Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Æгъуызарты Æхсарбег
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Æгъуызарты Тæтæрхъаны фырт Æхсарбег 

(1922-1994) 

 

Нæ ирон литературæйы хæзнадон адæмон фыссæг Æгъуызарты Æхсарбеджы бирæвæрсыг сфæлдыстадæй дзæвгар фæхъæздыгдæр. 

 

Æгъуызарты Тæтæрхъаны фырт Æхсарбег райгуырд 1922 азы хохаг хъæу Зджыды. 1924 азы Æхсарбеджы бинонтæ цæрынмæ ралыгъдысты быдираг хъæу Ставд-Дуртæм, 1935 азы та сæ цæрæн бынат раивтой Алагирмæ. Æхсарбег ма скъолайы куы ахуыр кодта, уæд фæлвæрдта æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ фыссыныл, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу ын мыхуыры рацыдысты районы газеты дæр.  

Скъолайы фæстæ Æхсарбег йе ‘ргом ноджы тынгдæр аздæхта журналистикæмæ. Ссис сæ районы газеты редактор. Уый фæстæ та йæ снысан кодтой партийы Алагиры райкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæгæй. 

1948 азы Æгъуызарты Æхсарбеджы ахуыр кæнынмæ арвыстой облæстон партион скъоламæ, уыцы-иу рæстæг ма фæсаууонмæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны педагогон институты дæр. Партион скъола каст фæуыны фæстæ Æхсарбег къорд азы бакуыста партийы Алагиры райкомы партийы Алагиры райкомы секретарæй, фæстæдæр та – газет «Рæстдзинад»-ы редакторæй. Уырдыгæй та йæ раивтой партийы Цæгат Ирыстоны обкоммæ æмæ къорд азы ахста пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæджы хæдивæджы бынат. 

1960-1962 азты Æгъуызары-фырт ахуыр кодта ССР Цæдисы Фысджыты цæдисы уæлдæр курсыты. 1963-1982 азты та Æхсарбег разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон телеуынынады æмæ радиокомитетæн. 

Æгъуызарты Æхсарбег кæд фылдæр æхсæнадон бынæтты фæкуыста, уæддæр йæ хъус иудадзыгдæр дардта литературæмæ, уæхскуæзæй, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, кодта сфæлдыстадон куыст, йæ прозаикон уацмыстæ арæхæй-арæхдæр цыдысты мыхуырæй. 50-æм азты кæрон ын журнал «Мах дуг» ныммыхуыр кодта йæ фыццаг роман «Хурхæтæны», 1964 азы та уыцы роман рацыд хицæн чиныгæй. Критиктæ æмæ литературæиртасджытæ банымадтой роман ног фæзындыл нæ литературæйы.  

Фæстæдæр Æхсарбег ирон чиныгкæсджытæн балæвар кодта йæ ног романтæ «Куырды фырт» (1974,1980) æмæ «Хæххон доны уынæр» (1986) æмæ бирæ радзырдтæ. Йæ сценаритæм гæсгæ йын кинорежиссертæ смстой бирæ аивадон æмæ документалон кинонывтæ («Последний снег», «В горах реки бурные», «Во всем виновата Залина», «Буйный Терек» æмæ æндæртæ).  

Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæ уацмыстæй йæхи зæрдæмæ æппæтæй тынгдцыд «Куырды фырт». Стыр аргъ скодтой уыцы романæн критиктæ лæр. Литературæиртасæг, критик, профессор А.Н. Власенко фыста: «Роман «Куырды фырт» куы бакастæн, уæд бамбæрстон, нæ уырыссаг мыхуыры цы дæсгай уацмыстæ бакастæн, уыдонæй дзæвгар тыхджындæр кæй у, уый… Æвæджиауы роман». 

Ирон литературæйы йæ æнтыстджын куысты тыххæй Æхсарбегæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæджы кадджын ном. 

Æгъуызарты Æхсарбег бирæ хæрзты бацыд Ирыстонæн. Уый фæрцы фидар бындур æвæрд æрцыд нæ телеуынынадæн. Æмæ йын чи фæуыдзæн нымад йæ хорз æмæ арфæйаг хъуыддæгтæ. 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ