызæй. Арæх фыста Цомахъ æнæуи уацтæ дæр, тæлмацтæ, растфыссыны (орфографийы тыххæй), мыхуыр кодта йæхи æмдзæвгæтæ дæр. Азæн йæ фыццаг номырæй фæстæмæ райдыдта мыхуыр кæнын йæхи тæлмац къаннæг брошюрæ «Ленин-Ульянов. Йæ цард. Йæ куыст. Йæ фæндтæ». Газеты цыппæрæм номырæй фæстæмæ Цомахъ райдыдта мыхуыр кæнын Вильгельм Либкнехты уацау «Хæлуарджытæ æмæ бындзытæ» иу-цалдæр номыры, йæхи тæлмац, стæй «Интернационал» дæр йæхи тæлмацгондæй. Хуыздæр мæм фæкаст йæхи æмдзæвгæ «Фæнды мæ мæн...» Хорз мæм фæкаст, Виктор Гюгойæ цы ратæлмац кодта, уый дæр. «Хъазуат баррикадыл». Уыцы æмдзæвгæ уæды онг никуыма бакастæн, уырыссагау тæлмацæй дæр. Революционертимæ æрцахстой хæрзæрыгон лæппуйы дæр. Контрреволюционертæ сæ æрæзæрдтой æхсынмæ. Саби бахатыд марджытæм, цæмæй йæ ауадзой йæ мады фенынмæ, уайтагъддæр фæстæмæ фездæхдзынæн, зæгъгæ. Худæг фæкаст уыцы курдиат марджытæм, фæлæ йæ ахудыны тыххæй фæлварынæн ауагътой йæ мадæн «хæрзбон» зæгъынмæ. Чысыл фæстæдæр кæсынц, æмæ лæппу фæстæмæ сæ цуры æрбалæууыд, æрлæууыд иннæ революционерты фарсмæ къулы æнцой æмæ загъта: «Цæй, фæстиат ма кæнут! Цæвут!» Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ уæды рæстæджы редакци никæмæн фыста гонорар, йæхи кусджытæн дæр æмæ æддагæттæн дæр. Цомахъ 1925 азы кæронмæ æххæст нал бакуыста редакторы бынаты. Æндæр куыстмæ йæ кæй раивтой, уый тыххæй рацыд уырдыгæй. Фæстаг хатт ма фембæлдыстæм Цомахъимæ 1931 азы сæрды. Цардис Вагзалы проспекты (ныртæккæ Марковы уынг), Уæд ма рог рынчын уыд. Хуыссыд йæхи фатеры. Æнæуи дæр къæсхуыр уыд, ныр бынтондæр сцола. Бирæ нал ахаста, мæгуыр, фæззæджы ахицæн цардæй. Йæ баныгæныны тыххæй уыд æмбырд партийы обкомы. Йæ рынчыны размæ Цомахъ ректор кæмæн уыд — Цæгат Кавказы педагогон институт, — уый ректор фæндон бахаста, цæмæй Цомахъ ныгæд æрцæуа аргъуаны кæрты Хетæгкаты Къостайы фарсмæ, фæлæ обкомы секретарь не сразы уыцы фæндоныл, уым, дам, сауджынтæ æмæ инæлæрттæ ныгæд сты, зæгъгæ. Баныгæдтой йæ, Ирыхъæуы уæлмæрд кæй хуыдтой, уым. Ингæны уæлхъус радзырдтой цалдæрæй Цомахъы цард æмæ куысты тыххæй. Уæлдай зæрдæбындæр ныхас ракодта, паддзахы заманы йæхæдæг дæр Цомахъау Сыбырмæ хаст чи уыд, — Дзæуджыхъæуы уырыссаг театры директор — зæронд политкаторжанты æхсæнады уæнг Полякова. 

 

Источник: http://reftrend.ru/545905.html



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ