Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ЦЫХТ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ИРОН ЦЫХТ 

 

 

Ирон ногахст цыхт 

 

 

Ирон цыхт кæддæриддæр зындгонд уыд йæ хигъæдон, сæрмагонд адæй, стæй дæргъвæтин рæстæг æнæ уазалгæнæнæй кæй нæ сæфы, уымæй. Раджы заманты, хохаг уавæрты, адæм фосдарыны куыстæй куы цардысты, уæд цыхт, æхсыр, мисын, царв уыдысты сæйрагдæр хæринæгтæ. Цыхт кодтой сæгъы, фысы æмæ хъуджы æхсырæй. Мах рæстæджы та цыхт фылдæр кæнынц хъуджы æхсырæй. Цас хæрзхъæддæр уа æхсыр, уыйас хæрзаддæр æмæ хуыздæр рауайдзæн цыхт дæр. Æхсыр бацахсынæн ирон адæм пайда кодтой æргæвст фысы (хъуджы, галы) бæстон сыгъдæггонд, цæхджын, хусгонд ахсæнæй. Ахæм ахсæны чысыл гæбазыл авгæй мигæнæнмæ (зæгъæм, ½ литр банкæмæ) ныккæнынц сылы æмæ йæ 2-3 боны ныууадзынц. Кæд хæдзары сылы нæ разынд, уæд ыл, æппынфæстаг, дон ныккæнæн дæр ис. Фæсхæсты азты, паддзахад хи , сæрмагонд фосдарæн хæдзарæдтæ куынæг кæнын куы байдыдта, уæд ахсæны бæсты уæрæх пайда кæнын байдыдтой пепсинæй.  

 

Зæгъын хъæуы, æмæ ирон цыхты хуызæн цыхты хуызæн цыхт кæнынц Кавказы, Балкайнаг æрдæгсакъадах æмæ Европæйы адæмтæй бирæтæ. Нырыккон уавæрты фæсарæнты æхсыр бацахсынмæ пайда кæнынц Rennet Tablets. Уыдон уæййаг сты италиаг, португайлаг, бердзенаг æмæ æндæр адæмты хойрæгты дуканиты. Балхæнæн сæ ис хуымæтæг супермаркетты дæр. 

Ирон цыхт цæттæ кæныны хъуыддаг у хуымæтæг, æнцон. Райсын хъæуы 8-10 литры ногдыгъд хъарм (20-30°C) æхсыр æмæ йæ эмальгонд ведра кæнæ æндæр мигæнæны ныккæнын. Йæ сæртæ йын исын нæ хъæуы, кæнæ та сæ æнæхъæнæй нæ хъæуы исын. Сой цы æхсыры нæ уа, уымæн йæ цыхт дæр æнæсой, æнад уыдзæн. Æхсыр хъуамæ пастеризацигонд ма уа, ма уа хъуамæ уазал дæр. 

Æхсырыл бафтауын хъæуы ахсæн цы сылыйы æвæрд уыд, уымæй 120-150 граммы. Бæстон æй сызмæнтын æмæ йæ 40-60 минуты ныууадзын. Нæ мадæлтæ æмæ нанатæ-иу ведрайы сæвæрдтой хъæдын уидыг, уый ленк кæны æхсыры сæр, æмæ йыл куы æрхæцай, уæд бæрæг у, бацахст æхсыр æви нæма. Рæстæгæй фылдæр æхсыр уадзæн нæй, науæд цыхт нал рауайдзæн, стæй сылы цыхт «бахæрдзæн», аивы цыхтæн йæ ад дæр. 

Ныгуылæйнаг паддзахæдты закъонмæ гæсгæ хом, ногдыгъд æхсыр уæйгæнæн нæй, æрмæстдæр – пастеризацигонд. Ахæм æхсырыл та хъармгондæй (27-30°C) развæлгъау бафтауын хъæуы туаг æхсыр кæнæ мисын (уый дæр хъармæй) – 8 литры æхсырыл – 120 г. Дзæбæх æй сызмæнтын æмæ йæ 2 сахаты ныууадзын. Уый фæстæ йыл ныккæнын Rennet Tablets 100-120 г уазал доны тадæй, 5 минуты дæргъы йæ бæстон фезмæнтын æмæ йæ дыууæ сахаты ныууадзын.  

 

Куы йæ фенай, æхсыр бацахст, æмæ бæзджын йогурты хуызæн сси, уæд æй хъæуы сызмæнтын æмæ йæ бауадзын, цæмæй æрбада. Уый фæстæ къухтæй арæхстгай, сындæг цыхт мигæнæны бын сæмбырд кæнын хъæуы, уæлæнгай йæ лæмаргæйæ. Раздæр-иу афтæ дзырдтой, зæгъгæ, «цыхт йæхæдæг цæуы сылгоймаджы хъарм армытъæпæнтæм». Цыхт хъæуы ведрайæ сисын æмæ йæ æрæвæрын сасир кæнæ хуынчъытæ мигæнæны, фæрсудзæны, цæмæй йæ сылы æрлæдæрса. Стæй йæ фæстæ сисын хъæуы исты къусмæ – цыхт райсдзæн уый формæ. Цыхт цалдæр боны нымад цæуы ногахстыл (бæззы уæлибæхтæ кæнынмæ), науæд та йæ алы бон сæрдын хъæуы цæххæй, цы сылы æрлæдæрсы, уый калгæйæ. 

 

 

Цæхджын цыхт 

 

Раджы заманты сылы калгæ нæ кодтой. Фыццаджыдæр-иу æй ныккодтой ахсæныл, цæмæй та иннæ хаттмæ уа. Дыккаджы та, уæд сылгоймæгтæ сæ сæрыхъуынтæ æхсадтой сылыйæ. Хистæр фæлтæры минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзыккутæ кодтой фæлмæндæр æмæ хъæддыхдæр. Стæй дзы пайда кодтой хæринаг кæнынмæ дæр (зæгъæм, хыссæ кæнынмæ).  

Ирон цыхт не ‘взæр кæны æмæ йæ ад нæ сафы дзæвгар рæстæг – мæйтæ, цæхджынæй та – азтæ дæр. Уый тыххæй-иу скодтой хæндыг æмæ-иу цыхтытæ дардтой хæндыджы мигæнæны. 

 

 

Ногахст ивæзгæ цыхтæй конд ирон уаливых 

 

 

Æрмæг уырыссаг æвзагæй ратæлмац кодта 

Брытъиаты Анжела. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ